Инфоурок Другое КонспектыГом урок тема6 Авд цухъайы.

Гом урок тема6 Авд цухъайы.

Скачать материал

Урочытемӕ: Плиты Г. Балладӕ «Авд цухъхъайы».

 

Эпиграф:Хӕст лӕгмар у,цард та дзы – ӕнуд,

Тугӕмхӕццӕ уӕнгты уайы сурхид…

Адӕм цӕнгтӕ бафистӕг кӕнут,

Ӕмӕ хӕстӕн бахӕцӕм йӕ хурхыл!

 

Урочы нысантӕ: 

1. Аив литературон уацмысы фӕрцы ахуырдзаутӕм Райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕхсидгӕ уарз тӕвзӕрын кӕнын.

2.Хъӕбатыр хӕстонтӕн, нӕ кадджын хистӕртӕн, ныййарджытӕн сӕ аргъ кӕныныл ахуыр кӕнын.

3.Балладӕйы миниуджыты фӕрцы поэт хъайтары мидуавӕр куыд ӕвдисы , уый ӕргом кӕныныл ахуыр  кӕнын.

 

Урочы фӕлгонц:

Плиты Грисы ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгӕндтӕ,

Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты темӕйыл аив литературон уацмыстӕ,

Санахъоты С. Цыртдзӕвӕны ныв «Гӕздӕнты авд ӕфсымӕрӕн»,

Зарджытӕ: «Тохы зарӕг», «Журавли»

 

 

 

 

 

Урочы цыд.

Май… Уалдзӕджы хуыздӕр мӕйтӕй иу. Уалдзӕг та у адӕмӕн циндзинад ӕмӕ цардамонд хӕссӕг. Ӕрдз бӕрӕгбонхуыз йӕхи сфӕлынды. Бӕстӕ дидинӕг акалы. Хур бӕрзонд йӕхи сисы ӕмӕ ӕхсызгонӕн фӕтавы . Ӕнӕкӕрон арвыл иу мигъы цъупп нал вӕййы. Адӕймаджы зӕрдӕ байдзаг вӕййы алыхуызон рӕсугъд ӕнкъарӕнтӕй, бӕллицтӕй, хъуыдытӕй…

Ноджы тынгдӕр ӕрфӕнды адӕймаджы цӕрын, аразын, уӕлахиздзинӕдтӕм  тырнын.

Майы мӕй уӕлдай ӕхсызгон у нӕ бӕстӕйы адӕмты тӕккӕ стырдӕр, кадджындӕр бон – 9 Майы бӕрӕгбонӕй.

Уый у стыр Уӕлахизы бон. Ӕрхастой нын ӕй, Фыдыбӕстӕйы кад сӕ риутӕй чи бахъахъхъӕдта, уыцы буц хистӕртӕ.

Абон махӕн  9 Май амондджын бӕрӕгбон у. Фӕлӕ нӕ хистӕр кары адӕммӕ ӕндӕр ӕнкъарӕнтӕ ӕвзӕрын кӕны: иутӕм – цины цӕссыгтӕ, иннӕтӕм – зӕрдӕхалӕн мысинӕгтӕ Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ сын абоны амонды бон ӕгӕр зынаргъ сыстади- сӕ тугӕй ӕлхӕд ӕрцыди.

Нӕ урочы ныхас уыдзӕн хъӕбатыр хистӕрты ӕгӕрон                                      ӕхсарыл,    тыхджын патриотизмыл, адӕймаджы кад ӕмӕ намысыл, ныййарӕджы трагедион хъысмӕтыл Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг.

Хӕст… Хӕрз цыбыр, фӕлӕ уӕззау дзырд. Зӕрдӕ ныккӕрзы, уӕнгтӕ баризынц,  сӕрыхъуын арц сбады ӕрмӕст йӕ койӕ дӕр.

           1941аз….   22 июнь…

Ӕвӕццӕгӕн,  уыцы сӕрдыгон райсом алчи куывта амондджын бонмӕ, алчи ӕнхъӕлмӕ касти боны хорзӕхмӕ. Фӕлӕ цард мӕнгард у. Фыдбылыз кӕцӕй кӕсы, уый ничи зоны. Ӕмӕ ӕрвнӕрӕгау нӕ бӕстӕйыл азӕлыд: «Райдыдта хӕст»

(Зӕлы хъайтарон зарӕг)

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ирон адӕм дӕр иннӕ адӕмтау сӕ тых, сӕ хъару сарӕзтой знаджы ныхмӕ.

 

Цом та гӕрзифтонгӕй мах дӕр

Хӕсты быдырмӕ фӕдисӕй!

Скӕнӕм хъӕбатырдзинадыл

Адӕмӕн ахсджиаг кадӕг!

                 (Мыртазты Б)

Ахӕм ӕмӕ ӕндӕр тохмӕ сидӕг ныхӕстимӕ цыдысты ирон адӕм тохы быдырмӕ.   Уыдон «дыккаг дунеон хӕсты сӕхицӕн самадтой лӕгдзинады ӕмӕ намысы ӕрттивгӕ гӕнах»…  (Дзуццаты Х-М)

Петр Павленко, номдзыд хӕстон уацхӕссӕг фыста: «Слово «Осетин» с уважением  произносится во всех фронтах  Отечественной войны, ибо осетины  показали себя храбрыми и честными воинами».

«Зӕрдылдарӕн чиныг»- ӕй: Ирыстонӕй Фыдыбӕстӕйы хӕстмӕ чи ацыд, уыдон уыдысты  85.521 адӕймаджы. Уыдонӕй фӕмард хӕсты,  стӕй ӕбӕрӕгӕй фесӕфт 46.900 адӕймаджы.

Куыд зонӕм афтӕмӕй нӕ бафтыд ӕнцонтӕй уӕлахиз къухы.

Уыцы удуӕлдай тохмӕ ацыдысты нӕ ирон фысджытӕй бирӕтӕ.

- Кӕй зонут уыцы хӕстон поэттӕй?

-Цавӕр уацмыстӕ ныффыстой?

- Цы уацмыстӕ ранымадтат,  уыдонӕн сӕ сӕйраг хъуыды цы у?

(Хӕстон темӕйыл фыст уацмыстӕй кӕцыфӕнды дӕр ӕвдисы хӕсты ӕвирхъау цаутӕ.)

  Алы фыссӕг дӕр йӕ уацмысы кад кӕны лӕгдзинадӕн, фӕразондзинадӕн, ома, адӕймаджы удыхъӕды хуыздӕр миниуджытӕн. Уацмысы хъайтар тох кӕны хӕсты ныхмӕ. Уымӕн ӕмӕ хӕст лӕгмар у.  Адӕймаг та райгуыры цӕрынӕн, аразынӕн. Ӕркӕсӕм мА мӕнӕ ацы рӕнхъытӕм:

Твардовский: «Бой идет святой и правый

                            Смертный бой не ради славы –  

                             Ради жизни на земле.»

Калоты Х.: «Ӕз фӕцӕуын уӕ сӕрвӕлтау, адӕм

                     Знаджы сау туг мӕ кардӕй фӕтагъд.

                       О, фыднӕмыг, фӕуром дӕ тахт,

                      Мӕн цӕрын фӕнды.

                    Оххай…  Ӕррадӕн»…

Плиты Грис зӕгъы: «Фыссӕг фыссӕг уӕд уыдзӕн, ӕмӕ адӕмы фарнӕн куы куса».  Ӕмӕ,  бӕгуыдӕр, адӕмы фарнӕн цард ӕмӕ куыста Грис дӕр.  Афтӕ куынӕ уыдаид, уӕд нӕ равзӕрдаид ӕппӕт ирон адӕмы зӕрдӕтӕ цы уацмыс фӕриссын кодта, уый – балладӕ «Авд цухъхъайы».

-Цы у балладӕ? (Чысыл сюжетон ӕмдзӕвгӕ фантастикон, историон кӕнӕ хъӕбатырон мидисимӕ.

- Цы равдыста Грис балладӕ «Авд цухъхъайы»?

(Гӕздӕнты авд ӕфсымӕры хъӕбатырдзинад, сӕ кадджын мӕлӕт ӕмӕ сӕ ныййарӕг мады ӕвирхъау уавӕр Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг.)

Цы цӕстӕй кӕсы поэт йӕ уацмысы хъайтартӕм?

(Поэтӕн йӕ зӕрдӕ тынг фӕрыст Гӕздӕнты авд зынгхуыст ӕфсымӕрыл, сӕ ныййарӕг мадыл.Сӕ ӕвирхъау уавӕр сын афтӕ тынг банкъардта, ӕмӕ йе стыр курдиаты фӕрцы,  аивадон мадзӕлдтӕ арӕхстджынӕй пайда кӕнгӕйӕ,  сарӕзта тыхджын фӕлгонцтӕ.

Йӕ цардӕмбал Дзугкойты Афассӕ,  ирон театры сгуыхт артисткӕ,  дзырдта:  (Кӕсын газеты 9декабрь,1997азы ӕрмӕг)

«Инсценировкӕ «Авд цухъхъайы»

(Хъуысы ӕнкъард цагъд.Скъоладзаутӕ аив кӕсынц текст Мӕхӕмӕты ныхӕсты онг). Дарддӕр кӕсӕм текст кӕронмӕ.

- Цавӕр уавӕрты фӕмард сты иннӕ ӕфсымӕртӕ та?

(Алчи дӕр сӕ фӕмард хъӕбатырӕй. Райгуырӕн бӕстӕ знагӕй бахъахъӕнын банымадтой сӕ сӕйраг хӕсыл. Ӕгаддзинад сӕ иу дӕр йӕ сӕрмӕ не рхаста. Алчи дӕр сӕ йӕ царды фӕстаг минут,  мӕлӕты дзыхмӕ кӕсгӕйӕ, архайдта лӕгдзинад равдисын, хъӕбатырӕй амӕлын)

Дзӕрӕхмӕт фӕмард Мӕскуыйы бынмӕ:  «Фехстон развӕлгъау гранат…..»

Хадзысмел: «Цардӕн тас куы уа…..мӕ хъуыры туг фӕбадт»

Махарбег: «Мӕнӕ диссаджы сахат……Атахти мӕ уд ӕваст»

Шамил ӕмӕ Созыр – дыууӕ фаззоны: «Иумӕ бадтыстӕм нӕ танчы …… Иумӕ басыгъдыстӕм мах».

Хасан: «Уый уӕлахизы къӕсӕрыл……Не хсӕн фехӕлди…»

- Цӕмӕн зӕгъы Махарбег «Хӕсты хорзӕх ӕмӕ кадӕй ӕз ӕнӕнымад куы дӕн» ?

(Махарбег уацары барӕй радта йӕхи  Клейсты ӕфсадмӕ, цӕмӕй мА йӕ царды фӕстаг сахат знӕгтӕй йӕ маст райса.

 «Худинаджы бӕсты……исты скӕнон хин».  Фӕлӕ йӕ мӕлӕты размӕ цы лӕгдзинад  равдыста, уый ничи зоны: «Ӕмӕ иу лӕг дӕр нӕ зоны ….. ӕмӕ уымӕн дӕн ӕнкъард».)

- Куыд ӕй бантыст поэтӕн ныййарӕг мад ӕмӕ йӕ авд зынгхуыст хъӕбулы ӕвирхъау хъысмӕт равдисын?

(Поэт спайда  кодта балладӕйы миниуджытӕй тынг дӕсныйӕ, ома фӕлхатгонд рӕнхъытӕй:

Мад ын ныр йӕ цухъхъа дауы

Ӕмӕ хус цӕстӕй лӕууы…

Айнӕг сау фӕрчытӕй хауы,

Арв цыхцырджытӕй кӕуы.)

- Куыд ӕмбарут фӕстаг дыууӕ рӕнхъӕн сӕ хъуыды?

(Мадӕн йӕ фыртты мастӕй йӕ зӕрдӕ ныддур, кӕд ӕмӕ йӕ тӕригъӕдӕй айнӕг фӕйнӕрдӕм атондзӕн, арв цыхцырӕг фестдзӕн…   Адӕймаджы дисы ӕфтауынц ныййарӕг мады хъӕддыхдзинад ӕмӕ фӕразондзинад).

- Цавӕр аивадон мадзӕлттӕй пайда кӕны поэт йӕ балладӕйы?

(Эпитеттӕй: «саурыг»,  «уынгӕг бон»,  «ныллӕг хӕдзары», «фыдбоны балцы»,  «цӕринаг авд хъӕбулы»…

Олицетворенитӕй: «Бонгай хӕст куы фӕци давд», «Арв цыхцырджытӕй кӕуы»,  «Джихӕй цухъхъатӕ кӕсынц»…

Барӕнтӕй:«ингӕнау ныссабыр къӕс», «фатау смидӕг дӕн»…

- Цавӕр у балладӕйӕн йе взаг?

(Балладӕйӕн йе взаг у аив, хъӕздыг, ӕлвӕст ӕмӕ ӕнцон ӕмбарӕн. Поэтикон фӕзилӕнтӕй афтӕ арӕхстджынӕй пайда кӕны поэт ӕмӕ  2 – 3 цыбыр хъуыдыйадӕй саразы тыхджын фӕлгонцтӕ. Хъайтартӕн равдисы сӕ лӕгдзинад,  хъӕбатырдзинад,  сгуыхтдзинад:

- «Иу сӕррӕтт! – Мӕхи йӕм фехстон», «Хурхыл андӕгъди мӕ къух»…

- Цӕмӕн схуыдта поэт йӕ уацмыс «Авд цухъхъайы» ?

- Куыд равдыста поэт ныййарӕг мады уӕззау уавӕр?

- Мады ӕгӕрон уарзондзинад куыд раргом кодта поэт?

( Мад йӕ фырттимӕ дзургӕйӕ алкӕмӕн дӕр ссары бӕлвырд ӕмӕ фӕлмӕн ныхӕстӕ: «мӕ рогбазыр цӕргӕстӕ», «уӕ мӕ фыццаг хур», «мӕ уарзондӕр Хасан», «мады нхъӕлцау», «чиныгуарз Махар». Мад адӕргӕй цы фӕуа, уый нӕ зоны ӕмӕ йӕ хъӕбулты «ӕфхӕры»:

Иунӕг уӕ йӕ хабар хӕстӕй

Уӕд куыд нӕ зӕгъы мӕнӕн;

«Сабыр бустӕ сын кӕны», «Ӕз куы нӕ ма дӕн ныгӕд.»

 «Ау, уӕ зӕронд мады разӕй, Ингӕнмӕ куыд бырстат , уӕд?»)

Уӕддӕр йе стыр уарзондзинад йӕ фырттӕм фӕуӕлахиз вӕййы, йӕ маст ӕрбайсӕфы ӕмӕ та рӕвдаугӕ сдзуры: «Ме’взаг  уайдзӕфмӕ  нӕ тасы». Мад йӕ фыртты уарзы ӕгӕрон уарзтӕй. Суанг ма  йын сӕ мӕлӕт дӕр «хатыр» кӕны.

 

Фӕлӕ мады зӕрдӕ бары,

Цоты раз ӕдых у мад…

Мады фӕллой уын хӕлар уӕд,

Рухс дзӕнӕт та уын – бынат.

-Цы цӕстӕй кӕсынц ӕфсымӕртӕ сӕхӕдӕг сӕ мадмӕ?

(Уыдон сӕ ныййарӕгыл сты ӕнувыд. Сӕ ныхас мадмӕ у фӕлмӕн. Хистӕр ӕфсымӕр ыл сагъӕс кӕны.

                                              Мӕ хӕстӕвхӕрд ныййрӕг…

                                              Мӕнӕй фӕдӕ ӕдарӕг…

-Ӕсымӕртӕй, алчидӕр йӕхи хъахъхъӕны ныййарӕг мады зӕрдӕхудтӕй. Иу дӕр сӕ йӕ сӕрмӕ  тӕппуддзинад  не рахаста. Ныййарӕг мад сын у зынаргъ, райгуырӕн бӕстӕ - адджын.

Сӕ иуы дӕр нӕ фӕнды  ныййарӕджы зындзинад.

                              «О, нӕ мад, ӕрхуымӕй ма кӕс,

                              А уынгӕг бон фидар лӕуу,

                              Асур цӕсгомӕй  дӕ сагъӕс,-

 дзуры лӕгъстӕгӕнӕгау йӕ мадмӕ Хадзысмел.

Нӕмыг куы атӕхы,уӕд сӕмбӕлы,фыццаджы мады зӕрдӕйыл.

Зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ та ӕрӕгмӕ дзӕбӕх кӕнынц.

Ныййарӕгӕн йӕ хъӕбул нӕ мӕлы, йӕ фӕстаг сулӕфты онг дӕр цӕры йӕ зӕрдӕйы.
   Ӕниу, ӕвӕццӕгӕн, Гӕздӕнты авд ӕфсымӕры мад Тасойӕн йӕ зӕрдӕ сау фӕнык фестадаид, авд сау гӕххӕтты  куы райстаид  йӕ фырттӕй,  уӕд. Сӕ мад Тасо амард хӕсты райдайӕнӕй афӕдз раздӕр. Уӕз ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕрӕнцад сӕ фыд Асӕхмӕтыл.

 Мадӕн тохӕй нал раздӕхт йӕ фырт….

 Иу фырт нӕ… Бирӕ уарзон хъӕбултӕ…

( Хъуысы зарӕг “Журавли”. Зарӕг зары Марк Бернес йӕ фӕстаг зарӕг. Фӕлӕ зарӕг ӕрдӕгыл нӕ аскъуыд. Скульптор Санахъоты Сергеймӕ равзӕрын кодта сусӕг хъуыды…  Байхъусут Черчесты Георги цы радзырдта, уымӕ. (газет, 9 дек.,97 аз)

 Урочы хатдзӕгтӕ.

Ахуыргӕнинӕгтӕ дзурынц ӕмбисӕндтӕ Райгуырӕн бӕстӕ, адӕймаджы кад ӕмӕ намысы тыххӕй.

1.- Ӕнусон цардӕй ӕнусон кад – хуыздӕр.

2.- Райгуырӕн бӕстӕ адджын у.

3.- Кад домгӕйӕ нӕу.

4.- Кад дӕ фӕдыл не згъордзӕн , йӕ зындзинӕдтӕй йын дӕхи куы хицай,  уӕд.

Кӕронбӕттӕны кӕсын Гӕджиты Георы  ӕмдзвгӕ «Мад» - ӕй скъуыддзаг:

… Банцад хӕст, ныссабыр и йӕ хъӕр…

Ферох ысты хъӕубӕстӕй сӕ ристӕ…

Уарзон чызджы ракуырдта ӕндӕр,

Буц хотӕ ызнон сӕ саутӕ систой.

Фӕлӕ мад, ныййарӕг мад, уӕддӕр

Не ууӕнды йӕ хъӕбулы мӕлӕтыл,

Не  ууӕнды уый писырты гӕххӕттыл

Не ууӕнды кӕй банцад тохы хъӕр.

Бирӕ  хсӕвты не рцъынд кӕны цӕст

Иу бон дӕр ӕнӕ кӕугӕ нӕ фӕци

А дунейыл раджы банцад хӕст,

Фӕлӕ мадӕн хӕст нырма нӕ фӕ ци…

 

Хӕдзармӕ куыст:

 Сахуыр кӕнын скъуыддзаг балладӕ «Авд цухъхъайӕ» найзусть.

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Гом урок тема6 Авд цухъайы."

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 3 месяца

Руководитель образовательного подразделения

Получите профессию

Интернет-маркетолог

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 657 020 материалов в базе

Скачать материал

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 12.11.2016 633
    • DOCX 29.9 кбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Дзгоева Валентина Тотрбековна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Дзгоева Валентина Тотрбековна
    Дзгоева Валентина Тотрбековна
    • На сайте: 7 лет и 5 месяцев
    • Подписчики: 0
    • Всего просмотров: 5807
    • Всего материалов: 7

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Фитнес-тренер

Фитнес-тренер

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс повышения квалификации

Специалист в области охраны труда

72/180 ч.

от 1750 руб. от 1050 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 33 человека из 20 регионов
  • Этот курс уже прошли 152 человека

Курс профессиональной переподготовки

Руководство электронной службой архивов, библиотек и информационно-библиотечных центров

Начальник отдела (заведующий отделом) архива

600 ч.

9840 руб. 5900 руб.
Подать заявку О курсе
  • Этот курс уже прошли 25 человек

Курс профессиональной переподготовки

Библиотечно-библиографические и информационные знания в педагогическом процессе

Педагог-библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3950 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 477 человек из 69 регионов
  • Этот курс уже прошли 2 325 человек

Мини-курс

Стимулирование интереса к обучению у детей дошкольного возраста

6 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Этот курс уже прошли 11 человек

Мини-курс

Планирование проектов

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Психология детей и подростков с дромоманией

3 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 20 человек из 17 регионов
  • Этот курс уже прошли 14 человек