Инфоурок Другое Другие методич. материалыОткрытое внеклассное мероприятие по осетинской литературе "Наш Коста"

Открытое внеклассное мероприятие по осетинской литературе "Наш Коста"

Скачать материал

Сценкæ «Сидзæргæс»-мæ гæсгæ.

Халон баргъæвст сындзыл.
Уад тымыгъ хæссы…
Сау айнæджы рындзыл
Нарыхъæу хуыссы…

Даргъ æхсæв фыдбонæй
Цардудæн хуыздæр…
Рухс цæуы кæронæй, —
Бадынц ма кæмдæр…

Иу зæронд ыскъæты, —
Тас хъæуы уæлдай,
Аззади фæсфæды
Ацы бæстыхай, —

Ма дискæ йæ бадтыл! —
Цуайнаджы уæлхъус
Архайы йæ артыл
Иу саударæг ус.

Артдзæсты кæрæтгы,
Фæныкмæ æнгом
Бадынц сывæллæттæ, —
Чи бæгънæг, чи гом…

Уазал æмæ стонгæй
Бирæгъ дæр тæрсы, —
Удхæссæг æввонгæй
Ахæмты хæссы…

Долæт. Нал фæцæрдзæн мæллæг, æдых сывæллон дæр… Кæм ис нæ комы ахæм хъаруджын сылгоймаг, æмæ искæй æрдæгмард сабийы бæрны чи бацæуа. Мæлæтæй йæ чи фервæзын кæна? Нæ Хетæгкатæм ис, нæдæр Гуыбатæм ахæм адæймаг.

Долæт. Бузныг,  стыр бузныг, Чендзе, дæ уæздан ныхасæй! Дæ хуызæн ныфсджын æмæ хорз зæрдæйы хуызæн Хетæгкаты чындзытæй никæмæ разынди! Хетæгкаты æмæ Гуыбаты хистæртæ æууæндынц дæуыл, Чендзе, æмæ дын арфæ кæнæм! Уæд афтæ дæр: ахæсс Леуаны бындары, ацы адæм æмæ арв та æвдисæнтæ  уæнт нæ астæу… Удыбæстæ скæндзынæ дæхицæн дæр…

Долæт. Чендзе, дæ хорзæхæй, суадз сывæллоны, йæ цъæрæмыхсттæм ын азилон. Тæссагæй дзы ницы ис, фидардæр, хъæбатырдæр лæг суыдзæн. Цæй куыд у? Мæ хос дын æххуыс кæны?

Долæт. Сæрд та æрра дæтты лæсæнтæ                                                                                                                     Фæззæг кæфойыдзаг нæ муссы.                                                                                                                                Кæдæм ма фесафæм нæ сæртæ.                                                                                                                         Фæхауæм сæрсæфты фыддомдæй.

2 лæг. Искæй сылгоймаджы та цы хъуыддаг ис искæй сидзæримæ, алкæмæн йæхи сывæллæтты хъомыл кæнын йæ бон куы нæ у, уæд. Йæ мады чырыны йæ нывæрын хъæуы, уадз æмæ иумæ уой.

2 лæг.  Кæмдæрид исынц нын нæ бартæ                                                                                                        Ныккалд ныл се ’нæуæнк.                                                                                                                                             Нæ фæдыл балбирæгъау зилынц.

1 лæг. Цы ныфсджын разынди Чендзе. Гъа, дæ цæрæнбон бирæ уæ.

1 лæг.  Паддзах, хъæуыхицау, жандармтæ,                                                                                                                        Нæ туг нын дойныйæн ныуазынц,                                                                                                                       Нæ царм нын хъалонæй ыстигъынц.

3 лæг.  Нæй зæхх - кæм азæлæм, кæм кусæм,                                                                                                              Зымæг зæйласт кæнæм мыггагмæ.

 

Хъуысы сывæллоны кæуын. Чендзе бацыд сывæллонмæ, райхæлдта авдæны бæстытæ, систа сывæллоны, хъарм кæлмарзæны йæ æрбатыхта æмæ йæ йæ риумæ æрбалхъывта.

Чендзе бацыди хистæртæм. Сывæллоны йæ риумæ ынгдæр æрбалхъывта.

Чендзе . Фарн уæм дзурæд, стыр мыггаджы хистæртæ, иу ныхасы бар уæ курын.

Чендзе. Сабийæн ныххатыр кæнут, удæгасæй йæ мæрдтæм ма уадзут.. Æз æй мæхимæ исын æмæ уæ разы дзырд дæттын: йæ фервæзын кæныныл мæ уд нæ бацауæрддзынæн. Мæ цæсты гагуытæ дæр ын  удхосæн фелвасдзынæн… Марияйы фæстаг фæдзæхст куы нæ сæххæст кæнон, уæд уæ  разы мæхи мæгуыр зæрдæ аскъуыйæд!

Чендзе. Уæдæ мæ мæгуыр хъæбул нал и, нæ?

Чендзе.  Ахæм фыдмитæ бакæнын йæ цæст кæмæн бауарзта, сæ хъæстæ аскъуыйа? Кæмæн цы ракодтай, мæ хъæбул. Уæ дæ ныййарæг йæ сау ингæны фæуынæргъа! Кæмæн дæ ныууагъта уæлæуыл, кæмæн!

Чендзе. Мæ мæгуыр  сидзæр, мæ урс уæрыкк, хæринаг дын ничи авæрдта, нæ?

Хадизæт. Чендзе! У-а-а-а, Чендзе! Дæ хъæбулы дын амардтой, Чендзе. Фæдис! Годтайы ныппырх кодтой! Улæфгæ дæр нал кæны.. Йæ хъустæй туг кæлы.. Йæ былтæ дæр тугæйдзаг.. Куыд æй надтой, куыд, уый куы федтаис, Чендзе, уæд дæ зæрдæ аскъуыдаид Годтайы тæригъæдæй. Ус-бирæгъ Хъызмыда йын йæ галиу къух æрцахста, Иуане та - рахиз. Æмæ йæ пъырыстыф та йæ ехсæй надта. Хъызмыда ма йын ноджы йæ хъустæ дæр ивæзта, йæ фындз-иу ын сыздæхта æмæ хъæр кодта: «Маринаг дæ, маринаг!» Тугæй йæ цæсгом  самæст, уæддæр æй надтой…

Хадизæт. Долæт æй фервæзын кодта, Долæт! Уый сын æй сæ къухтæй скъахта.

Къоста. Нана! Чендзе! Нæхимæ нал цæуын, ам лæууын! Æртæйæ мæ надтой,  æртæйæ!

Къоста. Мæ буар судзгæ кæны. Фæлæ уыйбæрц на рисы. Тынг стонг мын у. Исты куы ахæрин, уæд мæ ницыуал риссид.

Къоста. Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд,

Нæ зонын мæ мады рæвдыд…

Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй.
Кæмдæрты æнæсæронæй,
Æдыхæй, æцæгæлонæй,
Мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй…

 

Леуан.  Цы уыдзынæ, цы лæппу? Цы уыдзæн дæ фидæн?

 

Леуан. Уæддæр цы уыдзынæ, цы?

Къоста.  Тызмæгæй мæм ма кæс,
Мæ фыды зæронд,
Дæ зæрдæмæ ма хæсс
Мæ зæрдæйы конд!

Йæ фыды фæндиаг
Кæм вæййы фырт дæр? —
Лæппуйæ рæдиаг
Нæ вæййы æвзæр!

Дæ номыл, дæ кадыл
Нæ барын мæхи, —
Ныууадз мæ мæ адыл, —
Фæндон хорз кæм и?!.

Къоста. Фæхæссон-ма, загьтон, уæддæр
Фæстæмæ мæ иунæджы сæр
Мæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм…
Мæ цæстысыг донау мызти,
Мæ зæрдæ фырцинæй рызти, —
Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм.

Æрцыддæн… Мæхицæй фыддæр
Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,
Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!..

Къоста.  Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин,
Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт, –
Дунеты се 'ппæт мæхимæ æрхонин,
Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст.

Къоста фæссценæйæ.  О, бонты фарн! Мæ хъиутæ тонгæ цардтæн æз дард Херсоны. Зарæгау нæ Ирмæ нывæзтон æз мæ сагъæсты къуыбылой.

Къоста фæссценæйæ.  Везде для всех я песнь свою слагаю.

Къоста. Ды зондджын уыдтæ, зыдтай, нæ цард нæ рауайдзæнис иумæ.

Къоста.  Æмæ мын фараст азы дзуапп нæ лæвæрдтай.                                                                   Æз та æнхъæлмæ кастæн.                                                                                                                 Ныфс мæ уыди, æрцæудзæни рæстæг .                                                                                              Æмæ мæм хурау ракæсдзæнис Аннæ.                                                                                                Ныр иу къуыримæ басасти мæ ныфс.

Къоста.  Æз дæ куырдтон, кæд искæй уарзыс, кæд,                                                                            Дæуæн мæудæй адджындæр у исчи,                                                                                                                Уæд мын æй зæгъ.                                                                                                                                              Ды мæм æргом нæ разындтæ,                                                                                                                    Æмбæхст уыдтæ мæнæй.

Къоста.  Радыйис! Æз дам-думтæм нæ фæхъусын.                                                                                      Дæ цард, дæ баллицтыл фæсагъæс кодтон бирæ,                                                                              Фæбарстон сæ нæ уавæртыл…                                                                                                                         Мæ зæрдæйы дæ уарзондзинад амард…

Къоста. Амард мæ фыд. Цардыл мыл ницыуал æмæ ничиуал хацы а дунейыл. Сисин мæ къух мæхимæ, фæлæ уый æлгъыст у  Хуыцауы раз…

Къоста. Амонд… æрра дæн, цæй амондмæ дзурын!

                 Ацы рæстæджы та амонджын чиу?

                 Нæ, æз Хуыцауæй æндæр цыдæр курын…

                 Базон-ма, циу?

 

 

Аннæ. Цы дыл æрцыд, æппын дæ куы не мбарын?

Аннæ. Къоста!

Аннæ.  Къоста. Зæгъ мын. Цы у!

Аннæ.  Фæдзырдтой дын.

(А- лол-лай)

Къух дæ ауызын фæразы…
Мæй дæ авдæнимæ хъазы.
Стыр лæг мын ысуай!..
А-лол-лай!..

Ракæндзынæн дын мæ зарæг…
Искуы кæд ысуис мæ дарæг,
Урс уæрыкк дын уон!..
о, мæ бон!..

Зындонæй фыддæр нæ цæрæн…
Нал у ныр дæ фыд йæ сæрæн
Сау хæххон куыстæй…
Ахуысс,цаей!..

Искуы мын куы схъомыл уаис,
Уæд ды дæр дзы цух нæ заис,
Бирæ мын цæрай!..
А-лол-лай!..

Скæнис хъугдзармаей æрчъитæ,
Къахис митбынæй мæхъитæ,
Стонг æмæ сыдæй…
Ахуысс, цæй!..

Сугтæ мын хæссис æргъомæй…
Бадзурин дæм уæд æргомæй:
Мады зæрдæ зон,
О, мае бон!..

Бадзурин дæм: уарз нæ бæстæ,
Ма цæ суæлдайкæ нæ фæстæ,
Ма цæ бафæллай!..
А-лол-лай!..

Проснулся царственный Казбек,
Приветствуя Восход румяный.
Долины быстротечных рек
Покров сбросили свой туманный.
Лениво выползают горы
Из облаков... Проснулся лес,
И птиц восторженные хоры
Благословляют ширь небес.

ДОДОЙ

Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ,
Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!
Зæй уæ фæласа, нæ тæрхонылæгтæ, —
Иу ма уæ фезмæлæд искуы лæгау!..

Искæй зæрдæ уæ дзыназгæ нырризæд,
Искæмæ бахъарæд адæмы хъыг,
Дзыллæйы мæстæй уæ исчи фæриссæд,
Иумæ уæ разынæд иу цæстысыг!..

Фидар рæхыстæй нын не уæнгтæ сбастой,
Рухс кувæндæттæй хынджылæгкæнынц,
Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой,
Стырæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц…

Иугай ныййыстæм, ныууагътам нæ бæстæ,
Фос дæр ма афтæ ныппырхкæны сырд, —
Фезмæл-ма, фезмæл, нæ фыййау, нæ фæстæ,
Иумæ нæ рамбырдкæн, арфæйы дзырд!..

Оххай-гъе! Не знаг нæ былмæ фæтæры, —
Кадмæ бæлгæйæ æгадæй мæлæм…
Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, —
Гъе, мардзæ, исчи! — бынтон сæфт кæнæм!

«Æнæ хай»

Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй
Фæластон мæ сау зæрдæ дард…
Цы ма мын кæндзынæ? — Дæ цæстытысыгæй
Æнæ хай фæуыдзæн мæ мард!..

Æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ
Æхсныфæй нуазынц мæ туг…
Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ,
Мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг?

Кæй чызг мыл ыскæндзæн зæрдæхалæн хъарæг,
Кæй кæуынæй риздзæн къæдзæх,
Кæй фæндыр ысцæгъддзæн мæ иунæджы зарæг,
Чи уадздзæн мæ дугьы йæ бæх?

Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй
Фæластон мæ сау зæрдæ дард …
Цы ма мын кæндзынæ? Дæ цæстытысыгæй
Æнæхай фæкодтонмæ мард!..

 

ГИНО

 

Гино, гино, гис!

Иу гæды нæм ис,

Хъарм фæлмæн кæрц дары,

Къонайыл хуыссы,

Аргъæуттæ мысы,

Хъал зæрдæйæ зары...

 

 

СКЪОЛАЙЫ ЛÆППУ

 

     – Кæй фырт дæ?

     – Толайы.

     – Кæм уыддæ?

     – Скъолайы,

Алыбон дæр дзы вæййын.

 

     Фæкæсын

     А–бе–тæ,

     Фæфыссын

     Бе–ве–тæ,

Ахуыр кæнынмæ бæллын.

 

ФЫДУАГ

О, цъиусур,                                                                                                                                          Ма мæм дзур!

     О, рувас,
     Ма мæм уас! –
Хуысгæ ма кæнын.
 
     О, цæргæс,
     Ма мæм кæс!
     О,тæрхъус,
     Мамæмхъус! –
Кæрдзыныл кæуын!
 
 УАСÆГ
 
О, уасæг, уасæг,
Сызгъæрин къоппа!
О, уасæг, уасæг,
Сырхзæлдаг боцъо!
 
Куыд раджы фестыс,
Куыд хъæрæй зарыс?
Нæ буц лæппуйы
Хуыссын нæ уадзыс!
 
КÆМÆН ЦЫ...
 
Алы куыстæн – рад.
Дзидзидайæн – мад.
 
Хорз фыййауæн – фос;
Бирæ фосæн – хос.
 
Хоры кæндæн – зад,
Хоры хæрдæн – кад.
 
Сонт рæдыдæн – барст;
Хорз зæрдæйæн – уарзт.
 
Рагон мастæн – тад;
Загъдкъахæгæн – над.
 
Магусайæн – цæф;
Цырд лæппуйæн – кæф!..
 
 

«Хæрзбон»

Ифтонг хызынæй, лæдзæгæй, æрчъитæй,
Скодтон уæрдæхæй дзыхъыннæуæг рон,
Ис ма цыдæртæ мæ кæрцы фæдджитæй…
Дард у мæ фæндаг… Зæгъын дын: хæрзбон!..

Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры,
Рагæй дæ кодтон мæ уындæй тæрсын;
Зонын, дæ зæрдæ куыд ризы мæ цуры,
Хъусын ныр дæр ма йæ сусæг хъæрзын…

Гъеныр хæрзбон, мæ хур!.. Нал мæ уындзынæ,
Дардмæ дæ хæддзуйы мацæуыл дом!
Райсом мæ цæстæнгас ферохкæндзынæ,
Ферохкæндзынæ иннæбон мæ ном…

Чи зоны, искуы æрыфта дæ зæрдыл
Иунæджы сагъæс, мæгуыры бæллын, —
Чи зоны, искуы куы уайа дæ цæстыл —
Уазал æхсæвы фæндагыл мæлын, —

Ма-иу фæтæрс, чызгай! Ахæм фыдфынтæ
Дардæй дын амонд хæсдзысты уæддæр, —
Исчи та исы йæхимæ дæ рынтæ,
Исчи дын хъары нывондæн йæ сæр…

Хонын æмбалæн нæ фыдбылыз мемæ, —
Тагъддæр мæ балцæн йæ фæстаг кæрон
Уый «фæндарастæй» кæд ссарин æз йемæ..
Ма фæфæсмон кæ!.. Хæрзбон у, хæрзбон!

 

                                «Зонын».

 

Зонын, æфсæрмæй кæудзыстут,

Бавæрдзыстут мын мæмард,

“Рухсаг у, рухсаг, – зæгъдзыстут,

 Ницæмæн уал уыд дæ цард!”

Зонын, æргæвддзыстут исты, –

Мардыл ма чи дары ком? –

Алчи æфсæстæй мæ хисты

Ссардзæн арахъхъæй мæ ном.

Иу бон æгъгъæд у мысынæн,

Иу бон кæндзыстут мæ дзырд,

Уый фæстæ ферох уыдзынæн, –

Ничи уал зондзæн мæ цырт.

 

 

 

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Открытое внеклассное мероприятие по осетинской литературе "Наш Коста""

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 2 месяца

Специалист по привлечению инвестиций

Получите профессию

Менеджер по туризму

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 654 929 материалов в базе

Скачать материал

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 18.11.2016 402
    • DOCX 29.2 кбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Гогаева Ульяна Заурбековна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Гогаева Ульяна Заурбековна
    Гогаева Ульяна Заурбековна
    • На сайте: 7 лет и 5 месяцев
    • Подписчики: 0
    • Всего просмотров: 5402
    • Всего материалов: 8

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой