Урочы ныхасы темæ: Фæззæг. Грамматикон
темæ: Номдар.
Урочы тип: Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын
кæнын æмæ бафидар кæнын.
Урочы нысантæ:
1. Рацыд
æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.
Урочы хæстæ:
Ахуырадон хæс:
1. Рацыд
темæйæ
дзырдтæй
пайда
кæнын
дзургæ
ныхасы.
Рæзынгæнæн хæс:
1. Ахуыр
кæнын
чингуытæй
хъæугæ
информаци
исын,
уæлмхасæн
æрмæг
агурын,
кæй
базыдтой
, уыцы информацийæн
аргъ
кæнын
æмæ хатдзæгтæ
кæнын.
Хъомыладон:
1. Хибарæй
кусынын æфтауын
Урочы пълан:
1. Ахуырмæ
сразæнгард кæнын.
Орг момент.
Уæ бон хорз, ахуырдзаутæ!
Æгас цу ахуыргæнæг!
Салам раттæм нæ уазджытæн.
Речевая зарядка. Дзургæ ныхасыл куыст.
Радгæсы ныхас.
Абон æз радгæс дæн. Мæ ном….Мæ мыггаг….Абон
дыццæг у. Ныртæккæ нæм ирон æвзаджы урок ис. Абон къласы не сты ………….. Нæ
къорд цæттæ у урочы кусынмæ.
Слайд № 1
Цавæр зæрдæйы уагимæ æрбацыдыстут абон
урокмæ, уый базонын мæ фæнды. Уæ разы цы сыфтæ ис, уыдоныл сныв кæнут ацы
нывтæй уæ зæрдæмæ кæцы цæуы фылдæр.
Слайд №2
Абон нын нæ урочы æххуыс кæндзæн гыццыл Нывгæнæг.
Ах.-Райста лæппу ахорæнтæ æмæ райдыдта
ныв кæнын. Сныв кодта бæлæстæ, бæлæсты æрæппæрста сыфтæртæ. Йæ зæрдæмæ тынг
цæуынц сырх, бур, кæрдæгхуыз ахорæнты хуызтæ. Йæ куыст куы фæци, уæд ын рауадис
мæнæ ахæм ныв.
Æрбакæсут-ма йæм цы дзы рауадис? Фæззæг, хъæд, фæззыгон хъæд
Гыццыл нывгæнæг сныв кодта ФÆЗЗÆГ. Уæдæ
абон нæ урочы дзурдзыстæм фæззæгыл. Нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм цы æрмæг
рацыдыстæм, уый. Цы базыдтам фæззæджы тыххæй, цавæр ног дзырдтимæ базонгæ стæм.
Райдайæм мыртæ раст æмæ сыгъдæгдзурыныл
куыстæй.
Слайд № 5, 6, 7, 8
Цавæр афæзы афон уынут нывы?
Ныртæккæ та цавæр афæдзы афон у?
Боныхъæд та цавæр у абон?
Цæмæй базонæм фæззæг ралæууыд, уый?
Иннæ афæдзы афонтæй цæмæй хицæн кæны?
(Сывæллæтты дзуæппытæ) бæлæсты сыфтæр
фæбур вæййы, сыфтæ згъæлынц зæхмæ, бон фæцыбырдæр вæййы, фæуазалдæр вæййы,
мæргътæ атæхынц хъарм бæстæм…….
Цæмæй нæ куыст æнцондæр æмæ хъæлдзæгдæр
цæуа, уый тыххæй иугыццыл аулæфæм æмæ нæ зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнæм зарæгæй.
Слайд № 10
Зарæг «Фæззæг». Ацы зарæджы ныхас цæуыл
цæуы? Фæззæгыл.
Æрлæууын ма кæнæм нæ зæрдыл фæззæджы
мæйтæ.
Слайд №5
Слайд № 6 Иухатт
ма сæ зæгъæм иумæ
Сентябрь рухæны
мæй
Октябрь кæфты
мæй
Ноябрь Джеоргуыбайы
мæй
Цал сты фæззæджы мæйтæ?
Ныртæккæ цавæр мæй у? Джеоргуыбайы мæй.
Цæмæн схуыдтой ацы мæй Джеоргуыбайы мæй?
Адæм бафснайынц сæ фæллой сæ куыстытæ конд
фесты æмæ сæ равдæлы куывдтæ æмæ чындзæхсæвтæм.
Рацыд лексикæ зæрдыл æрлæууын
кæнын.
Хæдзармæ куыст бафæрсын. 1 къордæн
лæвæрд уыдис ахæм хæс: Ссарын цыбыр хъусынгæнинæгтæ фæззæджы тыххæй, куыд аивы
æрдз, куыд цæттæ кæнынц сæхи хъæды цæрæгойтæ фæззæджы зымæджы æрцыдмæ.
Сывæллæттæ кæсынц сæ цыбыр
радзырдтæ.
Текстимæ кусын.
Æркæсут- ма нывмæ.
Куыд уæм кæсы цæуыл цæудзæн ныхас
тексты?
____________________________________________________________
Иухатт хъӕды
сывӕллӕттӕ
ссардтой ӕхсӕрӕджы
фӕззыгон ӕвӕрӕнтӕ.
Амбырд сӕ кодтой ӕмӕ
сӕ семӕ
рахастой. Уалынмӕ бӕласы
цъуппыл фӕзынди ӕхсӕрӕг.
Бӕласӕй
дуры сӕрмӕ
ӕргӕпп
кодта, стӕй та фӕстӕмӕ
бӕласмӕ.
Афтӕ цалдӕр
хатты. Стӕй уӕд
мардӕй сӕ
цурмӕ ӕрхауди.
Йӕ ӕвӕрӕнтӕ
йын ахастой, уый куы бамбӕрста,
уӕд йӕ
гыццыл зӕрдӕ
атыдта.
______________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________
Цавæр цæрæгойыл цыди ныхас тексты? Уæ
хъуыдытæ раст разындысты…..
Æхсæрæг йæхи зымæгмæ куыд цæттæ кæны?
Цы базыдтам ногæй ацы текстæй? Æхсæрæгыл
цы æрцыди?
Æрдзы мидæг алцыдæр у бæлвырд
фæткæвæрдмæ гæсгæ арæзт, æмæ уыцы фæткæн халæн нæй. Куыд уæм кæсы сывæллæттæ
барæй рахастой æхсæрæджы æвæрæнтæ? Нæææ…..нæ йæ
зыдтой…..Цæмæй ахæм æнæрхъуыды хабæрттæ ма кæна адæймаг, уый тыххæй
цы хъæуы? Ахуыр кæнын….
Æмæ уæм æрдззоныны уроктæ куы вæййы, уæд
лæмбынæгдæр ахуыр кæнын цæрæгойты царды тыххæй æрмæг
Æрхъуыды ма йын кæнæм сæргонд.
Грамматикон хæслæвæрд
Ссарут тексты ахæм дзырдтæ, кæцытæ
дзуапп дæттынц фæрстытæн Чи? Цы?
Цавæр ныхасы хæйттæ сты?
Æрлæууын ма кæнæм нæ зæрдыл цы базыдтам
номдары тыххæй.
Слайд № 13 - 17
Номдар дзуапп дæтты фæрстытæн
Номдарæн ис дыууæ нымæцы
Номдар тасындзæг кæны хауæнтæм гæсгæ
Фысгæ куыст
Ссарут тексты номдартæ бирæон нымæцы – сывæллæттæ, æвæрæнтæ
Ссарут –ма тексты номдартæ номон иууон
æмæ бирæон нымæцы – зæрдæ сывæллæттæ, æвæрæнтæ
Ссарут –ма тексты номдартæ гуырынон
хауæны - хъæды, бæласы, дуры.
Ссарут тексты номдар æддагбынатон
хауæны – цъуппыл
Ссарут тексты номдар иртæстон хауæны – бæласæй
Ссарут тексты номдартæ арæзтон хауæны – бæласмæ
Урочы кæрон:
Цавæр афæдзы афоныл дзырдтам абон нæ
урочы? Слайд № 18
Фæззæджы фæстæ та цавæр афæдзы афон
ралæудзæн?
Уæдæ иннæ урочы та дзурдзыстæм афæдзы афон
ЗЫМÆГЫЛ, зонгæ кæндзыстæм ног дзырдтимæ æмæ ног цымыдисаг хабæрттимæ.
Хæрзбон зæгъæм фæззæгæн. Иннæ аз та нæ
дзæбæхæй æрæййафæд æмæ та нын нæ фынгтæ йæ бæркадæй срæсугъд кæнæд.
Абон нæ урок фæци. Æмæ уæ куыстæн
уæхæдæг аргъ скæнут. Уæ сыфтыл сныв кæнут. Цавæр зæрдæйы уагимæ цæут урокæй.
Æрцауындзут сæ фæйнæгыл.
Слайд №1
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.