«ХÆСТ
ÆМÆ УÆЛАХИЗ»
1 – аг амонæг (Тохсырты Б.): Фашистты
æрдонгтæ нæм куы æрбалæбурдтой, уæд Ирыстоны фысджытæ дæр æрлæууыдысты
Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фарсмæ. Æртиссæдзы
бæрц дзы сæ цард нывондæн æрхастой Фыдыбæстæйы сæраппонд.
2 – аг амонæг (Тауаситы А.): Хæсты
райдайæны се ’ппæты хистæр Гутнаты Хъанымæтыл цыд 36 азы, сæ тæккæ
кæстæртæ Елехъоты Мурат æмæ Хайманты Георгийыл та – 17 - гай
азтæ. Уыдон æфсис нæ зыдтой уалдзæджы цъæхæй, сæ риутæ дзаг уыдысты
уарзондзинадæй, рухс фæндтæй.
Гобаты Зæлинæ: Æлборты
Хъазмæхæмæт «Сидт».,
Агънаты Виленæ: Баситы
Дзамболат «Æнæфыст
цырт»,
Тыджыты Андрей: Елехъоты
Мурат «Фыстæг хæсты
рæй».
1 – аг амонæг: Фыдыбæстæйы Стыр
хæсты фронты хæцыди нæ республикæйы алы фæндзæм адæймаг дæр, 1941 – 1945 азты
Цæгат Ирыстонæй тохы быдырмæ ацыди 90 мин адæймаджы бæрц. Уыдонæн се ’мбисæй
фылдæр(45500 адæймаджы) сæ цард радтой Райгуырæн бæстæйы сæраппонд.
2 – аг амонæг: Хæст æвирхъау
бæллæхтæ кæмæн æрхаста, уыцы ирон бинонтæ сты бирæ.Тохы быдырæй нал
æрыздæхтысты Гæздæнты 7 æфсымæры (Дзуарыхъæу), Кобеккаты 7 æфсымæры
(Доныфарс), Хестанты 6 æфсымæры (Хæтæлдон), Темырты 6 æфсымæры
æмæ Тохъайты 5 æфсымæры (Цыкола), Хъалæгаты 5 æфсымæры, Гуыриаты
5 æфсымæры æмæ Тургиты 5 æфсымæры (Хъæдгæрон).
1 – аг амонæг: Бясты 5 æфсымæры,
Бæлоты 5 æфсымæры (Сырх Дыгур), Сеойты 5 æфсымæры (Черноярскæйы
станицæ), Дзоблаты 5
2
æфсымæры
(Чырыстонхъæу),Тахохты 5 æфсымæры (Хъарман – Сындзыхъæу), Бæройты 5
æфсымæры, Басаты 5 æфсымæры (Елхот), Уазæгты 5 æфсымæры (Дур – Дур),
Дыгуры 5 æфсымæры (Даргъ – Къох), Хъесаты 5 æфсымæры (Алагир), Дзебойты
5 æфсымæры (Дæргъæвс).
2 – аг амонæг: Цыппæргай хъæбултæ
кæмæй фæхъуыд, уыцы бинонтæ та сты 52.
------- «Гæздæнты авд æфсымæры зарæг» --------
1 – аг амонæг:
Хæсты рæстæг Цæгат Ирыстон Райгуырæн бæстæйæн радта: Советон Цæдисы хъæбатыртæ
– 72 ( уыдонæй дыууæ Плиты Иссæ æмæ Иван Фесин – уыцы ном
райстой дыгай хæттытæ), инæлæрттæ æмæ адмиралтæ – 50. Намысы ордены æртæ
хатты кавалертæ систы 9 ирыстойнаджы. Нæ республикæйы хæстон
сгуыхтыты тыххæй ордентæ æмæ майдантæ чи райста, уыдоны нымæц схæццæ 60
минмæ.
--------- «Иссæйы зарæг»
----------
2 – аг амонæг: Николай Гастеллойау
фесгуыхтысты дыууæ ирон сахъгуырды: чырыстонхъæуккаг
Акъоты Лазæр æмæ дзæуджыхъæуккаг Дзанайты Иван.
Дзугаты Руслан: Калоты
Хазби «Ныгуылæнмæ»,
Къорнаты Солтан: Кочысаты
Мухарбег «Хæрзбон».
1 – аг амонæг: 150 немыцаджы ныццагъта
Иры сæрыстыр хъæбул Милдзыхты Хадзымырзæ. Капитан Хъазийы-фырт немыцы
дæрæн кодта 1915 азы Варшавæйы бын, 1918 азы та Режицæйы цур.
2 – аг амонæг: Александр
Матросов цы сгуыхтдзинад равдыста, ахæм сгуыхтытæ равдыстой 4 ирыстойнаджы:
лейтенант Дзотты Лазæр, сержант Иван Недвижай, сержант Калоты
Алыксандр ( æртæйæ дæр сæ риутæй бахгæдтой знаджы дотты амбразурæтæ) æмæ гвардийы
сержант Хъайтыхъты Азæмæт (абон дæр у цардæгас).
3
1 – аг амонæг: Фашизмыл фæуæлахизы
хъуыддагыл æнувыдæй чи архайдта æмæ йæ хæдзарыл сæрæгасæй чи сæмбæлд, уыцы
ветерантæй, хъыгагæн, абон бирæ нал у цардæгас. Чи ма дзы у сæрæгас, уыдонæн нæ
зæрдæ зæгъы æнæниздзинад æмæ цæрæнбон.
-------«Журавли»(Э.
Дауыраты) -----------
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.