ИРОН КÆСТÆРÆН ЗÆРДЫЛДАРÆН
Нæ хорз
кæстæр!
Кæд дæхи
ирон хоныс, уæд дæ зæрдыл дар, нæ адæмы фидæн дæуæй аразгæ кæй у, йæ хъысмæт
дæу къухты кæй ис!
Дæ адæм
дыл æвæрынц стыр хæс, æмæ сæ ма фæсай, гадзрахатæй сыл ма рацу, ма бафæзм чъизи
æмæ æгъдаухалæг æвзæрты!
Нæ
рагфыдæлтæ нын нæ ныууагътой дурæй амад фидæрттæ, стыр сахартæ æмæ бирæ
зæххытæ, фæлæ нын уыдоны ныхмæ ныууагътой стырдæр хæзнатæ: сæ миддунейы арф
философи, сæ æвидийгæ культурæ, сæ диссаджы уæздандзинад æмæ аланты æвзаг.
Незамантæй
нырмæ нæ ирон царды бындур уыдысты Ирон Æгъдау æмæ Адæмы Фарн. Æнæ уыдонæй
ирондзинадæн уæвæн нæй, нæй йын фидæн. Æнæ уыдонæй ирон адæм æнæмæнг цæуынц
сæфтмæ.
Сæфтмæ
нæ абон тæрынц, æнæуаг ныхас æмæ æнæгъдау митæ худинаг кæмæ нал кæсынц, ахæмтæ.
Уыдон барвæндонæй, кæнæ та æнæрхъуыдыйæ, халынц ирон адæмæн сæ рæбинаг цæджындз
– нæ фыдæлтыккон царды æгъдау.
Бæрзонд
бынæттæ, бирæ мулк, цæстмæ митæ, æдзæстуарзондзинад лæггæнæг систы, кæмæндæр та
- æгъдаубарæн.
Карз
нозт нæ цæлгæнгæ, кафгæ-заргæ сæрсæфæнмæ фæтæры. Бирæтæ уый нал æмбарынц, водка
доны бæсты нуазынц. Хъыгагæн, уымæн тынг ахъаз сты иуæй-иу ас адæм дæр, карджын
уæвгæйæ æгъдау чи нæ зоны, æмæ кæстæрты рæдийын чи кæны.
Фыдæлтæй
баззад хистæрæн аргъ æмæ лæггад кæнын, йæ ныхасмæ йын лæмбынæг хъусын. Æмæ уыцы
æгъдау хъуамæ махæн сæфт макуы уа. Фæлæ абоны царды хистæр æргом куы рæдийа,
æгъдау куы хала, уæд æм нæ байхъусын къаддæр зиан хæссы, æнæгъдау ми бакæнынæй.
Кæстæр!
Ныры
дуджы 18-æм æнусы царды æгъдæуттæ ногæй джиппы рауадзæн нал ис, уый бæлвырд у.
Фæлæ не ‘хсæнадон ахастдзинæдтæн ис, ирæттæ цæй фæрцы стæм, æмæ нын иннæ адæмтæ
аргъ цæй тыххæй кæнынц, ахæм бындур .
Уый
фехалын ма бауадз!
Хъæддыхæй
зон ирон агъдауы бындурон домæнтæ, йæ фæзилæнтæ, цы æмбæлы æмæ цы не’мбæлы, æмæ
дæ уыцы зонд хондзæн фарны фæндагыл.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.