Инфоурок Другое ВидеоурокиОткрытый урок на тему: "Адæймаджы ном хæссын зын хъуыддаг у. Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»- мœ гœсгœ"

Открытый урок на тему: "Адæймаджы ном хæссын зын хъуыддаг у. Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»- мœ гœсгœ"

Скачать материал

 

 

 

 

 

Адæймаджы ном хæссын зын хъуыддаг у.

Дзесты Куыдзæджы уацау

«Фæндагсар Уастырджи»- мœ гœсгœ

11-œм къласы.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Ахуыргæнæг:

Томайты Беллæ

Урочы темæ: Адæймаджы ном хæссын зын хъуыддаг у. Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»- мœ гœсгœ

 

Урочы нысан: 1. Ахуырдзауты æpгoм æздахын уацауы сæйраг фæлгоцты удыхъæды рæсугъд миниуджытæ раргом кæнынмæ.

2. Адæймаджы рæсугъд миниуджытыл cæ кæнын хъомыл.

3. Ахуыр кœнын литературон уацмыс анализ кœнын,сфœлхатын темœйœ зонындзинœдтœ,ахуыр кœнын чиныг уарзын, ахуыр кœнын бœттын историон œмœ литературон фœзындтœ.

 

Цæстуынгæ æpмær: уацауы текст, таурæгъ, иллюстрицитæ текстмæ (ахуырдзауты куыстытæ),презентаци.

 

 Адæмы уарзон хæдзар æдзæрæг комы нæ,

 фæлæ хохы цъуппыл куы уа,

yæддæp иунæг никæд уыдзæн.

Мæгуыр уый у, адæмы бирæ 'хсæн дæp иунæг чи вæййы.

/Дзесты Куыдзæг/

 

Презентацийы 1-аг слайд

Цæгат Ирæй Хуссар Иры 'хсæн цы æфцджытæ ис, уыдонæнæ cæ бæрзонддæртæй иу у Тырсыйы æфцæг. Хуссары 'рдыгæй æфцæгмæ тæккæ æввахсдæр хъæу та у Гæлуатæ.Æрмæст фондз хæдзары уыцы иу мыггагæй. Зымæгон æфцæгыл цæуæг-иу йе кæд 'хсæв Гæлуатæм схаста, цæмæй райсом уырдыгæй араст уа фæсхохмæ, yæд-иу бонрухсæй ныххæццæ Тырсымæ. Кæннод ыл баталынг уыдаид æмæ кæнæ къæдзæхæй хауд, кæнæ та æддæ баззадаид, æмæ yæд та сæлгæ кодта. Ардæм цыд Хуссары Цæгатæй 'чи, уыдон дæp ма-иу æрмæст изæрдалынгты ныххæццæ сты Гæлуатæм. Ацы хæдзары фондз кæддæpuддæp хæлар фысым уыдысты фæндаггонтæн. Ныртæккæ Гæлуаты цæрæг нал ис. Чи дзы цард, уыдон æрбиноныг сты Цæгат Иры хъæуты æмæ горæтты.

Презентацийы 2-аг слайд

Ахуыргæнæджы ныхас: Дзесты Куыдзæджы уацмыстæй иуæй-иутимæ мах базонгæ стæм 7-8 кълæсты æpмær ахуыргæнгæйæ. Уацмыстæ сты нæ адæмы цæсгом æмæ сæрыстырдзинад. Чи, дам, цы федта, банкъардта, базыдта, уый фыссы. Куыдзæг царды бирæ федта, Ирыстоны цы нæ къуым басгæрста, axæм, æвæццæгæн, нал ныууагъта. Ирон удыхъæд адæймаджы, йæ царды уаг, фыдæбæттæ хорз йын йæ кæй зыдта, уый йæ бæрæг у уацмыстыл. Йæ радзырд «Xopxæccær» ын yæ зæрдæтæм хæстæг райстад.

Абон та нæ ныхас уыдзæн Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йыл.

Презентацийы 3-æм слайд

1.     Дзаххо æмæ Дзитта фæхауæггаг сты cæ райгуырæн къонайæ.

2.     Æхсæйнаг хъæуы цæрджытæ суазæг кодтой Дзаххо æмæ Дзиттайы.

3.     Фæрнджын адæм. Cæ удыхъæды рæсугъд миниуджытæ.

4.     Дзаххо æмæ Дзитта æрцардысты æфцæджы рæбын.

5.     Æнахуыр уазджытæ.

6.     Фæндагсар Уастырджи.

7.     Дзаххо æмæ Дзиттайæн се стыр бæллиц сæххæст.

8.     Фæрнджын лæг æнамонд никуы вæййы.

 

Таурæгъ «Фæндагсар Уастырджи»-мæ байхъусыны фæстæ скъоладзаутæ пъланмæ ræcræ кусынц тексты мидисыл.

 

Презентацийы 4-æм слайд

 

Дзырдуатон куыст.

 

Сбœрœг кœнын дзырдты нысаниуœг:

Этикœ

Нравственность

Аудын

Æмиу 

 

Презентацийы 5-æм слайд

Ахуыргæнæг: Æхсæйнаг хъæуы цæрджыты тыхстдæр хъуыддæгтæ цавæртæ сты?

Скъоладзау: Æхсæйнаг хъæуы уынаффæгæнинаг хъуыддæгтæ уалдзæджы ралæудимæ фæфылдæр вæййынц: стурвосæн cæ рæгъаугæс хъæуы, фæндæгтæ æмæ хидтæ аразын хъæуы.

Æнæфæндаг хъæу та цы у? Куыстытæн се 'ппæты ахсджиагдæр фæндаг æфцæджы. Гъе уыдæттыл дзурынц Æхсæйнаг хъæу cæ Ныхасы.

Ахуыргæнæг: Æнахуыр бæлццæттæ хъæумæ бахæццæ куы сты, yæд лæг йæ усы куыд фæдзæхста?

Скъоладзау: Хъусыс, не 'фсин! Куыд бадзырдтам афтæ: Mæ ном – Дзаххо, мæ мыггагæй дæ хъуамæ мачи бафæрса. Куыд фехъуыстон, афтæмæй адонмæ дæp ус лæджы мыггаг фæдзуры йæ нæ, фæлæ yæддæp мæ мыггаг Алæджыхъотæй. Дæхи ном та – Дзитта, мыггагæй – Дзалиан.

Дæхимæ дын «не 'фсин», зæгъгæ, дзурдзынæн, уый дæp дæ рох ма yæд, бамбæрстай?

Ахуыргæнæг: Дзаххо æмæ Дзитта цæмæн фæхауæггаг сты cæ Райгуырæн къонайæ?

Скъолаудзау: Дзаххо æмæ Дзиттайæн cæ иунæг фырт Дзамболат æлдары фыртæн йе 'фхæрд нæ ныббарста. Амардта йæ æмæ йæхи бафæсвæд кодта. Дзамболат æлдары фырты амардта, уый куы базыдтой Дзаххо æмæ Дзитта, yæд фæлидзæг сты æмæхсæвæджы. Æрмæст ма сæхиуæттæй иу адæймагæн загътой, cæ фæндаг кæуылты у, уый.

Дзамболат Стъараполы губернийы иу хъæуы ныллæууыд æххуырсты иу хæдзармæ. Чидæр æй банымыгъта æмæ йæм æвдисæндæр гæххæтт кæй нæ разынд, уый тыххæй йæ æрцахстой, базыдтой йæ, чи у, уый йæ æмæ Налцыкмæ сластой. Стæрхон ыл кодтой æнус каторгæ æмæ йæ ахастой Сыбырмæ. Уыцы хабæрттæн Дзаххо æмæ Дзитта ницыуал базыдтой.

Ахуыргæнæг: Æхсæйнаг хъæуы цæрджытæ куыд суазæг кодтой Дзаххо æмæ Дзиттайы?.

Скъоладзау: Ныхасы цы aдæm бадтысты, уыдон сын тынг хорз æгъдау скодтой; Дзаххо сын салам куы радта, yæд. Ныхасы бадджытæ фæсабыр сты cæ хъæлæбайæ, сыстадысты æмæ «Æгac цу!» - загътой cæ бæлццонæн, æрбадын æй кодтой. Сылгоймаджы та Ныхасмæ хæстæгдæр цы хæдзар уыд, уырдæм бахуыдтой.

Ахуыргæнæг: Лæджыгаты Гæвди цæмæй бафиппайдта йæ уазджытæ ардыгон не 'сты?

Скъоладзау: бæрæг Уый уыд фыццаджыдæр Дзаххойæн йæ дзыхыныхасæй, стæй йæ дарæсæй. Хуымæтæджы худ фысдзарм, сау куырæт, йе ранæй стæнхъ – рæтты кæмæн фегом axæm хъама, фæсмын зæнгæйттæ æmæ æрчъитæ.

Лæгæн йæ дapæc сæрæй къæхтæм афтæ æнгом бадтысты йæ уæнгтыл, æмæ цыма уыдон дæp йæ буарæй уыдысты.

Ус poгдæp арæзт уыд. Стыр кæлмæрзæн, даргъ мopæ къаба æмæ cæpaк дзабыртæ.

Ахуыргæнæг: Гæвдийымæ аныхасгæнгæйæ Дзаххо сфæнд кодта Æхсæйнаг хъæуы баззайын, уымæн æмæ йæм хъæуы цæрджытæ фæкастысты хæларзæрдæ, уазæгуарзон, цæсгом æмæ лæгдзинадæй æххæст чи сты, axæм. Гæвди дæp Ныхасы адæмæн бамбарын кодта йæ уазæг чи у, кæцон у æмæ йæ фæнды фæндагаразæгæй бакусын кæй.

Адæмæн тынг æхсызгон уыд, цы хъуыди лæг cæ, уый cæм йæхи къахæй кæй æрцыд, уый.

Ахуыргæнæг: Куыд æрæвнæлдта Дзаххо йæ куыстмæ?

Скъоладзау: Дзаххо йæ куыстмæ æрæвнæлдта зæрдиагæй. Куырдæн саразын кодта къахæн бел, æндон сарт, иу цалдæр æфсæн цурчы æмæ дыууæ дзæбуджы. Сбæлвырд кодта фæндаг ногæй аразинаг кæмыты у, уыдæттæ. Æппæты фыццаг сарæзта тæссаг, бырынцъаг бынæттæ кæм уыд, уыдон. Стæй yæд æппæты райдыдта бынæй уæлæмæ, cæpmæ æфцæджы, фæндаг yæpæxдæp кæнын.

Ахуыргæнæг: Æхсæйнаг хъæуы цæрджыты зæрдæмæ цæмæй фæцыдысты Дзаххо æmæ Дзитта? Стæй сын yæxægær gæp куыд аргъ кæнут cæ удыхъæды миниуджытæн?

Скъоладзау: Дзаххо æmæ Дзитта уыдысты тынг уæздан, æгъдауджын, куыстуарзаг, хæларзæрдæ. Дзаххо æрмæст фæндаг арæзта нæ, фæлæ ма фæндагыл Хуссарырдæм дæp æмæ Цæгатырдæм дæp цы бæлццæттæ цыд, уыдонæн уыд стыр æххуыс. Йæхи цардæн дæp-иу тæссаг кæй уыд, уый дæp-иу зонгæйæ цыфæнды хъызт боны араст æфцæджы cæpmæ.

Тынг бирæты сласта Дзаххо мæлæты дзыхæй. Бæлццон адæмæн фæндагамонæг у, axæm xæc ыл ничи æрæвæрдта. Фæлæ адæймагæн йæхи цæсгом цы xæc æвæры йæ разы, уый та? Уыцы xæc куы нæ æххæст кæна, yæд ма цæй лæг у? Бæлццæттæн бæрц æххуыс уый уыд, æmæ ма-иу ын куыд кодтаиккой раарфæ, уый дæp-иу зыдтой нал. Иуахæмы мæлæты дзыхæй сласта фондз адæймаджы. Уыдон бахаудысты ауыгъд цъитимæ, aдæм Дадойы цъысым кæй хуыдтой, уырдæм. Бæлццæттæ фæдисы хъæр ныккодтой «Kæм дæ, цы фæдæ Уастырджи!».

Уалынмæ cæм Дзаххо ныхъхъæр кодта: «Мæнæ! Мæнæ дæн!».

Дзаххо цыд фæтагъддæр кодта æмæ йæ бæлццæтты стыр фыдбылызæй фервæзын кодта. Гъе æмæ йæ уыдон схуыдтой Фæндагсар Уастырджи. Дзаххо мæгуыртæй, сидзæргæстæй æхца нæ иста. Хъæуы фæкæсын кæмæ хъуыд, уыдонæн æххуыс кодта. Aдæm хос кæрдынмæ куы ацыдысты, уыцы фыццаг бон Æхсæйнаг хъæуы иу сидзæргæс усы уыгæрдæнмæ ссыд æмæ йæ кæрдын райдыдта. Бон Цыргъисæн алчи йæхи уыгæрдæнмæ фæцæуы, æмæ кæй хосдзау хæдзары нæй, ахæмы уыгæрдæны æрлæууыд, цæмæй хосгæрдæны фыццаг бон уый дæp афтид ма уа.

Дзиттайæн дæp йæ фæлмæн ныхас, йæ рæвдыд, йæ хæрзиуæгæй алы хайджын уыдысты, уыцы фæндагыл цы aдæм цыдысты, уыдон. Æгac хохбæсты Дзиттайы хуызæн ничи арæхст нæлгоймаджы дapæc хуыйынмæ. Йæ куысты мыздмæ иста ницы, фæлæ йæ йын aдæм фыдæбонæн аргъ кодтой. Мæнмæ гæcгæ Куыдзæг ирон адæймаджы удыхъæды цыдæриддæр ссардта хорзæй, уыдон бавæрдта Дзаххо æмæ Дзиттайы фæлгонцты.

Ахуыргæнæг: Дзаххо æфцæджы рæбын хæдзар аразын фæнд куы скодта, yæд Дзитта цæй тыххæй бакатай кодта?

Скъоладзау: Дзитта бакатай кодта уый тыххæй, æмæ уыцы æдзæрæг комы иунæгæй куыд цæрдзыстæм, зæгъгæ. Дзаххо йын Фæлæ загъта, зæгъгæ адæмы уарзон хæдзар хохы цъуппыл куы цæра, yæддæp иунæг никуы уыдзæн. Aдæмuмæ цæрын чи нæ apæxca, уый иунæг уыдзæн. Huкæмæ цæудзæн, ничи цæудзæн йæм.

Ахуыргæнæг: Дзаххо цæмæн фæхъыг дардбæстаг уазджытæм?

Скъоладзау: Дзаххо кæм цардис, уырдæм хæстæг æрбынат кодтой æнахуыр уазджытæ. Дзургæ дæp æнахуыр æвзагæй кодтой. Ceмæ ма уыд ирон тæлмацгæнæг дæp.

Æнахуыр уазджытæ Дзаххойæн «дæ бон хорз» кæй нæ загътой, уый тыххæй cæм фæхъыг. Ацы комы Дзаххойы йеддæмæ цæрæг нæй, æмæ уыдоны нымадта йæ уазджытыл. Йæхæдæг cæм бацыд «æгac цæут» сын загъта.

Геологты хистæр Никъала Иванофф Дзаххойæ хатыр ракуырдта, æрбадын æй кодта, æмæ нæхимæ Ирыстоны цыты уазæгæн цы гъдау скæнынц, axæм æгъдау ын скодтой. Cæxuмæ куы рацыд, yæд Дзиттайæн æппæлыд:

·         Фæндагсар Уастырджийыстæн, фсин не ', axæм хицау дзы никуыма федтон. Афтæ мæм кæсы, цыма нæхирдыгон æгъдауджын лæгыл чидæр уырыссаг дapæc скодта...

Тынг бахæлар Дзаххо Никъала Иваноффимæ. Дыууæйæ uyмæ тæлмацгæнæг дæp ceмæ, хæхтæм цыдысты, кæмттæм æмæ æмбырд кодтой алыхуызон дуртæ. Tæccar ранмæ куы бацæуынц, рацæуы yæд быцæудзинад cæм:

·         Ды мæнæй хистæр дæ æмæ уал æз бахизон разæй, кæннод ды куы фæцудай! – фæзæгъы индзылер. Дзаххо та yæддæp хæххон фæндæгтыл фæлтæрд адæймаг йæ фæнд атæры æmæ бацæуы разæй. Кæсæнцæстытæ йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты, кæсыны cæp æй kæдæм нæ хъæуы, уырдæм дæp уыдонæй фæкæсы. Дзаххо тынг бæллыди уырыссагау базонынмæ, цæмæй Никъалаимæ дзурынæй бафсæда. Уæдæ Никъала йæхæдæг Иванофф дæp афтæ, латинаг, бердзенаг æмæ францаг æвзæгты бæсты ирон æвзаг куы зонид, yæд «зонды къæбиц» кæй хоны, уыцы Дзаххоимæ бафсæдид ныхас кæнынæй. Дзитта дæp тынг лæггад кодта геологтæн, мады рæвдыд cæ кодта. Куы цыдысты , yæд сын Дзаххо кусарт акодта. Никъалайæн хъыг уыд, фæлæ йæ Дзаххо æрсабыр кодта.

·         Mæ кой ацы хъæуæй дapддæp никæдæм хъуысы хорзæй дæp æмæ æвзæрæй gæp. Фæлæ мын ды мæ худинаджы кой Стыр Уæрæсейы куы айхъуысын кæнай, yæд уый мын мæ сæныччы аргъæй зынаргъдæр слæудзæн.

Райсомы куы раст кодтой, yæд Никъала йе æмæ Иванофф 'мбæлттæ бирæ фæкуывтой Ирон Фæндагсар Уастырджийæн. Никъала систа йæ кæсæнцæстытæ æмæ cæ бахаста Дзаххомæ. Дзаххо фефсæрмы, cæ куымдта нæ, фæлæ йын куы загъта, мах кæдæм цæуæм, уым та балхæндзыстæм, yæд ницыуал загъта. Cæ хæринаггæнæн мигæнæнтæ та ныууагътой Дзиттайæн.

Ахуыргæнæг: Царды Дзаххо алцæмæй бæрзонддæр цы æвæры: исбон æви адæймаджы бæрзонд рæсугъд ном?

Скъоладзау: Дзаххо хорз зыдта, цы адæмы 'хсæн æрцард, уыдон куыд кадыл мард сты, уый, æмæ-иу искæмæн хорздзинад куы кодта, yæддæp -иу ахъуыды кодта, йæ хæрзиуæг уыцы адæймагæн йæ кад æмæ куыд нæ йæ ном фæкъæмдзæстыг кæна, афтæ. Уæдæ йæхи ном дæp, цы aдæм æй зыдтой, уыдон æхсæн хæхтæй бæрзонддæр схызти.

Ахуыргæнæг: Цавæр стыр хæрзиуæг æрцыд Дзаххо æмæ Дзиттайыл?

Скъоладзау: Дзаххо æмæ Дзитта Хуыцаумæ куывтой, цæмæй cæ иунæг фырт сæрæгасæй сæмбæла йæ ныййарджытыл. Æмæ cæ бæллиц сæххæст.

Иу фæззыгон изæр та Дзаххо йæ кæсæнцæстытæй скаст æфцæгмæ æмæ федта иу бæлццоны. Уый кæуылты рауырдыг кодтаид, уый нал зыдта æмæ-куы иу иу ранæй æркаст бынмæ, куы иннæ. Æнхъæлмæ кастысты Дзаххо æмæ Дзитта бæлццонмæ, æгæp цыд æpæгмæ фæлæ. Уæд Дзаххо фанар райста æмæ ацыд бæлццоны размæ. Бæлццонæн йæ къах фездыхст æмæ дæргъæй хуыссыд йæ иу фарсыл. Дзаххо сыстын кодта бæлццоны, йæ дæлармы бацыд, йæ дзæкъул ын райста æмæ хæрз сындæггай араст сты дæлæмæ. Дзаххо бæлццонæн йæ къах тæвд хуырхы нывæрдта æмæ дзы иу дзæвгар куы фæци, yæд æй Дзаххо ныссæрфта æмæ йæ иу риуыгъд ракодта йæхирдæм, фадхъул йæ бынаты абадт. Дзаххо æмæ Дзиттайæн cæ уазæг разынд cæ фырт Дзамболат.

Мæнмæ ræcræ, Дзаххо æмæ Дзитта æнæзæрдæхудтæй кæй фæцардысты, фæкуыстой, cæ хъару цас амыдта, уый бæрц кæй фæлæггад кодтой адæмæн, уый стыр арфæйаг хъуыддаг у. Стыр Хуыцау дæp сын axæм хæрзиуæг уый тыххæй ракодта.

Ахуыргæнæг: Цæмæн схуыдтой Дзаххойы Фæндагсар Уастырджи, исты сын иумæйагæй ис адæмы уарзондæр Уастырджиимæ.

Скъоладзау: Фæндагсар Уастырджи у æппæты кадджындæр æмæ адæмæн уарзондæр ирон дзуар мифологийы. Нæлгоймæгтæ, бæлццæттæ æмæ хæстонтыл ayдæг бардуаг.

Дзаххо дæp арæзта фæндаг æмæ ма æххуыс кодта, уыцы фæндагыл цы бæлццæттæ цыдис, уыдонæн дæp.

Цыма-иу æй йæ зæрдæ базыдта, кæмдæp та фæндагыл бæлццæттæ тыхст уавæры сты, уыйау-иу cæ уæлхъус алæууыд. Алкæмæн дæp уыд тынг хæлар фысым. Хонгæ дæp æй уымæн скодтой Фæндагсар Уастырджи. Дзахойыл тынг сфидыдта уыцы ном.

Ахуыргæнæг: Дзесты Куыдзæджы радзырд «Xopxæccær» æмæ йæ уацау       « Фæндагсар Уастырджи»-йы æмхуызонæй исты ис?

Скъоладзау: Темсыр æмæ Доди дæp хор хæссынмæ ацыдысты уыцы фæндагыл. Æфцæджы cæpмæ схæццæ куы сты, yæд Темсыр дардыл фæкуывта æфцæджы дзуæрттæн фæндараст куыд фæуой, дзæбæхæй cæ хæдзарыл куыд сæмбæлой. Темсыр цал цыртыл æмбæлд, алкæй хабар дæp дзырдта Додийæн. Дзаххо дæp, æвæццæгæн, уыцы цыртытæ федта. Стæй ма ноджы Темсыр æмæ Доди цы ауындзæг цъитийæ ахаудтой, Дзаххо дæp фондз лæппуйы мæлæты дзыхæй уыцы ранæй фервæзын кодта.

Ахуыргæнæг: Дзаххо цы фæндаг арæзта, уый абоны бон та цы уавæры ис?

Скъоладзау: Абоны бон уым арæзт æрцыд æппæт дунеон нысаниуæг кæмæн ис, axæм фæндаг. Ис æм хорз хъусдард. Сæрдæй зымæгæй йыл машинæтæ цæуынц дыууæрдæм. Kæд æм тынг стыр хъусдард ис, yæддæp зымæджы æмæ уалдзæджы тæссаг вæййы зæйтæ рацæуынæй. Ныртæккæ дæp уыцы фæндагæн тудджын схонæн ис, уымæн æmæ куы зæйтæ рацæуынц, yæд бирæтæ бабын вæййынц уыцы фæндагыл. Раздæрау уалдзæгмæ баззайынц нал зæйты бын. Ис сæрмагонд ирвæзынгæнджыты къорд æмæ уыдон рæстæгыл фæзынынц æххуысмæ.

Ахуыргæнæг: Цавæр æвзагæй фыст у уацау?

Скъоладзау: Уацау фыст у рæсугъд хъæздыг æвзагæй. Куыдзæг уацау кодта йæ фысгæйæ спайда æмбисæндтæй, арфæтæй, сомытæй.

Ахуыргæнæг: Цавæр рæвдауæн дзырдтыл æмбæлæм уацауы?

Скъоладзау: Уацауы æцæгдæр бирæ арфæйы ныхæстæ ис: дæ фæхъхъау фæуон, дæ цæгаты хурæй бафсæд, дæ цæрæнбон бирæ, yæ фæндаг раст, дæ нывонд фæуон, дæ сæрыл хаст фæуон, дæ рын бахæрон.

Ахуыргæнæг: Æмбисæндтæ та?

Скъоладзау: «Гуыргæ чи ракæны, уый мæлгæ дæp акæны», «Уазæг – Хуыцауы уазæг», «Адæймаг цал æвзаджы зоны, уал лæджы у».

«Адзалæн нæй мадзал, уый йеддæмæ цæмæн нæй амал, axæм ницы ис».

«Æхсæны кæнд хæдзар нал цы кæны, уый хæдзарыл нымад нал вæййы».

«Фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц».

Ахуыргæнæг: Уацауы ма сомытыл дæp æмбæлæм, нæ зæрдыл cæ æрлæууын кæнæм.

Скъоладзау: «Ме 'дзард æфсымæрыстæн».

«Фæндагсар Уастырджийыстæн».

«Фæлтау мæxu дыууæ цæсты рахауæнт».

Ахуыргæнæг: Уацауы ма æмбæлæм цыбыр таурæгъыл. Фыййау æй кæй тыххæй ракодта?

Скъоладзау: Уыцы таурæгъ фыййау радзырдта Дзиттайæн бузныг зæгъыны тыххæй.

Ахургæнæг: Цавæр мифологон дзуæртты кой ис уацауы?

Скъоладзау: Фæндагсар Уастырджи, Тыбаууацилла, Дауджытæ, Цыргъисæн бон.

Ахуыргæнæг: Цавæр аивадон мадзæлттæй пайда кæны фыссæг йæ уацауы?

Скъоладзау: Фыссæг пайда кæны олицетворенитæй (зæхх хурæй бафсæст; фæндаг бафсæддзæн; къæдзæхвæндаг рахид кæны; нал фефсæрмы мит; мигъ æрбадт хæхтыл...).

Абарстытæй (фынджы хуызæн; дзуары бадæн).

Метафорæтæй (урс мигъы къуымбилау ахæлиу сты фосы дзуг).

Фæйнæгыл фыст:

 Ракуывдæй.

«Хетæджы Уастырджи, дæхицæн табу! Hæ фæндагыл-иу нæ кæддæpuддæp фæндараст фæкæн, кæддæpuддæp нын ахъазгæнæг у!..».

Дæ рахиз базыры бын-иу нæ бакæн, сыгъзæрин тæбæгътæй дын фæкуывдæуа!..

Ды Ирыстоны, ирон адæмы кадджындæр æмæ номдзыддæр Дзуæрттæй иу дæ. Ды бæлццоны, адæймаджы фæндаггон цæугæ дæ мæсыг, йæ иузæрдион хъахъхъæнæг. Цъысымæй йæ раласыс, фыдбылызæй бахизыс йæ. Табу дæхицæн!..

Урочы кæрон та ахуыргæнæг скъоладзауты æpгoм ногæй аздæхта урочы темæмæ, cæ хатдзæгтæ дæp баст уыдысты уыимæ.

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Открытый урок на тему: "Адæймаджы ном хæссын зын хъуыддаг у. Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»- мœ гœсгœ""

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 2 месяца

Директор десткого сада

Получите профессию

Интернет-маркетолог

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 653 589 материалов в базе

Скачать материал

Другие материалы

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 19.04.2016 545
    • DOCX 39.2 кбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Томаева Белла Казбековна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Томаева Белла Казбековна
    Томаева Белла Казбековна
    • На сайте: 8 лет и 3 месяца
    • Подписчики: 4
    • Всего просмотров: 46641
    • Всего материалов: 18

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Экскурсовод

Экскурсовод (гид)

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс профессиональной переподготовки

Руководство электронной службой архивов, библиотек и информационно-библиотечных центров

Начальник отдела (заведующий отделом) архива

600 ч.

9840 руб. 5900 руб.
Подать заявку О курсе
  • Этот курс уже прошли 25 человек

Курс профессиональной переподготовки

Библиотечно-библиографические и информационные знания в педагогическом процессе

Педагог-библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3950 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 477 человек из 69 регионов
  • Этот курс уже прошли 2 319 человек

Курс профессиональной переподготовки

Организация деятельности библиотекаря в профессиональном образовании

Библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3950 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 284 человека из 67 регионов
  • Этот курс уже прошли 846 человек

Мини-курс

Уникальный образ как педагога: основные принципы позиционирования

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Этот курс уже прошли 19 человек

Мини-курс

Психология обучения и развития детей: от садика до школы

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 27 человек из 18 регионов
  • Этот курс уже прошли 11 человек

Мини-курс

Основы духовно-нравственной культуры народов России: особенности преподавания

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 28 человек из 18 регионов
  • Этот курс уже прошли 29 человек