Ирон литературӕйы урок 5-æм къласы
Темæ: Адæймаджы цард æрмæст йæхиуыл мæтæй
нæу Дзасохты Музаферы радзырд «Мысты тæригъæд»-мæ гæсгæ.
Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, Дыгъуызты
Индирӕ
2019 аз
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ:
Предметон: радзырды мидисимӕ зонгӕ
кӕнын, темӕ ӕмӕ идейӕ бӕрӕг кӕнын.
Метапредметон: Бакусын сывæллæтты логикон
хъуыдыкæнынады
Рæзтыл.
Удгоймагон: ахуыр кæнын цæрæгойтыл
аудын, æрдз хъахъхъæнын.
Ахуыры
методтæ æмæ формæтæ: проектон метод, къордты архайды метод, индивидуалон архайды метод
Æххуысгæнæг
фæрæзтæ (ресурстæ): Литературон æрмæг (цæрæгойты тыххæй чингуытæ, Дзасохты
Музаферы уацмыстæ) , сыфтæ уацмысы текстимæ, дыргътӕ
Техникон
фæрæзтæ: компьютерон
презентаци
Цæстуынгæ
æрмæг: ребустæ
Урочы эпиграф: «Мысты
зæрдæхудты бацæуын дæр тæригъæд у»
Урочы
цыд
Сывæллæттæ, мульткинойы нывтæм
кæсын уарзут?
(Дзуапп: О, мах уарзæм кæсын
мульткинонывтæм!)
- Арæх дзы чи вæййы геройтæ?
(Дзуапп: Сæйраг архайæг дзы вæййынц
цæрæгойтæ)
- Бакæсæм-ма мах дæр
мульткинонывмæ. (кæсæм).
-Цæмæн
алыгъдис тæрхъус?
-Цы ми кæны тæрхъус кинонывы? (СЛАЙД тæрхъус хъазы, хæры, цин кæны, кæуы, æнкъард кæны, тухæнтæ
кæны, гæпп кæны )
(Дзуапп: тæрхъус хъазы, хæры, цин
кæны, кæуы, æнкъард кæны, тухæнтæ кæны, гæпп кæны)
- Ацы архæйдты арæхдæр чи æххæст
кæны?
(Дзуапп: Ацы архæйдтæ арæхдæр
феххæст кæны адæймаг)
- Куыд федтам, афтæмæй канд
адæймаг нæ, фæлæ ма цæрæгойтæ дæр. Уыдоны цард дисы æфтауы бирæты. Чи сыл ахæм
мульткинонывтæ исы, чи сыл зарджытæ æмæ æмдзæвгæтæ фыссы, чи та сын сæ царды
хабæрттæ радзырды равдисы.
-Сымах-та цавæр уацмыстæ зонут
цæрæгойты тыххæй?
(Дзуапп: Коцойты А. «Хъусой»,
Паустовский «Зайчьи лапы», Ситохаты Саламджери «Дзæбидыртæ», Гæдиаты Секъа «Лæг
æви сырд», Хетæгкаты Къоста «Цъиу æмæ сывæллæттæ»)
- Куыд уæм кæсы, абон нæ урочы
цæй кой кæндзыстæм?
(Дзуапп: Абон дзурдзыстæм
цæрæгойты тыххæй)
- Уыдоны цард дисы кæй бафтыдта,
уыдонæй иу у Дзасохты Музафер. Уый у не 'мдугон фыссæг. Фыссы сывæллæттæн æмæ
ма у, сымах уе 'ппæт дæр кæй хъуамæ зонат, уыцы журналы редактор. (Равдисын журнал «Ногдзау»).
Нæ темæйыл дзургæйæ нын абон
феххуыс уыдзæн йæ уацмыс
Дзырдуатон
куыст
-Абон нæ бахъæудзæнис мæнæ ацы
дзырдты нысаниуæг зонын. (СЛАЙД Тæгæр-горный клен, хъамыл-камыш,
мæра-дупло, кæри-куча, æвгъайуаг-достойный жалости, сочувствия, сожаления)
-Æртæ къордыл хуымæтæг дих не
стут. Уæ разы цы тексты скъуыддзæгтæ ис, уыдонмæ ма æркæсут. Лæмбынæг мæм
байхъусут æмæ сбæрæг кæнæм, кæцы къордмæ ис ацы скъуыддзаг. (Ахуыргæнæг кæсы)
-Æхсæртæ?
-Чи сæ баныгæдта?
-Æхсæрæгæг ын æнæ
уæвгæ нæй...
Фæрстытæ сарæх сты. Цымыдисдзинад
йæ тыхы бацыд. Æз æхсæртæ мæ худы æвгæнынмæ фæдæн. Йе 'мбисы бæрц
уыдысты.
Фæстæмæ нæ алчи йæ бынаты
æрбадти, æмæ та ныхæстыл фестæм. Æрмæст ныр иууылдæр уыдысты
цæрæгойты тыххæй. Зымæгмæ дзы кæмæн цавæр æвæрæнтæ вæййы, йæхи йæм чи куыд
бацæттæ кæны, чи цы фылдæр уарзы æмæ афтæ дарддæр.
Мæ хъустыл та зонгæ сыр-сыр ауад.
Мысты уайтæккæ дæр ауыдтон. Уыцы фæдисонæй тахт. Йæ хуынчъы бынат нал ссардта,
фæлæ ног къахт сыджытыл суад, йæ ахстоны цур йæ фæстæгтыл алæууыд æмæ, йе
вæрæнтæ фæлдæхтæй куы ауыдта, уæд йæ къæхтæй йæ цæстытыл ралæууыд. Йæ
тæригъæддаг цъист-цъист райхъуыст.
Мæ буар ныррызт. Ахæм æвирхъау
ныв фенын æнхъæл ницы хуызы уыдтæн. Мыст ма иудзæвгар уырдыг алаууыд, стæй
æрхауд æмæ, æхсæртæ кæм уыдысты, уыцы сыфтæртæм ныттылд.
Иуцасдæр мæ бынатæй фезмæлынхъом
нал уыдтæн. Цыдæр азым мын ме уæнгтæ нылхъывта, æмæ цавддурау фæдæн. Æрæджийау
уæддæр сыстадтæн. Мысты систон æмæ йæм æдзынæг ныккастæн. Дыууæ цæсты дæр къахт
разындысты. Йæ зымæджы хардзæй куы бавдæлон, уæд, æвæццæгæн, йæхи мардыл
банымадта, æмæ сыдæй мæлынмæ дæр нал банхъæлмæ каст, фæлæ йæхæдæг йæхицæн
тæрхон рахаста...
Æвгъайуаг хъуыддаг. Мысты зæрдæхудты бацæуын дæр тæригъæд у...
(Дзуапп: ацы скъуыддзаг ис
æртыккыг къордмæ.)
-Цы базыдтат ацы скъуыддзагæй?
-Цавæр фарстытæ уæм сæвзæрд ацы
хабар фехъусгæйæ?
(Дзуапп: чи уыд ахосджын, мыст
йæхи кæй амардта, уым? Куыд бавдæлон мыст йæ æхсæртæй?)
- Кæцы къорд нын аххуыс кæндзæнис
ацы фарстатæн дзуапп раттын?
(Дзуапп: ацы фарстатæн дзуапп
раттын нын аххуыс кæндзæнис дыккаг къорд)
-Ссарут ма тексты уыцы бынат,
мысты æвæрæнтæ куы систой. (мæ зонгуытыл æрбадтæн.)
-Куыд уæм кæсы, кæуыл хъуыды
кодта, æхсæртæ чи иста, уый?
(Дзуапп: æхсæртæ чи иста, уый
хъуыды кодта æрмæстдæр йæхиуыл)
-Цы информаци фехъуыстат, уымæ
гæсгæ ма дыккаг къорд ногæй цы бафтыдта?
(Дзуапп: Мысты æвæрæнтæ чидæр
систа.)
- Диссаг нæм нæ кæсы, мысты йæ
зымæджы хардзæй чи бавдæлон кодта?
(Дзуапп: О, Диссаг нæм кæсы.)
- Уæ тексттæм ма ма æркæсут, ацы
дзуаппæн та нын дзуапп чи ратдзæн?
(Дзуапп: ацы фарстæн дзуапп
ратдзæн æртыккаг къорд. Мысты йæ зымæджы хардзæй бавдæлон кодта цуанон.)
- Цуанонтæ сты, уый кæцы ран
бæрæг у? (Кæсынц тексты скъуыддзаг) (СЛАЙД Цуан,
цуанонта). Куыд уæм кæсы, цуаны фылдæр кæцы афæдзы афон фæцæуынц?
(Дзуапп: цуаны фылдæр зымæджы
фæцæуынц)
- Ссарут-ма, фыццаг къорды тексты
цавæр æрдзы ныв ис. (скъоладзаутæ кæсынц скъуыддзаг).
-Литературон уацмысы ацы аивадон
мадзал цы хуыйны?
(Дзуапп: ацы аивадон мадзал
литературæйы хуыйны пейзаж,)
- Пейзаж у æрдзы æрфыст. Фыссæг
пейзаж аразы дзырдтай. Ахъуыды ма кæнут, чи ма саразы пейзаж?
(Дзуапп: пейзаж-ма саразы
нывгæнæг)
- Куыдæй саразы нывгæнæг пейзаж?
(Дзуапп: нывгæнæг пейзаж саразы
ахорæнты фæрцы.)
-Раст. Цавæр зындгонд нывгæнджыты
куыстытæ зонут?
- Æз уын аххуыс кæндзынæн,
фæйнæгмæ ма бакæсут. (СЛАЙДЫ. Константин Крыжицкий,
Иван Шишкин, Иван Вельц, Владимир Никонов)
-Куыд уæм кæсы, цæмæн хъæуы
литературон уацмысы?
(Дзуапп: цæмæй уацмыс уа
нывæфтыддæр, цæмæй уацмысы цаутæ нæ цæстытыл хуыздæр ауайой)
-Цы скъуыддзаг бакастыстæм, уым
сæмбæлдыстæм цымыдисаг дзырдбæстытыл. Ныртæккæ сæ хъазты фæрцы бацархайдзыстæм
базонын. (СЛАЙД ребус фразеологизмтæм гæсгæ «уызыны
къæхтыл сæвæрдæуыд», «къæхтæ хастой», «цæстуарзонæй сахуырста», «дыууæ æрфыджы
кæрæдзимæ æрбацæйцыдысты»)
-Цавæр нысаниуæджы пайдагонд сты
ацы дзырдбæстытæ?
(Дзуапп: ацы дзырдбæстытæ
пайдагонд сты ахæсгæ нысаниуæджы.)
- Уыдон сты фразеологион
дзырдбæстытæ. Нæ ныхасы æмбæлынц арæх æмæ сты аивгæнæн фæрæзтæ. Цавæр аивадон
фæрæз-ма æвдисы ахæсгæ нысаниуæг?
(Дзуапп: аивадон фаразтæй-ма
ахæсгæ нысаниуæг æвдисы метафорæ)
- Текстты ставддæрæй фыст цы
дзырдбæстытæ ис, уыдонæн ма сæ нысаниуæг сбæрӕг кæнæм (Дзуапп:
1къорд-уый æртæфсти, уызыны къæхтыл сæвæрдæуыд, къæхтæ нал хастой, дыууæ
æрфыджы кæрæдзимæ æрбацæйцыдысты. 2 къорд-ме 'ргом раздæхтон, хъуыдытæ хуыдтой,
цæстыты æрттывд афæстиат, цымыдисдзинад фæуæлахиз. 3 къорд-цымыдисдзинад тыхы
бацыд, азым уæнгтæ нылхъывта, цавддурау фæдæн, зæрдæхудты бацæуын)
-Цæмæн хъæуынц тексты?
(Дзуапп: Уыдон дæр сты аивгæнæн
мадзæлттæ æмæ нын нæ ныхас кæнынц нывæфтыддæр)
-Ацы метафорæтæ уæ зæрдыл бадарут
æмæ сæ уæ ныхасы пайда кæнут.
- Ныр та, фыццаг къордимæ
бакусгæйæ, нæ информаци цы ног æрмæгæй баххæст ис?
Афтæмæй нæ къорды хицæн хæйттæй
цы рауадис?
(Дзуапп: нæ къорды хицæн хæйттæй
рауадис радзырд.)
-Ныр-та чысыл баулæфæм. Логикон
хъазт «Базон-базон, уый та циу?»
5 кошек за 5 минут ловят 5 мышей.
Сколько времени требуется кошке, чтобы поймать мышку?
5 минут
Вспомним веселый мультик, только у нас есть 5
апельсинов и 5 зверят. Разделить 5 апельсинов среди пяти зверят так, чтобы
каждый получил по апельсину и один апельсин остался в корзине.
Один
из зверят берет апельсин вместе с корзиной.
-Уый у æххæст текст Дзасохты
Музаферы радзырд. Радзырд та у ахæм литературон жанр , кæцы арæзт вæййы иу
сюжеты бындурыл.
Зæгъут-ма, кæй аххосæй æрцыдис
мыстыл уыцы бæллæх?
(Дзуапп: мыстыл уыцы бæллæх
æрцыдис цуаноны аххосæй)
- Раст, цуаноны, фæлæ æмтгæй
райсгæйæ та-адæймаджы.
Цуанонæн йæхи зæрдæ фæрысти?
(Дзуапп: о, цуаноны зæрдæ
фæрысти)
-Ссарут-ма тексты йæ æнкъарæнтæ
æвдисæг бынат. ( Скъоладзаутæ кæсынц 3-аг скъуыддзаг
мӕ буар ныррызт)
-Зæгъут-ма мын иу хатт, цæмæн
афтæ бакодта?
С. Уый ахъуыды кодта æрмæст
йæхиуыл.
-Нæ урочы эпиграфмæ ма æркæсут.
Уый у æмбисонд. Куыд æмбарут дзырд «тæригъæд»-ы лексикон нысаниуæг?
С. Тæригъæд- грех, тæригъæд-
жалость.
- Раст, ацы дзырд у бирæнысанон
дзырд. (СЛАЙД Тæригъæд- грех, тæригъæд- жалость. )
Цавæр æмуидаг дзырдтæ йæм ис
ссарæн?
С. Тæригъæд, тæригъæддаг,
тæригъæдджын, фæтæригъæд кодта.
(СЛАЙД тæригъæд, тæригъæддаг,
тæригъæдджын, фæтæригъæд кодта.)
-Цавæр дзырды хæйтты фæрцы арæзт
цæуынц ацы дзырдтæ?
(Дзуапп: ацы дзырдтæ арæзт цæуынц
разæфтуан æмæ фæсæфтуанты фæрцы.)
(СЛАЙД таригъæд-уидаг, аг-фæсæфтуан;
тæригъæд-уидаг, джын-фæсæфтуан, фæ-разæфтуан, тæригъæд-уидаг)
-Цавæр растфыссынады æгъдæуттимæ
баст сты ацы дзырдтæ?
(Дзуапп: Дзырд «Тæригъæддаг»-ы
фæсæфтуан -аг-ы разæй «Д» кæны дывæр æмæ нæм хъуысы «ТТ», фæлæ дзы фыссæм
дывæргонд «Д», дзырд «Тæригъæдджын»-ы ис фæсæфтуан -джын хъуысгæ та нæм кæны
«ЧЫН».
- Ацы æмбисонды хъуыды куыд
æмбарут?
(Дзуапп: Цæрæгойты нæй æфхæрæн,
уыдоны хъæуы уарзын æмæ хъахъхъæнын.)
- Уырыссаг æвзаджы ацы æмбисонды
хъуыдымæ хæстæг цæвæр ис ссарæн?
(Дзуапп:)
(СЛАЙД эквиваленты Убил бобра, а не нашёл добра.
Не пинай собаку –
судороги потянут.
Где уничтожается природа, там иссякает
жизнь )
Be kind in mind (анг. Помни о добре всегда)
- Куыд баст у нæ эпиграф, абон цы
текстимæ бакуыстам, уыимæ?
(Дзуапп: Цæрæгой бахъыгдарын,
бафхæрын тынг æнцон у, уымæ гæсгæ мах хъуамæ æмбарæм, адæймаг уæлдæр кæй у. Уый
хъуамæ йæ сæрмæ ма хæсса, йæхицæй æдыхдæр чи у, уыдоны æфхæрын, хъуыды кæна
цæрæгойты цардыл дæр.)
- Нæ текстæн цавæр сæргонд ис
раттæн?
(Дзуапп: «Цымыдис хабар», «Мысты
æвæрæнтæ»)
- Хорз. Дзасохты Музафер та йын
радта ахæм сæргонд «Мысты тæригъæд».
Куыд уæм кæсы, ацы темæ абон
актуалон у, æви нæ?
(Дзуапп: о, абон дæр актуалон у
ацы темæ)
- Цæмæй хъуамæ æххуыс кæнæм мах
та цæрæгойтæн? Цы цæстæй сæм хъӕуы кæсын?
Байхъусут-ма Къостайы цардæй иу
цаумæ.
Мысты
æвæрæнтæ
Къоста æмæ Дауыт æрæгвæззæджы хъомы
рад хизынмæ ацыдысты уæлвæзмæ. Къоста иу ранмæ бауад. Кæсы, æмæ иу мыст æхсæр
æхсыны йæ уæрмы раз. Лæппу йæ лæдзæгæй зæхх ракъахта æмæ дзы диссаджы æвæрæнтæ
ссардта, æхсæр акъæрц кæны æмæ аппæй йæ тæккæ дзаг.
-Мæнæ диссаг, ацы ран æхсæр æввахс
куы нæ зыны, уæд сæ кæцæй хъуамæ æрбахастаид?- дзуры Къоста Дауытмæ. -Кæс-ма,
мыст куыд зондджын у æмæ йæхицæн зымæгмæ æвæрæнтæ куыд кæны.
Сæ дзыппытæ æхсæртæй айдзаг кодтой.
Уæд Къоста афтæ зæгъы:
-Фæуадзæм-ма йын дзы, тæригъæд у.
Дауытмæ худæг фæкасти:
-Мыстæн цы тæригъæд кæныс. Къæбæры
дыууæ басылыхъхъы куы бахордта.
-Дадайы карды фистон дæр бахордта,
фæлæ йæ уæддæр уазал зымæджы æххормагæй куыд ныууадзæм.
Къоста æмæ Дауыт мыстæн сæ кæрдзынтæ
ныммуртæ кодтой æмæ сæ йæ хуынчъы нывæрдтой, æхсæртæй дæр ма йын ныууагътой.
-Мыстæн йæ цавæр миниуджыты кой
ракодтой Дауыт æмæ Къоста?
(Дзуапп: Мыст адæмæн знаггад
хæссæг у, уый сын сæ къæбæртæ бахордта, карды фистон дæр бахсыдта)
- Къоста раст бакодта, æви
цуанон?
(Дзуапп: Къоста раст бакодта)
-Куыд уæм кæсы, мыстытæ æрмæст
знаггад кæнынц?
-Алы цæрæгойæн дæр а зæххыл йæхи
бынат ис. Суанг ма мыст дæр пайда хæссы. Быдыры хортæ бæзджынæй куы ссæуынц,
уæд кæрæдзи хъыгдарынц. Фæлæ сæ иутæ мыст куы ахæра, уæд иннæты хур хуыздæр
тавын райдайы æмæ уымæ гæсгæ раттынц хорз фæллой. Уымæй уæлдай-ма мыстæн стыр
ахадындзинад ис «пищевая цепь» кæй хонынц, уым. (СЛАЙД пищевая цепь) Сырдтæй
бирæтæ мыстыты ахсынц. Зæгъæм, уыцы гыццыл цæрæгой нал ис, уæд сырдтæн дæр сæ
нымæц къаддæр кæндзæн. Цæмæй ахæм глобалон уавæрмæ ма æрцæуæм, уый тыххæй цы
хъæуы кæнын?
(Дзуапп: Цæмæй ахæм глобалон
уавæр ма æрцæуа, уый тыххæй хъæуы цæрæгойтыл аудын.)
-Раст уымæ гæсгæ сæвзæрдис
цæрæгойты бæрæгбон, кæцы вæййы хуымгæнæны мæйы.
-Уæдæ нæ урочы темæ абон цы
уыдис?
(Дзуапп: нæ урочы темæ
уыд-цæрæгойтыл аудын æмæ сæ хъахъхъæнын.)
(СЛАЙД Адæймаджы цард æрмæст йæхиуыл
мæтæй нæу Дзасохты Музаферы радзырд «Мысты тæригъæд»-мæ гæсгæ)
-Байхъусут ма Семен Кирсановы æмдзæвгæмæ
«Что значишь ты без
трав и птиц,
И без любви к пчеле
жужжащей.
Без журавлей над
хвойной чащей,
Без миловидных лисьих
лиц?
Когда поймёшь, ты, наконец,
Врубаясь в мёртвые
породы,
О, человек, венец
природы,
Что без природы твой
венец?!!!»
Семен Кирсанов
Рефлекси
Сывæллæттæн райуарын фæрстытимæ
сыфтæ.
-Цы зонындзинæдтæ райстат абон,
уыдон ныртæккæ афысдзыстут ацы сыфтыл.
-Сымах та куыд равдыстат уæ
аудындзинад цæрæгойтыл, уымæ гæсгæ хæдзары ныффыссут цыбыр хъусынгæнинаг «Куыд
аудын цæрæгойтыл?»
-Куыд уæм кæсы, абон куыд
бакуыстат, уымæ гæсгæ уæхицæн цавæр бæрæггæнæнтæ сæвæриккат?
-Цæй-ма, уæдæ, бавдæлæм æмæ мысты
райгас кæнæм. (скъоладзаутæ æмбырд кæнынц пазл)
- Ныр мыст райгас ис, бакæсут-ма,
куыд цин кæны. (зарæг)
-Стыр бузныг уын нæ урочы тыххæй.
Хæрзбон.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.