Рабочие листы
к вашим урокам
Скачать
1 слайд
2 слайд
Цавᴂр афᴂдзы афон ᴂвдыст цᴂуы нывы? Мᴂйты нᴂмттᴂ зᴂрдыл ᴂрлᴂууын кᴂнут. Уалдзᴂг Тᴂргᴂйтты мᴂй Хуымгᴂнᴂны мᴂй Зᴂрдᴂвᴂрᴂны мᴂй
3 слайд
Тᴂргᴂйтты мᴂйы 1-ᴂм бон, дыццᴂг. Темᴂ:Фарны уалдзᴂг.
4 слайд
Байхъус ᴂмᴂ зᴂгъ, цал хъуыдыйады фехъуыстай. Цᴂгатᴂй уазал дымгᴂ рацыдис цᴂугᴂдᴂттᴂ ихᴂй суᴂгъд сты хуссар фахсыл кᴂрдᴂг фᴂцъᴂх и хур фᴂсхохᴂй скастис мᴂргътᴂ сᴂ цᴂрᴂнбынᴂттᴂм ᴂрбаздᴂхтысты ᴂрдз дидинᴂй фᴂлыст дарᴂс скодта.
5 слайд
Бакᴂс дзырдты къордтᴂ ᴂмᴂ сᴂ сараз хъуыдыйᴂдтᴂ. Та, уалдзᴂг, ᴂрцыдис, нᴂм! Райхъал ис, фынᴂй, ᴂрдз. Фестадис, дидинᴂг, бᴂстᴂ? Цъᴂх, ᴂрдз, дарᴂс, йᴂ, скодта.
6 слайд
Ног лексикᴂ: хъырнын -подпевать гутон -плуг дзывыр-соха ᴂфхᴂрд -обиженный сфᴂлдисᴂг -создатель уддзᴂф -дыхание уаллон-дождевой червь
7 слайд
хъырнын -подпевать гутон -плуг дзывыр-соха ᴂфхᴂрд -обиженный сфᴂлдисᴂг -создатель уддзᴂф -дыхание уаллон-дождевой червь
8 слайд
Бакᴂс текст Уалдзᴂг Ирыстоны Уалдзᴂг ᴂрцыд. Бон фᴂдаргъ ис. Хуссар фᴂцъᴂх ис. Цᴂгат фᴂхъулон ис. Бᴂстᴂ цъᴂх адардта, йᴂ мидбылты худы, уарзон, хъᴂлдзᴂг цᴂстынгас дᴂтты. Бᴂлᴂстᴂ сыфтᴂр рафтыдтой ᴂмᴂ хуры скастмᴂ ᴂнхъᴂлмᴂ кᴂсынц. Зымᴂгᴂй ᴂфхᴂрд фосы дзугтᴂ уалдзᴂджы цъᴂхᴂй сᴂ мондгтᴂ уадзынц. Уалдзыгон мᴂргътᴂ алы ᴂвзᴂгтᴂй зарынц, ахстᴂттᴂ кᴂнынц. Адᴂм уалдзᴂджы куыст райдыдтой: чи гутон аразы, чи дзывыр кᴂны, чи мыггаг тауы, чи йᴂ фос хизᴂнмᴂ тᴂры. Зᴂхх йᴂ тарф фынᴂйᴂ райхъал ис ᴂмᴂ цᴂрджыты базмᴂлын кодта. Бындзытᴂ, къогъотᴂ ратᴂх-батᴂх кᴂнынц. Уалдзᴂджы уддзᴂфᴂй чи нᴂ базмᴂлдзᴂнис, ахᴂм уд кᴂм ис? Зᴂронд лᴂгтᴂ ныхасы бадынц ᴂмᴂ рагон таурᴂгътᴂ хᴂссынц. Чысыл лᴂппутᴂ сᴂ разы лᴂууынц ᴂмᴂ сᴂм хъусынц. «Оф-оф! – загътой, – уалдзᴂг – дзᴂнᴂт, де сфᴂлдисᴂгᴂн макуы уᴂд мᴂлᴂт!» Гᴂдиаты Секъа
9 слайд
Зᴂронд лᴂгтᴂ ныхасы бадынц ᴂмᴂ рагон таурᴂгътᴂ хᴂссынц. Адᴂм уалдзᴂджы куыст райдыдтой: чи гутон аразы, чи дзывыр кᴂны, чи мыггаг тауы, чи йᴂ фос хизᴂнмᴂ тᴂры. Бᴂлᴂстᴂ сыфтᴂр рафтыдтой ᴂмᴂ хуры скастмᴂ ᴂнхъᴂлмᴂ кᴂсынц. Уалдзыгон мᴂргътᴂ алы ᴂвзᴂгтᴂй зарынц, ахстᴂттᴂ кᴂнынц. Зымᴂгᴂй ᴂфхᴂрд фосы дзугтᴂ уалдзᴂджы цъᴂхᴂй сᴂ мондгтᴂ уадзынц. Ссар тексты (6ᴂм фᴂлт.) хъуыдыйᴂдтᴂ, кᴂцыты ᴂвдыст цᴂуынц ацы нывтᴂ. Бакᴂс сᴂ.
10 слайд
Бакæс текст. Ставддæрæй фыст дзырдтæм фæрстытæ ратт. Гæздæнты Мæдинæ, Хъараты Азæ, Гæлæуты Аслан, Сланты Тамби æмæ Цоппойты Зинæ цæрынц иу сыхы. Ахуыр кæнынц цыппæрæм къласы. Фондзæй дæр сты ахуыры раззагдæртæ. Се ’гъдау дæр у тынг хорз. Ныртæккæ у уалдзыгон куыстыты афон. Сывæллæттæ цæуынц, скъолайы цы гыццыл цæхæрадон ис, уырдæм. Хъуамæ йæ дыууæ сахатмæ ссыгъдæг кæной.
11 слайд
Зондджын Уыг нын амоны. По значению числительные делятся на количественные (бæрцон), порядковые (рæнхъон), дробные (мурон) и собирательные (дихон). Количественные (бæрцон) числительные указывают на количество предметов. Например: цыппар, æртæ, æртын иу. Порядковые (рæнхъон) числительные обозначают номер предмета при счете. Например: цыппæрæм, æртыккæгæм, æртын фыццæгæм.
12 слайд
Бᴂрцон нымᴂцонтᴂй сараз рᴂнхъон нымᴂцонтᴂ. Бакᴂс сᴂ де ’мбалᴂн. Хуызᴂг: иу – фыццᴂгᴂм. Дыууᴂ, ᴂртᴂ, цыппар, фондз, ᴂхсᴂз, авд, аст, фараст, дᴂс, дыууын, ᴂртын, цыппор, фᴂндзай, ᴂхсай, ᴂвдай, ᴂстай, нᴂуᴂдз, сᴂдᴂ.
13 слайд
Бакᴂс дзырдбᴂстытᴂ нымᴂцонтимᴂ ᴂмᴂ сᴂ дыууᴂ къордыл фᴂдих кᴂн (бᴂрцонтыл ᴂмᴂ рᴂнхъонтыл). Аст сывᴂллоны, дᴂсᴂм чызг, цыппᴂрᴂм кълас, дыууᴂ хойы,ᴂртᴂ ᴂмбалы, фондз хᴂдзары, фыццаг партᴂ, цыппор тетрады, иууᴂндᴂс кърандасы, фᴂндзайᴂм куыст, ᴂртыккаг сыф.
14 слайд
Байхъус, бакᴂс ᴂмᴂ зᴂгъ, куыд ᴂмбарыс ᴂмбисᴂндтᴂ. Ссар дзы нымᴂцонтᴂ. Иу къухᴂй ᴂмдзᴂгъдгᴂнᴂн нᴂй. Ссᴂдз хатты ахъуыды кᴂн ᴂмᴂ йᴂ иу хатт бакᴂн. Ды дыууᴂ цᴂстᴂй кᴂсыс, дᴂумᴂ та мин цᴂсты кᴂсы. Дыууᴂ харбызы иу къухы нᴂ цᴂуынц.
15 слайд
Ног лексикᴂ: мᴂнгард-плутоватый,лукавый; ᴂндзарын-поджигать; къᴂлᴂт-дуга,скобка; арвᴂрдын-радуга; ᴂгъгъᴂд-достаточно;
16 слайд
мᴂнгард-плутоватый,лукавый; ᴂндзарын-поджигать; къᴂлᴂт-дуга,скобка; арвᴂрдын-радуга; ᴂгъгъᴂд-достаточно;
17 слайд
Бакᴂс хъуыдыйᴂдтᴂ, къᴂлᴂтты ᴂвᴂрд дзырдтᴂ ирон ᴂвзагмᴂ тᴂлмацгᴂнгᴂйᴂ. (Плутоватого) адᴂймаджы ничи уарзы. Нᴂ сыхаг бырᴂттыл (поджигает) арт. Дада кᴂрты хъᴂдᴂй арᴂзта (дугу). Уарыны фᴂстᴂ арвыл фᴂзындис (радуга). Компьютерыл кусынᴂн сабийᴂн иу сахат у (достаточно).
18 слайд
Байхъус, бакᴂс ᴂмдзᴂвгᴂ ᴂмᴂ йᴂ сахуыр кᴂн. Уалдзыгон къᴂвда Арв ныннᴂрыд, ᴂмᴂ ᴂрдз Райдыдта ᴂхсын йᴂ кᴂрц. Мᴂргътᴂ бамбᴂхстысты арф, – Акалы цᴂхᴂртᴂ арв. Фᴂлᴂ хуры тын – «мᴂнгард» Мигътыл бандзᴂрста сырх арт, Мигътыл – авдхуызон «къᴂлᴂт» Загъта уарынᴂн: «ᴂгъгъᴂд!» Къозаты Мурат
19 слайд
Арв ныннᴂрыд ᴂмᴂ ᴂрдз Райдыдта ᴂхсын йᴂ кᴂрц. Фᴂлᴂ хуры тын – «мᴂнгард». Мигътыл бандзᴂрста сырх арт. Мигътыл – авдхуызон «къᴂлᴂт». уарын райдыдта ракастис хур арвᴂрдын Ссар алы хъуыдыйадᴂн дᴂр йᴂ нысанмᴂ гᴂсгᴂ раст дзырдбаст.
20 слайд
Рабочие листы
к вашим урокам
Скачать
6 626 891 материал в базе
Настоящий материал опубликован пользователем Газзаева Зарина Тенгизовна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт
Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.
Удалить материалВаша скидка на курсы
40%Курс профессиональной переподготовки
300/600 ч.
Курс профессиональной переподготовки
300/600 ч.
Курс профессиональной переподготовки
600 ч.
Мини-курс
4 ч.
Мини-курс
5 ч.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.