Классный час на тему "Хорзæй баззай, Ир!"

Предпросмотр материала:

Хорзæй баззай Ир…

 

 

 

 

 

1.                          Уыцы цины уалдзæг…Уыцы Уæлахизы бон.. Цас туг 

                                ныккалдтой  нæ бæстæйы бирæнацион адæм! Цас сæм  

                                фæцыдысты! 1418 боны  æмæ æхсæвы. Иу бон иннæмæй  

                                уззаудæр, иу æхсæв иннæмæй  тæссагдæр

 

  Хъуысы музыкæ

 

2.                           Нæ сахъ фæсивæд тохы фæзы баззад,

                                Нæ сахъ фæсивæд нал цæуы хъæумæ.

                                О, цал  рæсугъды судзгæ уарзт фæсайдта,

                                О, цал идæдзæн нал раздæхт сæ мой,

                                О цал мады сæ уæлæ скодтой саутæ!

                                О, цал фыртæн йæ фыд йæ цуры нæй.

 

3.     Уарзон ныййарджытæ, буц хотæ, нæ нанатæ,

          Зарæг ныл акæнут, хъарæг ныл мА кæнут,

          Мах уæ ныффæдзæхстам Ирæн йæ хорз зæдтæн,

          Заргæ ныл акæнут, не знæгты акæут.

 

4.     Хъæбатырдзинады, лæгдзинады бонтæ уыдысты уыдон. Сывæллон йе мгъуыдæй раздæр лæгты æмрæнхъ куы лæууыд, хистæртæ æнцой куынæуал зыдтой, нæ чызджытæ хæстон дарæсы æд хæцæнгæрзтимæ тохы быдырмæ куы рацыдысты…

 

5.     Зæххыл рæсугъд цæрынæн фидар

          Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн,

          Фыдыбæстæ æмæ сæрибар,-

          Циу цард æнæ сымах? – Ингæн.

 

6.     Æмæ фыдæй фыртмæ сымахæй

         Цыбæлдæр ницæмæ уыд лæг.

        Æмæ ссардта туджы аргъæй.

         Ирыстоны рухс бæстыл цæрæг

        Фæллой- бæркад, хæрзамонд адæм,

        Æцæг фæндон заман æрцыд:

        Цард ахæм ралæууыдис, ахæм

        Æмæ дзы бафсæдæн нæ уыд.

 

7.     Фæлæ тугмондаг фашисттæ сæ сау фæндтимæ æрбабырстой нæ сабыр Райгуырæн бæстæмæ. Курдитджын поэт Калоты Хазби уыцы цауты фæдыл фыста:

 

 

 

 

8.     Карз хæст райдыдта…Арвæй ныццæлхъ кодта тохы фыццаг гæрах, арвы цæлхъау нæргæ ацыд хæхтæ  æмæ быдырты.

          Карз хæстрайдыдта… Ныффæйлыдта дидинæгджын зад кæрдæг,       

          ацагъта йæ рæсугъд къуырфытæй райсомы æртæх, æрхуыысыд зæххыл,     

          стæй сытад æмæ ныгуылæнмæ акъул. Карз хæст райдыдта…

 

            (æвдыст цæуынц слайдтæ)

 

Музыкæ

 

9.     Фыдыбæстæйы сæрвæлтау залиаг калмы хъæлæсæй сæрибар байсынмæ Ирыстнæй ацыди 84 минадæймаджы. Уыдонæй 43 минæй фылдæр нал раздæхтысты хæсты быдырæй.

 

10.  Ирыстонырайгуырдысты, фæлæ йын йæ рæсугъд æрды уындæй нæ бафсæстытсы…

 

 

(æвдыст цæуынц слайдтæ)

 

 

 

11.   Кæд райгуырдтæ иу хатт дæ мадæн фыртæн,

            Уæд ма бамбæхс тохы фæдисæй,

            Ма раздæх балцы æмбисæй

 

12.   Райгуырæн бæстæ…Фыды зæхх… Уыдон систы нæ хæстоны тырысатæ. Уыдоны сæрвæлтау æвгъау нæ кодтой сæ рæзгæ цард, сæ удтæ. Хъазуатон хæстоны хъуыдытæ хъусæм зындгонд поэт Плиты Грисы сидты:

 

Уæ, мæ хæлар! Рабад, райс дæ гæрзтæ!

Нал ис бирæ сагъæстæн рæстæг,-

Сиды,  хъус-ма, сиды нæм нæ бæстæ,

Сау фыдгул æрбабырста хæстæг.

 

Зарæг Мады зæрдæ

 

13. Уæдæ райс уынгæг тохмæ дæ гæрзтæ.

         Æмæ мА кæн хи цæрыныл мæт!

        Дзыллæйæн цæуыл хæцынц йæ хæрзтæ,

        Уый раз циу нæ дыууæйы мæлæт?

 

(æвдыст цæуынц слайдтæ)

 

 

Музыкæ

 

    

Краткое описание материала

Классный час на тему "Хорзæй баззай, Ир!"

    DOCX

Файл будет скачан в формате:

    DOCX

Краткое описание материала

Автор материала

Сидакова Клара Степановна

учитель осетинского языка и литературы

  • На сайте: 10 лет и 8 месяцев
  • Всего просмотров: 8270
  • Подписчики: 1
  • Всего материалов: 10
  • 8270
    просмотров
  • 10
    материалов
  • 1
    подписчиков

Настоящий материал опубликован пользователем Сидакова Клара Степановна.
Инфоурок является информационным посредником. Всю ответственность за опубликованные материалы несут пользователи, загрузившие материал на сайт. Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете на материал.

Другие материалы

Вам будут интересны эти курсы: