Рабочие листы
к вашим урокам
Скачать
1 слайд
ÆМБИСÆНДТÆ,
УЫЦИ – УЫЦИТÆ.
2 слайд
3 слайд
ÆМБИСÆНДТÆ
4 слайд
ÆМБИСОНД -
дзыхæйдзургæ адæмон сфæлдыстады хуызтæй иу, асæй хæрз цыбыр
уацмыс, йæ хъуыды – стыр æмæ арф.
Æмбисæндтæ æвдисынц адæмы цард,сæ зонд, сæ хъуыдытæ, сæ
бæллицтæ, сæ цæстæнгас цардмæ .
5 слайд
ДЗЫРД.
ДЗЫРД ХЪАЗИНАГ НÆУ.
ДЗЫРД ДАРДЫЛ ХЪУЫСЫ.
НЫХАС БÆХЫЛ БАДЫ.
НЫХАС УАДÆЙ ТАГЪДДÆР У, ТОППÆЙ – ТЫХДЖЫНДÆР.
ÆРГОМ НЫХАСÆЙ ЧИ ТÆРСЫ, УЫЙ ЙÆХÆДÆГ АХХОСДЖЫН У.
ДЗЫРД ХАЛÆГ ДÆР У ÆМÆ АРАЗÆГ ДÆР.
ЛÆДЖЫ ЙЕ ’ВЗАГ САФГÆ ДÆР КÆНЫ ÆМÆ АРАЗГÆ ДÆР.
6 слайд
МАД.
МАДЫ ХЪÆБЫС АДДЖЫН У.
МАДЫ РÆВДЫДÆЙ АДДЖЫНДÆР НИЦЫ ИС.
МАДЫ ЦÆФ НÆ РИССЫ.
МАДЫ АД – НЫФСДÆТТÆГ, МАДЫ УАРЗТ – ТЫХДÆТТÆГ.
МАДЫ ЗÆРДÆ ЗОНАГ У.
МАДЫ БÆЛЛИЦ – ЦОТЫ ХУР.
ХОРЗ МАД АРФÆЙАГ У, ÆВЗÆР МАД – ÆЛГЪЫСТАГ.
7 слайд
ÆФСАРМ.ÆГЪДАУ.
ÆФСÆРМ АДÆМЫ У.
ЦÆСГОМ АРМЫДЗАГ ЙЕДДÆМÆ НÆУ.
ЛÆГ ЙЕ ’ГЪДАУÆЙ ЛÆГ У.
АЛЦÆМÆНДÆР ÆГЪДАУ ИС.
АДÆЙМАГ ЙЕ ’ГЪДАУ ÆМÆ ЙÆ УАГÆЙ У.
ÆФСАРМ КÆМ И, ÆГЪДАУ ДÆР УЫМ И.
8 слайд
УЫЦИ – УЫЦИТÆ
9 слайд
УЫЦИ – УЫЦИ кæнæ базон – базон -
адæмон сфæлдыстады хуызтæй иу: исты предмет кæнæ фæзынд барæй зынæмбарæн хуызы æвдисын, цæмæй æцæгæй цы у, уый зындæр базонæн уа.
Уыци – уыцитæ хорз æвдисæн сты, адæм раджы дæр æрдзы æмæ царды
алыхуызон фæзындтæм сæ цæст куыд бæстон дардтой æмæ сæ цыбыр ныхæстæй бæлвырд æмæ аив æвдисынмæ куыд арæхстысты, уымæн.
10 слайд
АРМЫ ДЗЫХЪХЪЫ ЦЪÆХ ДЕНДЖЫЗ.
НА ЛАДОНИ СИНЕЕ МОРЕ.
11 слайд
12 слайд
ÆНÆ УИДАГÆЙ ЗАЙЫ.
БЕЗ КОРНЕЙ РАЗМНОЖАЕТСЯ.
13 слайд
14 слайд
СÆРД ДАРÆСЫ ЦÆУЫ,
УАЗАЛЫ БÆГЪНÆГ ВÆЙЙЫ.
ЛЕТОМ В ОДЕЖДЕ ХОДИТ,
В ХОЛОД РАЗДЕТО БЫВАЕТ.
15 слайд
16 слайд
СÆРД УÆЛÆМÆ ЦÆУЫ,
ЗЫМÆГ – ДÆЛÆМÆ.
ЛЕТОМ ВВЕРХ ИДЁТ,
ЗИМОЙ – ВНИЗ.
17 слайд
18 слайд
ХАБОС ЛÆУУЫ ЙÆ ИУ КЪАХЫЛ.
ХАБОС СТОИТ НА ОДНОЙ НОГЕ.
19 слайд
20 слайд
АСИАТЫЛ АВД КÆРЦЫ.
НА АСИАТЕ СЕМЬ ШУБ.
21 слайд
22 слайд
ФÆСХОХ КУЫДЗ АМАРДИ, АРДÆМ ЙЕ СМАГ ЦÆУЫ.
ЗА ГОРОЙ СОБАКА СДОХЛА,
А ВОНЬ СЮДА ДОХОДИТ.
23 слайд
24 слайд
ЦЪÆХ У, ÆМÆ ДÆНДАГДЖЫН,
ФОСМÆ ЙÆ МОНДÆГТÆ УАЙЫНЦ.
СЕР ОН, ДА ЗУБАСТ,
ДОМАШНЯЯ СКОТИНА ЕГО СТРАСТЬ.
25 слайд
26 слайд
НÆ БУРКÆРЦДЖДЫН МАРГЪЫ ФЫД УАРЗЫ.
НАША РЫЖАЯ МЯСОМ ПТИЦЫ ЛЮБИТ ЛАКОМИТЬСЯ.
27 слайд
28 слайд
НÆ ГАЛÆН ÆСТДÆС СЫКЪАЙЫ.
У НАШЕГО БЫКА ВОСЕМНАДЦАТЬ
РОГОВ.
29 слайд
30 слайд
РАЗÆЙ ФÆСТÆМÆ БАСТ,
ФÆСТЕЙÆ РАЗМÆ БАСТ,
БЫНÆЙ УÆЛÆМÆ БАСТ,
УÆЛЕ БЫНМÆ БАСТ.
СПЕРЕДИ НАЗАД ПЕРЕВЯЗАН,
СЗАДИ ВПЕРЁД ЗАВЯЗАН,
СНИЗУ НАВЕРХ ПОДВЯЗАН,
СВЕРХУ ВНИЗ ОБВЯЗАН.
31 слайд
32 слайд
АМ – ЦЪЫКК,
УЫМ – ЦЪЫКК,
ЦÆРАЗОНЫ ÆФЦÆГЫЛ
ÆРТÆ ЦЪЫЧЧЫ.
ЗДЕСЬ – ХЛОП,
ТАМ – ХЛОП,
ОБ ПЕРЕВАЛ ЦАРАЗОНА
ТРИ ХЛОПКА.
33 слайд
34 слайд
НЕ СКЪÆТ УРС УÆРЫЧЧЫТÆЙ ЙЕДЗАГ.
НАШ ХЛЕВ БЕЛЫХ ЯГНЯТ
ПОЛОН.
35 слайд
36 слайд
ДЫУУÆ САУ ХОХЫ АСТÆУ УРС ХОХ.
МЕЖДУ ДВУХ ЧЁРНЫХ ГОР
БЕЛАЯ ГОРА.
37 слайд
38 слайд
НÆ УÆЛКЪÆСÆР ПЫХСЫ КЪУТÆР.
У ПОРОГА ВЗЪЕРОШЕННЫЙ
КУСТАРНИК.
39 слайд
40 слайд
ÆНÆ СÆРÆЙ ХÆРДМÆ ЦÆУЫ.
БЕЗ ГОЛОВЫ ВСЁ
НАВЕРХ ИДЁТ.
41 слайд
42 слайд
ДÆЛГОММÆ – ДЗАГ,
УÆЛГОММÆ – АФТИД.
НИЧКОМ – ПОЛНА,
НАВЗНИЧЬ – ПУСТА.
43 слайд
44 слайд
НÆ ХЪÆЦЦУЛÆН ЦЫППАР ДЗЫХЫ.
У НАШЕГО ОДЕЯЛА
ЧЕТЫРЕ ХЛЕБАЛА.
45 слайд
46 слайд
ЦЫППАР ЛÆГÆН ИУ ХУД.
ЧЕТВЕРО МУЖЧИН ПОД
ОДНОЙ ШАПКОЙ.
47 слайд
48 слайд
ÆХСÆВ – ДЗАГ, БОН – АФТИД.
НОЧЬЮ – ПОЛНА, ДНЁМ –
ПОРОЖНА.
49 слайд
50 слайд
ДУДУ КЪУЫППЫЛ – ДУДУ ЦЪИУ.
51 слайд
Рабочие листы
к вашим урокам
Скачать
6 655 003 материала в базе
Настоящий материал опубликован пользователем Черчесова Римма Гаспоевна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт
Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.
Удалить материалВаша скидка на курсы
40%Курс профессиональной переподготовки
300/600 ч.
Курс профессиональной переподготовки
600 ч.
Курс профессиональной переподготовки
300/600 ч.
Мини-курс
4 ч.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.