Темæ:Нæ рагфыдæлтæ.
Текст:Ирыстоны
тырысайы историйæ(мивдисджыты ивынад).
Бæлас йæ уидæгтæй зайы(Ирон æмбисонд).
1.Лексикон æрмæг :
Рагфыдæлтæ
,тырысатæ,рагон ,хуызтæ,дих кæнын
,къордтæ,кувæг(кувджытæ),хæстонтæ,зæхкусæг,нысан
кæнын,сыгъдæгдзинад,æхсардзинад,,фарн.
2.Дзырдуат:
-хъаматæ-кинжалы.
-уацамонгæ-молитвенная
чаша.
-фарнхæсджытæ-несущие
благодать.
3.Сараз дзырдтæй хъуыдыйæдтæ
а)Нæ
уыдысты,рагфыдæлтæ,хæстонтæ,хорз.
б)Мыггаг
,Борæты,тынг,хъæздыг,куыстуарзаг,æмæ,уыдысты
в)Хъаматæ
,Æхсæртæггатæ,сæртæ,æвзистæй,уыдысты.
Темæ:Нæ
рагфыдæлтæ.
Текст:Ирыстоны тырысайы историйæ.
Грамматикон æрмæг:
Мивдисджыты ивынад ,мивдисджыты цæсгомон
формæтæ(фæлхат).
Урочы тип:Интегративон,æрмадзы элементтимæ.
Урочы нысан:
1)Ахуыр кæнын скъоладзауты активонлексикæйæ пайда
кæнын:ныффидар кæнын ног лексикæ:диалогон ныхасы рæзтыл кусын:грамматиконæрмæг
сфæлхатын.
2)Скъоладзауты зæрдæтæ гуырын кæнын цымыдисдзинад æмæ
сæрыстырдзинад сæ райгуырæн зæххы историмæ.
3)Бацамонын сын кæнын ног цымыдисаг æрмæг нæ
рагфыдæлты историйæ,ахуыр кæнын хи хъуыдытæ дзурын.
Урочы куысты хуызтæ:
Лексикон
æмæ грамматикон фæлтæртæ :хъазт ;диалогон ныхас,карточкæтæ-пиктограммæтæ
куыст.
Урочы
фæлгонц:
Ирыстоны
тырыса,рагон хъисын фæндыры музыкæ,карточкæтæ-пиктограммæтæ,фæйнæгыл фыст
;таблиццæтæ;текстытæ,рагон предметтæ.
Урочы
цыд :
1.Организацион хай
2.Ахуыргæнæджы разныхас(хъуысы рагон музыкæ)
Зæгъут ма мын ,мæ хæлæрттæ,кæм цæрæм мах,куыд хуыйны нæ райгуырæн
зæхх?
Скъоладзаутæ:-Ирыстон.
Ахуыргæнæг:Сымах зонут,цавæр хуызтæ ис Ирыстоны
тырысайыл.Ранымайутма сæ .Алы адæмы хаттæн дæр ис йæхи тырыса,йæхи герб,йæхи
символикæ.Абон мах дзурдзыстæм Ирыстоны тырысайыл,базондзыстæм кæцæй рацыди нæ
тырыса,цы нысан кæнынц йæ хуызтæ,цæмæн сты афтæ æвæрд.
3.Фыццаджыдæр ма ракæсут фæйнæгмæ.
Фæйнæгыл фыст сты абон нæ урочы цы лексикæ хъæудзæн ,цы дзырдтæй
пайда кæндзыстæм ,уыдон:Тырыса,рагон ,рагфыдæлтæ,хуыз,дих
кæнын,кувæг,хæстон,сыгъдæгдзинад,æхсардзинад,фарн,фарнхæсджытæ.
1.Скъоладзаутæ тæлмац кæнынцдзырдтæ.
2.Саразут ма дзырдтимæ мырон рæнхъытæ;Зæгъæм :
Тырыса-тынг,тыхджын,тыппыр;
Рагон-раджы,разæй,ран,рацæуынц;
Къорд-къозо,къомси,къогъо,къона.
Кувæг-кусæг,курын.
Хæстонтæ-хæдзар ,хæлар,хæдон,хæфс.
Зæхкусæг-зæронд,зæгæл,зæрватыкк,зæрдæ;
Сыгъдæгдзинад-сывæллон,сагъд.
3.Ныр та саразæм ацы дзырдтимæ дзырдбæстытæ.
4.Текстыл куыст.Текст кæсæм,тæлиац кæнæм.Ахуыргæнæг кæсы текст.Уый
фæстæ йæ скъоладзаутæ кæсынцсæхæдæг æмæ йæ тæлмац кæнынц.
Текст.
Ирыстоны тырысайæн ис рагон истори.Уый баст у нæ рагфыдæлты
,скифты,æмæ аланты историйымæ.
Ирон тырысайыл ис æртæ хуызы: урс,сырх,бур.Нæ рагфыдæлтæ дих
кодтой æртæ къордыл:кувджытæ,хæстонтæ,æмæ зæхкусджыьтæ.Тырысайы æртæ хуызы
нысан кæнынц уыцы æртæ къорды.
Урс-кувджытæ
Сырх-хæстонтæ
Бур-кусджытæ.
Ахуыргæнæг:адзкрæм ма ,ц базыдтам ацы текстæй?
Цавæр истории ис Ирыстоны тырысайæн?
Сывæллæттæ:Ирыстоны тырысайæн ис рагон истори.
Ах-æг:Цал хуызы йыл ис?
Сывæллæтьæ:Æртæ.
Ах-г:Цал къордыл дих кодтой нæ рагфыдæлтæ?
Сыв-тæ:Æртæ къордыл.
Ах-г :Уæд Нарт та цал мыггагылл дих кодтой ,æмæ цавæр мыггæгтыæ
уыдысты уыдон?
Сыв-тæ:æртæ мыггагыл:Алæгатæ,Æхсæртæггатæ,Борæтæ.
Ахуыргæнæг дзуры бæлвырддæр уыцы социалон къордты тыххæй.
-Нæ рагфыдæлтæм тынг кадджын уыдысты кувджытæ.
Уыдон зыдтой ,цы уыдис æмæ цы уыдзæн ,уый.
Адæм лæмбынæг хъуыстой сæ ныхасмæ.Сæ алы хъуыддаджы тыххæй дæр
цыдыстысæ уыдонмæ фæрсынмæ.
Куыд уæм кæсы,мæ лымæнтæ,цавæр дзаумæттæ дардтой кувджытæ?
Сыв-тæ:-Урс дзаумæттæ.
Ах-г- Раст.Сæ дарæстæ,сæ сæрыхъуынтæ,сæ боцъотæ,сæ дзабыртæ,сæ
худтæ-иуылдæр уыдон уыдысты урс
-Ныр та рахизæм хæстонтæм.Куыд уæм кæсы,куыд уæм кæсы,тырысайы
двккаг хай цæмæн у сырх?Цæй нысан у сырх хуыз?Уæ цæстытыл цы ауай ы,куы
фæзæгъæм сырх хуыз?
Сыв-тæ-Туг.
-хæст
-арт
Ах-г Уый раст у.Хæстонты цард баст уыд хæстимæ,мæ ,артимæ æмæ
уымæн у дыккаг хуыз сырх.
Уый у æа хсардзирнады,хъæбатырдзинады нысан.
-Ахъуыды ма кæнут,мæ хæлæрттæ,бур хуыз куы фæзæгъæм ,уæд уæ
цæстытыл ц ыауайы?
Сыв-тæ Хур
-сыгъзæрин
-Нартхор
Ах-г Тынг хорз,раст.Æцæгæй дæр бур хуыз нысан кæны хур,зæххы
хъæздыгдзинад,хор,тыллæг,фарн.Уый тыххæй йæ райстой нæ рагфыдæлтæ сæ тырысайæн
æртыккаг хуызæн.
-Уæдæ цы нысан кæнынц ацы хуызтæ?-Урс?
Сыв-тæ:Сыгъдæгдзинады нысан(Ам ахуыргæнæг хъуамæ æрдзура
скъоладзаутимæ,цавæр сыгъдæгдзинады кой кæнынц,ууыл.)
Ах-æг:-Сырх?
Сыв-тæ:Æхсардзинад.
Ах-г:Бур?
Сыв-тæ:Фарны нысан.
5.Аразæм ассоциативон рæнхъытæ!
Кувджытæ:Чингуытæ,урс дзаума,урс худ,зондджын
хъал,хорззæрдæ,сыгъдæгдзинад,,кувын,аргъуан,зачъетæ,боцъотæ,урсдзабыртæ.
Хæстонтæ:Тыхджын,æхсардзинад,топпытæ,бæрзонд,рæсугъд,мæсыг,фидар,æхтæ,бирæ,хъæздыгдзинад,сырх,туг,хъаматæ.
Зæхкусджытæ: фос,хъуг,бæх,гал,хæрæг,уæрдон,зæхх,хор,
Мæнæу,нартхор,сыгъзæрин,фæллой,бæгæны,хуым кæнынц.
6. Хъаст «Раст у æви нæу»
· Ирон тырысайыл ис
æртæ хуызы: урс ,цъæх, æмæ бур.
· Нæ рагфыдæлтæ дих
кодтой дыууæ къордыл :кувджытæ,æмæ хæстонтæ(зæхкусджытæ)
· Тырысайы æртæ
хуызынысан кæнынц æртæ къордыю
· Урс у
æхсардзинады нысан.
· Сырх у
æхсардзинады нысан.
· Нарт дих кодтой
цыппар мыггагыл:Алæгатæ,Æхсæртæггатæ,Борæтæ, æмæ Быценатæ.
Ах-æг:Раздæр адæм фыссын æмæ кæсын куы нæма зыдтой ,уæд ныв кодтой
къæдзæхтыл,бæласы цъарыл алыхуызон нывтæ.Уыцы нывтæ –иу æндæр адæймаг куы
федта,уæд иу базыдта,чи у уыцы нывгæнæг ,кæцæй,цы кусæг.Уыцы нывтæ фæстæдæр схуыдтой
пиктограммæтæ.
Карточкæтæ-пиктограммæтæ хъазт «Базон ма.Чи сты?»
Ах-æг раздæр амоны карточкæты нысантæ:
↑↓-сæр бын.
+-ис
Х-нæ
!-тынг,бирæ.
Скъоладзаутæ аразынц текст:
Уыдон
цæрынц мæсыгты доны раз .Уыдонмæ истынг бирæ хор,уацамонтгæ хъаматæ.Уыдон
уарзынц хæхтæ,рæсугъд рагон дзаумæттæ.Бирæ дзурын нæ уарзынц.Сты тынг тыхджын
,тынг куыстуарзаг,зондджын.
Ах-æг:Чи
сты уыдон?
Сыв-тæ:Уыдо нсты нæ рагфыдæлтæ.
Ах-æг:Нæ рагфыдæлтæ уыдысты тынг хъæлдзæг адæм.
Бакæсут ма ацы тагъддзуринаг уæхинымæр æмæ йæ тагъддæр æмæ
растдæр чи бакæсдзæн?
8.Тагъддзуринаг.
«Сырдон сындзыты сырдта сырдты.Уырызмæг та уырыдзыты уæрмæ
уагъта»
9.Диалоджы репликæтæ баххæст кæнын:
1)… … …?(Кæм цæрыс ды?)
2)Ирыстоны.
1… … …(Цавæр ран ис Ирыстоны)
2)Хæхты астæу.
1)… … … … … ?иРыстоны тырысайыл цал хуызы ис?
2)Æртæ хуызы.
1)Цавæр хуызы.
1)… … ?(Цавæр хуызтæ?)
2)Урс,сырх ,бур.
Бакусын диалоджы растдзурынадыл,интонацийыл.
10.Концектуалон уыци-уыцитæ:
Алы рæнхъ дæр хъуамæ æрхъуыдыкæна йæхи уыци-уыцитæ.Зæгъæм:Уый у
бур,вæййы бирæ,у хæрзад(Нартхор).
И сын цыппар къахы.У тыхджын æмæ рæсугъд(Бæх)
11.Сараз дзырдтæй хъуыдыйæдтæ:
1.
Нæ,уыдысты,рагфыдæлтæ,хæстонтæ,хорз.
2.
Мыггаг Борæты,тынг,хъæздыг,куыстуарзаг,æмæ уыдысты.
3.
Хъаматы,Æхсæртæггаты,сæртæ ,æвдистæй,уыдысты.
12.Хъазт «Мах стæм…»( æрмадзы элементтимæ)
Ахуыргæнæг сбадын кæны иу рæнхъы сывæлæтты иу къорды иу къорды
(æдыппæтæй дзы рауайыæртæ къорды)Алы къордæн дæр ис йæхи хæс:Иу къорд сты
Алæгатæ,иннæ къорд Æхсæртæггатæ,æртыккаг-Борæтæ.
Уыдон аразынц хъуыдыйæдтæ уыцы мыггæгты тыххæйюХъуыдыйæдтæ дыккаг
хаттдзурæн нæй:Кусынц,кæрæдзийæн æххуыс кæнынц.Къорды алы уæнг дæр хъуамæ зæгъа
иу хъуыдыйад.
Ахуыргæнæг сын æрæвæры сæ разыисты нысан:хъама ,кувæн къус,нартхоры
къус,алыхуызон нывтæ,кæцытæй хъуамæскъоладзаутæ спайда кæной.Зæгъæм,Аллæгатæм
им чингуытæ,урс дзаумæттæ,боцъотæ.Æхсæртæггатæм-бæхтæ,хъаматæ,уæззау
дзаумæттæ.Борæтæм –æфсир,хъуг,морæ,дзаумæттæ.
Ахуыргæнæг куысты размæ æрдзуры фæйнæгылцы таблицæ ис ууыл.Алы
къордæн дæр йæхи цæсгом.
Сфæлхат сæ кæнын!
Дæнцæг :
1р.Мах стæм Æхсæртæггатæ.Мах стæм тыхджын.Мах стæм
æхсарджын.Махмæ ис хъаматæ.Мах бадæм бæхтыл.Мах хорз уынæм.Мах зонæм аразын
мæсыгтæ.Махæн ис уæззау дзаумæттæ.
2р.Уыдон сты Алæгатæ.Уыдон сты сыгъдæг .Уыдон зонынц
кæсын,фыссын.Уыдонмæ ис чингуытæ.Уыдон дарынц урс дзаумæттæ,худтæ æмæ
дзабыртæ.Уыдонæн ис урс сæрыхъуынтæ,урс боцъотæ,урс зачъетæ,Уыдон сты зондджын.
3р.Сымах стут Борæтæ.Сымах стут зæхкусджытæ.Сымахмæ ис бирæ
фос:хъуццытæ,фыстæ,кæрчытæ.Сымах бирæ кусут.Сымах æмбырд кæнут
нартхор,мæнæу.Сымах стут куыстуарзаг адæм.Сымах стут хъæздыг.
4.Хъомыладон беседæ.
Ах-æг:Абон мах цæуыл дзырдтам?
Сыв-тæ:Нæ рагфыдæлтыл.
Ах-æг:æндæр ма цæуыл?
Сыв-тæ:Нæ тырысайыл ,нартыл,
Скифтыл.
Ах-æг:Уыдон иууылдæр иумæ хуыйнынцнæ имтори, æндæр хуызы та –нæ
уидæгтæ.
Ракæсут ма фæйнæгмæ ,ам ис ирон æмбисонд фыст «Бæлас æнæ уидагæй
нæ зайы» (Дерево без корней не растет).
Куыд æмбарут,сабитæ,ацы æмбисонд?Радзурут ма мын æй!
Скъоладзаутæ дзурынц,бæлас æнæ уидæгтæй куыд нæ цæры ,уидæгтæ йæ
хъæуы,цæмæй рæза,бæрзонд уа,тыхджын æнæ уидæгтæй бæлас ахауы.
Ах-æг:Тынг раст.Тынг зондджын ныхæстæ ракодтат,бузныг уын.Уый раст
у,адæймаг куы рвйгуыры уæд йын хуыцау æмæ йæ ныййарджытæ балæвар кæнынц
уидæгтæ æмæ …базыртæ;Уидæгтæ цæмæй фидар хæца зæххыл.Уыдон сты йæ фыдæлтæ ,йæ
рагфыдæлтæ йæ адæмы истори,йæ мыггаг .Базыртæ та уымæн,æмæ адæймаг бæрзонд
тæха,сахуыр кæна,уа йæ фыдæлтæй зонддчындæр ,тыхджындæр,æхсарджындæр.Æнæ уымæй
цард нæй.Фæлæ мах куы ферох кæнæмнæ уидæгтæ,куы нæ зонæм нæ истори уæд нæ нæ
базыртæ хæрдмæ нæ сисдзысты.Æрхаудзыстæм бынмæ ,нæ бон хæрдмæ стæхын не
суыдзæнис.
6.Хатдзæгтæ.
Ах-æг:Уæдæ цы базыдтам мах абон Ирыстоны тырысайы
тыххæй?
Сыв-тæ:Ирыстоны тырысайыл ис æртæ хуызы:урс,бур æмæ сырх.
-Урс-сыгъдæгдзинады нысан
-Уыдон сты кувджытæ
-Сырх у æхсардзинады нысан.Уыдон сты хæстонтæ.
-Бур убæркад æмæ фарны нысан,уыдон сты зæхкучджытæ.
Нарт дих кодтой æртæ мыггагыл:Алæгатæ,Æхсæртæггатæ,Борæтæ.
6.Бæрæггæнæнтæ
7.Хæдзармæ куыст :ныффыссут
Гыццыл нывæцæн Нарты æртæ мыггагæй иуыл!
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.