ЛТæРТЫ
Темæ:
Мивдисæг.
Æриугæнæн урок.
Урочы нысантæ:
1. Ахуыргæнинæгтæ мивдисæгæй цы зонындзинæдтæ
райстой, уыдон зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ сæ ныффидар кæнын алыхуызон
хӕслӕвӕрдты руаджы;
2. Ахуыр кæнын скъоладзауты мивдисæджы хъæздыг
лексикæйæ пайда кæныныл; ныхасы рæзтылбакусын;
3. Рæзын кæнын мадæлон æвзагмæ уарзондзинад æмæ
цымыдисдзинад.
Урочы фæлгонц:
Нывтæ, фæйнæгыл фыст хæслæвæрдтæ, проектон
куыстытӕ, суадоны макет.
Урочы цыд.
Фæйнæгыл
фыст эпиграф: Бæрзондмæ хизгæйæ,
дæ сыгъзæринтæ ма акал.
Анахарсис.
Дзырдуат: цæгъдын
цæуын
I. Организацион хай.
Ахуыргæнæг: Аргъӕутты бӕстӕ Ӕвзагзонынады цардис
ӕмӕ уыдис ………………Уымӕн уыд ӕхсӕз фырты ӕмӕ ӕхсӕз чызджы. Йӕ фырттӕ сарӕзтой
зондабиты иугӕнд, сӕхи схуыдтой ……….. …….. ……... Ӕфсымӕрты хистӕры равзӕрстой
иугӕнды сӕргълӕууӕгӕй, уымӕн ӕмӕ уый дардта йӕ хъус иугӕнды куыстмӕ, нӕмттӕ
ӕвӕрдта, хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр иугӕнды уӕнгтӕ цы арӕзтой, уымӕн, йӕхи ном
та хуынди ………… . ………….ӕн йӕ фыццаг ӕххуысгӕнӕг уыдис …………., уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй
иу хъуыддаг , иу уынаффӕйӕн дӕр сӕххӕстгӕнӕн нӕ уыд. …………..ахӕм цӕрдӕг ӕмӕ
арӕхстджын уыд, ӕмӕ йын йӕ архайд ӕмӕ цӕрдӕг змӕлдыл дис кодтой иууылдӕр.
(Скъоладзаутæй
1 дзуры):
-Архайд
æмæ ми æвдисын
Мæнæн у
алкæддæр мæ хæс.
Зивæг
кæнын æз нæ зонын,
Дæн
сымахæн коммæгæс.
(Ахуыргæнинæгтæ
зæгъынц, æмдзæвгæйы мивдисæджы тыххæй кæй дзурынц, уый.)
- Уӕдӕ мын
чи зӕгъдзӕн, абон нӕ урочы цӕуыл дзурдзыстӕм? / Мах абон нӕ урочы
дзурдзыстӕм сӕрмагонд ныхасы хай мивдисӕгыл/.
- Раст у,
абон нæ урочы дзурдзыстæм алы взаджы дӕр тынг ахсджиаг цы ныхасы хай у, ууыл- мивдисæгыл.
(Скъоладзаутæ
фыссынц нымæц, урочы темæ.)
- Нæ урочы
хæс у, мивдисæгæй цы рацыдыстæм, уый зæрдыл æрлæууын кæнын, фысгæ æмæ дзургæ
ныхасы дзы куыд пайда кæнын хъæуы, ныхасы рæзтыл бакусын, нæ дзырдуат
фæхъæздыгдæр кæнын.
Нæ урокæн
эпигрæфæн райстон зындгонд лӕг Анахарсисы ныхæстæ (бакæсын сæ).
- Анахарсис чи
уыди, уый тыххӕй нын цыбыр хъусынгӕнинаг ӕмӕ презентаци бацӕттӕ кодта Куыдзеты
Дзерассӕ. Табуафси, байхъусут ӕм.
- Дзерассӕйы фӕрцы
базыдтам,чи уыдис Анахарсис,уый. Ныр та мӕ фӕнды уӕ хъуыдытӕ куы зӕгьиккат, Йӕ
раныхӕстӕ йын куыд ӕмбарут, уый тыххӕй. /Байхъусын ахуыргæнинæгты тæрхæттæм,
эпиграфы хъуыды куыд æмбарынц, уымæй/.
Анахарсисы
ныхæстæм ма раздæхдзыстæм нæ урочы кæрон, дарддæр та нæ куыст кæнæм.
II.Фæлтæрæн куыстытæ.
1.
Дыууæ скъоладзауы кусынц фæйнæгыл карточкæтимæ.
1
к. Æрбатахтысты
равзарын дзырды хæйттæм гæсгæ;
адих кæнын уæнгтыл, цавд сæвæрын;
фонетикон æвзæрст скæнын.
2
к. Хæхты хъæбысæй рог дымгæ дардыл
хæссын райдыдта фыййæутты зарын.
хъ-ды
характеристикæ;
равзарын
хъ-ды уæнгтæм гæсгæ;
мивдисæг
равзарын.
2.
Цалынмæ фæйнæгыл кусынц, уæдмæ фарстытæм гасгæ беседæ.
Цавæр
ныхасы хай хонæм мивдисæг?
Цавæр
вæййынц мивдисджытæ сæ арæзтмæ гæсгæ?
Цавæр
архайд æвдисынц æххæст æмæ æнæххæст хуызы мивдисджытæ?
Цавæр
мивдисджытæ сты цæугæ, æдзæугæ?
Мивдисæджы афонтæ, цæсгæмттæ, нымæцтæ.
Цы у
ифтындзæг? Тасындзæг та?
Тасындзæг
кæны мивдисæг? (кæны, райдайæн формæйы).
Беседæйы
фæстæ сбæрæг кæнын фæйнæгыл куыстытæ, бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
3.Мивдисджытæ ныффыссын 2 цæджындзæй:
æнæх. хуыз
æххæст хуыз
хæссын æрхæссын
згъорын
азгъорын
хъусын фехъусын
тæхын атæхын
цæгъдын ныццæгъдын
рох
кæнын ферох кæнын
(хъусгæфыст, дзурын сæ хъæуы хæццæйæ).
4.Мивдисæг хъуыдыйады цавæр уæнг вæййы?
(фæйнæгыл рагацау фыст хъуыдыйæдтæ равзарын, кæнæ та хицæн
таблицæйыл).
Равзарын, нысангонд дзырдтæ, мивдисджытæ, цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты,
уый.
сæйрат
Урочы æууилын
нæ фидауы.
зæгъинаг
Ралæууыд
сыгъзæрин фæззаг.
æх.
Кусынæй
лæг рæзгæ кæны.
фæд.дз.
Мах цæуæм
кусынмæ.
бæр.
Кусаг
адӕмаг алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цӕуы.
Хатдзæг: мивдисæг хъуыдыйады æххæст кæны алы уæнджы роль дæр.
5.Æвзаргæ диктант.
Рафысс
мивдисджытæ, сбæрæг кæнын здæхæнтæ.
фæдз.
Ныббар
мын, кæд-иу дæм мæ зарæг
бадз.
Кæуæгау
фæкæса, мыййаг,
æрг.
Кæй зæрдæ
нæ агуры хъарæг,
фæдз.
Уый зарæд
йæхи фæндиаг.
бæл.
Æз
дзыллæйæ къаддар куы дарин,
бæл.
Куы бафидин
искуы мæ хæс,
бæл.
Уæд афтæ
æнкъардæй нæ зарин,
бæл.
Нæ хъуысид
мæ кæуын хъæлæс.
-Чи мын
зӕгъдзӕнис, ацы ӕмдзӕвгӕйы автор чи у, стӕй йӕ сӕргонд?
/Байхъусын Мӕдинӕйы хъусынгӕнинагмӕ Къостайы тыххӕй/.
Къостайы сфæлдыстад
хъæздыг у мивдисджыты алы хуызтæй, здæхæнтæй, дæсны æмæ сæ арæхстджынæй пайда
кæны. Мивдисджытæй хъæздыг у ирон арæмон сфæлдыстад дæр.
6.Хæдзары уæ бацæттæ кæнын хъуыд хæслæвæрдтæ:
1-аг
къордӕн– арфæтæ;
2-аг
къордӕн– æмбисæндтæ.
Рахицæн
кæнын мивдисджытæ, кæцы здæхæнты, афонты сты? Арфæты
мивдисджытæ
фæдзæхстон здæхæны цæмæн сты?
(Алчи
дæр дзуры йæ хæслæвæрд. Æвзарынц мивдисджытæ.)
7.Нывтæм гæсгæ куыст.
Ахуыргæнæг
æвдисы нывтæ, кæцытæ арæзт сты фраз. дзырдбæстытæм
гæсгæ комкоммæ
нысаниуæджы.
Фыццаг
ныв: Лæг йæ сæрмæ исы адæмы иугай,
дыгай – сæрмæ хæссын;
– æрвæссын.
Дыккаг ныв: Иу лæг иннæмæн дæтты йæ зæрдæ, уый та йæм дары æхца.
– зæрдæ æлхæнын;
– хорздзинад кæнын.
Æртыккаг ныв:
Адæймаджы ныв, йæ зæрдæ зыны, у сырх нæ,
фæлæ цъæх.
–
зæрдæ фæцъæх;
– стыхсын.
Нывтæм гæсгæ
сбæлвырд кæнын фразеологон дзырдбæстыты кокоммæ æмæ ахæсгæ нысаниуæг, ссарын сæм синонимтæ.
Ныффыссын дзырдбæстытæ кæнæ хъуыдыйæдтæ (рæстæг куыд амона, уымæ гæсгæ).
8.Мивдисджытæм ссарын синонимтæ, антонимтæ,
омонимтæ:
Синонимтæ:
цæуын (згъорын, агайын, лидзын, тæхын…)
дзурын
(ныхас кæнын, бæр-бæр кæнын, дзæнгæда цæгъдын…)
хæрын (æууилын, комдзаг кæнын, æфтъæрын, æвдæрзын, фынгмæ
æвналын…)
Синонимтæй кæм куыд пайда кæнын хъæуы ныхасы мидæг, ууыл
æрд-
зурын, уазæгæн, зæгъæм, нæ
зæгъдзынæ “æфтъæрын”, “дзæнгæда цæгъдын”
æмæ аф. дард.
Антонимтæ:
æлхæнын – уæй кæнын
худын
– кæуын
барвитын
– рарвитын
ссудзын
– ахуыссын
бадын
– лæууын
Омонимтæ:
Бирæ
уарзын æз æрыскъæф.
фæдз.зд.
Ехх,
æмæ та дзы æрыскъæф.
.
Хорз уæйгæнæг базары.
æрг. зд.
Фыр цинæй дæр базары.
9.Дзырдуатон куыст.
Дзырдтæ
цæгъдын, цæуын – махæн ног дзырдтæ
не сты, фæлæ сын
цымæ сеппæт нысаниуджытæ хорз зонæм?
Саразын дзырдбæстытæ – цæгъдын æмæ цæуын-имæ, зæгъæм: чи фыл-дæр?
1. Фæндырæй цæгъдын 1. Цæуын размæ
2. Адæмы цæгъдын
2. Уæрдон цæуы
3. Хъайла цæгъдын
3. Сахат цæуы
4. Гауыз цæгъдын
4. Ныхас цæуы
5. Чъырæй цæгъдын
5. Писмо цæуы
6. Кæрдо цæгъдын
6. Бонтæ цæуынц
7. Къуымбил цæгъдын
7. Хæст цæуы
8. Сынæр цæгъдын
8. Цас дыл цæуы
9. Хъуылæг цæгъдын
9. Æгас цу
10. Уис цæгъдын
10. Фæндаг цæуы
11. Дзæнгæда цæгъдын 11. Гæрæхтæ цæуы
12. Цæвæг цæгъдын 12. Къæвда цæуы
13. Рухс цæуы
14. Чындзы цæуын
Ацы дæнцæгтæй дæр бæрæг у, мивдисæг хъæздыг
æмæ бирæвæрсыг ныхасы хай кæй у, æмæ
дзы хъуамæ раст пайда кæнын зонæм.
10.Ныхасы рæзтыл куыст.
Мивдисæгæй нæ
алы боны царды мах пайда кæнæм. Нæ бон райдайæм салам раттынæй сыхæгтæн, зонгæтæн. Ӕз уын бакасдзынӕн текст. Лӕмбынӕг ӕм байхъусут, мӕ хуртӕ
ӕмӕ уӕ алчидæр
зæгъӕд йæ хъуыдытæ, бæлццæттæй
растдæр чи у, уый тыххæй, радзырдæн æрхъуыды кæнут сæргонд.
- Иу сæрдыгон тæвд бон æртæ бæлццоны сæмбæлдысты сыгъдæг æмæ уазал суадоны был. Сатæг суадонæй сæ дойны суагътой æмæ сæ фæллад уадзынц. Уалынмæ суадоны раз стыр дурыл цы фыстытæ
уыдис, уыдонмæ фæкомкоммæ сты.
“Ацы суадоны хуызæн у”,– бакастысты бæлццæттæ.
Æмæ сын ныхас бацайдагъ, фыстытæ цы амонынц, уый тыххæй.
Сæ иу загъта: ”Тынг раст ныхас! Суадон æдзух цæуы
размæ æмæ адæмæн дæр фæдзæхсы: у хъаруджын, кус æвæллайгæйæ, размæ цу!”
Дыккаг бæлццон йæ ныхмæ сдзырта: “Ам æндæр хъуыды
ис. Куыстæн ницы нысан ис, æрмæстдæр дæхи пайдайæн куы уа, уæд. Суадон алкæйы
дойны дæр сæтты æмæ уымæй зæгъы: зыд æмæ кæрæф ма у, дæ фæллойæ искæйы зæрдæ
æлхæнын зон”.
Æртыккаг бафиппайдта: “Мæнмæ гæсгæ та суадоны
фыст афтæ æмбар-гæ у: дæ зæрдæ ацы суадоны хуызæн сыгъдæг æмæ ирд уæд”.
Бæлццæттæй растдæр чи у? Цæмæн? Текстæн цавæр
сæргонд раттæн ис? (Суадон). Текст цавæр у? (æрфыст, таурæгъ, тæрхон).
Байхъусын ахуыргæнинæгты тæрхæттæм, сæ хъуыдытæм æмæ хатдзæг скæнын: (раст сты
æртæ бæлццоны дæр. Хæдзары та хъуамæ ныффыссой сæ хъуыдытæ тетрады, спайда
кæнын дзырдтæй: фæдзæхсы, зæрдæ æлхæны, дойны сæтты, размæ цу).
III. Хатдзæгтæ:
Абон нæ зæрдыл æрлæууын кодтам сæрмагонд ныхасы
хай – мивдисæг.
Мæн уырны, дарддæры урокты мивдисæгæй раст пайда кæй
кæндзыстæм. Нæ урочы кæрон ма мæ фæнды раздæхдзыстæм Анахарсисы ныхæстæм.
Цыфæнды бæрзонд бынатмæ дæр куы схизай, уæддæр нæй рохгæнæн æртæхӕзнайы: ныййарджыты,
Райгуырæн бæстæйы æмæ мадæлон æвзаджы. Уыдон, Джусойты Клавæйы загъдау, сты
Ирыстонæн æртæ чъирийау, æмæ сæм хъуамæ кувгæ кæнæм алы бон дæр.
Нæ урочы суадон уыд символы хуызæн. Суадон у
æнæбайсысгæ, сыгъдæг, ирд, алкæмæн дæр йæ цæст уарзы хорздзинад.
Мах абон дзырдтам мивдисæгыл, мæ зæрдæ уын зæгъы,
уæ митæ хорздзинæдтæ æвдисæг уæнт!
IV. Бæрæггæнæнтæ сӕвӕрын.
V.
Хæдзармæ куыст:
1. Радзырд
“Суадон”–мӕ гӕсгӕ цыбыр хъусынгӕнинӕгтӕ бацӕттӕ кӕнын(хи хъуыдытæ);
2. Мивдисæгӕй рацыд ӕрмӕг сфӕлхат кӕнын.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.