Темæ:Хъуыдыйад (Иры тырыса)
Нысан:а)Хъуыдыйады
тыххæй скъоладзауты зонындзинæдтæ фæуæрæх кæнын.
æ)Ирыстоны тырысайыл æрдзурын.
2.Ныхасы рæзтыл бакусын.
II . Ахуыргæнæджы разныхас:
(Ахуыргæнæг дзуры нæ Республикæйы гимны фыццаг куплет)
Зæрин хур йæ тынтæ нывæнды фæлмæн
Нæ фыдæлты рагон уæзæгыл рæдæуæй
Арвы бын калы,фæрдыгау,тæмæн
Ирыстон йæ адæмты фарнæй.
(Магнитофоныл фыст зарæг «Дидинæг калы нæ бæстæ...»-йæ2 куплеты)
Æмæ Иры сæрмæ фæйлауы Ирыстоны тырыса.
Ацы бонты та йæномта ногæй æмæ ногæй кæмæн арæм,уыцы
уарзон фыссæг Къостайы рæнхъытæ райстам эпигрæфæн:
«Скæнæм нæ тырыса
Дзыллæйы номæй,-
Рухсмæ æнæзивæг
Цомут æнгомæй.»
Уæдæ ,сывæллæттæ,цомут æнгомæй хъуыдыйады сусæгдзинæдтæ ахуыр кæнынмæ.
(Сывæллæттæ фыссынц нымæц æмæ темæ)
III Таблицæтимæ куыст:
(Фæйнæгыл таблицæйыл текст «ТЫРЫСА»:иу скъоладзау кæсы текст) «Ирон
адæмæн ис æртæхуызон урс-сырх-бур тырыса.Ацы хуызтæ сты удварны сыгъдæгдзинад(урс
хуыз),хæстон æхсар(сырх),фарн æмæ бæркады (бур хуыз )нысантæ.
Нæ тырысайы хуызтæ æмæ символтæ æмбарынæдтæ баст сты фыдæлтыккон
ирон (скифаг æмæ алайнаг ) æхсæнады арæзтимæ ,кæцы дихгонд цыди æртæ социалон
къордыл : æфсæддон аристократи (уæздæттæ),дины кусджытæ æмæ æхсæнады рæнхъон уæнгтæ(фосдарджытæ
æмæ зæхкусджытæ)»
1.Фонетикон æвзæрст ракæнын дзырд тырыса.
Т-[т]-хъæл, æзыл.(д)
Ы-[ы]-лæм.хъ.
Р-[р]-сон.. æмхъ.зыл.
Ы-[ы]-лæм.хъæл.
С-[с]- æмхъ., æзыл.(з)
А-[а]-хъæл.тыхдж.
2.Текстæй рафыссн ирон ттырысаимæ баст дзырдбæстытæ.
Урс хуыз ,бур хуыз ,сырх хуыз.
Фарст.Цы у дзырдбаст?Цавæр дзырдтæй арæзт æрцæуы?
Дзуапп. Дзырдбаст бæрæг кæны предмеи æмæ йæ архайд .Дзырдтæ сæ кæрæдзимæ баст цæуынц мидисмæ гæсгæ æмæ грамматикон æгъдауæй.Дзырдбаст арæзт æрцæуы сæйраг дзырдæй æмæ дæлбар дзырдæй.
Кæрæдзиуыл баст сæйраг æмæ дæлбар дзырдтæ иумæ хуыйнынц
дзырдбаст 3.Равдисын ,нæ фыдæлты ирон æхсæнады арæзт æмæ тырысайы
хуызтæ кæрæдзийыл куыд баст сты,уый.
Æфсæддон аристократи –сырх хуыз ;
Дины кусджытæ- урс хуыз;
Æхсæнады рæнхъонуæнгтæ-бур хуыз.
4.Нæ тырысайы 3 хуызæи уæхицæн равзарут иу хуыз ,уæ риуыл æй бакæнут.
(Партæтыл уæ разы тырысайы 3 хуызы.)
IV.(Хъусæм зарæг «Фарн»-мæ)
-Мæнмæ гæсгæ уын зонгæ цу ацы зарæг.
Хæс.Чи фылдææр хъуыдыйæдтæ ныффысдзæн зарæджы текстæй?
(2-3 скъоладзауы бакастысты сæ хъуыдыйæдтæ)0
-Сбæрæг кæнæм ,кæцы хуыз фæуæлахиз не(Бур хуыз... )
Фарст.Зарæггæнæг уын не скъолайы ахуырдзаутæй уæ цæстытыл никæй ауайын кодта?
Дзуапп. Уый у нæхи скъолайы 11-æм къласы ахуырдзау Джихаты Ромæ.
Фарст.1. Цы хъуыдыйадтæ рафыстат ,уыдон уæлдæр дзырдбæстытæй цæмæй хицæн кæнынц?
2.Цы у хъуыдыйад?
Дзуапп. Хъуыдыйады æвдыст цæуы æххæстхъуыды,дзырдбасты та хъуыды нæй.
Хатдзæг. Уæ хъуыдыйæдтæ иууылдæр сты раст , æххæст хъуыдыйæдтæ .
Хъуыдыйæдтæ ма арæзт фæййынц иугай дзырдтæй дæр.Зæгъæм
Фарн,фарн, фарн;Фæззæг. ÆРБАУАЗАЛ. Æмæ а.д.
V. Чиныгимæ куыст:
1)1 скъоладзау кæсы раиртаст 7-æм парагрæф.
2) æххæст кæнынц 53-æм фæлтæрæн.
VI.Нарты кадджыты текст :
-Нæ рагфыдæлтæ Нарты дæр дих кодтой æртæ мыггагыл.
Хæс. Уæ разы текст . Уыцы тексты цухгонд æрцыдысты Нарты мыггæгта æмæ
сæ баххæст кæнут .(Иу скъоладзау хъсерæй кæсы текст ).
Скифтау Нартæ дæр дих
цыдысты æртæ мыггагыл: Æхсæртæггатæ( хæстонтæ), Алæгатæ(дины кусджытæ), æмæ
Борæтæ(æхсæнады рæнхъон уæнгтæ).Фыццаг къордмæ хаудысты: Уырызмæг ,Хæмæц
,Батрадз,Сырдон.Дыккаг къорды уæнгтæ æххæст кодтой нарты æгъдæуттæ, сæ хæдзары
уыдис æвæрд къус-Уацамонгæ.Борæтæ та уыдысты нарты бæркад æмæ фарны фæлдисджытæ.
Фарст. Уæдæ уæ
риуыл цы хуызтæ ис ,уыдонмæ гæсгæ уæ чи кæцы мыггагмæ хауы?
Дзуапп. Æхсæртæггатæй
,Алæгатæй,Борæтæй.
Грамматикон
хæс:
1.Текст цал хъуыдыйадæй
арæзт у? (цыппар)
2.Алæгаты
мыггаг хицæн кææынц фыццаг хъуыдыйады номдартæ æмæ сын сæ сæрмæ фæнысан кæнынц
кæцы хауæны ис номдар.(Фыссынц сæ сæ тетрæдты)
3.Борæтæ-мивдисджытæ
ссарын æмæ цæ бахах кæнын. Сæ сæрмæ сын фæнысан кæнын цæсгом,нымæц,афон.
4. Æхсæртæггатæ
– рафыссын 2-3 дзырдбасты.
Абон нæ Нарты æртæ
мыггаджы урочы хорз бакустой ,сæ хæстæ иууылдæр кæронмæ сæххæст кодтой .Хæдзары
та ныффысдзыстут3-5 хъуыдыйады уæхи мыггагты тыххæй,ома уæ мыггæгты равзæрды
тыххæй.
VII.Бæрæггæнæнтæ
сывæрын.
VIII.Хатдзæгтæ
скææын.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.