Инфоурок Иностранные языки Другие методич. материалыБилеты к экзамену по осетинскому языку в 9 классах для невладеющих групп.

Билеты к экзамену по осетинскому языку в 9 классах для невладеющих групп.

Скачать материал

1-æм билет

 

 

I.Бакæсут  æмбисонд   æмæ йæ  ратæлмац кæнут уырыссаг æвзагмæ

Нарт Нарт уæд уыдысты…

Нарты   гуппырсартæ (именитые)  æмбырдæй   бадтысты. Тæрхон кодтой (решали) сæ дзыллæйы царды уагыл.

- Нарт Нарт уæд уыдысты,  арв сæ нæрын уæд нæ уæндыди,  æмæ мæлын  куы зыдтой  (умели достойно принять смерть) сæ дзыллæйы сæрыл,  алчи сæ хæцын куы фæрæзта йæхиуыл. Нарт нарт уæд уыдысты,  арв сæ нæрын уæд нæ уæндыди,  æмæ мæлын  куы зыдтой сæ дзыллæйы сæрыл (за народ), алчи сæ хæцын куы фæрæзта йæхиуыл. Нарт нарт уæд уыдысты, æмæ нæртон адæймаг рæстдзинадæй йеддæмæ куы ницы дзырдта.Нæ дзыллæ дзыллæ уæд уыдысты, æмæ сæ сæр  сæрмæ куы хастой (вели себя достойно), - афтæ радзырдта Нарты æмбырды иу хистæр.

-Адæм хæлæг уæд кодтой Нартмæ, сæ хорзы кой дардмæ уæд хъуысти Нартæн, гуыбыныл хæцын куы фæрæзтой, нозтæй сæхи куы хъахъхъæдтой, ронгæй сæ бæрц куы зыдтой,- афтæ загъта дыккаг хистæр.

- Нæ адæм адæм уæд уыдысты, æмæ кæстæр хистæры куы нымадта, кад ын куы лæвæрдта, кæрæдзимæ куы хъуыстой,- афтæ загъта æртыккаг хистæр

1. Радзур тексты мидис  ( говорящие на осетинском языке).

2. Фæрстытæн дзуæппытæ ратт.

1) Æмбырдæй чи бадтис?

2) Цæуыл дзырдтой?

3) Цал хистæры уыдис Нарты ныхасы?

4) Цы радзырдта фыццаг хистæр?

5) Цæуыл тыхстис(переживал) дыккаг хистæр?

6) Æртыккаг хистæр та куыд хъуыды кодта?

      II.    Ссар тексты домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ æмæ сæ бакæс.   Лæвæрд хъуыдыйад равзар йæ арæзтмæ гæсгæ.

Нарт нарт уæд уыдысты, æмæ нæртон адæймаг рæстдзинадæй йеддæмæ куы ницы дзырдта.

        III. Сараз диалогон кæнæ монологон ныхас Цæгат Ирыстоны паддзахадон тырысайы тыххæй.

1) Цы сты паддзахадон национ символтæ? ( Паддзахадон национ символтæ сты тырыса, герб  æмæ  гимн).

2) Цавæр у Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы паддзахадон тырыса?РЦИ –Аланийы тырыса у æртæхуызон: урс-сырх-бур).

3) Цы нысан кæнынц тырысайы хуызтæ? (Урс хуыз æвдисы  моралон сыгъдæгдзинад. Сырх  нысан кæны хæстон хъæбатырдзинад. Бур та у фарны символ).

4) Кæм фенæн ис тырыса?(Тырыса æдзухдæр фæйлауы паддзахадон хæдзæртты сæрмæ, вæййы æфсæддон æркасты, спортивон ерысты, олимпаг хъæзтыты, паддзахадон минæвæртты архайды.  Нæ фыдæлты  сæ даргъ æмы зын фæндагыл сæ тырыса дæлæмæ никуы æруагътой, кадимæ  йæ æрхæццæ кодтой æнусты сæрты.

5)  Ирыстоны паддзахадон тырыса фидаргонд кæд æмæ кæм æрцыд (утвержден)? Чи у йæ автор?

 

 

                                                          2-аг  билет

I. Бакæс текст æмæ йæ ратæлмац кæн уырыссаг æвзагмæ

                                      Жорж Дюмезиль

      Францаг стыр ахуыргонд Жорж Дюмезиль Ирыстоны  никуы уыд, фæлæ бындуронæй сахуыр кодта кавказаг адæмты филологи, туркаг ирæтты æвзаг; истори æмæ адæмон сфæлдыстад, уæлдайдæр  Нарты кадджытæ.Нарты кадджытæ  ахуыргæндты иу къорд нымайынц Кавказы адæмты иумæйаг сфæлдыстадыл, Ж.Дюмезиль та фидарæй загъта: «Сæ бындурмæ гæсгæ Нарты кадджытæ сты ирон».

     Ахуыргонд Нарты кадджытæ ратæлмац кодта францаг æвзагмæ æмæ мыхуыры рацыдысты 1965 азы. Францы уæды президент  загъта: «Нарты кадджыты айдæнау ( как в зеркале) зынынц ирон адæмы лæгдзинад  æмæ хъæбатырдзинад. Уыцы кадджытæ   сты  стыр   фольклорон  хæзнатæ».

     Францаг ахуыргонд фыста: «Аллон адæмы байзæддæгтæ бирæ зындзинæдтæн бафæрæзтой. Фæлæ уæддæр бахъахъхъæдтой, йæ уидæгтæ скифаг æмæ индоевропæйаг кæмæн сты, уыцы æвзаг. Уымæ гæсгæ  зын бамбарæн нæу æппæт дунейы ахуыргæндты цымыдисдзинад уыцы адæммæ».

      Ирахуырады (осетиноведение) Жорж Дюмезиль ныууагъта зынгæ фæд, стыр  лæггад бакодта Ирыстоны  адæмæн, æмæ йын ирон адæм бузныг зæгъынц.

1. Радзур тексты мидис.

2.Фæрстытæн дзуæппытæ ратт.

1) Чи уыдис  Жорж Дюмезиль?        

 2)Куыд сахуыр кодта ирон æвзаг?

3) Цавæр хатдзæгтæ скодта Нарты кадджыты тыххæй?

4) Цавæр ныхæстæ ныффыста ирон æвзаджы тыххæй?

5) Францы президент  Нарты кадджытæ куы бакаст, уæд   цы загъта?

6) Ирон адæм ын арфæйаг цæмæй сты?

  II. Сараз  диалогон  кæнæ  монологон ныхас  Ирыстоны  тыххæй

-Кæм ис Цæгат Ирыстон?(Цæгат Ирыстон – Алани ис Кавказы бæрæгастæу).

- Цал квадратон км у йæ фæзуат? (Йæ фæзуат у 7971 кв. км).

- Чи цæры Ирыстоны? (Ирыстоны цæрынц алыхуызон адæмыхæттыты минæвæрттæ: уырыссæгтæ, украинæгтæ, сомихæгтæ, азербайджайнæгтæ, дзуттæгтæ,бердзенæгтæ, кæсгæттæ, æмæ иннæтæ. Республикæйы бынæттон цæрджытæ сты ирæттæ).

- Цас у цæрджыты нымæц? (Цæрджыты нымæц у 700 мины бæрц).

- Куыд цæрынц  кæрæдзиимæ(между собой)? (Кæрæдзиимæ  цæрынц хæларæй).

- Цал горæты ис нæ республикæйы? (6. Уыдонæй тæккæ стырдæр у Дзæуджыхъæу. Уый у Ирыстоны сæйраг горæт).

- Цавæр цæугæдæттæ кæлы Ирыстоны зæххыл? (Æрыдон, Джызæлдон, Урсдон, Фыййагдон æмæ æндæртæ. Терк у тæккæ стырдæр, кæлы Дзæуджыхъæуы астæу. Йæ дæргъ -623 км.

- Ирыстоны æрдз рæсугъд у? (Ирыстоны æрдз у диссаджы рæсугъд. Ардæм æрцæуынц сæ фæллад уадзынмæ бирæ адæмтæ алы рæттæй. Уыдонæн арæзт   ис  отельтæ,  туристон  базæтæ,  альпинистон лагерьтæ.

III. Равзар нымæцонтæ куыд ныхасы хай: 6 горæты, 7971кв. км, 2014 азы.

 

 

 

 

                                                             3-æм билет

I.Бакæс текст.                             

 Коцойты Арсен

Коцойты Арсен уыд курдиатджын фыссæг, реалистон радзырды дæсны, реакцион æгъдæутты ныхмæ тохгæнæг. 

Арсен райгуырд Джызæлы. Ам каст фæци райдайæн скъола. Ахуыр кодта Æрыдоны семинары, — фæрынчын, æмæ йæ ахуыр кæронмæ нæ ахæццæ, фæлæ радта сæрмагонд фæлварæнтæ, æмæ йын бар уыд ахуыргæнæгæй кусынæн. Цæгат æмæ Хуссар Иры хъæуты кусгæйæ, уый бæстондæр базыдта адæмы цард, сæ хъуæгтæ, сæ фæндтæ. Фыста уацтæ газеттæм. Сæ нысан уыд рухс тауын, талынг æгъдæуттæ ивын. Арсен домдта нозт сафын, скъолатæ æмæ медицинон кусæндæттæ аразын.  

Арсенæн йæ фыццаг радзырдтæ «Фидис» æмæ «Хин» мыхуыры фæзындысты 1901 азы уырыссаг æвзагыл. Æвдыст сæ цæуынц туг исын æмæ диныл æууæндыны æвирхъау фæстиуджытæ. 

1910 азы ирон интеллигенци Калачы уадзын райдыдта æхсæнадон-аивадон журнал «Æфсир». Редактор æмæ йын аивадон фæлгонцаразæг уыд Арсен. Ам фыццаг хатт иронау рацыдысты йæ радзырдтæ «Цы фæци Асæхмæты ирæд» æмæ «Гигойы куадзæн». 

1912 азы Арсен куыста газет «Правда»-йы редакцийы корректорæй. Уырыссагау дзы рауагъта цалдæр радзырды: «Цуанонтæ», «Æмбæлттæ». 

Арсен уыд арæхстджын сатирик, сурæты дæсны, йæ радзырдты сюжеттæ сты æлвæст, сæ быцæутæ рæзынц, архайд цæуы тагъд, хæццæ кæны йæ логикон кæронмæ. Чысыл нывтæ, æлгъин ахорæнтæй раргом вæййынц архайджыты характертæ, сæ зондахаст, сæ фæндиæгтæ. Фыссæджы æвзаг у æхсæст, аив нывæфтыд. Арсены сконд фæлгонцтæ сты хуызджын, цардæгас. Уый у æцæг адæмон фыссæг.

1.Радзур тексты мидис.

2. Ссар тексты лæвæрд хъуыдыйæдты эквиваленттæ æмæ сæ бакæс.

1.Здесь окончил начальную школу.

2.Работая в сёлах Северной и Южной Осетии, лучше узнал жизнь народа, его недостатки и мечты.

3.Это настоящий народный писатель.

II. Радзурут  Хетæгкаты Къостайы  æмдзæвгæ.

III. Кæцы хъуыдыйæдты ис омонимтæ?

Лæппу хъусы ахуыргæнæгмæ. Тæрхъусы царм у фæлмæн. Чызг йе мбалы хъусы цыдæр дзуры.

Нана хъазты доны былмæ атардта. Хъызты дарут хъарм дарæс. Лæппу хъазты акафыдис чындзимæ.

 

                                                          

 

                                                           

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                        4-æм билет

I. Бакæс  текст  æмæ йæ ратæлмац кæн уырыссаг æвзагмæ.

Советон Цæдисы Хъæбатыр петр Барбашов

Джызæлæй Дзæуджыхъæуы æхсæн, фæндаджы былгæрон лæууы цыртдзæвæн. Æрыгон лæппу згъоры размæ, йæ къухы – гранатæ.

… Фашисттæ бырстой Дзæуджыхъæумæ,тугкалæн хæст цыдис Джызæлы фарсмæ. Йæ райгуырæн Сыбырæй дард хæцыдис знæгтимæПетр Барбашов.

… Немыцаг дзотæй æхстой æмæ æхстой сырхæфсæддонты, нал сæ уагътой размæ. Барбашов бабырыдис дзотмæ æмæ дыууæ гранатæйы баппæрста амбразурæйыл. Фæхъус ис пулемет, фæлæ та уайтагъд фæстæмæ æхсын райдыдта.Мæнæ фæмард сты Барбашовы дыууæ æмбалы. Уæд Петр сыстадис, ныхъхъæр кодта: 2Размæ, æмбæлттæ!» æмæ азгъордта дзотмæ. Æхсынц æй знæгтæ,фæцæф ис йæ къах, стæй йæ къух дæр. Фæлæ йæ фæстаг тыхтæй бахæццæ ис дзотмæ, ныххаудис ыл, бамбæрзта йæ  риуæй дзоты амбразурæ. Афтæ фæмард ис Барбашов, Советон Цæдисы Хъæбатыр…

Барбашовы  ном  хæссынц Дзæуджыхъæуы уынгтæй иу æмæ 30-æм скъола.

1. Радзур тексты мидис.

2. Дзуапп ратт фæрстытæн.

1) Кæм ис Петр Барбашовы цыртдзæвæн?

2) Кæм райгуырдис Петр Барбашов?

3) Цавæр хъæбатырдзинад равдыста æрыгон лæппу?

4) Куыд кад кæнынц нæ республикæйы адæм Барбашовæн?

5) Цæмæн  ын сæвæрдтой цыртдзæвæнДзæуджыхъæумæ хæстæг?

 

II.Сараз диалогон кæнæ монологон ныхас дæ бинонты тыххæй

-Кæй чызг (лæппу дæ)?Æз дæн Гобеты Алетæ.

-Цавæр бинонты хсæн цæрыс (стыр æви гыццыл)?Цал стут, чи?(Мæ бинонтæ сты цыппар:мæ фыды мад, фыд, мад æмæ хо.

-Бинонты хистæр у мæ фыды мад Мария. Цæуы йыл 65 азы. У пенсионер.Мæ нана у бинонты зондамонæг, æгъдаудæттæг, къæбæрдæттон сылгоймаг. Мах æй тынг бирæ уарзæм.

-Дæ мады ном куыд у?Кæм кусы? Цал азы йыл цæуы?Йæ бакаст цавæр у?( Мæ мады ном у Кристинæ. Цæуы йыл 40 азы. Кусы сывæллæтты дохтырæй Дзæуджыхъæуы фыццæгæм рынчындоны. Мæ мадæн ис рæсугъд æддаг бакаст.У бæрзонд, гуырвидауц сылгоймаг. Ис ын рæсугъд цæсгомы æвæрд, аив æрвхуызцъæх цæстытæ, сау къæбæлдзыг дзыккутæ. Уарзы кафын, зарын, хæринаг кæнын. Йæ уарзон дидынджытæ сты уарди, джыджына. Мæ мад у уæздан, æгъдауджын, уазæгуарзон адæймаг.

-Дæ фыды ном куыд у? Кæм кусы? Цал азы йыл цæуы? Йæ бакаст цавæр у? (Мæ фыд Владимир кусы завод «Электроцинк»-ы инженерæй. Цæуы йыл 45азы. У хæрзконд, бæзæрхыг – широкоплечий- нæлгоймаг. Ис ын сау цæстытæ æмæ сау сæрыхъуынтæ. Мæ фыд   у бинонты мæсыг.

-Дæ ныййарджытæ кадджын сты сыхæгты хсæн? Цæмæн? ( Мæ ныййарджытæ сты кадджын сыхæгты хсæн, уымæн æмæ сты æгъдауджын, уарзынц лæггад кæнын сыхæгтæн, хæстæджытæн.)

        - Ис дын æфсымæр, хо? Кæм ахуыр кæнынц? Цал азы сыл цæуы?(Мæнæн ис кæстæр хо. Цæуы йыл 10 азы. Ахуыр кæны 4-æм къласы. Урокты фæстæ ахуыр кæны нывкæнынады скъолайы.

        -Амондджын сты дæ бинонтæ? Цæмæй? (Мæ бинонтæ сты амондджын. Уымæн æмæ кæстæртæ хъусынц хистæры ныхасмæ, кæрæдзийы уарзæм æмæ æмбарæм, сылгоймагæн кæнæм уæлдай кад).

III.Ссар  хъуыдыйæдты  кæрæттæ æмæ сæ бакæс

1)Ирон  адæммæ  хистæры  кад бæрзонд …  (æвæрд  у, æвæрд  цæуы, æвæрд  уæвын,æвæрд уыдзæнис).

2)Хæдзары  хистæртæ куы уа,…(уымæ гæсгæ дзы фарн  дæр ис, кæд  дзы фарн  дæр ис, афтæ  дзы фарн  дæр ис, уæд  дзы фарн дæр ис).

 

                                                          5-æм билет

I.      Бакæсут текст æмæ йæ ратæлмац кæнут уырыссаг æвзагмæ.
Всеволод Миллер.

    Зындгонд уæрæсейаг ахуыргонд  Всеволод  Федоры  фырт  Миллер  бауарзта Ирыстон æмæ суанг йæ амæлæты  онг куыста  нæ адæмы истори, этнографи, дзургæ сфæлдыстад æмæ æвзаг иртасыныл. Миллер куыста Мæскуыйы университеты æмæ, уым рагон къухфыстытæ кæсгæйæ, æрцыдис ахæм хатдзæгмæ: славяйнæгты фыдæлтæ дæргъвæтин рæстæг æнгом баст уыдысты скифæгтæ æмæ сæрмæтæгтимæ. Агурын райдыдта уыцы адæмты фæд. Куы базыдта, скидæгтæ æмæ сæрмæтæгты байзæддæгтæ Кавказы хæхты цæрынц, уый, уæд йæ цинæн кæрон нал уыдис. Дзурдуатимæ кæсын райдыдта ирон æмæ дыгурон таурæгътæ æмæ аргъæуттæ. Фыццаг хатт Всеволод Миллер Ирыстонмæ ссыдис 1879 азы, сæрды. Йæ фæллад дæр не суагъта, афтæмæй зилын райдыдта горæты уынгты, хъуыста адæмы ныхасмæ.
    Зæрдæргъæвд (способный) ахуыргонд цыбыр рæстæгмæ райдыдта иронау дзурын, фæстæдæр та ма базыдта дыгуронау дзурын дæр.
    Миллер Ирыстоны уыдис цалдæр хатты. Уыцы балцыты фæстæ ныммыхуыр кодта бирæ наукон фæллæйттæ дзургæ сфæлдыстад, æгъдæуттæ, æвзаг æмæ историйы тыххæй. Уыцы куыстыты фæрцы Миллер зынгæ бынат æрцахста ирахуырады. Наукон куыстытæй уæлдай ма уый ныууагъта тынг хорз ныхæстæ : «Мæхи цæстæй федтон цардхуыз, зæрдæргъæвд, интеллигентон, курдиатджын адæм. Кæд сæ царды уавæртæ арæх уæззау вæййынц, уæддæр тырнынц

ахуырмæ».

1.      Радзурут тексты мидис.

2.      Фæрстытæн дзуæппытæ раттут.

1) Чи уыдис Всеволод Миллер?

2) Цавæр хатдзæгтæ скодта  скифæгтæ æмæ славяйнæгты тыххæй?

3) Фыццаг хатт Ирыстонмæ кæцы азы ссыдис? Цæмæн?

4) Иронау  дзурын базыдта?

       5) Цæй тыххæй фыста йæ бирæ наукон куыстытæ Всеволод Миллер?

6)Цавæр зæрдæмæдзæугæ (приятные) ныхæстæ ныууагъта стыр ахуыргонд ирон адæмы тыххæй?

 

II.Сараз  диалогон  кæнæ монологон  ныхас Республикæ  Цæгат  Ирыстон - Аланийы паддзахадон  гербы  тыххæй.

-Цы у герб? (Дзырд «герб» у немыцаг æвзагæй æрбайсгæ. Амоны «исбон» (богатство, достояние)

-РЦИ-Аланийы герб чи сфидар кодта æмæ кæд? (Республикæйы парламенты 1994-æм азы        24-æм ноябры фидаргонд  æрцыд  паддзахадон герб)

-Чи у йæ автор? (Йæ автор у Джыгкайты Мурат)

-Куыд арæзт у герб? (Герб арæзт у сæйраг дыууæ компонентæй : фыранк æмæ хæхты  æндæрг(очертания)

-Цы нысан кæнынц уыцы компоненттæ? (Фыранк нысан кæны, нæ адæм фыранкау сæрæн æмæ хъæбатыр кæй сты. Йæ фезмæлд у сабыр, фæлæ хъавгæ. Нæй йын басæттæн(нельзя его сломить). Хæхтæ амонынц нæ фыдæлты цæрæн бынат.

 

III.           Ссар  тексты фæсдзырдтæ  æмæ  сæ  бакæс  дзырбæстытимæ

 

        

 

 

                                                                    6-æм билет

I.            Бакæсут  текст æмæ йæ ратæлмац  кæнут  уырыссаг  æвзагмæ
                       Абайты Васоирахуырады дæсны.

      Уый æрмæст ирахуырады (осетиноведение) дæсны нæ уыдис, фæлæ ма  хорз зыдта бирæ æндæр адæмты æвзæгтæ, фольклор æмæ истории дæр. Васойы наукон куыстыты нымæц схæццæ ис æртæсæдæйы бæрцмæ. Уыдоны æхсæн сты ахæм чингуытæ : «Ирон æвзаг æмæ фольклор» , «Уырыссаг-ирон дзырд-уат» æмæ «Ирон æвзаджы историон - этимологион дзырдуат». Васо йыл фæкуыста уæлдай зæрдиагдæрæй. Ацы стыр куыстæй базонæн ис дзырдты равзæрд æмæ уыдонæй ныхасы пайда кæныны фæтк, стæй ма дзы бакæсæн ис алыхуызон  адæмты цардæй ист цымыдисаг  хабæрттæ æмæ цауты тыххæй. Ацы дзырдуат æппæты æххæстдæрæй равдыста Васойы бирæ зонындзинæдтæ.
    Васо фæзминаг (достоин подражания) уыдис, куыд адæймаг, афтæ дæр. Стыр ахуыргонд уæвгæйæ, уыдис  хуымæтæг æмæ уæздан (благородный).
    Абайты Васо  абон  дæр  рох  нæу  нæ  адæмæй.  Уый цæры  канд  йæ наукон фæллæйтты нæ, фæлæ йæ зонгæтæ (знакомых) æмæ йæ бирæ ахуырздауты зæрдæты, Ирыстоны  фысджытæ  æмæ  нывгæнджыты  арæзт сурæтты (образах).

1.          Радзур тексты мидис.

2.          Фæрстытæн дзуæппытæ раттут.

1)Кæй тыххæй у текст?

2)Цал наукон куысты ныффыста куырыхон ахуыргонд Абайты Васо?

3)Цы загъд ис «Историон – этимологион дзырдуат»-ы  тыххæй?

4)Цавæр адæймаг уыдис Васо?

5)Фæстаг абзацы  ратæлмац кæнут уырыссаг æвзагмæ.

II.Сараз диалогон  кæнæ  монологон  ныхас РЦИ-Аланийы тырысайы  тыххæй.

-Цы у тырыса? (Тырыса у национ символ)

-Чи йæ сфидар кодта æмæ кæд? (Респуликæйы парламент 24 ноябры 1994-æм азы).

-Цавæр у тырыса? (Æртæхуызон:урс-сырх-бур.)

-Цы нысан кæнынц йæ хуызтæ?(Урс нысан кæны моралон сыгъдæгдзинад,сырх – хæстон хъæбатырдзинад. Бур та у фарны символ.)

-Кæм фенæн ис тырыса?(Тырысатæ æдзухдæр фæйлауынц паддзахадон хæдзæртты  сæрмæ.  Вæййынц  æфсæддон  æркасты  æмæ  спортивон бæрæгбоны , паддзахадон минæвæртты архайды.

III.Ссарут  антонимтæ æмæ  синонимтæ  дыууæ  дзырдамады (столбиках)

Бирæвæрсыг                                æвæрццæг

Сфæлдисын                                 æндæвд

Курдиатджын                              фæлгонц

Сурæт                                           саразын

Æппæрццæг                                 арæхстджын

Тæваг                                            иувæрсыг

                                       7-æм билет

I.      Бакæсут текст æмæ  йæ  ратæлмац  кæнут  уырыссаг  æвзагмæ

Цæгат Ирыстонæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ ацыдис 100 мин адæймаджы бæрц. Сæ фылдæр фæмард сты Райгуырæн бæстæйы  сæраппонд.

Цæгат Ирыстоны адæм нæ рох кæнынц сæ хъæбатыр æмзæххонты.

2005 азы, Уæлахизы 60 азы кадæн, Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдис Кады Мемориал. Ацы композицийы  астæу ис стыр обау(курган); йæ сæрыл- Ирыстоны бардуаг (покровитель) Уастырджийы  скульптурæ,  йæ  бынмæ – Æнусон  арт. Мемориалы  сæйраг бацæуæны ис триумфалон  аркæ, йæ  дыууæ фарсы колоннæтыл – дыууæ уæлахиздзау (победитель) салдаты нывтæ. Астæуккаг  аллейæйы дыууæ  рдыгæй цы дуртæ ис, уыдоныл  фыст  сты не мзæххонты – Советон  Цæдисы  Хъæбатыртæ  æмæ  Кады ордены  кавалерты нæмттæ. Мемориалы галиуæрдыгæй  – Мысæн къул- Стена памяти, йæ бæрзæнд  у 3 метры, йæ дæргъ  та – 170 метры. Къулыл æвдыст сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты сæйрагдæр  тохты ( военные)сценæтæ.

Сæйраг  аллейæйы  рахиз  фарс цы скульптурон  композиции  ис, уый æвдисы Ирыстоны историйы стыр  цау – йæ баиу Уæрæсеимæ.

Мемориалы  ис  æппæт дунейы адæмты  зæрдæтæ цы трагедийыл фæрыстысты. Уый цыртдзæвæн  дæр – Беслæны скъолайы трагедийы  цыртдзæвæн.

1.      Радзур тексты мидис.

      2.  Выберите аннотацию, отражающую содержание текста.

1) Тексты ныхас цæуы, Ирыстонæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ чи ацыдис, уыцы хъæбатырты тыххæй. Уыдонæй бирæтæ нал раздæхтысты сæ хæдзæрттæм. Æнустæм баззадысты хæсты быдырты.

2) Тексты сæйраг  баст у Фыбыбæстæйы Стыр хæсты цыртдзæвæнтимæ. Нæ адæм нæ рох кæнынц сæ хъæбатырты,кадæн аразынц ног æмæ ног цыртдзæвæнтæ.

3) Уæлахизы  60 азы кадæн Ирыстоны байгом ис стыр мемориал.Уый  у Кады мемориал.  4) Тексты сæйраг ныхас цæуы мемориалы композицийыл, йæ мидисыл.

  II. Сараз диалогон  кæнæ  монологон ныхас дæ  бинонты  тыххæй

-Кæй  чызг  (лæппу  дæ)?

-Цавæр  бинонты  хсæн  цæрыс(стыр  æви  гыццыл)?Цал стут, чи?

-Дæ мады ном куыд у? Кæм кусы? Цал азы йыл цæуы? Йæ бакаст цавæр у?Цавæр адæймаг у?

-Дæ фыды ном куыд у? Кæм  кусы?  Цал азы йыл  цæуы? Йæ  бакаст  цавæр у?

 

III.Баивут бæрцон нымæцонтæ рæнхъон нымæцонтæй æмæ сæ бакæсут.

40. 639, 401.18.

                                     

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                   8-æм билет

I.      Бакæсут   текст  æмæ йæ ратæлмац  кæнут  уырыссаг  æвзагмæ

 

Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ Ирыстонæй ацыдис сæдæ мин адæймагмæ æввахс. Сæ фылдæр баззадысты хæсты быдырты.Уыдон хъæбатырæй тох кодтой знаджы ныхмæ. Сæ цард радтой Райгуырæн бæстæйы сæраппонд. Гæздæнты хæдзармæ нал раздæхтысты авд æфсымæры. Адæм нæ рох кæнынц се мзæххонты хъæбатырдзинад.Поэттæ фыссынц сæ хуыздæр æмдзæвгæтæ æмæ уацмыстæ, аразынц ног кинонывтæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæ сæйраг у зындгонд ирон скульптор Санахъоты Сергейы сфæлдыстады дæр.

 

Цæгат Ирыстоны, Дзуарыхъæуы, лæууы цыртдзæвæн – «Авд зырнæджы». Авд стыр цъиуы кæрæдзийы фæдыл тæхынц арвмæ. Гæздæнты хæдзарæй хæстмæ ацыдис авд æфсымæры: Мæхæмæт Дзæрæхмæт, Хадзысмел, Махарбег, Созырыхъо, Шамил æмæ Хасанбег.Нал раздæхтысты фæстæмæ…

Ацы цыртдзæвæны баиу сты æртæ курдиатджын уацмысы: Расул Гамзатовы æмдзæвгæ, Ян Френкелы  музыкæ  æмæ Санахъоты Сергейы скульптурæ.

1. Радзур тексты мидис.

2. Дзуапп ратт фæрстытæн.

1) Цавæр цыртдзæвæны  тыххæй цæуы ныхас ?

2) Кæм лæууы?

 3)Цавæр уацмыстæ баиу сты ацы цыртдзæвæны?

4) Цæмæн  сын мысынц абон сæ ном?

5) Ирыстоны ма цавæр цыртдзæвæнтæ зоныс?

 

II. Сараз диалогон кæнæ монологон ныхас Ирыстоны паддзахадон тырысайы  тыххæй.

- Цы у тырыса?

- Чи йæ сфидар кодта æмæ кæд?

- Цавæр у Ирыстоны тырыса?

- Цы нысан кæнынц йæ хуызтæ?

- Кæм фенæн ис тырыса?

 

III Равзар дзырд  «адæмæн» куыд ныхасы хай (как часть речи).

Андрей Шегрен стыр лæггад бакодта ирон адæмæн.


                                      9-æм билет

 

I.            Бакæсут текст æмæ  йæ  ратæлмац  кæнут  уырыссаг  æвзагмæ.

                                                   Андрей Шёгрен

    Уырыссаг академик Андрей Шёгрен уыдис, 19 æнусы ирон æвзаджы фарстатæ раиртасынмæ лæмбынæгæй чи бавнæлдта, уыцы стыр ахуыргæндтæй сæ фыццæгтæй. 1836 азы уалдзæджы уый Цæгат Ирыстонмæ æрцыдис ирон æвзаг бæстон сахуыр кæнынмæ.1837 азы кæронмæ Шёгрен æрзылдис бирæ ирон æмæ дыгурон хъæутыл. Йæхæдæг куыд фыссы, афтæмæй уый бавзæрста бирæ зындзинæдтæ Ирыстоны хæхты тæссаг фæндæгтыл рацу-бацу кæнгæйæ. Ацы стыр ахуыргондæн цыбыр рæстæгмæ бантыстис тынг бирæ: уый сахуыр кодта ирон æвзаг æмæ ныффыста ирон æвзаджы фыццаг грамматикæ. Мыхуыры йæ рауагъта Бетъырбухы 1844 азы. Андрей Шёгрен цы стыр куыст бакодта, уый бæрæг у чиныгæн йæ асæй дæр: уым ис 900 фарсы бæрц. Чиныджы ис «Ирон-уырыссаг дзырдуат» æмæ «Уырыссаг-ирон дзырдуат» дæр. Шёгрен йæ чиныг ныффыста уырыссагау, фæлæ дзы алы грамматикон терминæн дæр радта ирон ном. Цы ирон нæмттæй спайда кодта, уыдонæй бирæтæ цæрынц абон дæр. Ахæмтæ сты мæнæ ацы дзырдтæ: хауæнтæ, аххæст хуыз, æнæххæст хуыз, нырыккон, ивгъуыд æмæ суинаг афонтæ æмæ бирæ æндæртæ. Шегрен уырыссаг фыссынады бындурыл сарæзта ирон дамгъуат.

Андрей Шегрен цы стыр лæггад бакодта ирон адæмæн , уый тыххæй мах хъуамæ нæ зæрдыл дарæм йæ хорз ном æнустæм.

1.Радзур тексты мидис.

2.Фæрстытæн дзуæппытæ ратт.

1) Кæй тыххæй у текст?

2) Чи уыдис Андрей Шёгрен?

 3) Цыбыр рæстæгмæ йын бантыст бирæ. Цæуыл цæуы ныхас? Бакæс уыцы хъуыдыйад?

4) Чиныджы цал фарсы ис?

5) Цавæр æвзагыл фыст у йæ чиныг? Терминтæ та?

6) Уырыссаг фыссынады бындурыл цы сарæзта?

 

II.Сараз диалогон  кæнæ  монологон   ныхас де скъолайы  тыххæй

-Кæцы  скъолайы  ахуыр  кæныс?  (Æз  ахуыр  кæнын  46 -æм скъолайы,  9-æм къласы)

-Кæм  лæууы? ( Уый лæууы Дзусы-  фырты уынджы, 36-æм номыры)

-Цавæр у де скъола?(Ме  скъола у цыппаруæладзыгон, стыр æмæ райдзаст.

-Ахуыр дзы кæны 1300 сывæллоны)

-Кæй ном хæссы? (Не скъола хæссы Советон Цæдисы Хъæбатыр, инæлар Дзусаты Ибрагимы кадджын  ном. Уый уыдис хæстон тæхæг).

-Кæд  ын радтой уыцы кадджын ном? (Уыцы кадджын ном скъолайæн радтой 29-æм апрелы 2009 азы).

-Скъолайы разкъулыл цавæр фæйнæг ауыгъд ис? (Скъолайы разкъулыл  ауыгъд ис мраморæй мемориалон фæйнæг.Ууыл нывгонд ис Советон Цæдисы Хъæбатыр Дзусаты Ибрагимы къам). 

 

III Сраст кæн рæдыдтытæ.

Æз мæхæдæг фыссын  сочинени.       Мах нæхæдæг фыссæм сочинении.

  Ды йæхæдæг фыссыс   сочинени.       Сымах уæхæдæг фыссут сочинении.

  Уый сæхæдæг фыссы  сочинении       Уыдон дæхæдæг фыссынц сочинении.

 

 

 

 

 

                                  10-æм билет

I.Бакæсут  æмæ йæ ратæлмац кæнут  уырыссаг æвзагмæ

   Салдат Прошкæ Суворовы денщик куы ссис, уæд цин кодта:

- Ныр хорз цæрдзынæн! Нал мæ хъæудзæнис раджы стын, хæстон хъуыддæгтæ  ахуыр кæнын. Уый дын цард!

Райсомæй  4 сахатыл чидæр рахæцыдис салдаты къахыл. Байгом кодта Прошкæ йæ цæстытæ, кæсы: Суворов лæууы йæ разы.

- Фæгæпп кæн, лæппу,- загъта Суворов. – Уырыссаг бæгъатыр бирæ нæ фæфынæй кæны.

Фельдмаршал æрбахæссын кодта уазал дон æмæ йæ йæхиуыл калы. Кæсы йæм Прошкæ æмæ дис кæны.

- Цæй цы лæууыс?-фæхъæр кодта Суворов.-Æркал дæхиуыл дон!

Цы гæнæн ма уыдис Прошкæйæн? Калы йæхиуыл дон, зыз-зыр кæны уазалæй.

Ацыдысты фельдмаршал æмæ салдат быдырмæ.Суворов размæ азгъордта:

- Баййаф  мæ!

Згъоры Прошкæ  Суворовы  фæдыл.  Бафæлладис, тыххæй ма улæфы. Суворов та цыма йæ бынатæй дæр нæ фезмæлыдис, уыйау лæууы æмæ худы.

1.Радзур тексты мидис.

2.Ссарут тексты æмæ бакæсут хъуыдыйæдтæ ахæм мидисимæ.

- В 4 часа утра кто-то потянул солдата за ногу.

- Фельдмаршал заставил принести холодную воду и стал обливаться.

- Обливается водой, дрожит от холода.

- Устал. Еле дышит.

-  А Суворов стоит и смеётся.

II.Сараз диалог  кæнæ  монолог  Ирыстоны  гимны  тыххæй.

-Цы  у гимн?( гимн у национ символтæй иу.)

-Ирыстоны гимны ныхæстæ  чи  ныффыста?( Ирыстоны гимны ныхæстæ ныффыста поэт Ходы Камал).

-Музыкæйын  чи  сарæзта? (Музыкæ йын сарæзта æрыгон композитор Цорионты Аркадий, бакуыста йыл (обработал) композитор Махъоты Ацæмæз)

-Гимнмæ  куыд  фæхъусынц? Цæмæн (?Гимнмæ фæхъусынц лæугæйæ, уымæн æмæ у кадджын зарæг)

-Кæм  фæзарынц гимн? ( Гимн фехъусæн ис паддзахадон æмæ кадджын æмбырды,  олимпаг æмæ æндæр спортивон ерысты уæлахизы кадæн).

Радзур Гимн наизусть.

III. Определите значение частицы «ма» в предложениях.

   1) О цæргæс! Ма мæм кæс! ( в качестве отрицательной частицы перед глаголом в повелительном наклонении).

   2) Рауай-ма, рауай, нæ фыййау, нæ фæстæ! (выражает  побуждение к действию и смягчает повеление0

   3) Мах ма дæумæ æнхъæлмæ кæсæм! (выражает  продолжение действия,  повторяемость  действия).

 

 

 

 

 

                               

 

 

 

                                           11-æм билет

I. Бакæсут текст æмæйæратæлмацкæнутуырыссагæвзагмæ

Гергиты Валерий

Гергиты Валерий канд гениалон дирижер æмæ музыкант нæу, фæлæ ма кæны стыр æхсæнадон (общественный) æмæ рухстауæн (просветительский)куыст дæр.

Мæскуыйы (Московский Пасхальный фестиваль). Ахæм музыкалон форумтæ рагæй  арæзт  цæуынц  дунейы, æмæ сын ныр    сæтрадицитæ  райста  Уæрæсе  дæр.

2002-æм азы йæ   хъæппæрисæй(по инициативе) арæзт  æрцыд  Куадзæны фестиваль Мæскуыйы  фестивалæн и стыр ахадындзинад (значение).Уый исы музыкалон культурæ ног æмвæзадмæ (уровень), хоны музыкæмæ хъусджыты (слушателей)бæрзонд аивады дунемæ. Концерттæ  лæвæрд  цæуынц æрмæст стыр залты нæ, фæлæ æфсæддон хæйтты, сабиты хæдзæртты, рынчындæтты. Ацы фестивальтæм хуынд  вæййынц  дунейы  хъуыстгонд  музыканттæ  æмæ  музыкалон коллективтæ.

2009-æм азы фестивалы Цæгат Ирыстонæй дыккаг хатт архайдта Паддзахадон филармонийы нæлгоймæгты зарæггæнджыты къорд (йæ разамонæг  Джанайты Ольгæ). Коллективы программæйы уыдысты ирон адæмон зарджытæ.

Уый размæ мА ацы фестивалы архайдтой  зарæггæнджыты камерон коллектив «Алани» (йæ разамонæг Кокойты Агуындæ) æмæ Республикæйы аивæдты лицейы зарæггæнджыты камерон къорд «Арион» (йæ разамонæг Джанайты Ольгæ).

«Алани»-йы репертуары канд ирон зарджытæ нæй, фæлæ дзы ис африкæйаг музыкалон уацмыстæ дæр. Сты бынат ахсынц коллективы сфæлдыстады дины зарджытæ.

1.Радзур тексты мидис.

2. Фæрстытæндзуаппратт.

    1) Кæй тыххæй цæуы ныхас тексты?

    2) Гергиты Валерийы хъæппæрисæй цы арæзт æрцыд Мæскуыйы?

    3) Мæскуыйы фестивалæн  цавæр  ахадындзинад ис?

    4) Цæгат   Ирыстонæй  чи    архайдтаКуадзæны  фестивалы  æмæ  кæд?

    5) Камерон  зарæггæнджыты къорд «Алани»-йы  репертуары цавæр музыкалон уацмыстæ ис?

 

II.Сараз диалогон  кæнæ монологон ныхас Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы  паддзахадон гербы тыххæй.

 -Цыу герб?

 -РЦИ-Аланийы герб чи  сфидар  кодта æмæ кæд?

 -Чи у йæ автор?

 -Куыд  арæзт у герб?

  -Цы  нысан  кæнынц  уыцы компоненттæ?

 

 

III.Ссар тексты уырыссаг æвзагæй  æрбайсгæ  дзырдтæ  æмæ  сæ  бакæс

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                  12-æм билет

 

I.Бакæсут текст, ратæлмац æй  кæнут уырыссаг æвзагмæ.

     Дзусаты  Ибрагим  райгуырдис  Заманхъулы. Ардыгæй райдыдтой йæ хæстон фæндæгтæ æфсадмæ, намысы бæрзæндтæм (на вершину славы). Уый уыдис æфсæддон тæхæг. .Хъахъхъæдта Советон Цæдисы арæнтæ (границы),йæ сабырдзинад. Фæлæ нæ райгуырæн бæстæмæ гермайнаг фашисттæ куы æрбалæбурдтой (напали),уæд хъæбатырæй тох кодта сæ ныхмæ, басыгъта 800 мæлæтхæссæг (смертоносные)хæдтæхæджы. Хæсты азты Дзусы-фырт равдыста лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад. Уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд кадджын ном – Советон Цæдисы Хъæбатыр. Йæ фæтæн риуæй цæхæртæ калдтой (сверкали) бирæ ордентæ æмæ майдантæ. Дзусаты Ибрагим стыр кад æрхаста (прославил) Ирыстонæн.

29-æм апрелы 2009-æм азы кадджын уавæры (в торжественной обстановке) не скъолайæн радтой хъæбатыр Ибрагимы ном. Скъолайы разкъулыл (на фасаде)-мраморæй мемориалон фæйнæг.

     Фæйнæг байгом кодтой Ибрагимы чызджытæ.Æмбырдмæ æрхуыдтой кадджын уазджытæ -  хæсты ветеранты.

Мах, кæстæртæ, архайдзыстæм (будем стараться), цæмæй уæм Советон Цæдисы Хъæбатыр Дзусаты Ибрагимы аккаг фæдонтæ (достойные потомки). Йæ ном рох никуы уыдзæн.

1.      Радзур тексты мидис.

2.      Фæрстытæн дзуæппытæ раттут.

1) Чи уыдис Дзусаты Ибрагим?

            2) Кæм райдыдтой  йæ хæстон фæндæгтæ?

            3) Хæсты рæстæджы куыд тох кодта знаджы ныхмæ?

            4) Цавæр кадджын ном лæвæрд æрцыд Дзусы – фыртæн?

            5) Не скъола хæссы Цоветон Цæдисы Хъæбатыр Дзусаты Ибрагимы ном кæдæй  нырмæ?

            6) Чи байгом кодта хъæбатыр тæхæджы номыл мемориалон фæйнæг?

           

II Радзур Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ  «Балцы зарæг» наизусть

-Цæмæ сиды поэт?(Цæмæй æппæт адæмтæ цæрой хæларæй, рухсмæ -  ахуырмæ  бæллой(стремились).

 

III  Образуйте от данных слов формы сравнительной и превосходной степеней.

 

Хорз                                            Рæсугъд

 Кадджын                                  сызгъæрин

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                                               13-æм билет

I.            Бакæсут текст æмæ   йæ  ратæлмац   кæнут  уырыссаг  æвзагмæ.

               

                       Абайты Васо – ирахуырады дæсны.

      Уый æрмæст ирахуырады (осетиноведение) дæсны нæ уыдис, фæлæ ма  хорз зыдта бирæ æндæр адæмты æвзæгтæ, фольклор æмæ истории дæр. Васойы наукон куыстыты нымæц схæццæ ис æртæсæдæйы бæрцмæ. Уыдоны æхсæн сты ахæм чингуытæ : «Ирон æвзаг æмæ фольклор» , «Уырыссаг-ирон дзырд-уат» æмæ «Ирон æвзаджы историон - этимологион дзырдуат». Васо йыл фæкуыста уæлдай зæрдиагдæрæй. Ацы стыр куыстæй базонæн ис дзырдты равзæрд æмæ уыдонæй ныхасы пайда кæныны фæтк, стæй ма дзы бакæсæн ис алыхуызон  адæмты цардæй ист цымыдисаг  хабæрттæ æмæ цауты тыххæй. Ацы дзырдуат æппæты æххæстдæрæй равдыста Васойы бирæ зонындзинæдтæ.
    Васо фæзминаг (достоин подражания) уыдис, куыд адæймаг, афтæ дæр. Стыр ахуыргонд уæвгæйæ, уыдис  хуымæтæг æмæ уæздан (благородный).
    Абайты Васо  абон  дæр  рох  нæу  нæ  адæмæй.  Уый цæры  канд  йæ наукон фæллæйтты нæ, фæлæ йæ зонгæтæ (знакомых) æмæ йæ бирæ ахуырздауты зæрдæты, Ирыстоны  фысджытæ  æмæ  нывгæнджыты  арæзт сурæтты (образах).

1.            Радзур тексты мидис.

2.            Фæрстытæн дзуæппытæ раттут.

1)Кæй тыххæй у текст?

2)Цал наукон куысты ныффыста куырыхон ахуыргонд Абайты Васо?

3)Цы загъд ис «Историон – этимологион дзырдуат»-ы  тыххæй?

4)Цавæр адæймаг уыдис Васо?

5)Фæстаг абзацы  ратæлмац кæнут уырыссаг æвзагмæ

II.Радзурут  Республикæ Цæгат  Ирыстон –Аланийы  гимны тыххæй.Гимны ныхæстæ   наизусть.


Зæрин хур йæ тынтæ нывæнды фæлмæн

Нæ фыдæлты рагон уæзæгыл рæдауæй.

Арвы бын калы фæрдыгау тæмæн

Ирыстон йæ адæмты фарнæй.

 

 Заманты тарæй æрттивы зынгау

Дæ уидаг, нæ Ивгъуыд, нæ Абон, нæ Фидæн.

Барвæс нæ куывдыл, Хуыцæутты Хуыцау,

Уастырджи , рафæлгæс. Табу Дæхицæн.

   Кад æмæ радимæ фидæнмæ кæс.

   Амондæй абузæд ронгау дæ цард.

   Амонд мысайнагау фидæнмæ хæсс.

   Дæ кæстæр дын басгухæд кард æмæуарт.

 

    Фæлтæрæй фæлтæрмæ фæцæуæд дæ фарн,

    Рын æмæ сонæй дæ хизæд хъысмæт.

    Хистæры намыс, кæстæры æхсар

    Хурау дынцарды цырагъдарæг уæнт!


 

 

 

 

 

 III Сраст кæнут рæдыдтытæ

Номон хауæн                      æз

Дæттынон хауæн              мæнæн

Иртæстон хауæн               мæныл

Æддагбынатон хауæн     мæнимæ

Цæдисон хауæн                 мæнæй

 

 

 

 

      14-æм билет

I.Текст бакæсут, ратæлмац  æй  кæнут  ирон  æвзагмæ.

Фыццаг  ирон  скъола

       Ирон  адæмæн  хъæздыг истории ис. 13-æм æнусы иу бæлццон, Вильгельм де Рубрук, афтæ фыста алайнæгты тыххæй: «Сты  чырыстон  диныл  хæст адæм. Уыцы дин райстой  бердзенæй. Ис сæм  бердзенаг  сауджынтæ, æмæ сæ фыссынад дæр у бердзенаг дамгъæты бындурыл» Уыцы дугæй нæм бирæ фыстытæ не рхæццæ, фæлæ нæ адæммæ фыссынад кæй уыдис, уый гуырысхойаг нæу (нет сомнения).Чиныг та нæм  уый  тыххæй  не рхæццæ,  æмæ 13-æм æнусы райдыдта нæ адæмы  иууыл  трагикондæр цауты рæстæг.

Мæнæ  куыд  фыссынц  уыцы дуджы тыххæй  историктæ: «Монгойлæгты бирæнымæц (многочисленные) ныббырстытæ(нашествия) сæфты къахыл ныллæууын кодтой (на грань исчезновения) алайнæгты. Ныппырх сын кодтойсæ паддзахад,  фæцагътой сын сæ цыртдзæвæнтæ». Ацы уæззау  рæстæг ахаста суанг 18-æм æнусы онг.

18-æм æнусы  æмбисы  райдыдта  ирон  адæмы ног истори. Уыдон сфæнд кодтой сæ дарддæры  хъысмæт Уæрæсеимæ  бабæттын. 1774-æм азы официалон æгъдауæй Ирыстон баиу йæ  цæгата гсыхагимæ.

Цæмæй ирон адæм æнгомдæр  балæууыдаиккойте(сплотились) Уæрæсемæ, уый тыххæй æмбæлди чырыстон дин се хсæн сног кæнын. Уыцы хъуыддагæн та хъуыдис скъолатæ æмæ дины чингуытæ.

Ирыстоны чырыстон дин сног кæныны  хъуыддаг арæзта Иры динхæссæг къамис.Уый арæзт æрцыдис 1743-æм азы. Уыцы къамис 18-æм æнусы дæргъы архайдта ирон сабитæн иу дины скъола саразын æмæ чиныг рауадзыныл. Скъола  арæзт æрцыдис 1764-æм азы Мæздæджы. Фыццаг ахуырдзаутæ уыдысты уæздан мыггæгтæй. Скъолайы уыдис пансион. Ахуыры системæ уыдис индивидуалон.1797-æм азы Мæздæджы скъола æхгæд æрцыдис.

 

       II.Сараз диалогон кæнæ монологон ныхас Цæгат Ирыстоны паддзахадон гимны тыххæй.

1)Цы у гимн?

2) Чи ныффыста гимны ныхæстæ?

3) Музыкæ йын чи сарæзта?

4) Кæд æмæ кæм  фидаргонд  æрцыд паддзахадон  гимн?

5) Кæд æмæ кæм фæзарынц гимн?

6) Куыд æм фæхъусынц адæм? Цæмæн?

 

III. Баххæст  кæнут хъуыдыйад.  Сбæрæг кæнут бæттæг,цавæр  у хъуыдыйад йæ арæзтмæ гæсгæ?

1)Фæстаг  рæстæг Уæрæсейы Президент стыр æргом здахы ахуырад, æнæниздзинад æмæ бинонты фарстатæм,…

                      А)   …уымæ гæсгæ сæ аивтой æндæр бонмæ.

                     Б)   …æмæ ныр йæ куыст у бæрнон.

         В) …уымæн æмæ уыцы фарстатæн  ис стыр ахадындзинад  æхсæнады рæзты.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                            15-æм билет

 

I.Текст бакæсут, ратæлмац  æй  кæнут .

Дунейы авд диссаджы.

Алы рæстæджы  дæр  царды æрцæуы (происходит)цыдæр  диссæгтæ, æмæ  сæ  адæм  фæлтæрæйфæлтæрмæ æмбисондæн фæхæссынц.

Рагон  заманты диссагдæр цы  уыдис   адæймаджы  къухтæй  арæзт, уыдон  уыдысты  авд. Хуыдтой  сæ «Дун-дунейы  авд  диссаджы».Цыдысты  азтæ,фæлтæртæ  ивтой  кæрæдзийы, фæлæ  рæстæджы ныхмæ  ницы  лæууы. Дун-дунейы  авд диссагæй, сæ  иуæй  фæстæмæ, фæд дæр(даже следа) нал баззадис.

5 мин азы размæ  Мысыры  сарæзтой, арвы  бын  чи  никуыма  уыдис, ахæм  бæрзонд  дзæппадзХеопсы  пирамидæ. Сæ  амæлæты фæстæ  дзы  бавæрдтой  фараон æмæ  йæ бинойнаджы. Уыцы дзæппадз  афтæ  бæрзонд  фæцыдисафтæ  рæсугъд  уыдис  архитектурон  æгъдауæй, æмæ  нымад  æрцыдис  дун- дунейы  диссæгтæн  сæ  диссагдæрыл. Бирæ  азты  размæ  куыд  уыдис, афтæ  абон  дæр  фæлгæсы  Мысыры  тыгъд  быдыртæм.

1. Радзур тексты мидис.

2. Фæрстытæн  дзуапп  ратт.

  1) Цавæр  дун-дунейы  диссаджы  тыххæй  цæуы   ныхас   тексты?

2) Кæд  æмæ кæм  арæзт æрцыдис Хеопсы пирамидæ?

3) Цы у уыцыпирамидæ?

4) Куыдарæзт у?

 

II.Сараз диалогонкæнæмонологонныхас де скъолайытыххæй

Кæцы скъолайы ахуыр  кæныс?(Æз ахуыр кæнын 46-æм скъолайы,9-æм къласы)

Кæм лæууы?(Лæууы Дзусы-фырты уынджы, 36-æм номыры)

Цавæр у де скъола?(ме скъола у цыппаруæладзыгон, стыр æмæ райдзаст. Ахуыр дзы кæны  1200  сывæллоны)

Кæй ном хæссы? (Не скъола хæссы Советон Цæдисы Хъæбатыр,  инæлар Дзусаты Ибрагимы кадджын ном. Уый уыдис хæстон тæхæг).

Кæд ын радтой уыцы кадджын ном?(Уыцы кадджын ном скъолайæн радтой 29-æм апрелы 2009 азы).

 

 

III.Ссарут  тексты номдартæ  бирæон  нымæцы, ратту сæм  фæрстытæ, сбæрæг  сын кæнут  сæ  хауæнтæ.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                                          16-æм билет

1.Бакæсут  текст  æмæ йæ ратæлмац  кæнут уырыссаг æвзагмæ

                           Ирыстон-цъитиджын хæхбæстæ

       Цæгат Ирыстон зындгонд у йæ цъитиджын хæхтæй. Йæ фæзуатыл  æдæппæтæй ис 227 цъитийы. Сæ  зындгонддæртæ  сты  Хъæрæугомы цъити, Хъолхъа, Мали, Цъæйы цъити.

Цъититæ уæйгуытау (как богатыри)хæрдмæ фæцыдысты. Райдзаст бон цæхæртæ фæкалынц(огнем сверкают) хуры тынтæм, адæймаджы цæстæнгас сæхимæ  фелвасынц (притягивают). Цыма ис уыдонæй рæсугъддæр, сæрыстырдæр (величественней)!

Фæлæ  хаттæй-хатт цъититæ  расайынц (вызывают) стыр  бæллæхтæ(катастрофы) дæр.

Гæналдоны  комы æрбынат  кодта  Хъолхъайы цъити. Цалдæр  хатты фенкъуысти(сдвинулся) йæ бынатæй. Зындгонддæр  сты 1902-æм æмæ 1968-æм азы æнкъуыстытæ(колебания). Фæстаг  хатт  цъити  ратыдта(сорвался) 2002-æм азы сентябры мæйы. Стыр  бæллæхтæ  æрхаста  ацы  цъити  адæмæн: йæ быны фесты Хъæрмæдоны цæрджытæ, æрæхгæдта Хъобан  æмæ  Хохы  Санибайы  фæндæгтæ, Гæналдоны  коммæ  сæ  фæллад  уадзынмæ  чи ацыд,  уыдоны.

Адæймаг  æрдзы  хъæбул у, фæзæгъынц. Фæлæ  рох кæнын нæ хъæуы: æрдзы мидæг нырма бирæ сусæгдзинæдтæ кæй ис æмæ сæхи хъахъхъæнын (беречь себя) кæй хъæуы, уый дæр.

1. Радзур тексты мидис.

2.Передайте содержание текста по-русски.

2.Сараз  диалогон  кæнæ  монологон  ныхас  дæ  бинонты  тыххæй

-Кæй  чызг(лæппу  дæ)?Æз  дæн ….

-Цавæр  бинонты  хсæн  цæрыс(стыр æви гыццыл)?Цал стут, чи?(Мæ бинонтæ сты цыппар

-Дæ  мады ном куыд у?Кæм кусы?Цал азы йыл  цæуы? Йæ бакаст цавæр у?(Бæрзонд,рæсугъд сылгоймаг.Ис ын æрвхуызцъæх  цæстытæ.Уарзы  кафын,зарын, хæринаг кæнын.Уарзы дидынджытæ: уарди,джыджына. Мæ мад у уæздан, æгъдауджын,уазæгуарзон  адæймаг.)

-Дæ  фыды ном куыд у? Кæм  кусы? Цал азы йыл  цæуы? Йæ бакаст цавæр у? (Хæрзконд, бæзæрхыг нæлгоймаг. Ис ын сау  цæстытæ  æмæ  сау сæрыхъуынтæ.Мæ фыд у бинонты мæсыг).

 

3.Тексты  лæвæрд  нымæцонтæ  раст  бакæс. Цавæр  сты  сæ  нысанмæ  æмæ   сæ  арæзтмæ  гæсгæ?

1902-æм,  1968 азы, 14. 9.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                          17-æм билет

I.Бакæсут  текст, ратæлмац  æй кæнут  уырыссаг  æвзагмæ.

      Дзусаты Ибрагим  райгуырдис  Заманхъулы. Ардыгæй  райдыдтой йæ хæстон фæндæгтæ  æфсадмæ, намысы бæрзæндтæм (на вершину славы). Уый уыдис æфсæддон тæхæг. Хъахъхъæдта Советон  Цæдисы  арæнтæ (границы),йæ сабырдзинад. Фæлæ нæ райгуырæн бæстæмæ  гермайнаг  фашисттæ  куы æрбалæбурдтой (напали),уæд  хъæбатырæй  тох кодта сæ ныхмæ, басыгъта   800 мæлæтхæссæг (смертоносные) хæдтæхæджы. Хæсты  азты  Дзусы-фырт  равдыста  лæгдзинад  æмæ  хъæбатырдзинад. Уый   тыххæй  йын лæвæрд  æрцыд кадджын ном Советон  Цæдисы Хъæбатыр. Йæ  фæтæн риуæй  цæхæртæ  калдтой (сверкали) бирæ  ордентæ  æмæ  майдантæ.  Дзусаты Ибрагим  стыр кад  æрхаста (прославил) Ирыстонæн.  29-æм апрелы 2009-æм азы кадджын уавæры (в торжественной обстановке) не скъолайæн радтой хъæбатыр Ибрагимы ном. Скъолайы  разкъулыл (на фасаде)-мраморæй  мемориалон фæйнæг.

Мах, кæстæртæ, архайдзыстæм (будем стараться), цæмæй уæм Советон Цæдисы Хъæбатыр  Дзусаты Ибрагимы  аккаг фæдонтæ (достойные потомки). Йæ ном рох никуы уыдзæн.

 

II.Сараз  диалогон кæнæ  монологон ныхас Ирыстоны паддзахадон тырысайы тыххæй.

-Цы у тырыса? (Тырыса у национ символ)

-Чи йæ сфидар кодта æмæ кæд? (Респуликæйы парламент 24 ноябры 1994-æм азы).

-Цавæр у тырыса? (Æртæхуызон:урс-сырх-бур.)

-Цы нысан кæнынц йæ хуызтæ?(Урс нысан кæны моралон сыгъдæгдзинад,сырх – хæстон хъæбатырдзинад. Бур та у фарны символ.)

-Кæм фенæн ис тырыса?(Тырысатæ æдзухдыр фæйлауынц паддзахадон хæдзæртты  сæрмæ.  Вæййынц  æфсæддон  æркасты  æмæ  спортивон бæрæгбоны , паддзахадон минæвæртты архайды.

 

 

 

III Дзырдтæн  ныффыссут сæ бирæон  нымæцы формæ.

Зæхх, дыргъдон, булæмаргъ,дидинæг, гæлæбу,малусæг.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                    18-æм билет

I.Бакæсут  текст æмæ  йæ  ратæлмац кæнут  уырыссаг  æвзагмæ

                                 Ирыстон-цъитиджын  хæхбæстæ

Цæгат Ирыстон зындгонд у йæ  цъитиджын  хæхтæй. Йæ  фæзуатыл  æдæппæтæй  ис 227 цъитийы. Сæ зындгонддæртæ сты Хъæрæугомы цъити, Хъолхъа, Мали, Цъæйы цъити.

Цъититæ  уæйгуытау  хæрдмæ  фæцыдысты. Райдзаст бон цæхæртæ  фæкалынц  хуры тынтæм, адæймаджы цæстæнгас  сæхимæ  фелвасынц (притягивают). Цы ма ис уыдонæй рæсугъддæр, сæрыстырдæр (величественней)!

Фæлæ  хаттæй-хатт  цъититæ  расайынц (вызывают)стыр  бæллæхтæ(катастрофы) дæр.

Гæналдоны  комы æрбынат  кодта  Хъолхъайы цъити. Цалдæр  хатты фенкъуысти(сдвинулся)йæ  бынатæй. Зындгонддæр  дзы сты 1902-æм  æмæ  1968-æм азы æнкъуыстытæ(колебания). Фæстаг хатт цъити ратыдта(сорвался) 2002-æм азы сентябры мæйы.  Стыр бæллæхтæ æрхаста ацы цъити адæмæн: йæ быны фесты Хъæрмæдоны цæрджытæ, æрæхгæдта Хъобан æмæ Хохы  Санибайы  фæндæгтæ, Гæналдоны коммæ сæ фæллад  уадзынмæ  чи ацыд, уыдоны.

Адæймаг æрдзы хъæбул у, фæзæгъынц. Фæлæ рох кæнын нæ хъæуы: æрдзы  мидæг нырма  бирæ  сусæгдзинæдтæ  кæй ис  æмæ  сæхи хъахъхъæнын (беречь себя) кæй хъæуы, уый дæр.

   1. Радзур тексты мидис.

   2.Передайте содержание текста по-русски.

 

 

II.     Радзур  Ирыстоны гимны ныхæстæ наизусть

Зæрин хур йæ тынтæ нывæнды фæлмæн

Нæ фыдæлты рагон уæзæгыл рæдауæй.

Арвы бын калы фæрдыгау тæмæн

Ирыстон йæ адæмты фарнæй.

              Заманты тарæй æрттивы зынгау

   Дæ уидаг, нæ Ивгъуыд, нæ Абон, нæ Фидæн.

   Барвæс нæ куывдыл, Хуыцæутты Хуыцау,

   Уастырджи , рафæлгæс. Табу Дæхицæн.

Кад æмæ радимæ фидæнмæ кæс.

Амондæй абузæд ронгау дæ цард.

Амонд мысайнагау фидæнмæ хæсс.

Дæ кæстæр дын басгухæд кард æмæ уарт.

          Фæлтæрæй фæлтæрмæ фæцæуæд дæ фарн,

Рын æмæ сонæй дæ хизæд хъысмæт.

Хистæры намыс, кæстæры æхсар

Хурау дынцарды цырагъдарæг уæнт!

 

III   Сраст кæнут хъуыдыйæдтæ.

Рагуалдзæг  райгæ фæзынди,

Ногæй та бафынæй зæхх.

Малусæг фæзты фæзынди,

Кæрдæгæй къуылдым фæбур.

 

 

                                                   19-æм билет

I.Бакæсут   текст æмæ  йæ  ратæлмац  кæнут  уырыссаг æвзагмæ

 

                                                   Рæсугъддзинады идеалтæ

Адæймаджы физикон рæсугъддзинады идеал ныффидар ис рагон бердзенæгтæм нæ эрæйы размæ 5-4-æм æнусты. Сылгоймаджы рæсугъддзинады идеалыл нымад у бердзенаг скульптор Александры номдзыд  «Афродитæ». Ацы скульптурæ ссардтой 1820-æм азы сакъадах Милосы, уымæ гæсгæ йæ хонынц «Милосаг Венерæ».

Астæуккаг æнусты Ренессансы «титантæ» æппæтæй бæрзонддæр  æвæрдтой физикон  рæсугъддзинады, арф зонд æмæ уды иудзинад. Ацы æртæ миниуæджы нымадтой идеалон гармонийыл  Рафаэль Санти,  Леонардо да Винчи, Микеланджело.

Абон дæр сылгоймаджы рæсугъддзинады  идеалыл нымад сты Рафаэлы «Сикстинаг Мадоннæ», Леонардо да Винчийы «Джокондæ», «Мадоннæ  Литтæ  дидинæгимæ».

Æртæ азы куыста «Давид»-ыл генион Микеланджело, æмæ сау дуры мидæгæй дунемæ «рахуыдта» диссаджы рæсугъд лæппуйы – Давиды. 400 азы дæргъы ацы скульптурæ лыууыдис Флоренцийы иу фæзы.

Рагон скульптортæ æмæ нывгæнджытæ сæ уацмыстæ аразгæйæ, се ргом здæхтой спортсментæм. Антикон хуыцæутты фæлгонцтæ аразгæйæ, модельтæн æвзæрстой спортсменты. Сæ рæсугъддзинад баззадис дунейы хæзнаты – рагон нывты æмæ скульптурæты.

1.Радзур тексты мидис.

2. Ссар тексты лæвæрд хъуыдыйæдты эквиваленттæ æмæ сæ бакæс.

1.Их физическая красота запечатлена в мировых сокровищих – древних картинах и скульптурах..

2.Идеал физической красоты человека выработали древние греки в 5-4 веках до нашей эры.

3.В этих трех составляющих видели идеальную гармонию Рафаэль Санти, Леонардо да Винчи, Микеланджело и другие.

4.В течение 400 лет эта скульптура простояла на одной из площадей Флоренции.

5.Создавая свои произведения, скульпторы и художники обращались к спортсменам.

 

II.Сараз монологон  ныхас  Республикæ Цæгат Ирыстон –Аланийы тыххæй.

-Кæм ис РЦИ-Алани?(РЦИ-Алани  ис  Кавказы  бæрæгастæу).

-Цал кв.км у йæ фæзуат? (Йæ фæзуат у 7971 кв.км.Республикæйы фылдæр хай сты  быдыртæ. Сæ фæзуат у 4121кв км, хæхтæ та ахсынц 3850 кв км.

-Чи цæры Ирыстоны? (Ирæттæ, уырыссæгтæ, гуырдзиæгтæ, сомихæгтæ, бердзенæгтæ æмæ иннæтæ).

-Цал адæймаджы цæры Ирыстоны? (670 мин адæймаджы)

-Куыд цæрынц кæрæдзиимæ уыцы адæмыхæттытæ? (Кæрæдзиимæ  цæрынц хæларæй.)-Цал горæты ис  нæ  республикæйы?  (6: Дзæуджыхъæу, Алагир, Беслæныхъæу, Æрыдон, Мæздæг,  Дигора).

-Цавæр  цæугæдæттæ ис  Ирыстоны? (Терк,Æрыдон, Æрæф,Урсдон, Джызæлдон, æмæиннæтæ. Тæккæ  стырдæр у Терк, йæдæргъ у 623 км).

 

III.Сараз  хъуыдыйæдтæ  лæвæрд  дзырдбæстытимæ.

Хъæбатырты ном

Авдæфсымæры

Равдыстойхъæбатырдзинад

 

      

 

 

 

 

                                 20-æм билет

I.Бакæс  текст  æмæ йæ  ратæлмац кæн уырыссаг æвзагмæ

Бритъиаты Елбыздыхъо(1881-1923),  – ирон драматургийы бындурæвæрæг.                         Брытъиаты  Елбыздыхъо  уыд стыр курдиатджын адæймаг.Уый æнæкæрон бирæ уарзта йæ бæстæ, уыд æнæзæрдæхудт æмæ æнæнцой кусæг йæ адæмæн. Елбыздыхъо æрæвæрдта фидар бындур Ирыстоны драматургийæн,   у ирон те­атры бындурæвæрæг. Ныффыста  алæмты драмон уацмыстæ: «Уæрæседзау»,«Амран», «Дыууæ хойы», «Цад» æмæ  æндæртæ.

            Драматурджы фыццаг уацмысыл нымад цæуы «Уæрæседзау». Фыццаджыдæр ацы уацмыс æвæрд æрцыд сценæйыл.Уымæй райдыдта ирон театры истори. Æрыгон лæппу сыздæхт Уæрæсейæ, нал зоны ирон æвзаг, нал æрвæссы йæ хæххон æмгæрттыл, ницæмæуал дары ирон æгъдæуттæ æмæ бахауы худæджы уавæры.

           Елбыздыхъойы иннæ уацмыс «Амран». Уацмысы сæйраг архайæг скодта титаны нæ, фæлæ хуымæтæг зæххон адæймаджы. Рæхысбаст Прометей кæнæ  Амран сты Кавказы синоним. Уый аргъау нæу, фæлæ пехуымпарон фæлгонц сидæг адæймаджы дзыхы, уый у мингай азты дæргъы мæгуыр хæххон адæмы хъизæмар, уый у сæ хъæрзын, се ’лгъыст.

          Сæрибары проблемæ  фыссæг æвæры йæ хуыздæр драмæ «Дыууæ хойы». Автор карз быцæуты æвдисы адæймаджы æхсæнадон уавæр, йæ бартæ, йæ царды нысан. Уыцы хъуыддæгтæ автор сылгоймаджы хъысмæты  æвдисы,  æмæ уымæй  фæарфдæр уацмысы социалон мидис.

 

 

II .     Радзур  Ирыстоны гимны ныхæстæ наизусть

 

III  Определите значение частицы «ма» в предложениях.

   1) О цæргæс! Ма мæм кæс! ( в качестве отрицательной частицы перед глаголом в повелительном наклонении).

   2) Рауай-ма, рауай, нæ фыййау, нæ фæстæ! (выражает  побуждение к действию и смягчает повеление0

   3) Мах ма дæумæ æнхъæлмæ кæсæм! (выражает  продолжение действия,  повторяемость  действия).

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                         21 – æм билет

I.      Бакæсут текст.

                                       Хæххон стъалы

Стъараполы гимназы ахуыргæнинаг Хетæгкаты Къостайы нæ уырныдта, гимназы хуыздæр ахуыргæнинаг кæй у, уый. Фæлæ йын йæ нывтæ Мæскуыйы æрыгон нывгæнджыты равдысты куы сæвæрдтой, уæд йæхиуыл баууæндыдис(Поверил в себя). Фылдæр куыста йæ нывтыл, бахæлар ис нывкæнынады ахуыргæнæг  Смирновимæ.

Къостайы фæндыдис нывгæнæг суæвын. уый уыдис йæ сæйрагдæр бæллиц. Леуан арæх дзырдта йæ фыртæн: «Дæуæй хъуамæ офицер рауайа». Фæлæ Къоста уымæ нæ бæллыдис. Нывтæ кæнын, цард æвдисын бирæ хуыздæр у. «Дæсны нывгæнæджы раз офицер ницы у»,- хъуыды кодта Къоста.

Ахуыргæнджытæ Къостайы нымайынц хуыздæр нывгæнæгыл. Чызджытæ æппæлынц Къостайы нывтæй æмæ æмдзæвгæтæй. Гимназы  поэтикон изæрты Къостайæ хуыздæр ничи бакæсы Пушкины, Лермонтовы, Некрасовы, Гётейы æмдзæвгæтæ. Бакæсы йæхи æмдзæвгæтæ дæр.

1.     Радзурут  Къостайы тыххæй.

2.     Фæрстытæн дзуапп раттут.

1)    Къоста кæм ахуыр кодта?

2)    Цы нæ уырныдта Къостайы?

3)    Кæд баууæндыдис йæхиуыл?

4)    Цавæр фæндон уыдис Леуанмæ?

5)    Къостайы стырдæр бæллиц та цавæр уыдис?

6)    Фæстаг абзац уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кæнут.

 

II.Радзурут  Къостайы æмдзæвгæ «Ныстуан».

Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг

Кæуæгау фæкæса, мыййаг,-

Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг,

Уый зарæд йæхи фæндиаг!

 

Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,

Куы бафидин искуы мæ хæс,

Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин.

Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс…

 

 III Равзар  лæвæрд хъуыдыйад   синтаксисон æгъдаумæ гæсгæ.

Стъараполы гимназы ахуыргæнинаг Хетæгкаты Къостайы нæ уырныдта, гимназы хуыздæр ахуыргæнинаг кæй у, уый.

 

 

 

 

 

 

 

 

                               22-æм билет

I.Бакæсут текст.

                            Нарты ардхæрæны Уацамонгæ

        Нартæн се стырдæр хæзнатæй иу уыдис Уацамонгæ.Уымæ уыд ахæм миниуæг: кæд адæймаг йе сгуыхтдзинæдты тыххæй раст дзуры, уæд-иу,  нæ йæм бавналгæйæ, йæхи систа æмæ-иу адæмаджы дзыхы размæ бацыд. Кæд нæ,уæд йæ бынатæй  змæлгæ дæр нæ фæкодта.

      Рæстдзинадыл дзурæг  лæгты диссаджы кæхц (чаша) уыд Уацамонгæ. Уыдонæн-иу уайтагъд йæхæдæг айдзаг æлутон, ронг кæнæ къуымæлæй.  Иннæтæй йæ къухы никæмæн æфтыд( не удавалось) Уайамонгæйæ бануазын. Уайтагъ – иу хилджытæй айдзаг.

     Мæнæ куыд зæгъы  иу кадæг: «Хæмыц Уацамонгæ систа йæ дзыхмæ, фæлæ кæхц айдзаг ис алы æвзæр æмæ æлгъаг(мерзкими) хилджытæй, кæлмытæй. Сæхи-иу систой уыдон Уацамонгæйæ æмæ -иу нуазинагимæ фæцæйцыдысты Хæмыцы дзыхмæ.

 

1.Радзурут тексты мидис.

2. Фæрстытæн дзуапп раттут.

 1) Цæй тыххæй у текст?

 2) Цавæр миниуджытæ уыдис Уацамонгæмæ?

 3) Æцæг чи нæ дзырдта, уыдонæн исты хорздзинад лæвæрдта?

 

II.Радзурут Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Балцы зарæг»

 

Цæйут, æфсымæрау.раттæм нæ къухтæ

Абон кæрæдзимæ , Иры лæппутæ!

Скæнæм нæ тырыса дзыллæйы номæй.

Рухсмæ æнæзивæг цомут æнгомæй!...

 

Рæстдзинад уарзынæй скæнæм нæ фæндаг…

Гъе-мардзæ, магуса! Фесæф,  нæ уæндаг!..

 

 

III Равзар  лæвæрд дзырдтæ сæ арæзтмæ гæсгæ.

Сгуыхтдзинæдты, нуазинагимæ, уыдонæн, фæцæцыдысты.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                       23-æм билет

I.Бакæсут  текст.

     Стыр ахадындзинад  уыдис  Нарты  Ныхасæн.  Ныхас уыдис хъæубæсты  ас  лæгты ( пожилые мужчины) иумæйаг фарстатæ  лыггæнæн бынат. Ныхасы уынаффæ æнæмæнг(непременно) æххæстгæнинаг уыд алкæмæн дæр. Нарты Ныхас æххæст кодта æртæ ахсджиаг функцийы:

А). Хъæубæсты æхсæнады цардмæ хъус дарын æмæ йæ раст фæндагыл æвæрын.

Б). Уæгъд рæстæг иумæ æрвитыны хуыз сбæрæг кæнын.

В). Фæсивæды хъомыл кæнын æмæ сын нæртон  æгъдæуттæ амонын æмæ æмбарын кæнын.

Нарты Ныхас ис Лæцы хъæуы, Куырттаты комы. Нарты Ныхас у чысыл фæзуат къæлæтджын бандæтты хуызæн егъау дуртимæ. Фыдæлты таурæгътæм гæсгæ сыл бадтысты Нарт эпосы хъайтартæ- Уырызмæг, Сослан, батырадз æмæ иннæтæ.

1.Радзур ут  Нарты  Ныхасы тыххæй.

2.Фæрстытæн  дзуапп  раттут.

1) Цавæр фарстатæ лыг кодтой Нарты Ныхасы?

2) Чи æххæст кодта  Ныхасы  уынаффæ?

3) Цал æмæ цавæр ахсджиаг функцийы æххæст кодта Ныхас?

4) Таурæгътæм гæсгæ кæм ис Нарты Ныхас?

 

II.Радзурут  Ирыстоны гимны текст наизусть.

 

Зæрин хур йæ тынтæ нывæнды фæлмæн

Нæ фыдæлты рагон уæзæгыл рæдауæй.

Арвы бын калы фæрдыгау тæмæн

Ирыстон йæ адæмты фарнæй.

              Заманты тарæй æрттивы зынгау

   Дæ уидаг, нæ Ивгъуыд, нæ Абон, нæ Фидæн.

   Барвæс нæ куывдыл, Хуыцæутты Хуыцау,

   Уастырджи , рафæлгæс. Табу Дæхицæн.

Кад æмæ радимæ фидæнмæ кæс.

Амондæй абузæд ронгау дæ цард.

Амонд мысайнагау фидæнмæ хæсс.

Дæ кæстæр дын басгухæд кард æмæ уарт.

          Фæлтæрæй фæлтæрмæ фæцæуæд дæ фарн,

Рын æмæ сонæй дæ хизæд хъысмæт.

Хистæры намыс, кæстæры æхсар

Хурау дынцарды цырагъдарæг уæнт!

 

III.Саразут вазыгджын хъуыдыйæдтæ бæттæг «цыма»-имæ

æмæ сæ бакæс.

Уалдзæг нæм æрцыдис.    Малусæг фæндаджы былтæ сфæлыста.

                                            Быдыртæ цъæх дарын

  

 

                                     24-æм билет

    

1.Бакæсут текст.

Хæххон стъалы

Стъараполы гимназы ахуыргæнинаг Хетæгкаты Къостайы нæ уырныдта, гимназы хуыздæр ахуыргæнинаг кæй у, уый. Фæлæ йын йæ нывтæ Мæскуыйы æрыгон нывгæнджыты равдысты куы сæвæрдтой, уæд йæхиуыл баууæндыдис(Поверил в себя). Фылдæр куыста йæ нывтыл, бахæлар ис нывкæнынады ахуыргæнæг  Смирновимæ.

Къостайы фæндыдис нывгæнæг суæвын. уый уыдис йæ сæйрагдæр бæллиц. Леуан арæх дзырдта йæ фыртæн: «Дæуæй хъуамæ офицер рауайа». Фæлæ Къоста уымæ нæ бæллыдис. Нывтæ кæнын, цард æвдисын бирæ хуыздæр у. «Дæсны нывгæнæджы раз офицер ницы у»,- хъуыды кодта Къоста.

Ахуыргæнджытæ Къостайы нымайынц хуыздæр нывгæнæгыл. Чызджытæ æппæлынц Къостайы нывтæй æмæ æмдзæвгæтæй. Гимназы  поэтикон изæрты Къостайæ хуыздæр ничи бакæсы Пушкины, Лермонтовы, Некрасовы, Гётейы æмдзæвгæтæ. Бакæсы йæхи æмдзæвгæтæ дæр.

3.     Радзурут  Къостайы тыххæй.

4.     Фæрстытæн дзуапп раттут.

7)    Къоста кæм ахуыр кодта?

8)    Цы нæ уырныдта Къостайы?

9)    Кæд баууæндыдис йæхиуыл?

10)                       Цавæр фæндон уыдис Леуанмæ?

11)                       Къостайы стырдæр бæллиц та цавæр уыдис?

12)                       Фæстаг абзац уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кæнут.

 

II.Радзурут  Къостайы æмдзæвгæ «Ныстуан».

Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг

Кæуæгау фæкæса, мыййаг,-

Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг,

Уый зарæд йæхи фæндиаг!

 

Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,

Куы бафидин искуы мæ хæс,

Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин.

Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс…

 

 III Равзар  лæвæрд хъуыдыйад   синтаксисон æгъдаумæ гæсгæ.

Стъараполы гимназы ахуыргæнинаг Хетæгкаты Къостайы нæ уырныдта, гимназы хуыздæр ахуыргæнинаг кæй у, уый.

 

 

 

 

 

 

 

                             25-æм билет

 

 

I.       Бакæсут  æмбисонд   æмæ йæ  ратæлмац кæнут уырыссаг æвзагмæ

Нарт Нарт уæд уыдысты…

Нарты   гуппырсартæ (именитые)  æмбырдæй   бадтысты. Тæрхон кодтой (решали) сæ дзыллæйы царды уагыл.

- Нарт Нарт уæд уыдысты,  арв сæ нæрын уæд нæ уæндыди,  æмæ мæлын  куы зыдтой  (умели достойно принять смерть) сæ дзыллæйы сæрыл,  алчи сæ хæцын куы фæрæзта йæхиуыл.. Нарт нарт уæд уыдысты, æмæ нæртон адæймаг рæстдзинадæй йеддæмæ куы ницы дзырдта. Нæ дзыллæ дзыллæ уæд уыдысты, æмæ сæ сæр  сæрмæ куы хастой (вели себя достойно), - афтæ радзырдта Нарты æмбырды иу хистæр.

-Адæм хæлæг уæд кодтой Нартмæ, сæ хорзы кой дардмæ уæд хъуысти Нартæн, гуыбыныл хæцын куы фæрæзтой, нозтæй сæхи куы хъахъхъæдтой, ронгæй сæ бæрц куы зыдтой,- афтæ загъта дыккаг хистæр.

- Нæ адæм адæм уæд уыдысты, æмæ кæстæр хистæры куы нымадта, кад ын куы лæвæрдта, кæрæдзимæ куы хъуыстой,- афтæ загъта æртыккаг хистæр

1. Радзур тексты мидис.

2. Фæрстытæн дзуæппытæ ратт.

1) Æмбырдæй чи бадтис?

2) Цæуыл дзырдтой?

3) Цал хистæры уыдис Нарты ныхасы?

4) Цы радзырдта фыццаг хистæр?

5) Цæуыл тыхстис(переживал) дыккаг хистæр?

6) Æртыккаг хистæр та куыд хъуыды кодта?

  II. Радзур Ирыстоны гимны ныхæстæ наизусть.

               Зæрин хур йæ тынтæ нывæнды фæлмæн

Нæ фыдæлты рагон уæзæгыл рæдауæй.

Арвы бын калы фæрдыгау тæмæн

Ирыстон йæ адæмты фарнæй.

              Заманты тарæй æрттивы зынгау

   Дæ уидаг, нæ Ивгъуыд, нæ Абон, нæ Фидæн.

   Барвæс нæ куывдыл, Хуыцæутты Хуыцау,

   Уастырджи , рафæлгæс. Табу Дæхицæн.

Кад æмæ радимæ фидæнмæ кæс.

Амондæй абузæд ронгау дæ цард.

Амонд мысайнагау фидæнмæ хæсс.

Дæ кæстæр дын басгуыхæд кард æмæ уарт.

          Фæлтæрæй фæлтæрмæ фæцæуæд дæ фарн,

Рын æмæ сонæй дæ хизæд хъысмæт.

Хистæры намыс, кæстæры æхсар

Хурау дын царды цырагъдарæг уæнт!

III.Равзар лæвæрд хъуыдыйад йæ арæзтмæ гæсгæ.

 Нарт нарт уæд уыдысты, æмæ нæртон адæймаг рæстдзинадæй йеддæмæ куы ницы дзырдта.

.

 

Фидаргонд æрцыдысты:

 

Дзæуджыхъæуы

Советон Цæдисы Хъæбатыр

Дзусаты Ибрагимы номыл 46-æм скъолайы

9-æм кълæстæн

фæлварæнты æрмæг

ирон æвзагæй (ирон æвзаг дыккаг кæмæн, уыцы ахуыргæнинæгтæн)

2013-2014 ахуыры азы

 Ахуыргæнæг  Гобеты А.Б.

 

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Билеты к экзамену по осетинскому языку в 9 классах для невладеющих групп."

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 3 месяца

Специалист контроля качества

Получите профессию

Секретарь-администратор

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Краткое описание документа:



1-æм билет

I.Бакæсут  æмбисонд   æмæ йæ  ратæлмац кæнут уырыссаг æвзагмæ

Нарт Нарт уæд уыдысты…

Нарты   гуппырсартæ (именитые)  æмбырдæй   бадтысты. Тæрхон кодтой (решали) сæ дзыллæйы царды уагыл.

- Нарт Нарт уæд уыдысты,  арв сæ нæрын уæд нæ уæндыди,  æмæ мæлын  куы зыдтой  (умели достойно принять смерть) сæ дзыллæйы сæрыл,  алчи сæ хæцын куы фæрæзта йæхиуыл. Нарт нарт уæд уыдысты,  арв сæ нæрын уæд нæ уæндыди,  æмæ мæлын  куы зыдтой сæ дзыллæйы сæрыл (за народ), алчи сæ хæцын куы фæрæзта йæхиуыл. Нарт нарт уæд уыдысты, æмæ нæртон адæймаг рæстдзинадæй йеддæмæ куы ницы дзырдта.Нæ дзыллæ дзыллæ уæд уыдысты, æмæ сæ сæр  сæрмæ куы хастой (вели себя достойно), - афтæ радзырдта Нарты æмбырды иу хистæр.

-Адæм хæлæг уæд кодтой Нартмæ, сæ хорзы кой дардмæ уæд хъуысти Нартæн, гуыбыныл хæцын куы фæрæзтой, нозтæй сæхи куы хъахъхъæдтой, ронгæй сæ бæрц куы зыдтой,- афтæ загъта дыккаг хистæр.

- Нæ адæм адæм уæд уыдысты, æмæ кæстæр хистæры куы нымадта, кад ын куы лæвæрдта, кæрæдзимæ куы хъуыстой,- афтæ загъта æртыккаг хистæр

1. Радзур тексты мидис  

2. Фæрстытæн дзуæппытæ ратт.

1) Æмбырдæй чи бадтысты?

2) Цæуыл дзырдтой?

3) Цал хистæры уыдис Нарты ныхасы?

4) Цы радзырдта фыццаг хистæр?

5) Цæуыл тыхстис(переживал) дыккаг хистæр?

6) Æртыккаг хистæр та куыд хъуыды кодта?

      II.    Ссар тексты домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ æмæ сæ бакæс.   Лæвæрд хъуыдыйад равзар йæ арæзтмæ гæсгæ.

Нарт нарт уæд уыдысты, æмæ нæртон адæймаг рæстдзинадæй йеддæмæ куы ницы дзырдта.

        III. Сараз диалогон кæнæ монологон ныхас Цæгат Ирыстоны паддзахадон тырысайы тыххæй.

1) Цы сты паддзахадон национ символтæ? ( Паддзахадон национ символтæ сты тырыса, герб  æмæ  гимн).

2) Цавæр у Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы паддзахадон тырыса?РЦИ –Аланийы тырыса у æртæхуызон: урс-сырх-бур).

3) Цы нысан кæнынц тырысайы хуызтæ? (Урс хуыз æвдисы  моралон сыгъдæгдзинад. Сырх  нысан кæны хæстон хъæбатырдзинад. Бур та у фарны символ).

4) Кæм фенæн ис тырыса?(Тырыса æдзухдæр фæйлауы паддзахадон хæдзæртты сæрмæ, вæййы æфсæддон æркасты, спортивон ерысты, олимпаг хъæзтыты, паддзахадон минæвæртты архайды.  Нæ фыдæлты  сæ даргъ æмы зын фæндагыл сæ тырыса дæлæмæ никуы æруагътой, кадимæ  йæ æрхæццæ кодтой æнусты сæрты.

5)  Ирыстоны паддзахадон тырыса фидаргонд кæд æмæ кæм æрцыд (утвержден)? Чи у йæ автор?

 

 

                                                          2-аг  билет

I. Бакæс текст æмæ йæ ратæлмац кæн уырыссаг æвзагмæ

                                      Жорж Дюмезиль

      Францаг стыр ахуыргонд Жорж Дюмезиль Ирыстоны  никуы уыд, фæлæ бындуронæй сахуыр кодта кавказаг адæмты филологи, туркаг ирæтты æвзаг; истори æмæ адæмон сфæлдыстад, уæлдайдæр  Нарты кадджытæ.Нарты кадджытæ  ахуыргæндты иу къорд нымайынц Кавказы адæмты иумæйаг сфæлдыстадыл, Ж.Дюмезиль та фидарæй загъта: «Сæ бындурмæ гæсгæ Нарты кадджытæ сты ирон».

     Ахуыргонд Нарты кадджытæ ратæлмац кодта францаг æвзагмæ æмæ мыхуыры рацыдысты 1965 азы. Францы уæды президент  загъта: «Нарты кадджыты айдæнау ( как в зеркале) зынынц ирон адæмы лæгдзинад  æмæ хъæбатырдзинад. Уыцы кадджытæ   сты  стыр   фольклорон  хæзнатæ».

     Францаг ахуыргонд фыста: «Аллон адæмы байзæддæгтæ бирæ зындзинæдтæн бафæрæзтой. Фæлæ уæддæр бахъахъхъæдтой, йæ уидæгтæ скифаг æмæ индоевропæйаг кæмæн сты, уыцы æвзаг. Уымæ гæсгæ  зын бамбарæн нæу æппæт дунейы ахуыргæндты цымыдисдзинад уыцы адæммæ».

      Ирахуырады (осетиноведение) Жорж Дюмезиль ныууагъта зынгæ фæд, стыр  лæггад бакодта Ирыстоны  адæмæн, æмæ йын ирон адæм бузныг зæгъынц.

1. Радзур тексты мидис.

2.Фæрстытæн дзуæппытæ ратт.

1) Чи уыдис  Жорж Дюмезиль?        

 2)Куыд сахуыр кодта ирон æвзаг?

3) Цавæр хатдзæгтæ скодта Нарты кадджыты тыххæй?

4) Цавæр ныхæстæ ныффыста ирон æвзаджы тыххæй?

5) Францы президент  Нарты кадджытæ куы бакаст, уæд   цы загъта?

6) Ирон адæм ын арфæйаг цæмæй сты?

  II. Сараз  диалогон  кæнæ  монологон ныхас  Ирыстоны  тыххæй

-Кæм ис Цæгат Ирыстон?(Цæгат Ирыстон – Алани ис Кавказы бæрæгастæу).

- Цал квадратон км у йæ фæзуат? (Йæ фæзуат у 7971 кв. км).

- Чи цæры Ирыстоны? (Ирыстоны цæрынц алыхуызон адæмыхæттыты минæвæрттæ: уырыссæгтæ, украинæгтæ, сомихæгтæ, азербайджайнæгтæ, дзуттæгтæ,бердзенæгтæ, кæсгæттæ, æмæ иннæтæ. Республикæйы бынæттон цæрджытæ сты ирæттæ).

- Цас у цæрджыты нымæц? (Цæрджыты нымæц у 700 мины бæрц).

- Куыд цæрынц  кæрæдзиимæ(между собой)? (Кæрæдзиимæ  цæрынц хæларæй).

- Цал горæты ис нæ республикæйы? (6. Уыдонæй тæккæ стырдæр у Дзæуджыхъæу. Уый у Ирыстоны сæйраг горæт).

- Цавæр цæугæдæттæ кæлы Ирыстоны зæххыл? (Æрыдон, Джызæлдон, Урсдон, Фыййагдон æмæ æндæртæ. Терк у тæккæ стырдæр, кæлы Дзæуджыхъæуы астæу. Йæ дæргъ -623 км.

- Ирыстоны æрдз рæсугъд у? (Ирыстоны æрдз у диссаджы рæсугъд. Ардæм æрцæуынц сæ фæллад уадзынмæ бирæ адæмтæ алы рæттæй. Уыдонæн арæзт   ис  отельтæ,  туристон  базæтæ,  альпинистон лагерьтæ.

III. Равзар нымæцонтæ куыд ныхасы хай: 6 горæты, 7971кв. км, 2014 азы.

 

 

 

 

                                                             3-æм билет

I.Бакæс текст.                             

 Коцойты Арсен

Коцойты Арсен уыд курдиатджын фыссæг, реалистон радзырды дæсны, реакцион æгъдæутты ныхмæ тохгæнæг. 

Арсен райгуырд Джызæлы. Ам каст фæци райдайæн скъола. Ахуыр кодта Æрыдоны семинары, — фæрынчын, æмæ йæ ахуыр кæронмæ нæ ахæццæ, фæлæ радта сæрмагонд фæлварæнтæ, æмæ йын бар уыд ахуыргæнæгæй кусынæн. Цæгат æмæ Хуссар Иры хъæуты кусгæйæ, уый бæстондæр базыдта адæмы цард, сæ хъуæгтæ, сæ фæндтæ. Фыста уацтæ газеттæм. Сæ нысан уыд рухс тауын, талынг æгъдæуттæ ивын. Арсен домдта нозт сафын, скъолатæ æмæ медицинон кусæндæттæ аразын.  

Арсенæн йæ фыццаг радзырдтæ «Фидис» æмæ «Хин» мыхуыры фæзындысты 1901 азы уырыссаг æвзагыл. Æвдыст сæ цæуынц туг исын æмæ диныл æууæндыны æвирхъау фæстиуджытæ. 

1910 азы ирон интеллигенци Калачы уадзын райдыдта æхсæнадон-аивадон журнал «Æфсир». Редактор æмæ йын аивадон фæлгонцаразæг уыд Арсен. Ам фыццаг хатт иронау рацыдысты йæ радзырдтæ «Цы фæци Асæхмæты ирæд» æмæ «Гигойы куадзæн». 

1912 азы Арсен куыста газет «Правда»-йы редакцийы корректорæй. Уырыссагау дзы рауагъта цалдæр радзырды: «Цуанонтæ», «Æмбæлттæ». 

Арсен уыд арæхстджын сатирик, сурæты дæсны, йæ радзырдты сюжеттæ сты æлвæст, сæ быцæутæ рæзынц, архайд цæуы тагъд, хæццæ кæны йæ логикон кæронмæ. Чысыл нывтæ, æлгъин ахорæнтæй раргом вæййынц архайджыты характертæ, сæ зондахаст, сæ фæндиæгтæ. Фыссæджы æвзаг у æхсæст, аив нывæфтыд. Арсены сконд фæлгонцтæ сты хуызджын, цардæгас. Уый у æцæг адæмон фыссæг.

1.Радзур тексты мидис.

2. Ссар тексты лæвæрд хъуыдыйæдты эквиваленттæ æмæ сæ бакæс.

1.Здесь окончил начальную школу.

2.Работая в сёлах Северной и Южной Осетии, лучше узнал жизнь народа, его недостатки и мечты.

3.Это настоящий народный писатель.

II. Радзурут  Хетæгкаты Къостайы  æмдзæвгæ.

III. Кæцы хъуыдыйæдты ис омонимтæ?

Лæппу хъусы ахуыргæнæгмæ. Тæрхъусы царм у фæлмæн. Чызг йе мбалы хъусы цыдæр дзуры.

Нана хъазты доны былмæ атардта. Хъызты дарут хъарм дарæс. Лæппу хъазты акафыдис чындзимæ.

 

                                                          

 

                                                           

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                        4-æм билет

I. Бакæс  текст  æмæ йæ ратæлмац кæн уырыссаг æвзагмæ.

Советон Цæдисы Хъæбатыр петр Барбашов

Джызæлæй Дзæуджыхъæуы æхсæн, фæндаджы былгæрон лæууы цыртдзæвæн. Æрыгон лæппу згъоры размæ, йæ къухы – гранатæ.

… Фашисттæ бырстой Дзæуджыхъæумæ,тугкалæн хæст цыдис Джызæлы фарсмæ. Йæ райгуырæн Сыбырæй дард хæцыдис знæгтимæПетр Барбашов.

… Немыцаг дзотæй æхстой æмæ æхстой сырхæфсæддонты, нал сæ уагътой размæ. Барбашов бабырыдис дзотмæ æмæ дыууæ гранатæйы баппæрста амбразурæйыл. Фæхъус ис пулемет, фæлæ та уайтагъд фæстæмæ æхсын райдыдта.Мæнæ фæмард сты Барбашовы дыууæ æмбалы. Уæд Петр сыстадис, ныхъхъæр кодта: 2Размæ, æмбæлттæ!» æмæ азгъордта дзотмæ. Æхсынц æй знæгтæ,фæцæф ис йæ къах, стæй йæ къух дæр. Фæлæ йæ фæстаг тыхтæй бахæццæ ис дзотмæ, ныххаудис ыл, бамбæрзта йæ  риуæй дзоты амбразурæ. Афтæ фæмард ис Барбашов, Советон Цæдисы Хъæбатыр…

Барбашовы  ном  хæссынц Дзæуджыхъæуы уынгтæй иу æмæ 30-æм скъола.

1. Радзур тексты мидис.

2. Дзуапп ратт фæрстытæн.

1) Кæм ис Петр Барбашовы цыртдзæвæн?

2) Кæм райгуырдис Петр Барбашов?

3) Цавæр хъæбатырдзинад равдыста æрыгон лæппу?

4) Куыд кад кæнынц нæ республикæйы адæм Барбашовæн?

5) Цæмæн  ын сæвæрдтой цыртдзæвæнДзæуджыхъæумæ хæстæг?

 

II.Сараз диалогон кæнæ монологон ныхас дæ бинонты тыххæй

-Кæй чызг (лæппу дæ)?Æз дæн Гобеты Алетæ.

-Цавæр бинонты хсæн цæрыс (стыр æви гыццыл)?Цал стут, чи?(Мæ бинонтæ сты цыппар:мæ фыды мад, фыд, мад æмæ хо.

-Бинонты хистæр у мæ фыды мад Мария. Цæуы йыл 65 азы. У пенсионер.Мæ нана у бинонты зондамонæг, æгъдаудæттæг, къæбæрдæттон сылгоймаг. Мах æй тынг бирæ уарзæм.

-Дæ мады ном куыд у?Кæм кусы? Цал азы йыл цæуы?Йæ бакаст цавæр у?( Мæ мады ном у Кристинæ. Цæуы йыл 40 азы. Кусы сывæллæтты дохтырæй Дзæуджыхъæуы фыццæгæм рынчындоны. Мæ мадæн ис рæсугъд æддаг бакаст.У бæрзонд, гуырвидауц сылгоймаг. Ис ын рæсугъд цæсгомы æвæрд, аив æрвхуызцъæх цæстытæ, сау къæбæлдзыг дзыккутæ. Уарзы кафын, зарын, хæринаг кæнын. Йæ уарзон дидынджытæ сты уарди, джыджына. Мæ мад у уæздан, æгъдауджын, уазæгуарзон адæймаг.

-Дæ фыды ном куыд у? Кæм кусы? Цал азы йыл цæуы? Йæ бакаст цавæр у? (Мæ фыд Владимир кусы завод «Электроцинк»-ы инженерæй. Цæуы йыл 45азы. У хæрзконд, бæзæрхыг – широкоплечий- нæлгоймаг. Ис ын сау цæстытæ æмæ сау сæрыхъуынтæ. Мæ фыд   у бинонты мæсыг.

-Дæ ныййарджытæ кадджын сты сыхæгты хсæн? Цæмæн? ( Мæ ныййарджытæ сты кадджын сыхæгты хсæн, уымæн æмæ сты æгъдауджын, уарзынц лæггад кæнын сыхæгтæн, хæстæджытæн.)

        - Ис дын æфсымæр, хо? Кæм ахуыр кæнынц? Цал азы сыл цæуы?(Мæнæн ис кæстæр хо. Цæуы йыл 10 азы. Ахуыр кæны 4-æм къласы. Урокты фæстæ ахуыр кæны нывкæнынады скъолайы.

        -Амондджын сты дæ бинонтæ? Цæмæй? (Мæ бинонтæ сты амондджын. Уымæн æмæ кæстæртæ хъусынц хистæры ныхасмæ, кæрæдзийы уарзæм æмæ æмбарæм, сылгоймагæн кæнæм уæлдай кад).

III.Ссар  хъуыдыйæдты  кæрæттæ æмæ сæ бакæс

1)Ирон  адæммæ  хистæры  кад бæрзонд …  (æвæрд  у, æвæрд  цæуы, æвæрд  уæвын,æвæрд уыдзæнис).

2)Хæдзары  хистæртæ куы уа,…(уымæ гæсгæ дзы фарн  дæр ис, кæд  дзы фарн  дæр ис, афтæ  дзы фарн  дæр ис, уæд  дзы фарн дæр ис).

 

                                                                         5-æмбилет I.                                        Бакæсуттекст æмæ йæ ратæлмацкæнутуырыссаг æвзагмæ.
Всеволод Миллер.

    Зындгонд уæрæсейаг ахуыргонд  Всеволод  Федоры  фырт  Миллер  бауарзта Ирыстон æмæ суанг йæ амæлæты  онг куыста  нæ адæмы истори, этнографи, дзургæ сфæлдыстад æмæ æвзаг иртасыныл. Миллер куыста Мæскуыйы университеты æмæ, уым рагон къухфыстытæ кæсгæйæ, æрцыдис ахæм хатдзæгмæ: славяйнæгты фыдæлтæ дæргъвæтин рæстæг æнгом баст уыдысты скифæгтæ æмæ сæрмæтæгтимæ. Агурын райдыдта уыцы адæмты фæд. Куы базыдта, скидæгтæ æмæ сæрмæтæгты байзæддæгтæ Кавказы хæхты цæрынц, уый, уæд йæ цинæн кæрон нал уыдис. Дзурдуатимæ кæсын райдыдта ирон æмæ дыгурон таурæгътæ æмæ аргъæуттæ. Фыццаг хатт Всеволод Миллер Ирыстонмæ ссыдис 1879 азы, сæрды. Йæ фæллад дæр не суагъта, афтæмæй зилын райдыдта горæты уынгты, хъуыста адæмы ныхасмæ.
    Зæрдæргъæвд (способный) ахуыргонд цыбыр рæстæгмæ райдыдта иронау дзурын, фæстæдæр та ма базыдта дыгуронау дзурын дæр.
    Миллер Ирыстоны уыдис цалдæр хатты. Уыцы балцыты фæстæ ныммыхуыр кодта бирæ наукон фæллæйттæ дзургæ сфæлдыстад, æгъдæуттæ, æвзаг æмæ историйы тыххæй. Уыцы куыстыты фæрцы Миллер зынгæ бынат æрцахста ирахуырады. Наукон куыстытæй уæлдай ма уый ныууагъта тынг хорз ныхæстæ : «Мæхи цæстæй федтон цардхуыз, зæрдæргъæвд, интеллигентон, курдиатджын адæм. Кæд сæ царды уавæртæ арæх уæззау вæййынц, уæддæр тырнынц

ахуырмæ».

1.              Радзурут тексты мидис.

2.              Фæрстытæн дзуæппытæ раттут.

1) Чи уыдис Всеволод Миллер?

2) Цавæр хатдзæгтæ скодта  скифæгтæ æмæ славяйнæгты тыххæй?

3) Фыццаг хатт Ирыстонмæ кæцы азы ссыдис? Цæмæн?

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 609 866 материалов в базе

Скачать материал

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 17.01.2015 5466
    • DOCX 260.5 кбайт
    • 16 скачиваний
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Зангиева Светлана Батрбековна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Зангиева Светлана Батрбековна
    Зангиева Светлана Батрбековна
    • На сайте: 9 лет и 2 месяца
    • Подписчики: 0
    • Всего просмотров: 20886
    • Всего материалов: 10

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Няня

Няня

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс профессиональной переподготовки

Английский язык: теория и методика преподавания в профессиональном образовании

Преподаватель английского языка

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3950 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 60 человек из 30 регионов

Курс повышения квалификации

Специфика преподавания итальянского языка с учетом требований ФГОС

36 ч. — 144 ч.

от 1700 руб. от 850 руб.
Подать заявку О курсе

Курс повышения квалификации

Основы теории обучения испанскому языку

36/72 ч.

от 1700 руб. от 850 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Возрастные кризисы

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 23 человека из 15 регионов

Мини-курс

Интегративные технологии в коррекции учебно-поведенческих нарушений

6 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Реклама для роста бизнеса: эффективные стратегии и инструменты

6 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 24 человека из 12 регионов