Инфоурок Другое Другие методич. материалыОлимпиада "Викторина" 5 класс.

Олимпиада "Викторина" 5 класс.

Скачать материал

Выберите документ из архива для просмотра:

Выбранный для просмотра документ предложение..docx

1.     Хъуыдыйæдтæ  баххæст  кæнут миногæнтæй.

Ирыстоны  цæугæдæттæ сты…

Ирыстоны хъæдтæ сты…

2.     Лæвæрд  дзырдты къордтæй хъуыдыйæдта сараз æмæ сæ ныффысс.

Хæхтæ, бæрзонд,  фидынц, æрдз, нæ, сты.

Хихджын, бæлæстæ,сыфтæрджын, æмæ,  зайы, хъæдты, нæ.

3.     Ныффысс дарддæр дæхæдæг (5 хъуыдыйады)

Адæм тынг уарзынц Джеоргуыбайы бæрæгбон.

4.     Ратæлмац кæнут хъуыдыйæдтæ ирон æвзагмæ

Мне удалось закончить учебный год без троек.

Моему брату удалось прочитат  книгу за два дня.

5.     Саразут дзырдбæстытæ, фæрстытæй пайдагæнгæйæ.

Дугъы уайы (кæдæм?) …, …
Бар ратты (кæмæн?) … ,….
6.Темæ «Зымæг» ныффысут 5 хъуыдыйады
7 «Мæ уарзон дæсныйад.»

 


   
        2 вариант
1.
Хъуыдыйæдтæ  баххæст  кæнут миногæнтæй.

Дзæуджыхъæуы скъолатæ сты ....
Мæ ныййарджытæ сты ….
2. Лæвæрд  дзырдты къордтæй хъуыдыйæдта сараз æмæ сæ ныффысс.
Фæзуат, Ирыстон, дих, у, конд, административон, аст, Цагат.
Зæхх, Ирыстон, суадон, у, хъæздыг.
3. Ныффысс дарддæр дæхæдæг (5 хъуыдыйады)
Адæм тынг уарзынц Джеоргуыбайы бæрæгбон
4. Ратæлмац кæнут хъуыдыйæдтæ ирон æвзагмæ
Руслан не выучил урок,но ему удалось избежать двойки.
Первая осетинская школа была построена в 1764 году в Моздоке.
5. Саразут дзырдбæстытæ, фæрстытæй пайдагæнгæйæ.

Сæрыстур у (кæмæй?) … , …
Тых кæны (кæуыл?) … ,…

6.     Темæ « Зымæг» ныффыссут 5 хъуыдыйады.
7. «Мæ уарзон дæсныйад».



 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Олимпиада "Викторина" 5 класс."

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 3 месяца

Специалист по продажам

Получите профессию

Няня

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Выбранный для просмотра документ Повторение пройденного материала 6 класс..doc

6 «   Б  »  къласы ахуырдзау

___________________________ 

 

Олимпиадæ ирон æвзагæй 6-æм къласæн.

 

1. Фыд æмæ йе `взонг фырт æрбакодтой сæ куыдзы Терчы был…æронмæ. 2. Æрмахуыр цæрæгойы хуыз – æдзæллаг, азтæ йыл сæ фæд ны…агътой, мæлæты къахыл лæ…ыд. 3. Æвæццæгæн æмбæр…та йæ царды хъысмæт цæуыл ахицæн уыдзæн, уый.

4. Уæддæр йæ зæронд цæстытæй æууæнчы каст кодта фыд æмæ фыдмæ, хатгай æнахуыр тæригъæддаг ниуд бакæнгæйæ. 5. Фырты къухы уыди го…аг. 6. Фыд куыдзы бæрзæйыл фæхæцыд æмæ йæ го…аджы ны…æрста. 7. Йæ ком ын фидар ны…аста. 8. Райхъуыст куыдзы æнкъард ниуын. 9. Уый фæстæ го…а…ы тъыллупп фæцыди ивылд доны…10. Цыма фыд ницы фыдракæнд, ницы бæллæх сарæ…та, уыйау йæ къухтæ ахсадта æмæ йæ фыртимæ, æнæдзургæйæ фæцæуæг.

 

1.     Сбæрæг кæнут тексты хуыз, темæ æмæ сæйраг хъуыды

______________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________

______________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________

2.     Текстæн сæргонд æрхъуыды кæнут.

 

3. Тексты ссарут фразеологон дзырдбаст æмæ йæ рафыссут

_______________________________________________________________________

 

4. Тексты цухгонд дамгъæтæ бафыссут.

 

5. Дзырды хæйттæм гæсгæ равзарут:

Фæхæцыд, былгæронмæ

 

6. 4-æм, 6-æм хъуыдыйæдты номдартæн сбæрæг кæнут сæ хауæнтæ.

7. 4-æм хъуыдыйадæй рафыссут дзырдбæстытæ (цасфылдæр)

______________________________________________________________________________________________________________________________________________

8. Рафыссут разæфтуаны фæрцы æмхъæлæсонтæ кæм фæдывæр сты, уыцы дзырдтæ:

______________________________________________________________________________________________________________________________________________

 

9. Равзарут хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ 6-æм, 8-æм хъуыдыйæдтæ.

 

10. Ныффыссут сочинени-миниатюрæ: «Алчидæр зæронд кæндзæн …»

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Олимпиада "Викторина" 5 класс."

Получите профессию

Методист-разработчик онлайн-курсов

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Выбранный для просмотра документ Осетинское народное творчество..doc

 

  Викторина по осетинскому языку

6 класс.

 

Темæ:  «Адæмон сфæлдыстады дунейы».

 

Эпиграф: «Адæмы æцæг историйæн зонæн нæй, йæ дзыхæйдзургæ

                 сфæлдыстад ын куы нæ зонай, уæд».

                                                                                         Максим Горький

 

Викторинæйы хæстæ:

 1) рацыд фольклорон уацмыстыл  афæлгæст саразын;

                                2) сывæллæтты ахуыр кæнын хъуыдытæ раст дзурын,

                                хибарæй хатдзæгтæ кæнын, персонажтæн характеристикæ

                                дæттын; фольклорон уацмыстæн сæ жанртæ  иртасын,

анализ кæнын сын зонын;

                                3) сабиты зæрдæты гуырын кæнын  хæлардзинад,

                                лæгдзинад, хъабатырдзинад æмæ уарзондзинады

                                æнкъарæнтæ; скъоладзаутæм хъомылкæнын

                                тырнындзинад ахуырмæ (фольклоры алыхуызон жанртæ

                                кæсынмæ) æмæ уæлæхизмæ.

Урочы æрмæг: чингуыты равдыст, иллюстрацитæ, грамотæтæ, баллтæ

                            нысангæнæн æрмæг, дзырдбыд.

                                 

Овал: 5 а                                баллтæ нысан кæнынц дидинæджы сыфтæртæ:

                                сырх сыфтæр – æххæст раст дзуаппæн,

                                цъæх сыфтæр – æнæххæст   дзуаппæн.

 

 

 

Викторинæйы цыд:

 

I.  Бацæттæгæнæн хай.

    Аруыргæнæг зæгъы, абоны урочы куыст цы хуызы цæудзæн, сывæллæтты размæ цы хæстæ æвæрд ис, уый тыххæй, зонгæ сæ кæны викторинæйы домæнтимæ.

    Викторийы архайынц 3 командæйы:  6 «Б» къласы ахуырдзаутæ (аллы командæйæн дæр ис раздзог).

   Жюрийы уæнгтимæ базонгæ кæнын.

II.  Сæйраг хай.

      Ахуыргæнæджы цыбыр разныхас.

    - Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, цы у  адæмон сфæлдыстад (скъоладзауты дзуапп).

     Абоны урокмæ эпигрæфæн равзæрстон Максим Горькийы ныхæстæ (кæсын сæ фæйнæгæй). Зæгъут-ма, цы нысан кæнынц ацы ныхæстæ? Цæмæй ацы фарстæн дзуапп раттат, уый тыххæй æрхъуыды кæнут, мингай азты дæргъы цы адæмон сфæлдыстад æвзæрдис, уым цы æвдыст цæуы?

 - Уæдæ-ма зæгъут, цы хонæм адæмон сфæлдыстад?

 - Цавæр ном ма йын ис? (фольклор)

 - Цавæр фольклорон жанртимæ базонгæ стæм?

 - Рахизæм уæдæ нæ викторинæмæ.

 

 

          1-аг хæслæвæрд – фæрстытæн дзуапп раттын.

1. Чи сты Æртæ Нарты? Кæрæдзийæ цæмæй хицæн кæнынц?

   (Æхсæртæггатæ – тыхджын, æхсарджын;

    Борæтæ – бонджын, хъæздыг;

    Алæгатæ –  куырыхон, уаздан, зондджын)

2. Адæмон хъайтар Чермен кæмæй уыди æмæ кæм царди?

    (Тлаттаты Чермен царди Хъобаны)

3. Нарты хæцæн бон уавæр бон уыди?

         (Майрæмбон)

4. Аргъæуттæ сæ хуыдымæ гæсгæ цавæртæ вæййынц?

     (Цæрæгойты аргъæуттæ, цардыуаджы аргъæуттæ, алæмæты аргъæуттæ).

5. Цæмæй фæтарстысты  Нарты адæм, изæрæй сæ фосы размæ куы рацыдысты, уæд?

    (Михыл сæры къуыдыр куы ауыдтой, уæд, Хъулонзачъе Уæйыг æрцæуы,

     зæгъгæ, фæтарстысты).

6. Цæмæй хицæн кæнæм адæмон аргъау литературон аргъауæй?

    ( 1.Адæмон аргъауæн нæ вæййы автор, йæ автор –  адæм; литературон

       аргъауæн та вæййы иу автор;

      2. Адæмон аргъауæн ваййы варианттæ, литературон аргъауæн тæ ваййы

         æрмæст иу вариант).

7. Цæмæй базыдта зæронд лæг, Сарты фырт мæсыджы цъупмæ кæй схæццæ,

    уый?

   (Зæронд лæг бафарста Сарты фырты, кæд мæсыджы сæрæй акаст, уæд

    дзы  цы федта? Лæппу йын разырдта, мæсыджы сæрæй кæй федта

    цыппар мæсыджы: иу дзы – сызгъæрин, иннæ – урс, аннæ – сырх, фæстаг

    та – сау мæсыг).

8. Цавæр кæрдзынтæ уыд Зылын лæгмæ? Раст лæгмæ та?

    (Зылынмæ – æнтыдджынтæ, Раст лæгмæ та – мыдамæстытæ).

9. Цæмæй хицæн кæнынц аргъæуттæ æмæ таурæгътæ?

    (Таурæгъты хъайтар вæййы,  æцæг чи царди, ахæм адæймаг, вæййы йын  

    ном æмæ мыггаг, аргъауы та вæййы æрымысгæ хъайтар. Таурæгъты архайд  фæцæуы  цавардæр бæрæг ран, аргъæутты та – æбæрæг ран. Таурæгъты бындур вæййы æцæг).

 

 

 

      2-аг хæслæвæрд – Базонын, кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ.

 

1. «Цас ын баххуыс кодтаид уыцы къæбæр. Уайтагъд та сæххормаг».     («Раст лæг æмæ Зылын лæг»)

2. «Хъæдгæронæй бахызтысты æмæ иу тæрхъус сæ размæ фæцис».

      («Фаззæттæ»)

3. «Иубон кæсгон æлдар сфæнд кодта хъалонмæ фæцæуын. Йæ чегъретимæ

     рараст и Хъобанмæ».

     («Чермен æлдары лидзæг куыд фæкодта»)

4. « - Дæлæ уыцы лæджы уыныс? Уый æппындæр ницы æмбары. Кæс-ма

     йæм, кæддæра дзы хорз нæ саразин».

      («Зонд æмæ амонд»)

5. «Сæ уæрдæтты  цур хъахъхъæнынæн ныууагътой се΄мбæлттæй иуы æмæ Моргуаты Хадзыйы. Сæхæдæг ацыдысты горæтмæ.»

    («Чермен Калакмæ чырæ ласынмæ куыд  ацыд»

6. «- Дада, нæ рæгъаумæ фæцыдтæн, уыцы рауын-бауын фæкодтон

    нæ бæхты, æмæ дзы мæ аккаг бæх нæ разынд».

         («Сарты фырт»)

7. «Уæд Нарты хистæртæ баунаффæ кодтой, зæгъгæ, куывд саразæм, уырдæм

    æрхонæм æппæт адæмы дæр æмæ равзарæм фосгæс».

     («Батрадз æмæ Хъулонзачъе Уæйыг»)

8. «- Цагъды фæуат, Нарт! Сау хæрæг уын сау митæ бакодта! Уый бæсты уын

    уæ быныскъуыд куы фенин».

    («Батрадз æмæ Тыхы фырт Мукара»)

 

 

3-аг хæслæвæрд – Дзырдбыд баххæст кæнын.

 

ф

æ

н

ы

к

 

а

 

з

о

н

д

 

з

 

æ

 

 Б

 

т

 

æ

м

б

и

с

о

н

д

 

т

 

к

 

ы

 

 

р

 

к

æ

ф

хъ

у

ы

н

д

а

р

æ

 

ы

 

т

 

Б

у

дз

и

 

æ

л

х

у

ы

й

 

 

1.     Къулбадæг усыл чи фæуæлахиз зондæй?

2.     Фиййауы фос бирæгъæн чи хæрын кодта?

3.     Дæлдзæхы кæмæн аласта Сарты фырт хъалонæн æлдары иунæг чызджы?

4.     Цы-иу сæппæрста Сарты фырт мæсыджы бадæг устытæн?

5.     Чи фервæзын кодта æдылыйы ауындзæнæй?

6.     Кæм хъазыди чысыл Батрадз, Нарты куывдмæ йæм куы фæдзырдтой, уæд?

7.     Адæмон сфæлдыстады хуыз.

8.     Мæгуыр лæгæн йæ цæстытæ цæмæй адзæбæх сты?

9.     Цавæр аргъауы ис æппæты фылдæр сырдтæ?

10. Нартæй бонджындæр (хъæздыгдæр) чи уыди?

 

 

 

4-æм хæслæвæрд – «Мах – сымахæн, сымах – махæн».

 

  Командæтæ (кълæстæ) рагацау баццæттæ кодтой   фæйнæ 6 уыци-уыцийы

  æмæ сæ кæрæдзийæн дзурынц. Фылдæр раст дзуаппы цы командæ ратта, уый амбулы.

 

5- æм хæслæвæрд – Дзырдуат баххæст кæнын.

Цы нысан кæнынц дзырдтæ:

1.     Калак –

2.     Мусонг –

3.     Стæр –

4.     Чырæ –

5.     Хъалон –

6.     Сомихаг –

7.     Джебогъ лæдзæг –

8.     Æнтыд –

9.     Идон –

 

6 – æм хæслæвæрд -  Раздзогты ерыс.

I. Æмбисонд кæронмæ ахæццæ кæн:

1. Æдылы хъæдмæ … (дыууæ цыды кæны).

2. Æмвæнд, æмдзырд адæмæн …  (хох дæр нæ лæууы).

     3. Зивæггæнагæн йæ … (гуыл хомæй баззад).

     4. Куыстæн йæ сæр – … (сындз, йæ бын – сой).

     5. Хуры разæй дæр  … (лæг йæ сыхаджы фæны).

     6. Чи цас федта,  … (уый бæрц зоны).

II. Базон-базон, уый та циу?

1.     Йæ къоппа – хырх, йæ дымæг – æхсырф.   (Уасæг)

2.     Сырх у, адджын у, йæ куырæт та цъæх у.   (Харбыз)

3.     Къахынц æй, дасынц æй, уæддæр сын пайда хæссы.  (Зæхх).

 

 

 

7-æм хæслæвæрд – Базонут, кæцæй сты ацы иллюстрацитæ.

  Ахуыргæнæг скъоладзаутæн иугай æвдисы иллюстрацитæ аргъæуттæм, таурæгътæм, кадджытæм.

 

8-æм хæслæвæрд – Æмбисæндтæ чи фылдæр зоны.

            Командæтæ радыгай дзурынц æмбисæндтæ. Се΄мбисæндтæ цы комадæйæн фæуой, уый ерысæй рахаудзæн. Дарддæр тох цæуы дыууæ командæйы æхсæн. Æмбисонд чи нал зона, уыцы командæ фæхæрд, иннæ та – рамбылдта.

 

9-æм хæслæвæрд – Адæмон хъæлдзæг ныхæстæ.

           Алы командæ дæр рагацау бацæттæ кодта чысыл инсценировкæ ирон адæмон хъæлдзæг ныхæстæм гæсгæ.

 

III. Кæронбæттæн:

1)    Ныхасы бар жюрийы уæнгтæн.

2)    Ахуыргæнæг дæр кæны хатдзæгтæ, арфæйы ныхæстæ зæгъы сывæллæттæн, жюоийæн.

3)    Грамотæтæ раттын.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Олимпиада "Викторина" 5 класс."

Получите профессию

Методист-разработчик онлайн-курсов

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Выбранный для просмотра документ Повторение пройденного материала..doc

7 «_а_» къласы ахуырдзау

 

________________________

 

Куыд зонæм ирон æвзаг.( 7-æм кълас).

 

5.2. Цухгонд мыр фæнысан кæн (+).

 

 

дж

ч

чъ

уалдзæ.ы

 

 

 

тæс.ы

 

 

 

мул.ы

 

 

 

лæ.ы

 

 

 

æвза.ы

 

 

 

чины.ы

 

 

 

зул.ы

 

 

 

кадæ.ы

 

 

 

зарæ.ы

 

 

 

 

6.2. Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ цы дзырдты фыссæм, уыдон фæнысан кæн (+).

 

хус.ар

 

сывæл.он

 

бæл.он

 

кæт.аг

 

æвз.аг

 

дис.аджы

 

хал.сартæ

 

цып.ар

 

хъæд.аг

 

 

6.5. Рæдыд цы дзырдты ис, уыдон фæбæрæг кæн (+).

 

сывæллæтæ

 

æмбæлттæ

 

уалон

 

нымæттæ

 

дæтæ

 

цыллæ

 

нылæг

 

хъæддаг

 

мыгаг

 

 

10.5. Дзырдтæ схемæмæ гæсгæ фæнысан кæн (+).

 

 

^

¬^

иронау

 

 

 

сырдимæ

 

 

 

бакæнæгæн

 

 

 

хилæгыл

 

 

 

дзурæгмæ

 

 

 

бацæуæгæй

 

 

 

фæразоны

 

 

 

нывы

 

 

 

кусæгмæ

 

 

 

 

13.2. Номдарты  нымæц фæнысан кæн(+).

 

 

Иууон нымæц

Бирæон нымæц

сабитæ

 

 

хур

 

 

æрсытæ

 

 

галуан

 

 

мæсгуытæ

 

 

горæттæ

 

 

гæлæбу

 

 

скъолатæ

 

 

 

14.2. Сæрмагонд номдартæ фæбæрæг кæн (+).

 

арсен

 

æррадон

 

мадхох

 

уынг

 

коцойтæ

 

умар

 

багаты

 

барон

 

чызг

 

 

15.3. Дзырд, цы фарстæн  дзуапп дæтты, уый фæнысан кæн (+).

 

 

Кæмæй?

Цæмæн?

Сæныкк.. хизæнæй

 

 

Фесæфт йæ мад.

 

 

Баззади сидзæр..

 

 

Алы бон тад.

 

 

Бафсæды кæрдæг..

 

 

Бануазы дон,

 

 

Афтæмæй хъæлдзæгæй

 

 

Арвиты бон.

 

 

 

16.3. Миногонтæ сæ ас, формæ æмæ ад-мæ гæсгæ фæнысан кæн (+).

 

 

ас

формæ

ад

стыр

 

 

 

маст

 

 

 

тымбыл

 

 

 

цæхджын

 

 

 

дæргъæццон

 

 

 

адджын

 

 

 

туаг

 

 

 

егъау

 

 

 

чысыл

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

17.1. Мивдисæгæй цы хъуыдыйæдтæ райдайынц, уыдон фæбæрæг кæн (+).

 

Хадизæт цæры горæты.

 

Æрæмбырд кодта Тугъан кадджытæ.

    

Мад балхæдта гогыз.

 

Араст доны былмæ Таймураз.

 

Дымдта уазал дымгæ.

 

 

18.2. Мивдисæджы æбæлвырд формæ кæцы хъуыдыйады ис, уый фæбæрæг кæн (+).

 

Фидар зоны шахмæттæй хъазын.

 

Тæрхъус амбæхст къутæрты æхсæн.

 

Фатимæйы фæнды Сатанайы хуызæн уæвын.

 

Мурат систа сæгуыты йæ хъæбысмæ.

 

Скъоладзауты хъæуы бирæ зонын.

 

 

19.1. Мивдисæджы афонтæ фæнысан кæн (+).

 

 

нырыккон афон

ивгъуыд афон

суинаг афон

хъазыд

 

 

 

лæууыд

 

 

 

зары

 

 

 

фæцæуы

 

 

 

зилы

 

 

 

фысдзæн

 

 

 

аласта

 

 

 

кæсдзæн

 

 

 

кусдзæн

 

 

 

 

21.1. Хъуыдыйады хуыз фæнысан кæн (+).

                      

 

таурæгъон

хъуыдыйад

фарстон

хъуыдыйад

хъæрон

хъуыдыйад

Дæ мад кæм кусы

 

 

 

Рувасы куыйтæ расырдтой

 

 

 

Рувас бакаст уæрыкмæ

 

 

 

Æнусмæ уæд сабырдзинад

 

 

 

Чи кæны нывтæ

 

 

 

 


I Куыд зонут ныхасы хæйттæ?

 

1. Алы зиллакк дæр  сахорут хъæугæ хуызæй: номдар – бурæй, миногон – кæрдæгхуызæй, мивдисæг – сырхæй.

 

2. Баиу кæнут зиллакк хъæугæ цыппардигъонимæ.

 

 

 

 

 

 

II  Дзырдбыд райхал æмæ базон бындурон дзырд.

 

 

 

1

 

 

 

 

 

 

 

2                                 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

3

 

 

 

 

 

 

 

4

 

 

 

 

 

 

 

 

5

 

 

 

 

 

 

 

 

 

6

 

 

 

 

 

 

 

 

 

1.     ныхасы хай, æвдисы предметы æууæл, миниуæг.

2.     сæ нысаниуæгмæ гæсгæ ныхмæвæрд дзырдтæ хонæм …

3.     дзурæм «мыр», фыссæм …

4.     дзырды хай; кæрон куы аппарæм, уæд баззайы …

5.     дзырды æнæивгæ хай.

6.     дзырдæн йæ ивгæ хай.

 

 

 

 

III Дзырдтæн бафысс сæ антонимтæ:

 

аразы –                                                                  хом –

даргъ –                                                                   туаг -  

зымæг –                                                                 бады -

 

Дзырдтæм бафысс сæ синонимтæ:

 

тыхджын –                                                            фыд (мясо) -

æхсарджын –                                                         сывæллон -   

æвзонг -                                                                 уарын (дождь) –

 

IV Ныффыссын радзырд лæвæрд райдианмæ гæсгæ.

 

Абон  мæ гуырæн бон у. Уыцы бон нæм æрбацæуынц ме `мбæлттæ. Вæййæм тынг хъæлдзæг…

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Олимпиада "Викторина" 5 класс."

Получите профессию

Менеджер по туризму

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Получите профессию

Экскурсовод (гид)

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 655 343 материала в базе

Скачать материал

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 19.10.2016 333
    • ZIP 57 кбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Цеова Марина Исаевна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Цеова Марина Исаевна
    Цеова Марина Исаевна
    • На сайте: 7 лет и 6 месяцев
    • Подписчики: 0
    • Всего просмотров: 18639
    • Всего материалов: 16

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой