Урочы темæ: Фыдæлты фарн æмæ æгьдæуттæ – нæ
царды уидæгтæ.
Грамматикон темæ: Уæлæмхæст хъуыдыйадты хуызтæ
Урочы нысантæ:
1. Уæлæмхæст
хъуыдыйæдты тыххæй рацыд æрмæг бафидар кæнын.
2. Бакусын ныхасы рæзтыл,ахуыр кæнын хи хъуыдытæ æргом кæныныл. 3.
Ирон æгьдау адæймагæн йæ царды бындур кæй у,уый фæхæццæ кæнын скъоладзауты зæрдæтæм
.
Урочы
эпигрæф:
«Адæмы
цæсгомæй цы рухс кæлы, уый нæм фыдæлтæй цæуы»
Чеджемты Æхсар
Урочы цыд
I.Бацæттæгæнæн рæстæг.
1)Ах
–г : Абон нæ
урочы цæуыл дзурдзыстæм,уый базонынæн нын феххуыс уыдзысты Чеджемты Æхсары
ныхæстæ.Бакæсæм сæ.
1.Цæргæ
– цæрæнбонты хистæры фарнæй хъæздыг у нæ зæхх. 2.Уыцы
фарн нæ къухæй нæ ахаудзæн, цалынмæ кæстæртæ зоной сæ уидаг.
Ах-г: Куыд æмбарут Æхсары
ныхæстæ?
(ирон
адæммæ хистæр кадджын у, нымад, бинонты хсæн æм алчидæр хъусы,лæггад ын кæнынц,
коммæ кæсынц.)
Ах-г:
Цал хъуыдыйадæй арæзт у Чеджемты Æхсары раныхас? Ссарут
сын сæ грамматикон бындуртæ. -
Цавæр хъуыд-тæ сты сæ арæзтмæ гæсгæ? (кæсæм фæйнæгмæ)
- 1-аг
хъуыдыйад у хуымæтæг,2-аг-вазыгджын
Цæмай
хицæн кæнынц хъуыдыйадта ? Цæмæй бæрæг у,2-аг хъуыдыйад
домгæвазыгджын у,уый?
II. Рацыд æрмæг бафидар
кæныныл куыст.
Ах-г: Цы базыдтат домгæвазыгджын хъуыдыйады тыххæй?
-Урочы нысантæ цавæр сты ?
3 слайд.
1.Зæрдыл æрлæууын кæнын домгæв. хъуыдыйады æууæлтæ.
2.Домгæвазыгджын хъуыдыйады уæлæмхæст хæйттæ сфæлхат кæнын
3.Домгæвазыгджын хъуыдыйады синтаксисон æвзæрстыл бакусын
4.Сбæрæг кæнын домгæвазыгджын хъуыдыйады нысаниуæг ныхасы мидæг.
Къордгай
куыст( «Иры стъалытæ», «Зондабитæ», «Иры фидæн»)
I къорд(алчидæр æххæст кæны йæхи
хæс,уыйфæстæ иумæйæгæй дзурынц кæрæдзийæн, къордæй иу дæтты дзуапп)
1.Цы
хонæм домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ?
2.
Цы хонæм уæлæмхæст хъуыдыйад?
3. Цы хонæм сæйраг хъуыдыйад?
4.
Цы фембарын кæны уæлæмхæст хъуыдыйад сæйраг хъуыдыйады?
II къорд
1.Куыд
баст вæййынц уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ сæйраг хъуыдыйæдтимæ?
2.
Кæцы хайы вæййынц бæттæгтæ æмæ бæттæг дзырдтæ?
3.
Цæмæй хицæн кæнынц бæттæгтæ æмæ бæттæг дзырдтæ?
4.
Æмбарынгæнинаг дзырдтæ кæм вæййынц?
III къорд
1.Арæхдæр
кæм фæлæууы уæлæмхæст хъуыдыйад?
2.
Цавæр къордтыл дих кæнынц уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ?
3.
Цавæртæ сты фадатон уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ?
4.
Цавæр æрхæцæн нысæнттæй хицæн кæнæм сæйраг æмæ уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ?
Ах-г: Уæдæ нæ урочы темæ цы у? (
Абон дзурдзыстæм ирон æгьдæуттыл , кæстæр æмæ хистæры хсæн цы фидар æгъдæуттæ
ис,уыдоныл)
- Нæ грамматикон темæ та у… ( сывæллæттæ сæхæдæг
æрцæуынц дзуапмæ)
Цæмæн
нæ хъæуынц уыцы зонындзинæдтæ?
(сывæллæттæ дзуапп дæттынц) Цæмæй
арæхсæм:
1)тексты домгæвазыгджын хъуыдыйад ссарынмæ
2)æрхæцæн нысæнттæ раст æвæрынмæ
3)уæлæмхаст хай ссарынæн
4) схемæ аразынмæ
5)хи хъуыдытæ домгæвазыгджын хъуыдыйадæй æргом кæнынмæ
Кьордты
куыст.
Равзарут хъ-тæ
I къорд
(Æгъдау
кæм ис), [уырдыгæй(кæцæй?) æнæгъдау лидзгæ кæны].
II къорд
(Адæмы
куыд уарзай),[афтæ(куыд?) дæ уарздзысты]
III къорд
Хистæрмæ
цы кæстæр нæ хъуса,уый йæхицæн фыдбылыз у(чи?).
Хæслæвæрд:
1къорд
хъуыды кæны домгæвазыгджын хъуыдыйады хай, 2-аг къорд æй дарддæр æххæст кæны,
æмæ афтæ дарддæр. Афтæмæй алчи дæр бафарста, дзуапп дæр радта)
Ахуыргæнæг: Цы хъуыдыйадтæ ныффыстам,уыдон
цæуыл дзурæг сты?
(æгъдауыл,хистæрæн
кад кæнын,адæмы хсæн дæр фидар, æгъдауыл хæст куы нæ уай, уæд адæймаг сæфтмæ
цæуы, æнæгъдау кæны, æгад у, æ.а.д.)
Ныв.
Сывæллоны проект. ( Зæронд лæг автобусмæ бахызт, иу дæр ын нæ
фестад).
Цы
уынут нывы? Нывмæ гæсгæ æрхъуыды кæнын домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ.
1. Зæронд
лæг автобусмæ куы бахызт, уæд ын йæ бынат ничи радта.
2.Бæрæг
у, уыцы скъоладзаутæ хорз æгъдауыл хæст кæй не сты, уый.
3.Сываллаттæ
нæ зонынц, сæхæдæг дæр зæронд кæй кæндзысты.
Сываллоны
проект «Æгомыг
таблицæ»
Батырбег: «Æз скодтон æгомыг таблицæ.Зæгьут-ма ,куыд æй æмбарут?
Элинæйы
æмбисæндтæ( райста
æндæр адæмыхæттыты æмбисæндтæ хистæр æмæ кæстæры тыххæй æмæ сæ касти
уырыссагау)
Изабелæйы
презентаци( сомих, кæсгон æмæ ирон адæмы тыххæй)
Къордтæ бацæттæ кодтой фæйнæ иу æмдзæвгæйы.
(Дзасохты М. «Хистæр æмæ кæстæр»
(Плиты
Грис «Чермен» скъуыддзаг
Æз ныр дæн хъомылгонд. ( ахуырганаджы хъалас фыст,каст цауы ирон мелодима
хъусгайа )
1.Цæмæ
байхъуыстат,уый цы у?
-Текст 2)
Тексты сæйраг хъуыды цавæр у?
--(сывæллоны раст схъомыл кæнын, æгъдауыл гыццылæй фæстæмæ ахуыр кæнын )
3)Цавæр у текст йæ
хуызмæ гæсгæ? -
(таурæгъон) 4.
Цæмæн? -
У радзырды хуызы фыст. Ныхас дзы цæуы , лæппуйы куыд хъомыл кодтой, ууыл. Ис
дзы бирæ мивдисджытæ, кæцытæ æвдисынц цауты цыд.
Текстæн сæргонд раттут
4) Ссарут дзы домгæвазыгджын хъуыдыйадтæ.(дзуаппыта)
1.
Мæ къахыл цæуын… 2.
Гыццыл куы бахъомыл дæн…
3. Ацы 2 миниуæгыл…
4. Мæ фыд мын æдзухдæр…
Алы
куысты фæстæ дæр сывæллæттæ сæ кæрæдзийы куыстæн аргь кæнынц (самооценка,
взаимооценка).
Хатдзæгтæ кæнынц сывæллæттæ (цы
зыдтой, ногæй цы базыдтой,цы сæм каст зындæр,цы хъуамæ сахуыр кæной, цæмæй
æрмæг æмбæрстгонд уа)
Рефлекси.
«Кæнинаг кæнын хъæуы «( æвзарынц
иутæ)
«Цæмæ бавналон æмæ мын цы нæ бантысдзæн»( хорз чи куыста, уыдон).
1.
Æрмæст домгæ вазыгджын хъ-æ кæм уа, ахæм радзырд æрхъуыды кæнын
2.
Домгæв. хъуыдыйадыы тыххæй аргьау æрхъуыды кæнын.
3.Дзырдбыд
скæнын домгæвазыгджыны тыххæй.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.