Ирон
литературæйы урочы пълан 6 къласы
Урок бацæттæ кодта Остъаты Татьяна
Темæ: Зыд æмæ кæрæфдзинад Хетæгкаты
Къостайы басня «Марходарæг»-ы
Нысан: Абарын
Хетæгкаты Къ. басня «Марходарæг» æмæ И.А.Крыловы басня «Лисица и виноград»
Универсалон ахуырадон архайдтытæ Ахуырадон:
Текстимæ куыст: темæ æмæ сæйраг хъуыды æргом
кæнын тексты мидæг. Цалдæр текстимæ кусын.
Дыууæ уацмысы кæрæдзийыл абарст, анализ.
Коммуникативон:
Хи хъуыды дзурын æмæ йæ фæлварын фидар кæнын
Къордты кусын
Регулятивон:
Хатдзæгтæ аразын
Аив кæсын текст
Æрмæг:
Басняты чингуыты равдыст, презентаци, карточкæтæ таблицæимæ Эпиграф: «Рагон
адæймаг йæхи æмбарынхъом куы фæци, уæд йæ алыварс акаст æмæ æрсагьæс кодта
дунейыл, стæй йæхиуыл. Йæ размæ æевзæрд дыууæ фарстайы: куыд арæзту дуне, стæй
адæймаг йæхи хъуамæ куыд дара? Фьццаг фарстæн дзуапп лæвзæрдта мифтæй, дыккагæн
та - басняйæ»
Эзоп.
Урочы цыд:
I.
Бацæттæгæнæн рæстæг.
Уазджытæн салам раттын.
II.
Сывæллæттæ, нæ урок райдайын мæ фæнды
дзырдбыдæй. Баххæст ма йæ кæнæм æмæ базонæм, нæ урочы абон цæуыл дзурдзыстæм,
уый.
|
|
1 з
|
ы
|
м
|
æ
|
2 а
|
л
|
о
|
л
|
л
|
а
|
3 г
|
и
|
н
|
о
|
|
|
4 ф
|
ы
|
д
|
у
|
а
|
г
|
|
5 м
|
а
|
д
|
|
|
|
6 а
|
м
|
о
|
н
|
д
|
|
7 ф
|
ы
|
д
|
|
|
8 ф
|
æ
|
н
|
д
|
ы
|
р
|
9 к
|
а
|
д
|
|
|
|
Фæрсырдæм:
1.Хетæгкадты Къоста æмдзæвгæ афæдзы афонтæй
иуы тыххæй
2.Авдæны зарæджы ном
3.Къостайы æмдзæвгæ гæдыйы тыххæй
4.Коммæ чи нæ фæкæсы, уыцы лæппуйы ном
5.Æппæтæй зынаргьдæр адæймаг сывæллоны
царды
6.Къоста цæрæнбонты
цæмæ бæллыд
йæ
адæмæн?
7.Къоста йае... Леуанæн
стыр аргъ кодта
8.Къоста йæ æмдзæвгæты æмбырдгонд
цавæр музыкалон инструменты номæй
схуыдта?
9.Ирон адæм
Къостайæн кæндзысты ...
Цы дзырд уæм
рауад сырх цæджындзы, уый ма бакæут.
Цавæр литературон жанры фембаæлæм
зондамындыл?
Эпиграфмæ
рахизын æмæ йæ бамбарын кæнын
3- Цы у басня?
4- Басняты сæйраг
архайджытæ чи вæййынц?
- Хæдзармæ
уын лæвæрд уыди ахæм хæс:
бацагурут æмæ бацæттæ кæнут
æрмæг
зындгонд уырыссаг æмæ фæсарæйнаг
басняфысджыты тыххæй. Уæ хорзæхæй,
базонгæ нæ кæнут цы зонындзинæдтæ
райстат, уыдонимæ.
1-аг ахуырдзау: Презентаци Эзопы тыххæй.
Тотраты Аллæ.
-
Эзоп уыди рагон бердзенаг басняфыссæг,
басняйы бындурæвæрæг.
Царди æхсæзæм æнусы
нæ
эрæйы
агъоммае. Цагъайраг кæй уыди, уымæ гæсгæ
йæ
бон
рæстдзинад
æргом
дзурын нзæ уыд; уый тæссаг уыд йаæ
цардæн. Фæсномыг ныхас кæй æрхъуыды
кодта, уымæ гаæсгæ йæ
ном баззад куыд «Эзопы æвзаг».
Эзопæн йæ æддаг
бакаст фыдуынд уыд, фæлæ уыд курдиатджын æмæ
цыргъзонд адæймаг, хорз арæхстис
баснятæ фыссынмæ. Йæ
баснятæ фыст уыдысты прозæйæ, хуымæтæг æмæ æнцонæмбарæн æвзагæй,
цыргъзонд.
Таурæгьмæ гæсгæ,
Эзоп фæмард Дельфийы. Дельфийæгтæ
тарстысты, сæ гæды, фæлывды
митæ сын Эзоп куы рахъаер кæна æмæ адæмы
цæсты
куы фæхудинаг уой, уымæй. Цæмаей
дзы фервæзой, уый тыххæй йын йæ
хызыны сусæгæй нывæрдтой
аргьуанæй ист сыгъзæрин къус. Схуыдтой
йæ
давæг, рахастой йын марыны тархон æмæ йæ къæдззехæй
раппæрстой. Æнаххос адæймаджы
кæй
амардтой, уый тыххæй сыл æрцыд тынг бирæ
фыдбылызтæ.
2-аг ахуырдзау: Презентаци Тедеты Аланæ.
Иван Крыловы тыххæй.
Уырыссаг басняфыссæг
Иван Крыловы ном чи нæ фехъуыста, ахæм
адæймаг
тынг зын ссарæн у. Крылов райгуырд æртындæсæм
февралы мин авдсæдæ æхсай
фарæстæм (1769) азы. Йæ
фыд службæ кодта æфсады, фесгуыхт
Пугачёвы растады рæстæг. Амард мæгуырæй
капитаны цины. Йæ мад кæд æнахуыргонд
уыд, уæддæр æрдзæй
уыд тынг зондджын сылгоймаг æмæ йæ фæндыд,
цæмæй йæ
цот ахуыры фæндагыл ныллæууыдаиккой. Хæдзары
ахуыр кодтой фыссыныл, арифметикæ æмæ
хуыцаумæ кувыныл. Мин авдсæдæ æвдай
цыппæрæм (1774) азы Крыловты бинонтæ æрцардысты
Тверы. Иванæн ахуыр кæныны фадат фæцис
цыппар азы фæстæ. Бынæттон
хъæздыг
лæг
тынг фæдис кодта лæппуйы
тырнындзинадыл ахуырмæ æмæ
йын бар радта йæ сывæллæттимæ
ахуыр кæнынæн. Йæхи æгъдауæй сахуыр кодта литературæ,
математикæ, французаг æмæ
италиаг æвзæгтæ.
Мин астсæдæ фарæстæм (1809)
азы фæзындис йæ басняты фыццаг чиныг. Йæ басняты хурмæ хаста адæймаджы аиппытæ:
хиуарзондзинад, хиппæлойты, цытуарзын, æдылыдзинад, мæнгарддзинад.
3-аг ахуырдзау: Презентаци Цхуырбаты Георги.
Жан де Лафонтен у
зындгонд французаг поэт æмæ
басняфыссæг. Царди æхсæрдæсæм æнусы.
Йæ
сывæллоны бонты фыдуаг кæй уыдис, уымæ гæсгæ йæ йæ
ныййарджытæ арвыстой Парижмæ,
семинарийы барад
ахуыр кэенынмэе.Фаестэемзе куы
жрбазджхт, уаед уаед цард йае ныййарджытимэе. Иуцасдаер рэестэеджы фжстж
Парижмае ацыд æмæ
литературон куыстыл ныллæууыд. Ныффыста дыууадæс (12)
басняты чиныджы. Йæ уацмыстæ уыдысты тынг
цымыдисаг, аив æвзагæй фыст, тæлмацгонд
цыдысты дунейы бирæ æвзæгтæм.
Равзæрстой йæ Французаг
академийы уæнгæй.
-
Стыр бузныг. Ирон литературæйы та чи фыста баснятæ?
-
Цавæр
басня сахуыр кодтам 5-æм къласы?
-
Чи нын æй æрлæууын
кæндзæн нæ зæрдыл?
- Цавæр
зондамынд райстам уыцы басняйæ?
-
Цавæр
хорз миниуджытыл нæ ахуыр кæны?
-
Æвзæр миниуджытæй
та дзы кæцытыл худы Къоста?
Цы зонындзинæдтæ
райстам, уыдоныл ма ноджыдæр бафтаудзыстæм,
цæмæй нæ
миддуне хъæздыгдæр кæна,
ууыл бацархайдзыстæм.
Хъазт
- Ныр та мæ фæнды,
цæмæй
иучысыл ахъазæм. Нæ хъазт хуыйны
«Уырны уæ...?». Алы партæйыл дæр
ис сыфтæ таблицæимæ.
Цифрæтæй æз фæбæрæг
кодтон фарстаты нымæцтæ. Мæ
алы фарст дæр-иу райдайдзынæн
ахæм
дзырдтæй «Уырны уæ...?» Кæд уæ
фарст уырна, уæд дыккаг рæнхъы сæвæрдзыстут «+» нысан, кæд нæ, уад та
– « -« нысан.
- Цæттæ
стут? Уæдæ райдайæм!
1)Уырны уæ, æмæ
басняйы кæй у цыбыр уацмыс. Йæ
архайджытæ сты зайæгойтæ,
сырдтæ, дзаумæттæ, фæлæ
дзы ныхас фæцæуы адæймаджы
миниуджытыл?
2)Уырны уæ,
басняйы адæймаджы хорз миниуджытыл кæй фæхудынц,
уый?
3)Уырны уæ,
басняйы сæйраг хъуыды æмбисондæй
загь кæй æрцæуы,
уый?
4)Уырны уæ,
фыццаг баснятæ 2500 азы размæ кæй фæзындысты,
уый?
5)Уырны уæ,
Хетæгкаты Къоста баснятæ фыста, уый?
6)Уырны уæ,
баснятæ чи æрхъуыды кæны,
уыцы адæймаджы басняфыссæг хонынц, уый?
7)Уырны уæ,
басня прозæйæ фыст вæййы,
уый?
Кæцы
фарстатæ уæм фæкастысты
зын?
Ныр та уал уæ сыфтæ
иуварс авæрут. Раст дзуаппытæ раттат æви нæ, уый та сбæрæг кæндзыстæм, нæ урочы
темæ куы раргом кæнæм, уæд.
III.
НОГ
ÆРМÆГЫЛ КУЫСТ.
1. Радзурын таурæгь адæймаджы
зыд æмæ æнæфсисы тыххæй Байхъусут Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарæг»-мж. Кæсы
йæ актёр Мерденты Юрий.
Равзарæм
ма, цы æнæзонгæ дзырдтæ
дзы ис, уыдоны нысаниуæг.
2. Дзырдуатон куыст:
МАРХОДАРÆГ
– комдарæг
адæймаг.
Дингæнæг адæймагæн
афæдз
иу мæйы дæргъы сойагхæрын
нæ
фембæлы. Уыцы бæрæгбон
хуындис мархо.
Мархо чи дардта, уый та -
марходарæг.
УРСАГ - æхсыр
æмæ æхсырæй конд хæринæгтæ.
МÆХЪИ
- хохы фæхстæй хос цæмæй
ластой, ахæм хъилтæ.
УÆРДÆХ -
здыхст лыстæг уис, бæттæн,
синаг.
ГУЫДЫНХЪУС - чъынды,
гуыбындзæл, бирæхæраг.
3. Басняйы анализ
Чи сты басняйы архайджытæ?
(куыдз æмæ гæды)
Цæмæ у
сæ каст
сæ
дыууæйæн дæр?
(сæ
каст у фиумæ, сæ бæллиц
сæххæссын
æм,
фæлæ
уыцы хъуыддаг сæ иуы къухы дæр не фты)
Цавæр сусæгдзинад
æмбæхсынц
сæ
кæрæдзийæ
куыдз æмæ гæды? (Сæ былыцъæрттæ хæрынц
фиумæ, фæлæ
уыцы хабарыл сæ иу
дæр нæ сæтты).
Басняйы
тексты кæцы рæнхъытæй бæрæг
у?
(Уый бæрæг у
куыдзы уайдзæф «Скастæ та йæм,
цы?» æмæ гæдыйы дзуаппæй
«Ма тæрс, æз мæ цардæн
базыдтон æгьдау... Æз нал дæн
мархохор дæуау»)
- Цавæр æмбисæндтæ æрхæссын
у уæ бон ацы баснямæ?
«Зыдгæнæг æфсис
куы зон ид, уæд зыд дæр нæ кæнид»
«Бирæйæ
бирæгь дæр не фсæды»
«Зыд æмæ кæрæфы æфцæгыл
маргъдæр тæхын нæ уæнды»
«Лæджы
цæстæн бафсис
нæй»
«Цæст сыджыты
йеддæмæ ницæмæй æфсæды»
«Хæлæггæнаг
цармæ цъындæй кæсы»
« Гуыбындæлыл
йæ
гуыбын комдзог цæуы»
«Гуыбын дæ
куыд фæхудинаг кæна, афтæ -
ницы»
- Крыловы баснятæй
уын уæ зæрдыл кæцы æрлæууын
кодта? («Лисица и виноград» (байхъусын æм)
- Æнгжс
сюжет ма ис Жан де Лафонтенмæ (ахуырдзау дзуры
басня)
Ныр та ахæм хæс: Абарæм Къостайы æмæ Иван
Крыловы баснятæ - цы сæм ис иумæйагæй æмæ цæмæй хицæн кæнынц кæраедзийæ. Адих
уыдзыстут къордтыл.
1-аг къорд сæхимæ бæрæг
кæндзысты æнгæсæй сæм цы ис, уый.
2-аг къорд та - сæ хицæндзинæдтæ.
Æххуысæн уæ разы уыдзысты
басняты тексттæ. Алы
къорды номæй дæр дзуапп дæтдзæн 1 ахуырдзау
(рæстæг 5 мин.)
Къоста. «Марходарæг» Крылов
И.А
«Лисица и виноград»
- Æрмæг куыд бамбæстат, уый сбæрæг кæнынæн сæххæст кæнут
хибарæй тест. Фæнысан кæнут раст варианттæ æмæ уæ сыфтæ радæттут (2 мин)
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.