Кълас 5
Ахуыргᴂнаг: Гᴂдзауты З.И.
Темæ: «Ды дæ мæ цин, мæ цардамонд»
Эпиграф: Зæххыл рæсугъд цæрынæн фидар,
Дыууæ
стыр ныфсы ис лæгæн:
Фыдыбæстæ
æмæ сæрибар
Циу
цард æнæ сымах?-Ингæн
Плиты Грис
Хъуысы
зарæг Ирыстоны тыххæй(слайды с мелодией)
Ахуыргæнæг:
Уæ бон хорз! Абон нæм нæ урочы ис уазджытæ, æмæ сын арфæ
ракæнæм се рбацыды тыххæй.
Аминæт: Ирмæ рагæй буц у уазæг
Уазæг фысымты цин, уарзт.
Уæ ном уын фæндыры зæлтæй арæм,
Цæут нæм алы бон æгас.
(фæндырæй цæгъды Люда)
Ахуыргæнæг : Зæххыл рæсугъд цæрынæн фидар
Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн
Фыдыбæстæ æмæ сæрибар,-
Циу цард æнæ сымах?- Ингæн.
Адæймагæн йæ бон у иунæгæй цæрын? Æнæ бинонтæй, æнæ мад æмæ фыдæй. Æнæ
хиуæттæй? -Нæу
-Ноджы?
- Æнæ райгуырæн бæстæйæ. (слайдтæ æвдыст цæуынц Ирыстоны
æрдз,зындгонд адæм,…)
Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ,зæгъут-ма,цæуыл дзурдзыстæм абон?
- Райгуырæн бæстæйыл,Ирыстоныл.
Ах-г: Абон кусæм къордты. Фыццаг къорд сты «Æрыгон стъалыта, дыккаг-
«Зондабитæ» (сывæллæттæ дзурынц сæхæдæг)
1.Ах-г: Алы къорд дæр бацæттæ кодта гыццыл презентаци Табуафси,
чи райдайдзæн?
(къордта дзурынц сæ бацæттæгонд презентацитæ, дзурынц
кæцæй истой æрмæг)
Ах-г: Бузныг, рæсугъд ныхæстæ загътат уæ райгуырæн
бæстæйы тыххæи. Æцæгæй,адæймагæн æрдз балæвар кæны æппæты стырдар
хъæздыгдзинад-Райгуырæн бæстæ, кæцы нæй аивæн. Махæн нæ чысыл райгуырæн бæстæ у
Ирыстон, аргъауы бæстæ кæи хонынц,уыцы Ирыстон. Чысыл райгуырæн бæстæ- адæймаг
кæм райгуыры ,уыцы хæдзар, кæм схъомыл, уыцы сых , хъæу, стыр фыдыуæзæг та у Ирыстон,
уымæй стырдæр-Уæрæсе.
Ах-г: Зæгъут ма куыд ма хонæм нæ Фыдыбæстæ?
-Райгуырæн бæстæ, фыды уæзæг..
2.Ах-г: Фæйнæгыл хæццæйæ цы дзырдтæ ис, уыдонæй
саразын хъæуы хъуыдыйæдтæ, текст.
1-аг хъуыд-д урс гæххæттытыл. 2-аг-сырх, 3-аг-бур
Рауад нæм хъуыд-тæ :
Ах-г: Æркæсут ма , цавæр хъуыд-тæ нæм рауад? Цыхуызæн
сты?
- Ирыстоны тырыса - æртæхуызон,
-Цы амонынц уыцы 3 хуызы?
-Урс - уды сыгъдæгдзинад, сырх- æхсардзинад, бур-
фарн ,бæркад. Нæ рагфыдæлтæ(скифтæ) дæр дих кодтой 3 къордыл: хæстонтæ, дины
кусджытæ æмæ зæхкусджытæ.
Нарт дæр скифты хуызæн дих кодтой 3 мыггагыл : Æхсæртæггатæ- хæстонтæ,
хъæбатыр адæм, Алæгатæ лæгæй хорз, кувæг адæм, зондамонджытæ , Борæтæ-фæрныг,
мулкæй хъæздыг.
Ахуыр-г: Раздæхæм нæ хъуыдыйæдтæм. Чи у йæ
Фыдыбæстæ афтæ бирæ чи уарзы ,уый?
-Кочысаты Мухарбег.
Ах-г: Æрыгон поэт, уалдзæджы хъармæй чи нæ
бафсæст,афтæмæй лæгæвзарæн хæстмæ чи фæраст æмæ йæ фыдыуæзæгыл чи нал
сымбæлд, æнусмæ æрыгонæй чи баззад. Йæ зарæг ын æрдæгыл аскъуыдта хæст. Йæ цард
мæм кæсы мæнæ ацы саст дидинæджы хуызæн .Рæсугъд, фæлæ цыбыр.( фæйнæгыл
рæсугъд дидинæг, йæ хъæд саст)
Ахуырг-г : Нæ абоны фæсурокты ахуыртæм ма
хъуамæ бацæттæ кодтаиккам амдзавгата.Радзурам ма са.
.
(Аминæ, Дзера, Георгии,Амран)-2 алы къордæй дæр.
Ахуыргæнæг : 3.Алы къордæн дæр дæттын дыгай
нывтæ (стъалы, хур,кæсаг,уызын_Цы зæгъиккат уæхи тыххæи?( Сывæллæттæ
цæттæ кæнынц æмæ дæттынц дзуæппытæ )
- Æз дæн хур, цæрын арвыл , мæ хъарм
тынтæй тавын зæхх. Æз куы нæ кæсон зæхмæ боныгон, уæд уыдзæн талынг. Арв у мæ
бынат, хуыздæр бынат мæ нæ хъæуы.
- Æз дæн мæй. Мæ бынат арвыл у ,
фæлæ æхсæвыгон рухс кæнын зæхх. Æнæкæрон арв у мæ уарзон , мæ райгуырæн
бæстæ. Мæ алыварс цæрынц æрттиваг стъалытæ.Уыдонимæ у мæ хъазт
. - Æз дæн кæсаг, цæрын доны. Æнæ донæй
мын цард нæй. Доны ленк кæнын мæ зæрдæйы дзæбæхæн, æмбæлын мæ бирæ æмбæлттимæ,
семæ ныхас кæнын. Мæнæн мæ цард мæ зæрдæмæ цæуы. Æндæр цард мæ нæ хъæуы .
- Мæныл ис судзинтæ, æз дæн уызын. Æнцонæй мæм ничи
бавналдзæн, мæ судзинтæй алчидæр йæхи иуварс дары. Исчи мæ куы бахъыгдара, уæд
фæфæсмон кæндзæн. Мæ уарзон бынаттæ сты къудзитæ.
(сываллатта са дзуаппытан аргъ канынц)
Мæ зæрдæмæ фæцыд… Нæ фæцыд… Æз та афтæ загътаин… Æз афтæ хъуыды кæнын… Мæнмæ
гæсгæ та…
Физминутка (сываллатты зардама тынг фацыди) дыууæ
къорды сывæллæттæ дæр анымадтой сæхи «фыццаг æмæ дыккæгтыл»(как на
физкультуре-на первые и вторые )фыццаг къорды фыццæгтæ æмæ дыккаг къорды
дыккæгтæ сæ бынæттæ аивтой , стæй иннæтæ дæр афтæ, афтæмæй аулæфыдыстæм)
Абарут: 1-аг къордæн : Фыдыбæстæ(цавæр у?) 2-аг
къордæн: Мад (цавæр?)
Сывæллæтты дзуæппытæ: 1-аг къорд( Фыдыбæстæ у рæдау,
уарзон, зынаргъ,намысджын, райдзаст, æ.а.д.
2-аг къорд(мад у зынаргъ,уарзон,рæсугъд,рæдау,аудаг.æ.а.д.
Кæй дзуапп уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæ? Цы сæ иу кæны?
Хатдзæг: Мад æмæ Фыдыбæстæ иу сты. Адæймагæн
æмхуызон зынаргъ. Уыдон сты синонимтæ (таблицæ
баххæст кодтам)
-Цавæр æмбисæндтæ зонут? Кæм сæ агуырдтат? Кæцы къорд
фылдæр? Сæ мидис? ( Сываллатта дзурынц амбисандта)
5.Ах-г: Уæдæ йæ райгуырæн бæстæ чи уарзы,уый куыд фæхонынц?
- Патриот. Патриот
уарзы—(йæ райгуырæн бæстæ,мадæлон авзаг,
хъахъхъæны-(æрдз, сабиты…
нымайы—(ирон æгъдæуттæ,хистæрты,…
сæрыстыр у - ( йæ адæмæй,райгуырæн бæстæйæ,…
æххуыс кæны_- ( æххуысхъуаг чи æййафы,уыдонæн,…
хъыг кæны- (искæй зындзинадыл,…
Ах-г :Сымах та куыд æмбарут «уарзондзинад Фыдыбæстæм»?
-(хорз кусын, хорз ахуыр кæнын, ирон æгъдæуттæ зонын,
уарзын мадæлон æвзаг, æрдзыл аудын, сæрыстыр уæвын цы зæххыл
райгуырдтæн,уымæй,…
Хъазт: Галиу къухтæ бамбæхсут уæ фæстæ,рахиз
къухтæй аразæм хæдзар. Æнцон у? Нæу? Цæуылнæ? (хæдзар у лыггонд,сæмбырд
кæнын æй хъæуы )
- Хицæнтæй ницы скæнæн ис. Иумæ
кусгæйæ нæ бон бирæ у.
Не хсæн хъуамæ уа æнгомдзинад нæ
алы хъуыддаджы дæр. Иу къухæй кусын куыд зын у, афтæ цæрын дæр. Иумæйаг тыхæн
та иу тых дæр нæ фæлæудзæн, кæддæриддæр ут æнгом æмæ уæд уыдзыстут кæддæриддæр уæлахиз.
6.Ахуыр-г:
Фыдыбæстæ мæнæн у… (баххæст кæнут) -
ме скъола, мæ хæдзар, мæ мад , мæ уынг, нæ цъæх быдыртæ, дидинæгджын фæзтæ, урс-урсид
æхсæрдзæнтæ, нæ рæсугъд уынгтæ, фæлладуадзæн парктæ,
Къоста,Васо,Бало…( æз-----бинонтæ-----хæдзар----уынг----сахар---Ирыстон-----Уарæсе
уый у мæ Фыдыбæста
Проект (Кокойты Альберты хиконд чиныг Ирыстоныл)
Проект (Реуазты Геор «Мæ уарзт- мæ горæтæн»-нывæцæны
хуызы
7.Аразæм мæсыг. Цы хъæуы, цæмæй нæ мæсыг
фидар уа?( на столе макет башни ,она недостроена)
(зонындзинæдтæ,ахуырдзинад , æгъдау,фæллой кæнын, сыгъдæгзæрдæ уæвын,мадæлон
æвзаг уарзын, ирон æгъдæуттæ зонын… Нæ мæсыг у æрдæгарæзт. Цæмæн?
- Уымæн æмæ
ма йыл бирæ кусын хъæуы, бирæ зонындзинæдтæ ма нæ райсын хъæуы…(к башне
прикрепляются выше перечисленные слова, но не до конца. Внутри башни горит
свет, что символизирует тепло, уют в каждый дом)
Рефлекси: Фæйнæгыл ис стыр æмæ рæсугъд хур, йæ зынг цæстæй
уæм кæсы, худы уæм, тавы уæ йæ хъарм тынтæй. Кæд урок уæ зæрдæмæ фæцыд æмæ ног
зонындзинæдтæ райстат, уæд хуры тынтæ фæдаргъдæр кæнут сырх тымбылæгтæй, кæд
уæм урочы мидæг фæзынд зындзинæдтæ, фылдæр зоныны хъуыдытæ,цымыдисдзинад, уæд-цъæх.
Бур равзардзæн,æнкъард кæмæн уыд,уый.
Хатдзæг: Нæ хур сси ноджы рæсугъддæр, ноджы хуыздæр
нæ тавы,йæ тынтæ тынг дард фæцыдысты. Бауырныдта мæ, урок уæ зæрдæмæ кæй
фæцыд,уый. Иу дæр уæ нæ равзæрста бур тымбылæг. Бузныг,мæ зæрдæ уын зæгъы,уæ
гыццыл зæрдæты кæддæриддæр цæрæд уарзондзинад уæ бинонтæм, мадмæ, фыдмæ,
уе мбæлттæм, æнæ уыдонæй нæй Фыдыбæстæ уарзæн. Кæсут чингуытæ, æнæ уыдонæй цард
у мæгуыр æмæ талынг. Ныр та азарæм нæ зарджытæй иу.
Фæстаг слайд(стыр
зæрдæ æмæ сæйраг дзырд « УАРЗОНДЗИНАД»
Нæ ахуырты
кæронбæттæны мæ зæгъын фæнды нæ уазджытæн: « Уемæ ахæссут ацы гыццыл сывæллæтты
зæрдæты хъарм (дети дарят «Сердечки всем присутствующим гостям.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.