Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ
|
Ахуыргæнæджы архайды мидис
|
Скъоладзауы архайды мидис
|
Универсалон ахуырадон архайд (УАА)
|
Мотиваци.
(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)
|
- Уæ бонтæ хорз,
сывæллæттæ.
- Уæ бонтæ хорз, нæ
зынаргъ уазджытæ æмæ фарн уæ хæдзæртты.
---Чи
сты ацы адæм? Цы сæм ис иудзинадæй?
(Фæйнæгыл
Хъаныхъуаты Иналы, Мамсыраты Темырболаты æмæ Санаты Уарийы къамтæ)
---Кæм
ис Брут?
(фæйнæгыл
Цæгат Ирыстоны картæ)
---Куыд
уæм кæсы, абон цæуыл дзурдзыстæм?
|
Салам
дæттынц.
-Хъаныхъуаты
Инал, Мамсыраты Темырболат æмæ Санаты Уари.
-Бруты
райгуырдысты.
Цæгат
Ирыстоны картæйы æвдисынц хъæу Брут.
-Брутыл
|
Регулятивон
(ахуырадон
нысан æвæрын),
|
Актуализаци
(зæрдыл
æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)
|
---Кæм
равдыста Инал йæ райгуырæн хъæуы?
---Уацмысы
æвзарыны размæ уал æркæсæм иуæй-иу дзырдты нысаниуæгмæ:
Этнос –
историон æгъдауæй чи сæвзæрдис, адæймæгты ахæм фидар иугонд – адæмыхатт,
наци.
Этнографи –
историон зонады къабаз, ахуыр кæны дунейы адæмты равзæрд, се՚рцард алы рæтты,
сæ культурæ, се՚хсæнадон цардуаджы хицæндзинæдтæ.
Очерк – литературон
жанр, йæ сæйраг миниуæг у, царды кæнæ æхсæнады цвæрдæр фæзындты аивадон
æрфыст.
---Цы
хуызы фыст у «Ирон хъæуы»?
---Цы у
боныг?
---Эпиграфæн
райстон Виктор Гюгойы ныхæстæ, цæуыл дзурæг сты, уый мын уæхæдæг зæгъдзыстут
урочы кæрон.
|
-Йæ
этнографион очерк «Ирон хъæуы»
-Боныджы
-Æрвылбон
цаутæ кæм фæфыссынц.
|
Зонадон:
(рацыд
æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын)
Коммуникативон: (хи
хъуыдытæ æргом кæнын)
|
Ног
æрмæгыл куыст, текстыл æнцойгæнгæйæ.
Цæлхдуртæ
аиуварс кæныныл куыст.
|
---Царды
мидис фыссæг йæ уацмысы кæй фæлгæнцты руаджы равдыста?
---Цæмæй
тыхсы Мосе æмæ цы у йæ рагондæр бæллиц? Чиныджы ссарут Мосейы ныхæстæ æмæ сæ
бакæсут.
---Цавæр
хатдзæг ис скæнæн ацы ныхæстæй?
---Цавæр
цæстæнгас ис Хæтæхцыхъомæ раздæры цардмæ, ног цардмæ? Чиныджы ссарут
Хæтæхцыхъойы ныхæстæ æмæ сæ бакæсут.
---Цавæр
у фыссæджы хатдзæг?
---Инал
цырддзæст фыссæг уыд. Йæ адæмы царды æмæ психологийы цы ивддзинæдтæ æрцыд,
уыдонмæ лæмбынæг каст æмæ сæ æвзæрста. Уыдонæй иу уыд раздæры балцмондаг
барæг, джигиты ног тип.
Цымæ кæй
кой кæнын?
---Фыссæг
йæхæдæг амоны, зæгъгæ, Данел у фæсреформæйы ирон фæсивæды характерон тип. Ссарут
ма чиныджы Данелы афыст.
---Цыма
Данелы хуызæттæ абон не хсæн ис?
---Цавæр
цард кæнын ахуыр сты ахæмтæ?
---Куыд
сæ ис схонæн?
---Куыд
ис семæ тохгæнæн?
---Цавæр
ахаст уæм фæзынд Данелмæ?
|
- Мосе
æмæ Хæтæхцыхъойыю
-Чыныдж
кæсынц Мосейы ныхæстæ.
- Ацы
ныхæстæй бæрæг у канд Мосейы хъуыды нæ, фæлæ авторы зонд æмæ бæллиц: адæмы
рухсмæ рацæуын хъæуы, скъолайы хъуыддаг сифтонг хъæуы, науæд талынг,
æанахуыргонд адæмæн рухс фидæн никуы уыдзæн.
-Чиныджы
кæсынц.
-
Куыстмæ æрæвналын хъæуы, фыдæлты балцытæ ныууадзын хъæуы, цард аразинаг у ног
дуджы ног уавæртæм гæсгæ.
- Данелы
Чиныдж
кæсынц Данелы афыст.
Скъоладзаутæ
дзурынц сæ хъуыдытæ.
|
Зонадон:
(хи
ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци текстты ссарын æмæ радзурын
зонын, ног зонындзинæдæ райсын)
Коммуникативон: (хи
хъуыдытæ æргом кæнын)
Удгоймагон:
(æмбарын
ахуыр кæныны ахадындзинад; куыст царды фæрæз кæй у)
|
Ног
зонындзинæдтæ фидар кæнын.
|
--- Къордты
куыст.
Раттæм
характеристикæ хи ныхæстæй уацмысмы персонажтæн.
Фыццаг
къорд – Мосейæн,
дыккаг –
Хæтæхцыхъойæн,
æртыккаг
– Данелæн.
|
Цалдæр
минуты хъуыды кæнынц, стæй дзуапп дæттынц. Группæтæ кæрæдзийы дзуæппытæн аргъ
кæнынц.
|
Зонадон:
(зонын,
цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын)
Коммуникативон: (хи
хъуыдытæ æргом кæнын, къордты архайын арæхсын ,иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын
иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ; искæй куыст аргъ кæнын зонын)
Удгоймагон:
(адæймаджы
æвæрццаг æмæ æппæрццаг миниуджæтæ зонын)
|
Рефлекси.
Æрмæг
бафидар кæныныл куыст.
|
---
Скæнæм диамант Хæтæхцыхъо æмæ Данелы фæлгæнцтæй
(Диамант
– (дывæргонд синквейн) 7 рæнхъæй конд æмдзæвгæ. Алы рæнхъы дæр ис бæрæг
ныхасы хайы бæрæг нымæй дзырды.)
|
Диамант
Хæтæхцыхъо æмæ Данел
1.Хæтæхцыхъо
2.Куырыхон,
зондджын
3.Фæсмон
кæны, сагъæс кæны, амоны
4.Фыдæлты
балцытæ ныууадзын хъæуы, цард аразинаг у ног царды ног уавæртæм гæсгæ.
5.Нæ
кусы, нæ тыхсы, цæл кæны
6.Æввонгхор,
«ног джигит»
7.Данел
|
Зонадон:
(архæйдтытæ зæрдыл лæууын кæнын)
Коммуникативон: (хи
хъуыдытæ æргом кæнын)
Удгоймагон:
(адæймаджы
æвæрццаг æмæ æппæрццаг миниуджытæ æвзарын)
|
Хатдзæгтæ
скæнын.
|
---Цы
райстат уæхицæн æмæ цы ахæсдзыстут уемæ ацы урокæй?
---Урочы
райдайæны цы эпиграф бакастыстæм, уымæ раздæхæм, æмæ зæгъут, цы зæгъынмæ
хъавыди В.Гюго?
---Кæронбæттæны
мæ фæнды бакæсын ацы рæнхъытæ:
«Дæхиуыл
ды æппыныдзухдæр кус,
Дæ удыл
ма ауæрд, лæггад кæнын фæраз:
Цæстуарзонæй
фæцæр, дæ мадмæ хъус,
Цæмæй
фæсмонгонд ма фæуай дзыллæйы раз».
|
Скъоладзаутæ
дзурынц сæ хъуыдытæ.
|
Коммуникативон: (хи
хъуыдытæ бæлвырд нæнын )
Регулятивон:
(æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын)
|
Хæдзармæ
куыст
|
Фысгæ
куыст. Уацмысы сæйраг персонажты характеристикæтæ.
|
Бæрæг
кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.
|
|
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.