Муниципальное казённое общеобразовательное учреждение
средняя общеобразовательная школа
имени героя Советского Союза Б.Х.Моргоева
с.Карджин Кировского района РСО-Алания
Ирон кæсыны
урок 4-æм къласы.
Урочы темæ:
Дзесты Куыдзæг. «Тегайы бæлас»
Кæрдзыныхъæуы скъолайы
ахуыргæнæг
Беккузарты Лариса
2016-2017ах. Аз
Кæсæны урок 4-æм къласы.
Урочы
темæ: Дзесты Куыдзæг «Тегайы бæлас»
Урочы
хуыз: ног
æрмæг амоныны урок.
Ахуыры
фæрæзтæ: фронталон, къордтæй куыст, хибарæй куыст.
Цæстуынгæ
æрмæг æмæ техникон фæрæзтæ: Дзесты К. къам. Ирыстоны
æрдзы нывтæ компьютерон равдысты. Ирыстоны кадджын адæмты къмтæ
компьютерон равдысты. Чиныгуытæ, хæслæвæрдтæ, презентаци,
фæйнæг, экран, мультимедион проектор
Урочы
нысан: 1.Базонгæ кæнын ахуырдзауты Дзескты К.
радзырдимæ «Тегайы бæлас»
2.Равзарын радзырд «Тегайы бæлас»-æн йæ сæйраг мидис, хъуыды.
3. Базонгæ кæнын фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадимæ.
4.Ахуыр кæнын хуыздæр адæмты æмвæзадмæ тырнын.
5. Скъоладзауты зæрдæты æвзæрын кæнын уарзодзинад Райгуырæн зæхмæ, нæ
Иры рæсугъд æмæ хъæздыг æрдзмæ.
6. Хистæрты зондамынд æмæ фæлтæрдзинадæй пайда кæнын.
Урочы
хæстæ:
1. Урочы
райдайæн
2. Урочы
нысан сбæрæг кæнын. Урочы мотиваци
3. Ног
æрмæгыл куыст
4. Хæдзармæ
куыст сбæрæг кæнын
5. Улæфты
рæстæг
6. Ног
æрмгæыл куыст
7. Ног
æрмæг куыд бамбæрстой, ууыл дарддæр бакусын (проблемон хæслæвæрдтæ)
8. Рефлексия
9. Кæронбæттæн:
10. Хæдзармæ
куыст:
Урочы
пълан:
1.
Ахуыргæнджы
разныхас урочы темæйыл.
2.
Дзырдуатон
куыст.
3.
Урокмæ
презентации.
4.
Прблемон
фæрстыты взæрст.
5.
Хатдзæгтæ.
6.
Бæрæггæнæтæ.
Эпиграф: «Адæймаг ацы зæххыл
иу хатт цæры æмæ
хъуамæ кадджын, фæрнджын
лæджы цардæй фæцæра»
Æмбисæндтæ:
1. «Хистæры зонд бирæ
ахсы, йæ цæст
та дардмæ уыны»
2. «Хорз лæджы
фæд зæйы бын дæр
нæ сæфы»
3. «Адæмæн
хорз чи кæны, уый æфстау
уары»
4. «Æнусы царды бæсты æнусы кад хуыздæр у»
5. «Халоны сæдæ азы цардæй цæргæсы цыбыр
цард хуыздæр у»
(Эпиграф æмæ æмбисæндтæ фæйнæгыл фыст)
Урочы цыд.
1.
Бацæттæгæнæн
рæстæг.
2.
Хæдзармæ
куыст сбæрæг
кæнын.
3.
Ахуыргæнæджы разныхас Дзесты К. цард æмæ
сфæлдыстады тыххæй .
(слайд)
Дзесты
Куыдзæг райгуырд Хуссар Ирыстоны Едысы хъæуы
, зхкусæг Дзесты Габрелы хæдзары.
Фондз азы йыл куы сæххæст
ис, уæд йæ фыд амард. Йæ
мад, Джыккайты Даро , йæ цардæмбалы
фæстаг фæдзæхст
æххстгæнгæйæ
бацархайдта, цæмæй
йæ цот æнахуыргондæй
ма баззайой.
Куыдзæг каст фæци Едысы æрткъласон
скъола, уый фæстæ йæ
ахуыр адарддæр кодта Дзауы Уæлрайдайæн
скъолайы.
Куыста газет «Рстдзинад»-ы редакцийы. Бацыди Фысджыты цæдисмæ æмæ дзы
тынг бæрнон куыст бакодта.
Дзесты Куыдзæг. ныффыста бир уацаутæ æмæ радзырдтæ,
пьестæ, очерктæ. Мæнæ
ма фенут фæйнгыл йæ
фыст чингуытæй равдыст: «Фыййау куыдзы мæлæт»,
«Зæрдæйы ностæ»,
Нæ хурты хуртæн, Фæсурокты
кæсыны чиныг…
Абон
мах базонгæ уыдзыстæм
Дзесты К. радзырд «Тегайы блас»-имæ.
Цалынм радзырд нæ бакастыстæм,
уæдмæ байхъусут урочы эпигроф æмæ æмбисæндтæм.
(Кæсын эпигроф æмæ æмбисæнддæ).
Урочы
кæрон та сын сæ мидис раргом кæндзыстæм.
Дзырдуатон
куыст.
-Радзырд
куы кæсæм , уæд
сæмæблдзыстæм
ахæм ныхæстыл:
- тæгæр
бæлас; (слайд)
-фæгæмæх-бæлæстæ
дзы ранæй-ран йеддæмæ нал уыд, сафтид; (слайд)
-фӕсаджил
фӕндаг - фæндаг дыууæрдæмæ ацыд; (слайд)
-тырты - хъддаг сындзджын къутæртæ, зайы сыл хæрынæн бæзгæ туаг -----сырх
гагатæ; (слайд)
-ӕндзалм
- даргъ хъил. (слайд)
4.Ног æрмæг
-Кæсæм
радзырд . (Радзырд кæсæм
цыбыр скъуыддзæгтæй,
æмæ фæрстытæн
дзуппытæ дæттæм)
-Цæуыл
дзырд цæуы ацы скъуыддзагы?
-Кæдæм
араст сты дыууæ мбалы? (Хохмæ)
-Цы
цын бацамыдта зæронд лæг?
(Рагъы сæрмæ
Тегайы бæласы цурмæ
куы схæццæ
уат, уæд уым фæндаг фæсаджил
æмæ иу
рахизырдæм ацæуыт,
хъæу уæм йæхæдæг
разындзæн)
-Кæсæм
иннæ скъуыддзаг.
-Цæуыл
дзырд цæуы ацы скъуыддзагы?
-Цæмæн
разил - базил кодта йе мбал хæхбæсты?
(Аргъуттæ æмæ
таургътæ æмбырд
кодта)
-Нæ
бон у згъын , ирон адæмы фольклор æмбырд
кодта.
-Цæй
кой фæкаст цымыдисаг йе мбалмæ?
(Тегайы бæласы кой, стæй
чи уыд Тега)
-Кæсæм
иннæ скъуыддзаг.
-Цы
цын загъта зæронд лæг?
(Мæ куыст бакæнон æмæ
иумæ ацæудзыстæм,
æз
мæхæдæг
дæр Суары хъæуккаг дæн)
-Тегайы
бласы цурмæ куы æрбахæццæ
сты, уæд цы хабар ракодта зæронд
лæг? (Тегайы æз нæ,
фæлæ мæ
фыд дæр нал æрæййæфта.
Мæ фыд йæ фыдæй
цы фехъуыста æз дæр
уын уыцы таурæгъ ракæндзынæн.)
-Кæсæм
дарддæр.
-Цæуыл
дзырд цæуы ацы скъуыддзагы?(Æмбæлттæ
базыдтой чи уыд Тега,
сæ хъæумæ кæцæйдæр куыд æрлыгъди уый, тæгæр бæлас куыд ныссагъта,
адæмæн хуыздæр куыд уа,ууыл куыд арæхæйдта, бирæ азты дæргъы йæ ном арфæйаг
кæмæн у , уыцы Тегайы тыххæй )
5.Текстыл
куыст:
-Зæгъут цавæр литературон жанрмæ хауы ацы уацмыс?
Уæ хъуыдытæн бæлвырд дзуапп рттут.
( Радзырд.
Ис дзы цалдæр архайæджы. Архайд æвдыст цæуы иу ран, иу рæстæджы)
-Радзырды схемæ ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм
(Бадзырд, сæйраг хай, бабаст, кæрон)
-Чи сты радзырды архайджытæ?
(Дыууæ æмбалы, зæронд лæг, Тега, скъоладзаутæ)
-Бадзырды автор цы амоны?
(Кæм цæуы архайд. Зонгæ кæны уацмысы архайджытимæ)
-Цыбырæй йæ радзурут.
-
Радзырды сæйраг хай кæцы хъуыдыйадæй райдыдта?
(Цыбырæй йæ радзурут)
-Ссарут радзырды бабаст (Цыбырæй йæ
радзурут)
6.Уацмысы архайджыты образтыл бакуыст
-Цавæр фæлтæртæ æвдыст цæуынц уацмысы?
Хистæр æмæ æрыгон фæлтæртæ)
-Чи сты?
(Тега æмæ зæронд лæг , дыууæ æмбалы æмæ скъоладзаутæ)
7.Ног æрмæг куыд бамбæрстой, ууыл дарддæр бакусын (проблемон хæслæвæрдтæ)
Радзырды
архайджыты образыл бакусын:
Къордтæн хæслæвæрд
раттын :1-аг къорд –æмбæлттæ
2-аг къорд - зæронд лæг
3-аг къорд -Тега
4-æм къорд- скъоладзаутæ
Хæслæвæрд
Пълан:
1. Радзур
архайджыты тыххæй
2.
Æддаг
бакаст(цæсгом, дзаума, архайæджы бакаст, цы кары у)
3.
Цавæр
миты, архайды байгом кодта автор архайæджы уды хъæд
4.
Цавæр
цæстæй кæсы автор архайæгмæ (æрхæссут дæнцæгтæ текстæй)
5.
Скæнут
аргъ архайæгæн
|
(Ахуырдзаутæ
дзуапп дæттынц , сæ хъуыдытæ дзурынц)
-Автор Тегаый образ æрфысгæйæ
цавæр хатдзæг скодата?
( « …
хорз лæджы фæд, дам, зæйы бын дæр нæ сæфы» )
-Цæмæн зæгъынц афтæ? (ахуырдзаутæ
дзуапп дæттынц)
-Цавæр литературон жанрмæ
хауы? (æмбисонд)
-Зæронд лæг æмбалттæн цы
радзырдта? ( таурæгъ)
-Кæмæй йæ фехъуыста? (йæ
фыды фыдæй)
-Уæдæ ма зæгъут цы у адæмон
сфæлдыстад? (ахуырдзаутæ дæттынц дзуапп)
Къордты бакуыст.
-Равзарæм фæйнгыл конд
æмбисæндты мидис.
1-аг къорд – «Хистæры
зонд бирæ ахсы, йæ цæст
та дардмæ уыны»
«Хорз лæджы
фæд зæйы бын дæр
нæ сæфы»
2-аг къорд - «Адæмæн
хорз чи кæны, уый æфстау
уары»
3-аг
къорд -. «Æнусы царды бæсты æнусы
кад хуыздæр у»
4-æм къорд- «Халоны сæдæ азы цардæй цæргæсы цыбыр
цард хуыздæр у»
-Уæ
хъуыдытæ зæгъут.
(Скъладзаутæ
дзуапп дæттынц)
-Зæгъут –ма
,ацы æмбисæндтæ нæ бон у Тегайы номимæ бабæттын?
-Уæ хъуыдытæ зæгъут.
8.Ахуыргæнæджы ныхас.
-Абон базыттат бирæ азты дæргъы йæ ном арфæйаг кæмæн у , уыцы Тегайы тыххæй
.
-Нæ
гыццыл Ирыстон хъæздыг у кадджын, хъуыстгонд адæмæй.
Се ппæты тыххæй абон нæу нæ бон дзурын, нæй нын уыйбæрц
рæстæг, фæлæ уын цалдæры
тыххæй зæгъдзынæн.
Уый
у æмæ Гергиты Валерий. Зындгонд
дирижёр. . (слайд)
Андиаты Сослан - цал æмæ цал
хатты ссис Олимпаг хъстыты фыццаг хъæбысхæстæй. (слайд)
Тугънты Махарбег – алы адæмы
хаттæ йын стыр диссагæн кæсынц йæ нывтæм. (слайд)
-Уæдæ куыд не скæнæм нæ
хъуккæгты кой абон нæ урочы.
Хъамбердиаты Мысост – йæ
аивадимæ йын базонгæ уыдзыстæм хистæр къласты. (слайд)
Моргуаты Бек - хæсты
хъæбатыр. Не скъла хæссы йæ ном. (слайд)
Слонаты Алибек - абоны бонмæ
нæу рох адæмæй йæ хъæбатырдзинад. (слайд)
-Ацы адæм
Зæххыл ныууагътой арф, хорз фæд. Сæ нæмттæ рох никуы уыдзысты адæмæй
æнусты. Ирыстон сæ у сæрыстыр.
Сымах дæр царды тындзут
хуыздæр уæвынмæ , кадджынæй цæрынмæ. Уæ хорз æгъдау ,уæ хорз митæй хуыздæр
адæмы æмрæнхъ цæмæй æрлæууат, ууыл архайын хъæуы . Æмæ уый у сымахæй
кæнгæ.
9.Рефлекси.
-Иу хатт ма зæгъут , цавæр хатдзæгтæ
скоттат нæ
абоны урокæй?
-Урочы эпигрæф ма бакæсæм иу хатт.
Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ урочы тыххæй.
10.
Бæрæггæнæтæ.
11. Хæдзармæ куыст:
Бакæсын Дзесты
Куыдзæджы уацмыстæй иу.
12.Ахуыргæнæджы
кæронбæттæн ныхас.
-Нæ
урок мæ фæнды фæуын Дзесты Куыдзæджы ныхæстæй
«Адæймаг хъуамæ
йæ амæлæты бонмæ йхиуыл куса, йæ уыды
хæрзиуджытæм
алы уысм дæр ног исты æфтауа. Адæмæн зæрдæбын лæггад кæнын, зæххыл
зайæгой халæй цæрæгойы онг цы ис, -æппæтыл арм дарын…» (слайд)
Дзесты Куыдзæг.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.