44-æм скъола
Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты методикон иугонд
Гом урок
Темæ:Хæххон бæстæ – нæртон бæстæ.
Грамматикон
темæ: Фæлхатын сæрмагонд номдартæ.
Ахуыргæнæг:Къадзты И.С.
Дзæуджыхъæу
Урочы
темæ: Хæххон бæстæ – нæртон бæстæ.
Грамматикон
темæ: Фæлхатын сæрмагонд номдартæ.
Кълас:
7
Урочы
нысантæ:
1.
Фæлхатын номдар, сæрмагонд номдартæ æмæ сæ
пайда кæнын ныхасы мидæг; текстæн анализ кæнын;ныхасы рæзтыл кусын.
2.
Рæзын кæнын скъоладзауты логикон хъуыдыкæнынад,
цымыдисдзинад æмæ къордты кусыны фæлтæрдтæ;
3.
Гуырын кæнын уарзондзинад райгуырæн бæстæмæ,
æндæр бæстæтæн аргъ æмæ кад кæнын.
Урочы
ифтонгад: техникон фæрæзтæ (интерактивон фæйнæг), хæслæвæрдтæ
карточкæтыл.
Урочы
цыд:
I.
Организацион хай.
А)
Сбæрæг кæнын скъоладзауты цæттæдзинад урокмæ;
Æ)
Радгæс дзуры абоны нымæц, къуырийы бон æмæ боны хъæды тыххæй;
II.
Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
А)
Скъоладзаутæ бацæттæ кодтой æртæ презентацийы. Кавказы географийы, æрдзон хæзнаты,
сырдтæ æмæ зайæгойты тыххæй.
Ахуыргæнæджы
ныхас:
–
Сымах абонмæ бацæттæ кодтат презентацитæ Кавказы географийы, æрдзон хæзнаты, сырдтæ
æмæ зайæгойты тыххæй. Æмæ, табуафси, хъусæм уæм.
Скъоладзаутæ
æвдисынц сæ презентацитæ; байхъусын скъоладзаутæм;
Æ)
Ног лексикæ фæлхатын.
Амæй
размæ урочы базонгæ стæм ног лексикæимæ æмæ йæ нæ зæрдыл æрлæууынкæнæм. Æмæ ныхасы
рæзтыл дæр бакусæм диалогтæ аразыны фæрцы.
Диалогтæ:
1)-
Какие полезные ископаемые есть на Кавказе?
-
На Кавказе есть нефть, газ, каменный уголь.
-
А в горах Осетии какие полезные ископаемые есть?
-
В горах Осетии есть руду и цинк.
2)-
Какие республики граничат с Северной Осетией?
-
С Северной Осетией граничат Кабардино-Балкария, Ингушетия и Южная Осетия.
1)-
Цавæр æрдзон хæзнатæ ис Кавказы?
-
Кавказы ис нефть, газ æмæ дурæвзалы.
-
Ирыстоны та цавæртæ ис?
-
Ирыстоны хæхты ис æрзæт æмæ цинк.
2)
– Цавæр республикæтæ сыхагиуæг кæнынц Цæгат Ирыстонимæ?
-
Цæгат Ирыстонимæ сыхагиуæг кæнынц Кæсæг-Балхъар, Мæхъхъæл æмæ ХуссарИрыстон.
III.
Орфоэпийыл бакусын.
Скъоладзау
дзуры дзырдтæ хъæрæй, скъоладзаутæ йæ фæстæ дзурынц уыцы дзырдтæ. Фыццаг иумæ,
стæй рæгътæм гæсгæ, стæй иугай.
IV.
Хæслæвæрдтæ.
1. Мотиваци скъладзаутæн скæнын:
Ахуыргæнæджы ныхас:
–
Мах сымахимæ базонгæ стæм Кавказимæ. Уымæй размæ базонгæ стæм текст
«Кавказ»-имæ. Æмæ мæм ахæм фарст ис: «Цы иу кæны Кавказы республикæтæ?»(дзуапп
дӕттынц: кӕфтытӕ, ӕрдз, культурӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр)
Ӕвдисын
слайды таблицӕ (кӕс таб. №1).
-
Мӕнӕ ӕркӕсут ацы таблицӕмӕ. Ам ис Нарты хъайтарты нӕмттӕ цалдӕр ӕвзагыл.
-
Цӕй тыххӕй фӕзынд ӕндӕр ӕвзӕгтыл Нарты хъайтарты нӕмттӕ?(дзуапп
дӕттынц: «Уымӕн ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕм ис Нарты эпос»).
-
Уӕдӕ на фарстӕн дзуапп фӕбӕлвырддӕр кӕндзыстӕм. Кавказы иу кӕны Нарты эпос
дӕр.
иронау
|
адыг.
|
вайнах.
|
абхаз.
|
кабард.
|
карач.-балк.
|
Сослан
|
Саусырыкъо
|
Сосла/Соска
|
Сасрыкуа
|
Сосрыкъуэ
|
Сосуркъа
|
Сата́на/Шатана
|
Сэтэнай-гуащэ
|
Сата/Сели Сата
|
Сатаней-Гуашьа/Сатаней
|
Сэтэней-гуащэ
|
Сатанай
|
Батрадз
|
ПӀэтӀрэз
|
Патарз
|
Цвицв
|
Батэрэз
|
Батыраc
|
Сырдон/Ширдон, сын Гатага
|
-
|
Шертщко
|
Батакуа
|
-
|
Шырдан
|
Ацамаз
|
Ачэмэз
|
Ачамаз
|
Щамаз
|
Ашэмэз
|
Ачемез
|
Урызмаг
|
Озырмэдж
|
Урузман/Орзми
|
-
|
Уэзырмэдж
|
Ерюзмек
|
Хамыц
|
Хъымыщ
|
Хамчи
|
Хмышь
|
Хъымыщ
|
Хымыч
|
Саууай/Шаууай
|
Шъэуей
|
КиндаШоа
|
-
|
Щэуей
|
Къарашауай
|
- Абоны урокмæ мæнмæ ис хæслæвæрдтæ Нарты хъайтартæй.
1.
Сырдоны хӕслӕвӕрд.
Лӕвӕрд
хъуыдыйӕдты ссарын рӕдыдтытӕ, сраст сӕ кӕнын ӕмӕ рафыссын.
-
Мæнæ-ма кæсут хинæйдзаг Сырдон дæр æрбарвыста нын хæслæвæрд. Ницы иртасут?
Дзуапп:
О, хъуыдыйæдтæ фыст сты рæдыдтимæ.
а)
Цæгат Ирыстон хауы Уæрæсемæ æмæ дзы ис цалдæр республикæйы: цæгат Ирыстон-Алани,
Адыгъей, Хъæрæсе-черкес, кæсæг-Балхъар, Цæцæн æмæ дагестан.
æ)
Цæгатырдыгæй Кавказимæ сыхагиуæг кæнынц Ростовы область, краснодар æмæ стъараполы
крайтæ, хъалмыхъы Республикæ.
2.
Ацӕмӕзы хӕслӕвӕрд:
Лӕвӕрд
дзырдты къордты ссарын хицӕндзинӕдтӕ. Иу къорды ис дзырдтӕ кавказаг дамгъӕтимӕ,
иннӕ къорды дзырдтӕ ӕнӕ кавказаг дамгъӕтӕй.
-
Ацæмæзæн ис музыкалон ӕмбарынад. Уый нын æрбарвыста мæнæ ацы дзырдтæ (слайд)
æмæ фæрсы: «Цы иртасут ацы дзырдты къордты ахсæн?»:
А) Мæсыг, Кавказ, хæхтæ, диссаг, кæнын,
фидар, мӕсыг;
Æ) Хæдзар, Хъазыбеджыхох, дынджыр, сычъи, хъæбатыр,
къона.
Дзуапп:Дыккаг
къорды дзырдты ис кавказаг дамгъæтæ.
- Ноджы фӕбӕлвырддӕр ис нӕ дзуапп. Кавказаг
дамгъӕтӕ дӕр иу кӕнынц кавказы адӕмыхӕттытӕ, кавказы ӕвзӕгтӕ.
3.
Къордтæй куыст.
Сослан
ӕмӕ Батрадзы хӕслӕвӕрд:
1. Баххæст
кæнын тӕблицæ текст «Кавказ»-ы мидисмӕ гӕсгӕ:
2. Бацамонын
картæйыл бӕлвырд республикӕ .
-Сослан
ӕмӕ Батрадз арæх фæцæуынц балцыты æмæ нын дæттынц ахæм хæслæвæрд: Таблицæ баххæст
кæнут раст дзуаппытӕй текстмæ гæсгæ. Уый фæстæ та картæйы раст бацамонут республикæты
æмæ иннæ бæстæты бынæттæ.
Кавказ
|
Хуры скæсæнырдыгæй
|
Хъаспы денджыз
|
Хурыныгуылынырдыгæй
|
Сау денджыз
|
Йæ хæйттæ
|
Цæгат Кавказ, Фæскавказ
|
Цæгат
Кавказы республикæтæ
|
Цæгат
Ирыстон-Алани, Адыгъей, Хъæрæсе-Черкес, Кæсæг-Балхъар, Мæхъхъæл, Цæцæн æмæ
Дагестан
|
Фæскавказы паддзахæдтæ
|
Азербайджан,
Гуырдзыстон, Сомихы бæстæ
|
Разкавказ
|
Ростовы область,
Краснодар æмæ Стъараполы крайтæ, Хъалмыхъы Республикæ
|
Бæрзонддæр хох
|
Хъазыбеджы хох, Эльбрус
|
Хохы бæрзæнд
|
5033 м., 5642 м.
|
Кавказы хъæздыгдзинæдтæ
|
Нефть, газ æмæ цинк
|
Кавказы фаунæ
|
Дзæбидыртæ, сычъитæ,сагтæ æмæ сæгуыттæ
|
5.
Сатанайы хӕслӕвӕрд:
-
Уымæй размæ урочы уын бафæдзæхстон ссарын куыд баст сты дзырд «фынккалгæ» æмæ
Нарты кадджытæй иу кадæг. Уый уыди Сатанайы хæслæвæрд æмæ йæ бацæттæ кодта Маринæ.
-
Табуафси, Маринæ.
V.
Хæдзармæ куыст: Саразут
экскурсийы маршрут Кавказыл, Ирыстоныл, Дзæуджыхъæуыл. Зæгъæм, цавæр бынæттæ æнæмæнг
хъуамæ фена уазæг?
Хæдзармæ
куыст бамбарын кæнын.
VI.
Кæронбæттæн.
Бæрæггæнæнтæ радзурын.
Рефлекси:
-
Мæнæн мæ зæрдæмæ фæцыд ацы урок…
-
Уæлдай тынг мæ зæрдæмæ фæцыд…
-
Мæ зæрдæмæ фæцыд/нæ фæцыд…
-
Зынгомау мæм фæкаст…
-
Цымыдисаг хæслæвæрд уыдис…
-
Бузныгуе’ппӕтӕн!
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.