Инфоурок Другое ВидеоурокиГом урок 8 къласы.Темæ: «Ныййарæджы уарзт» Гæбулты Мелитоны радзырд «Æнæмастæй цæр»-мæ гæсгæ

Гом урок 8 къласы.Темæ: «Ныййарæджы уарзт» Гæбулты Мелитоны радзырд «Æнæмастæй цæр»-мæ гæсгæ

Скачать материал

hello_html_m6b7d5e8c.png




Дзæуджыхъæуы

18-æм астæуккаг скъолайы

___________къласы ахуырдзау

___________________________

ирон æвзаджы тетрад

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Гом урок 8 къласы.Темæ: «Ныййарæджы уарзт» Гæбулты Мелитоны радзырд «Æнæмастæй цæр»-мæ гæсгæ"

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 3 месяца

Портной

Получите профессию

Менеджер по туризму

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Краткое описание документа:

Темӕ: «Ныййарӕджы уарзт». Гӕбулты Мелитоны радзырд «ӕнӕмастӕй цӕр»-мӕ гӕсгӕ.
Нысан: скъоладзауты æргом фыссæджы сфæлдыстадмæ аздахын, радзырды мидис равзарын.
Хъомыладон хæс: сывæллæтты ныййарæтæн аргъ кæнын ахуыр кæнын,
                                  фыдæлты фæзминаг æгъдæуттыл сæ æфтауын.
Урочы æрмæг: радзырды текст, æмбисæндтæ мады тыххæй, скъоладзауты
                             сочиненитæ, зарджытæ мады таххæй.
Урочы эпиграф: «Мæнæн дæ аууон дæр – мæсыг,  мæнæн дæ аууон дæр
                                тырыса».(Хъадзаты Ахсар).
Урочы цыд: Скъоладзаутæ хъусынц зарæгмæ (Чеджемты хсар,
                       «Ныййарæг мад»).

Мæ ныхас.  Ацы зарæгæй хуымæтæджы нæ райдыдтам нæ урок. Нæ ныхас уыдзан, цард нын чи радта, йæ риуыл нæ чи схаста, йæ уды хъармæй нæ чи тавы, æрвылбон нæ Хуыцау æмæ зæдтыл чи фæдзæхсы, царды зын фæндæгтыл нын ныфсдæттæг чи у, уыцы сызгъæрин фдæймаджы тыххæй.
Сымахмæ гæсгæ уый чи у?
         -Мад.
         -Раст стут! Зæххы цъарыл æппæты уарзæгойдæр, æппæты фæлмæндæр,                              æппæты барондæр – мадыл уыдзан нæ ныхас.
Царды дæр, литературæйы дæр бирæ фæзминаг мадæлты фалгонцтыл сæмбæлдыстæм. Цыдон сты: нарты тотрадзы мад, Задæлески Нана,
Къостайы Фатимæ, Арсены Саломи, Алыккаты Хазбийы мад æмæ бирæ æндæртæ.
          Ацы сылгоймæгтæ иууылдæр сты кадджын, намысджын. Сæ фæрсмæ ма сын абон æрæвæрдзыстæм  ноджы дæр иу фæлгонц – Гæбулты Мелитоны радзырды сæйраг герой Заремæйы. Хуымæтæг сылгоймаг, парахат уды хицау, йæ цард æппæтæй дæр йæ хъæбулæн чи снывонд кодта.
         Цыбырæй нæ радзырды сюжетимæ чи базонга кæндзæн?
- Сохиты Заремæйæн йæ лæг хæстæй ссыд уаззау цæфтæй. Афæдз дæр нал ахаста, афтæмæй амард. Зарема йæ иунæг хъæбул Мустæгæн баззад сидзæргæсæй. Йæ удæй арт цагъта, нæ баууагъта сидзæохуыз йæ удлæууæны.
Рауайые дзы кодта ахургонд лæг. Фæлæ… Ферох Мустæгæй йæ мад.
Цæры стыр горæтты, æмæ йæ мадмæ нæ цæугæ кæны, нæ йæм писмо фыссы.
Мадæн йæхи фæнды йæ фыртмæ писмо ныффысын, фæлæ…
- Бакæсут ма йын йæ мидуавæры тыххæй тексты. Фæстаг хатт ма Мустæг сæхимæ кæд уыд? (5 азы размæ).
- Куыд цин колта Заремæ йæ бинонтыл? (Фырцинæй зæххыл дæр нал хæцыд. Улыфт нал зыдта. Боныцъæхæй-иу фестад, йæ хæдзары куыстыта-иу акодта, хæринаг-иу æрцæттæ кодт, стæй-иу куыстмæ ацыд. Кусга та кодта фермæйы.

 

- Куыд дардта йæхи йæ чындз Ацырухс та? (Хъæуы æнкъард кодта, æмæ уайтахд йæ лæгæн тæргæйттæ кæнын райдыдта. Къуырийы фæстæ йæ денджызы былма акодта).
-Куыд фæкаст уый Заремæмæ? (Тынг зын ын уыдис, фæлæ сæ уæддæр раст кодта. «Чи зоны, æнæвдæлон сты, чи зоны, рæстæг сын нæй».
Рацыд уæдæй ардæм фондз азы. Заремæйы зæрдæ æхсайы. Зæрдæ æмæ зонд кæрæдзийы не мбарынц, алы изæр дæр æмбисæхсæвмæ фæбады, фæлæ та сыф сыгъдæгæй баззайы.
     -  Цавæр ныхæстæй райдайы фыссын æппынфæстаг? (æрмаст мад йæ хъæбулæн цы   ныхæстæ ссардзæн, ахмæтæй. «Мæ иунæг, мæ зæрдæдарæн, Мустæг, куыдтæ стут? Кæд  истæуыл тыхсут, урс уæрыкк уын фестон? Фæстаг хатт мæм куы уыдыстут, уæдæй нырмæ
бирæ нæ рацыд, фæлæ уæ ныййарæг мадмæ æнæхъæн æнус кæсы).
-Йæ зæрдæ та йæм цы дзырдта? (Куыннæ рацыд бирæ рæстæг? Фондз æнæхъæн азы, æмæ дæм кæд цæуынмæ зивæг кæны, уæд та дæм иу писмойы гæбаз ныффыссæд, дæ зæрдæ ма хсайæд, зæгъгæ).
- Цы фыссы йæ хъæбулы хъæбул Жориккы тыххæй та? (Фыссы, йæ уындæй йын кæй нæ бафсæст, кæй йын ницы баллæггад кодта. Арфæт
æ йын кæны: «..дунейы фарн мæ йæ сæрыл æрхæсса, цард ын фестон, адæмы рæгъы рацæуа, бирæ мын фæцæра мæ иунæг хъæбул…».
Йæ хъыдытæ та кæмæ ахызтысты ногæй? (Йæ хъуыдытæ та ногæй бафтыдысты Мустæгыл. Ахуырмæ æвзæгд уыдис, фæлæ йын цы федтай йæ ахуырæй? Искуы дын искæмæй дæ арм фæрогдæр кодта дæ иунæг фырт?
Искуы дæ зæрдæйæ – зæрдæмæ рфарста: куыдтæ дæ, нана, кæд истæуыл тыхсыс? Тыхсгæ та, цин дын фестон, куыннæ хъуама тыхсай
-Цæмæй тæрсы Заремæ? (Тæрсы, мыййаг йæ зæрдæйæ цæуæг хъуыдытæй исты писмомæ куы баирвæза. Уæд йæ иунæджы зæрдæ фæрисдзæн. Фæлæ уæддæр
æнхъард хъуыдыта цæуынц сæрмæ.
Зæрдыл æрбалæууыд, фондз азы размæ йæм куыд æрбаллæууыдысты йæ бинонтæ.
-Уæд чысыл Жорик куыд атигъ кодта йæхи йæ нанайыл? (Нæ, цый ма нана нæу, мæхи нана рæсугъд у. Ай рæсугъд куынæ у. Духийы тæф нæ кæны).
- Цы йын загътой йæ ныййарджытæ? (Ницы Мустæг ын йæ ныхæстыл бахудт. Ацырухс та цыма йе фсины уынгæ дæр нæ фæкодта, уыйау мидæмæ бацыд)
-Заремæ йæ зæрдæйы уаг равдыста? (Кæд ын тынг зын уыди, уæддæр йæхи æнхъæрхуызæн дяр ня фæкодта).
-Уæддæр цы фыссы йя чындзы тыххæй та? (Кæсям 287 фарсыл 2 абзац)
-Цавæр мæстытæ æрбаллæуыд йæ зæрдыл? (Йæ чындз æрмæст кæй кодта, кæй ницæмæ йæ дардта).
-Цавæр ныхæстæ кодта Мустæгæн? (Куда ты меня притащил?)
-Бæлгæ та цавæр чындзмæ кодта?
        

 

 

 

(Йæ къух ын чи рог кодтаид, æгъдау, æфсарм кæмæ уыдаид).
-Йе ппæт хъуыдыты фæстæ цы ракуырдта Заремæ? (Цæмæй йæм Жорик писмо ныффыса, цæмæй йын зæгъа, йæ нана йæ бирæ кæй уарзы, йæ чысыл дзауматæ йын æрвылбон йæ хъуырыл кæй дары, пъатæ сын кæй кæны.
-Куыдæй йæм баззадыста дзауматæ та? (Чындз сæ чъизийæ тæсчъы ныккалдта æмæ дзы ферох сты).
-Цы ныффыста йæхи тыххæй та Заремæ? (Дзæбæх кæй у, кæй ницы хъуаг у, æрмæст ын бинонтæ кæй нæ фаг кæны).
-Цæмæй балхъынц кодта йæ писмо? ( Арфæтæй: «Хъæлдзæгæй мын æрвит дæ царды бонта, мæ удæнцой, дæ чысыл бинонтимæ.
Æнæмастæй цæр!»
Мæ ныхас. Арфæты хуздæр кæны мад йæ фыртæн. Йæ зæрдæ йын чи фæриссын кодта, æцæгæлон цæстæй йæм чи кæсы, уымæн. Адæймагмæ маст куы на уа, уæд æм низ дæр нæ уыдзæн. Фæлæ куыд уа Заремæ æнæниз? Цавæр у Мустæг? Кæм бафынæй йе фсарм? Кæд бафынæй йæ хуылфы?
          Раттæм ма геройтæй алкæмæн дæр характеристикæ.
Заремæ – сыгъдæгзæрдæ, фæллойуарзаг, фыдæбонджын, уарзæгой. Йæхи уд ницæмæ                     дары. Æрмæст йæ хъябулæн уа. Уый ахæра. Уый адара. Уый аулафæ. Æвæццæгæн, фыдæлты æмбисонд раст у. Сыввæллоны, дам,фыдыусы хаст скæн, æмæ дзы хъæбулы ад фенай. Заремæйæн схонæн ис амонд мад. Хорз, æмæ йын ис хорз сыхбæстæ, хорз хъæубæстæ, уарзон куыст.
  Мустæг – ирон æгъдау кæмæй ферох, йæ сидзæргæс мады фыдæбæттæ чи ферох кодта, нæлгоймаджы сæрыстырдзинад кæмæ нæй, йæ усы зондæй чи цæры. Мустæг хъæбулы ном хæссыны аккаг нæу.
Ацырухс – æнæфсарм, æн
æуаг, хиуарзон. Ирон чындзы намыс къæхты бын чи сæвдылдта, æрмæст йæхи мады чи хоны мад. Ахæм чындзæй хызт уæд алы ирон хадзар дæр.
(Хъуыдытæ зæгъыны бар раттын алкæмæн дæр).
Мæ ныхас.
           Раст аргъ скодтат радзырды персонажтæн. Мустæг æмæ Ацырухс, æвæццæгæн, нæ зыдтой фхæм таурæгъ: «Кæддæр, дæм иу зæронд лæгæн йæ фырт æнувыдæй тæскъ быдта. Фыд фырты бафарста, цæмæн дæ хъæуы, зæгъгæ. «Дæу дзы сæвæрдзынæн æмæ тохы цуппæй раппардзынæн, кæннод дæхæдæг кæд амæлдзынæ», - дзуапп ын радта фырт. Зæронд лæг арф ныуулæфыд, стæй загъта: «Æххæст сæ дыууæ скæн, ямæ дæхи фырт куы бахъомыл уа, уæд уый дæр бахъæудзæн, дæу куыд бахъыд, афтæ». Ис ма иу ахæм æмбисонд: цы байтауай, уый æркæрддзынæ. Стæй ма иу: «куырд куырдыл ахуыр кæны».
           Мустæг æмæ Ацырухс цы равдистой сæ фыртæн, уый дзы райсдзысты сæхæдæг дæр фидæны. Уæ хъус мæ æрдарут мæнæ ацы æмбисондмæ: «Ныййарæгæн йæ хæс фидын дæхицæн у дæ хорз фидæн».
           -Бакæсут ма мæнæ ацы дзырдбæстытæ: мады фарн, мады сурæт, мады фæдзæхст,                     
            мады хъæбыс, мады зæрдæ… Адон сты, зæххыл баивæн кæмæн нæй, ахæм æмбарынæдтæ, æнхъæрæнтæ. Рохгæнæн кæмæн нæй, цалынмæ адæймаг цæра, уæдмæ.
-Сывæллæтæ, æз уын бафæдзæхстон, цæмæй уæ алчидæр радзырд бакæсыны фæстæ ныффысса мады тыххæй йæ æнкъарæрты тыххæй.
(Байхъусын иу-дыууæ куыстмæ).
Мæ ныхас.   Ныййарæг мадæн , схæссæг мадæн аргъ кæнын, уый буц дарын уыд ирон æгъдæутты бындур æвæрд. Хъыгыгæн, не хсæн разыны Мустæджы хуызæттæ дæр. Суанг ма йæ мады зæрæдты хæдзармæ чи ратты, ахæмтæ дæр.
Уый у худинаджы хъуыддаг. Поэты загъдау:
                             «Ирон æгъдау куы нал зона ирон,
                             Уæд уый уыдзæн æнæ уидæг бæласау.
                             Ирон æгъдауæн чи кæна кæрон,
                             Уый хъуамæ Ирæй хæхты зæй фæласа».
Мах фæнды æууæндын ууыл, сымах æхсæн Мустæджы хуызæн фырттæ кæй нæ уыдзæн. Кæй нæ уыдзыстут Ацырухсы хуызæн чындзытæ дæр. Буц кæй дардзыстут уæ ныййарджыты.
«Зæххон дунейы мад дæр нæу æнусон», - загъта дзæнæтыбыдинæг Хостыхъон.
Мад алы кары дæр хъæуы. Байхъусæм-мæ, Хъодзаты Æхсар цы æмдзæвгæ ныффыста йæ мады амæлæты фæстæ, уымæ:
                           «Куы цыдтæ-ногæй фестадтæн сывæллон,
                           Фырадæргæй дæ фæдджийыл бæргæ
                           Ныддæвдæг дæн: «Æз та, æнæ, цы фæуон?»
                           Нæ байхъуыстай, ныууыгътай мæ кæугæ.
                           Дæ фæдджийы фсон аззади мæ армы
                           Дæ аууон. Зилы, удæнцой нæ ары.
                           О, мæнæ и, йæ вæййын иунæгæз:
                           Тæхы мæ сæрты, ауынын æй уаты.
                           Куы рхуыссын, уæд мæ дæлфæдтæм æрбады,
                           Мæ хæрзфынтæм, мæ царды тынтæн – гæс.
                           Нæ мыл уадзы уынгæджы сахат уæз,
                           Бынаты дæр, фæндагыл дæр æй хатын.
                           Æнтæф бон мын æхсызгон сатæг ратты,
                           Къæвдайы  та мын басгуыхы пæлæз».
Ууыл нæ абоны урок фæцис. Хицауы уый бафæндæд, æмæ дзы зонд куыд райстат. Уæ мадæлты зæрдæтæ куыд рухс кæнат, сæ зын сын куыд æмбарат, буц сæ куыд дарат. Уæхæдæг та уæ мадæлты фæндиаг куыд уат.
(Хъусæм ма мады тыххæй зарæгмæ).       

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 656 234 материала в базе

Скачать материал

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 29.04.2015 1056
    • DOCX 1.7 мбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Дзгоева Зинаида Георгиевна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Дзгоева Зинаида Георгиевна
    Дзгоева Зинаида Георгиевна
    • На сайте: 9 лет и 1 месяц
    • Подписчики: 4
    • Всего просмотров: 4716
    • Всего материалов: 5

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Методист-разработчик онлайн-курсов

Методист-разработчик онлайн-курсов

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 120 человек из 43 регионов

Курс профессиональной переподготовки

Организация деятельности библиотекаря в профессиональном образовании

Библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3950 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 284 человека из 67 регионов
  • Этот курс уже прошли 847 человек

Курс профессиональной переподготовки

Библиотечно-библиографические и информационные знания в педагогическом процессе

Педагог-библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3950 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 475 человек из 69 регионов
  • Этот курс уже прошли 2 324 человека

Курс повышения квалификации

Специалист в области охраны труда

72/180 ч.

от 1750 руб. от 1050 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 33 человека из 20 регионов
  • Этот курс уже прошли 152 человека

Мини-курс

Детские и взрослые эмоции

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Методы и подходы проведения трекинга и менторства

3 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Искусство понимания: техники успешной жизни, отношений и бизнеса

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе