Инфоурок Русский язык КонспектыОткрытый урок "Коста Хетагуров"

Открытый урок "Коста Хетагуров"

Скачать материал

Урочы темӕ :  « Мад хъӕбулӕн йе стъалы, йӕ хур у».  Хетӕгкаты Къостайы  хъысмӕт.

 

Урочы нысан: 1. Рафӕлхатын рацыд ӕрмӕг.

                            2. Ӕмдзӕвгӕты бындурыл ныхасы рӕзтыл.

                            3.  Ныййарӕг мадӕн аргъ кӕнын, уарзон цӕстӕй йӕм кӕсын.

 

Урочы метод:   Эксперимент.

Урочы тип:  Бафарст, беседӕ.

Урочы ӕрмӕг: Нывӕцӕнтӕ, презентаци, дзырдуаттӕ, чингуытӕ, музыкалон композици,портрет,                                                                                                                                                                                                                                     

                              эпиграф,иллюстрацитӕ, Къостайы  мады сурӕт.

 

Урочы эпиграф: « О, мад! Сызгъӕрин мад; Дӕ хӕрзтӕй

                                 Ды кӕныс кӕстӕрты ӕнгом.

                                 Тӕхуды зарӕджы ныхӕстӕй,

                                 Ӕнусон чи скӕндзӕн дӕ ном».

                                                                                         Денджызты Уырызмӕг.

                                     

 

                                                          Урочы  цыд.

 

  Организацион хай. Уӕ райсом  хорз, сабитӕ. Ӕрцӕттӕ кӕнут уӕхи урокмӕ.

 

  Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

 

        а. Цы уын уыд хӕдзармӕ лӕвӕрд?

             Дзуапп.

        Тынг раст. Хъуыди уӕ чысыл нывӕцӕн ныффыссын мады тыххӕй. «Цавӕр дидинӕги-

        мӕ абарин мӕ мады?» Иу-цалдӕры фӕрсын индивидуалон хуызы.  

 

 ③ Ног ӕрмӕг бацамонын.

 

            Ахуыргӕнӕджы ныхас: Диссаджы ныхӕстӕ ис алы нывӕцӕны дӕр, фӕлӕ нӕ ног

        темӕмӕ рахизыны разӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм кавказаг мыртӕ. Сты фӕй-

        нӕгыл фыст, фӕйнӕ дзырды ӕрхъуыды кӕнут алы мыримӕ дӕр.

 

                        КЪ                     ХЪ                    ГЪ                  ТЪ                    ДЖ                   ДЗ

       

        Къона, хъӕбул, ӕгъдау, стъалы, адджын, сидзӕр. ( Кӕсынц радыгай сӕ дзырдтӕ.)

             Рӕсугъд ӕмӕ ахсджиаг дзырдтӕ ныффыстат. Райсӕм ма дзырд хъӕбул уырысса-

        гау уыдзӕн ребенок (дзуапп дӕттынц сабитӕ). Тынг раст, дитя, ребенок.

  

        ӕ. Уӕдӕ ма зӕгъут, хъӕбулыл чи фӕузӕлы? Дзуапп.

            Тынг раст загътат, уый мад у, ӕнӕмӕнгӕй, мад. Уӕдӕ махӕн нӕ абоны темӕ дӕр    

        у мадимӕ баст. Скъоладзауты ӕргом аздахын фӕйнӕгмӕ, дзурын сын урочы темӕ

        ӕмӕ нысантӕ. Нӕ абоны урочы эпиграфӕн райстон Денджызы Уырызмӕджы алӕ-

        мӕты ныхӕстӕ. Цӕмӕн сӕ равзӕрстон, ууыл фӕстӕдӕр ӕрдзурдзыстӕм, ныр та

        уал кӕсӕм фӕйнӕгмӕ. Экраныл эпиграф. Кӕсын ныхӕстӕ, стӕй кӕсы иу скъола-

        дзау.

 

         б. Цымӕ цӕмӕн сӕвзӕрыдысты Уырызмӕджы зӕрдӕйы ацы ныхӕстӕ? Дзуапп.

          Ахуыргӕнӕджы ныхас:  Ӕмбарын сын кӕнын эпиграфы мидис. Денджызы фырт цы зӕгъы

     мады тыххӕй , уый федтам, ныр та байхъусӕм Баллаты Валодяйы зарӕгмӕ. Хъуысынц зарӕг

     «Мады зӕрдӕ»-йы зӕлтӕ.

 

     в. Зӕгъут ма мын, цы зӕгъынмӕ хъавыд Валодя йӕ зарӕджы рӕнхъытӕй? Дзуапп.

           Иттӕг раст, дыууӕйӕ дӕр мады тыххӕй загътой сӕ хуыздӕр ныхӕстӕ.

 

          Урочы райдиан цы дзырдтӕ ныффыстат, уыдоны  ͗хсӕн уыд ахӕмтӕ:  хъӕбул, стъалы, мад.

 

      г.  Ацы ӕртӕ дзырдимӕ хъӕуы ӕрхъуыды кӕнын  хъуыдыйӕдтӕ. Алы рӕнхъӕн дӕр йӕхи

          дзырд. Дӕттын уын рӕстӕг.

                 1 рӕнхъ. Къоста у Ирыстоны хъӕбул.

                 2 рӕнхъ. Стъалытӕ судзынц арвыл.

                 3 рӕнхъ.  Мад уарзы йӕ хъӕбулы.

          Рӕсугъд хъуыдыйӕдтӕ ӕрхъуыды кодтат.

            Ахуыргӕнӕджы ныхас: Мад―куыд адджын ӕмӕ фӕлмӕн у ацы ном, хӕрз цыбыр дзырд,

       фӕлӕ дзы цас хъуыды ис, цас.  Ныр та мӕ хуртӕ байхъусӕм ,ацы дзырд куыд равзӕрд, уымӕ.

 

       д. Кӕсынц доклад дзырды равзӕрды тыххӕй.

            Ахуыргӕнӕджы ныхас: Алцы дӕр райдайы мадӕй. Мад у, адӕймаг йӕ цины дӕр, йӕ зы-

       ны дӕр кӕимӕ фӕдзуры, уый. Цал фӕнды азы цӕуӕд адӕймагыл, уӕддӕр ын мад у ӕппӕ-

       ты стырдӕр ныфс. Царды мадӕй зынаргъдӕр ӕмӕ рӕсугъддӕр ницы ис.

            Бирӕ рӕсугъд ныхӕстӕ фыст ӕрцыд ныййарӕджы тыххӕй. Алы фыссӕг дӕр йӕхирдыго-

        нау ӕвдисы йӕ ахаст мадмӕ, стӕй алы ӕвзагыл дӕр алыхуызон хъуыуысы  дзырд « мад».

        Сывӕллӕттӕ дзурынц алы ӕзагыл дзырд мад. Иронау― мад, уырыссагау― мать, англисагау-

        mother. Байхъусӕм ма нӕхи ӕмбӕстон ӕмӕ фӕсарӕйнаг фысджытӕ цы загътой мады тых-

        хӕй, уымӕ.

       дз. Сывӕллӕттӕ дзурынц ӕмдзӕвгӕтӕ.

                                       Ды куы уаис―куыд бирӕ йӕ уарзис.

                                       Ӕмбарис дӕ фырты зӕрдӕ,

                                       Тыхмийӕ, фыдӕй йӕ цӕргӕсау

                                       Ды хъахъхъӕнис царды бӕргӕ…

 

                                       Нӕй ничи мӕ уарздзӕн дӕу хуызӕн.

                                       Мӕ уарзон, мӕ ныййарӕг мад!

                                       Дӕ фырты куы ницыуал уырны―

                                       Ыстыхсын ӕй кодта йӕ цард.

                                                                                                     Къоста.

              Англисаг ӕмдзӕвгӕ хъуысы.

 

                                                           Мама

                                      Хорошо, когда мамы улыбка встречает,

                                      Хорошо, что обиды родная прощает,

                                      Перед сном поцелует, желая добра,

                                      Рядом с нею и праздник, и счастья пора.

                                                                                                     Геннадий Сивак.

   

 

        дж. Зӕгъут ма мын, цымӕ цы зӕгъынмӕ хъавыдысты автортӕ ацы диссаджы рӕнхъытӕй?

                Дзуапп.

                Уырыссаг ӕмдзӕвгӕйы автор дзуры, мад нӕ хӕзна кӕй у, уый. Англисаг автор ӕвдисы

        йӕ мады бирӕ кӕй уарзы, уый. Ирон ӕмдзӕвгӕйы рӕнхъыты автор у Къоста, дзуры дзы йӕ

        хъизӕмар царды тыххӕй ӕнӕ мадӕй, тӕхуды йӕм кӕны. Дзӕгъӕлы ӕзӕрст не  ͗ рцыдысты

       ацы рӕнхъытӕ. Дарддӕр дӕр кусдзыстӕм семӕ.

е. Фӕйнӕгыл  фыст ӕмдзӕвгӕйӕ хъуыдыйӕдтӕ. Фарст чи? ӕмӕ цы?-йӕн дзуапп цы дзырдтӕ

     дӕтты, уыдоны бын бахахх кӕнын. Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм сӕ раиртӕст. Абарын ир-

     он ӕмӕ уырыссаг ӕвзаджы номдарты хицӕндзинӕдтӕ. Фыссынц хъуыдыйӕдтӕ тетрӕдты.

                       (чи?)  Ды куы уаис―куыд бирӕ йӕ уарзис,

                                  Ӕмбарис дӕ фырты зӕрдӕ.

 

                                 Тыхмийӕ, фыдӕй йӕ цӕргӕсау

                      (чи?)  Ды хъахъхъӕнис царды бӕргӕ…

 

                                 Мӕ уарзон, мӕ ныййарӕг мад.   (чи?) 

 

и. Зӕгъут ма мын , мӕ чысыл хуртӕ, уӕ мадӕлты уарзут? Дзуапп.

 

          Ахуыргӕнӕджы ныхас: Мад хъӕуы алкӕй дӕр ӕмӕ алкӕддӕр. Ницы ис мадимӕ абарӕн.

Мадӕн нӕй баивӕн , нӕй йын йӕ хӕс бафидӕн.Мадӕн йӕ хъӕбыс у фӕлмӕн, йӕ къухты хъарм

дӕтты сывӕллонӕн ӕхцондзинад. Гъе ахӕм хъармӕй ӕнӕхай уыд нӕ зындгонд поэт Хетӕгкаты

Къоста.

          Лӕппуйы райгуырд стыр циндзинад у бинонтӕн. Стыр куывд скодтой Хетӕгкаты Елызбары

хӕдзары дӕр. Суанг ма иу абонӕй иннӕ абонмӕ гаджидӕуттӕ уагътой.

         «Кӕд ӕнӕ мадӕй баззадтӕ Къоста, уӕддӕр амондимӕ байрӕз. Леуаны худ-иу бӕрзӕндты

хӕсс. Хетӕгау дӕм зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕ ӕргом куыд цӕуой! Зондӕй къӕдзӕх куыд уай! Нары

хӕхтӕй уӕлӕ Лиайы хохӕй бӕрзонддӕр нӕй, ӕмӕ уый цалынмӕ йӕ бынат ива, уӕдмӕ дӕ кой,

дӕ ном дӕ уарзон адӕмтӕ куыд кӕной».

          Сабийыл дыууӕ мӕйы куы цыд, уӕд амард йӕ мад, схаста йӕ се  ͗рвадӕлты ус Чендзе. Сыл-

гоймаджы зӕрдӕ нал фӕлӕууыд ӕмӕ райхӕлдта авдӕны бӕстытӕ, систа мӕллӕг, фыркуыдӕй чи ныффӕсус ӕмӕ уазалӕй чи ныцъцъӕх, уыцы сабийы. Уайтагъддӕр йӕ фыд ус ракуырдта. Нӕ

йӕ бауарзта Хъызмыдӕ, фыдмитӕ йын кодта. Къоста йӕхӕдӕг дӕр  афтӕ фыста: «Ӕз ӕм ницы дзырдтон, мӕ фыдыус кӕй уыд,уый тыххӕй. Фӕлӕ мын Хъызмыдӕ ӕмӕ Олгъа цы фыдракӕндтытӕ скодтой, уый бӕрц мын ме знӕгтӕ дӕр не скодтой.

         «Ехх, Чендзе! Ды искӕцӕй куы федтаис, куыд дын надтой Годтайы, уӕд дӕ зӕрдӕ аскъуыдаид тӕригъӕдӕй.»

         « Алиддзынӕн Чендземӕ. Рахъаст ын кӕндзынӕн ахуыргӕнӕгӕй. Равдисдзынӕн ын мӕ рӕсыд уӕрджытӕ, стӕй ӕнӕхъӕн бон ӕххормаг уыдтӕн, уый дӕр ын зӕгъдзынӕн»― фыста фӕстӕдӕр йӕ мысинӕгты  Хетӕджы фырт Хъызмыдӕйы тыххӕй.

          Мад хъуамӕ ахӕм ма уа, Къоста куыд зынтӕй аирвӕзт, уымӕ гӕсгӕ йын хъуамӕ тӕригъӕд кӕна, уый та йӕ ӕддзух ӕфхӕргӕ кӕны. Поэт йӕ сабийы бонты цы бавзӕрста, уый равдыста йӕ уацмысты дӕр.

 

к. Зӕгъут ма мын, ӕнцон цард уыд Къостайӕн? Дзуапп.

         Тынг раст. Уӕдӕ уыцы ӕвадат уавӕрты дӕр йӕ ныййарӕг мады никуы рох кодта. Йӕ мад Маройӕн хуызист нӕ баззад. Лӕппу йын йӕ сурӕт йӕхӕдӕг сныв кодта адӕмы ныхӕстӕм гӕсгӕ. Куыст куы фӕци, уӕд ыл хъӕубӕстӕ тынг дис кодтой, куыд банкъардта йӕ мады миддуне,уынгӕ йӕ никуы фӕкодта, афтӕмӕй. Мады зӕрдӕ―хъӕбул зоны, фӕзӕгъынц адӕм, ӕвӕццӕгӕн, канд мады зӕрдӕ нӕ, фӕлӕ ма хъӕбулы зӕрдӕ дӕр мад зоны. Гъе, уыцы бастдзи-

над уыд Къостайӕн йӕ мадимӕ.

 

м. Хъусут мӕм лӕмбынӕг, ӕз уын кӕсдзынӕн хъуыдыйӕдты ӕрччытӕ, сымах та сӕ ӕххӕст

  кӕндзыстут.

         Къостайы схаста Чендзе. Ӕз уарзын мӕ мады. Мӕ мад уарзы мӕн.  Мӕ мад у рӕсугъд. Мӕ

мад у хуры хуызӕн. Мадӕн аргъ кӕн. Мад уарзы йӕ хъӕбулы. Хъӕбул уарзы йӕ мады. Мадау

у ӕгъдауджын. Мад хъӕбулӕн йе стъалы, йӕ хур у.

         Ахуыргӕнӕджы ныхас: Тынг раст. Мадӕн хъӕбулӕй адджындӕр ӕмӕ зынаргъдӕр нӕй. Уымӕн нӕ арӕх фӕхизынц исты уӕззау, проблемон цаутӕй. Ныййарӕг кӕдфӕнды дӕр цӕттӕ вӕййы йӕ хъӕбулы зындзинӕдтӕй бахъахъхъӕнынмӕ. Суанг ма йӕ цард  дӕр ратдзӕн йӕ сабийы сӕраппонд.

           Раст дзырдтой нӕ рагфыдӕлтӕ: « Фыдӕй сидзӕр, сидзӕр нӕу, фӕлӕ мадӕй сидзӕр, сидзӕр  у». Мад бауадзы сабийы дадзинты уарзондзинад бинонтӕм, Райгуырӕн бӕстӕмӕ, уый йӕ сахуыр кӕны фыдыуӕзӕг уарзын. Гъе, ахӕм у мад.

           Ехх, ӕвӕдза! Хъизӕмар царды бынӕй ахӕм ӕрттивгӕ талатӕ чи суагъта, уый алӕмӕты адӕймаг уыд. Ӕрдзон лӕвар уыд ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Чендзейы фыдӕбӕттӕ нӕ фӕдзӕгъӕл сты, стӕй йыл  кувӕг лӕджы ныхӕстӕ дӕр ӕрцыдысты. Чендзе уыд, чи йӕ схаста, уыцы сылгоймаг, фӕлӕ  йӕ йӕ мадӕй къаддӕр нӕ уарзта. Йӕ зын сахат-иу ӕй йӕ хъуыдытӕ, йӕхи Чендземӕ ахаста.

 

           ④  Хатдзӕгтӕ.  

 

 н. Уарзут уӕ мадӕлты? Дзуапп.

 о. Аргъ сын кӕнут? Дзуапп.

           Эпиграфмӕ ма бакӕсут.

 п. Уӕдӕ ис схонӕн мадӕн сызгъӕрин? Дзуапп.

 

                                    Зӕххыл ис иунӕг хӕзна царды.

                                    Ӕмӕ уый мад у, мӕ хур, Мад.

                                    Йӕ рӕвдыд сау дуртӕ дӕр хъары,

                                    Фӕсуры зӕрдӕйы фӕллад…

 

         Уӕ ныййарджытӕн ма кӕнут зын, ма сӕ мӕсты кӕнут. Алы зындзинады фӕстӕ дӕр йӕ сӕры фӕзыны урс ӕрду. Цоты маст бирӕ у, загъд вӕййы. Абонӕй фӕстӕмӕ уӕ ныййарджыты зӕрдӕтӕ куыд рухс кӕнат, уе сгуыхтытӕй, уе  ͗гъдауӕй, ахӕм тых уӕм разынӕд.

 

         Хъуысы зарӕг « Мады зӕрдӕ».

 

            ⑤  Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.

 

            ⑥  Хӕдзармӕ куыст раттын.

 

  Рафыссут дзырдбӕстытӕ, хъӕугӕ дамгъӕтӕ дзы ӕвӕрут, афтӕмӕй.

            Сызгъӕрин мад, хъарм къухтӕ, фӕлмӕн хъӕбыс, зондджын дада, хӕдзары хистӕр, бинонты фарн, гыццыл саби, ныййарӕг мад,  къонайы хъарм, бинонты кӕстӕр, хӕдзары ӕфсин.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                                          МОУ- лицей

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                     Биография Коста Хетагурова.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                                                              Ученица 5б класса Туккаева Даниелла.

                                                     Учитель Вазиева Л.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                       Дзӕуджыхъӕу

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Открытый урок "Коста Хетагуров""

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 3 месяца

Инженер по обслуживанию многоквартирного дома

Получите профессию

Секретарь-администратор

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 662 874 материала в базе

Скачать материал

Другие материалы

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 12.01.2016 663
    • DOCX 28.3 кбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Кесаева Фаина Ацамазовна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Кесаева Фаина Ацамазовна
    Кесаева Фаина Ацамазовна
    • На сайте: 8 лет и 3 месяца
    • Подписчики: 0
    • Всего просмотров: 10332
    • Всего материалов: 5

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Экскурсовод

Экскурсовод (гид)

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс повышения квалификации

Речевое развитие школьников на уроках родного (русского) языка в условиях реализации обновленного ФГОС НОО

36/72 ч.

от 1700 руб. от 850 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 38 человек из 21 региона
  • Этот курс уже прошли 215 человек

Курс повышения квалификации

Методика обучения русскому языку в образовательных организациях в условиях реализации ФГОС

36 ч. — 144 ч.

от 1700 руб. от 850 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 484 человека из 71 региона
  • Этот курс уже прошли 5 630 человек

Курс профессиональной переподготовки

Родной (русский) язык и родная литература: теория и методика преподавания в образовательной организации

Учитель родного языка (русского языка) и родной литературы

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Этот курс уже прошли 87 человек

Мини-курс

Стратегии клиентоориентированного бизнеса

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Экономика и управление

6 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Особенности психологической коррекции детей с различными нарушениями психического развития

3 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 389 человек из 70 регионов
  • Этот курс уже прошли 285 человек