Рабочие листы
к вашим урокам
Скачать
1 слайд
ФГОС
«Федералон ахуырадон стандартты домæнтæ ирон æвзаг æмæ литературæйы урокты»
ГАПОУ СКАТК ГАБЕТЫ М.Д.
2 слайд
Дидактикон хицæндзинæдтæ уроктыл
3 слайд
Урочы нысантæ методикон æгъдауæй
1. Ахуырдзау хъуамæ хорз æмбара, абон урочы дзырд цæуыл цæудзæн, цы зонындзинæдтæ хъуамæ райса, цы нысан æвæрд ис йæ размæ , æмæ цæйимæ ацæудзæн урокæй.
2. Ахуырдзаутæ урочы хъуамæ пайда кæной анализ æмæ синтезæй, абарстæй, кæной хатдзæгтæ, проектон куыстытæ æмæ алыхуызон ахуырадон хъазтыт æ.
3. Ахуырдзауты ахуыр кæнын хъæуы хибарæй архайыныл, уый тынг хорз æххуыс кæны ахуыргæнæджы арæзт проблемон уавæртæ (цæлхдуртæ) аиуарс кæнынæн. Цæлхдур иуварс кæнгæйæ, скъоладзаутæн рæзы сæ логикон хъуыдыкæнынад, хуыздæр уынынц реалон царды фæзминаг миниуджытæ, раст къахыл лæууыны фæрæзтæ.
4 слайд
Методикон нысан æвæрын урочы раз
4. Фаг æргом аздахын урочы иумыйагæй архайынмæ, ахуырдзауты кусын кæнын иумæ ,къордты хуызы, кæнæ къæйттæй, кæнæ фæйнæгыл дыууæ дихæй Къордты куыст алы ахуырдзауы дæр разæгард кæны куыстмæ, урочы архайынмæ. Иумæ кусгæйæ, ахуырдзаутæ кæнынц ныфсджындæр, активондæр æмæ хъуыдыджындæр, сæ хъуыдытæ дзурынц æргомæй.
5. Урочы аразын хъæуы, ахуырдзауты сæ хъуыдытæ æргом кæнынмæ разæнгард чи кæны, ахæм коммуникативон уавæртæ.
6. Ахуырты рæстæг пайда кæнын хъæуы, ахуырдзауты арæхстдзинæдтæй, цæмæй æнцонæй æвзарой сæ фидæны дæсныйад.
5 слайд
Ахуыргæнæджы хæс æмæ архайд урочы мидæг
1. Бæстондæр ахъуыды кæнын ног æрмæг проблемон уавæрты хуызы фехъусын кæныныл, цæмæй ахуырдзауты баппарæм цымыдисы.
2. Хæдзармæ хæслæвзрд зæрдыл æрлæууын кæныныл хуыздæр ахъуыды кæнын.
3. Рацæугæ æрмæг сфæлхат кæнын фронталон фарстытæй.
4. Куыд хуыздæр сараздзæн къордты куыст урочы, ууыл ахъуыды кæнын, райуаргæ æрмæг æрцæттæ кæнын рагацау.
6. Цæлхдур ьиуварс кæнгæйæ, цавæр хатдзæгтæ хъуамæ скæной ахуырадзаутæ, уымæ хъус æрдарын.
7. Цæлхдурты хуызы бацагурын практикон хæслæвæрдтæ ног æрмæгыл бакусынæн.
6 слайд
Урочы ног æрмæг амоныны структурæ
1) Мотиваци. Ахуырдзауты бацæттæ кæнын урочы архайынмæ .
2) Сбæрæг кæнын цы нæ зонынц ахуырдзаутæ, цæуылнæ у сæ бон урочы архайын, уый; бакусын цæлхдур аиуварс кæныныл.
3) Раттын хæслæвæрд, фыссыны хуызы дæр.
4) Ахуырдзауты дзуæппытæн, раст хатдзæгтæ скæнынæн.
5) Ахуырдзауты хибарæй куыстыл бафтауын.
6) Практикон куысты хуызтæ рабæрæг кæнын.
7) Рефлексия. Ахуырдзауты дзуæппытæ, цы базыдтой урочы, зын сæм цы фæкаст.
7 слайд
Технологимæ гæсгæ урочы мидæг ахуыргæнæджы архайд :
1. Хибарæй куыст урочырæстæгæн хъуамæ йæ 50% къаддæр ма уа.
2. Ахуыргæнæг йæхæдæг 10 минутæй фылдæр нæ дзуры.
3. Ахуырдзауты дзуаппытæм урочы байхъусын. (цас фылдæр, уый бæрц хуыздæр).
4. Ахуырдзаутæ хъуамæ райстой бæрæггæнæнтæ иууылдæр.
5. Ахуырдзаутæ уыдысты цæттæ ног æрмæгмæ байхъусынмæ?
6. Ахуырдзаутæ иууылдæр бамбæрстой ног æрмæг?
7. Хæдзармæ куыстæн цавæр хæслæвæрд радта?
8 слайд
Ахуыргæнæгæн зæрдылдарынæн
1. Урочы къаддæр дзурын, хæслæвæрд цалдæр хатты ма фæлхат кæн, чиныджы информаци дæхæдæг ма дзур, ахуырдзауты дзуапп ма фæлхат кæн!
2. Скъоладзау дзуапп куы радта, уæд æй бафæрс, цæмæн афтæ хъуыды кæны, уымæй.(йæхи хъуыды)
3. Ахуырдзауы дзуапп дæхæдæг ма раст кæн. Уадз æмæ йын йæ рæдыд йе ’мбæлттæ бафиппайой сраст æй кæной, фæйнæгыл рæдыды аххах кæн, йæ сæрмæ та йæ растæй фыссæм. (цæмæй бахъуыды кæна йæ рæдыд)
4.Ахуырдзауты архайдæн дæхæдæг ма аргъ кæн йæхи йын бауадз, кæнæ йе ’мкурсонты.
5. Хæслæвæрдтæ раст æмæ бæлвырд æвæр; скъоладзаутæй цы домыс, ууыл-иу ахъуыды кæн.
6. Фылдæр хъуамæ архайай урочы нæ, фæлæ урок цæттæ кæнгæйæ: урокмæ æрмæг агургæйæ, урочы структурæйыл хъуыды кæнгæйæ.
7.Урочы ахуыргæнæг нæ дæ, фæлæ актер æмæ режиссер!
9 слайд
Ахуыргæнæджы архайд урочы хъуамæ аива?
10 слайд
10
Царды арæх фæиуварс кæнæм цæлхдуртæ (проблемæтæ). Скъола нæ уымæ куыд цæттæ кæны?
Традицион урочы структурæ
1. Ахуыргæнæг скъоладзауты хæдзармæ куыст сбæрæг кæны.
2. Ахуыргæнæг ног темæ фехъусын кæны.
3. Ахуыргæнæг ног темæ бацамоны.
4. Ахуыргæнæг темæ бафидар кæныныл бакусы.
Царды сæ куыд аиуварс кæнæм?
1. Цард нын нæ размæ сæвæры цæлхдур. Куыд нæ архайын хъæуы, ууыл асагъæс кæнæм.
2. Уавæрæй рахизынæн нæм цы ис, цæмæ арæхсæм, ууыл ахъуыды кæнæм.
3. Нæ размæ цы цæлхдур сæвзæрд, уый аиуварс кæныныл фæархайæм (хатгай нæ ног зонындзинæдтæ дæр бахъæуы).
4. Нæ къухы цы бафтыд, уый, цæмæ тырныдтам, уымæн дзуапп дæтты æви нæ, уый фæдыл хатдзæг скæнæм.
11 слайд
11
Традицион урок
1. Ахуыргæнæг хæдзармæ куыст сбæрæг кæны.
2. Ахуыргæнæг ног темæ фехъусын кæны.
3. Ахуыргæнæг ног æрмæг бацамоны
4. Ахуырдзаутæ ног æрмæг бахъуыды кæныныл бацархайынц.
Проблемон урок
1. Ахуыргæнæг проблемон уавæр (цæлхдур) саразы, ахуырдзаутӕ проблемæ сбæрæг кæнынц
2. Ахуырдзаутæ, рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнынц.
3. Ахуырдзаутæ , цæлхдур куыд аиуварсгæнæн ис, ууыл хъуыды кæнынц.
4. Ахуырдзаутæ, цы хатдзæгмæ æрцыдысты, уый раргом кæнынц.
5. Ахуырдзаутæ, цæлхдур аиуварс кæнынц.
Проблемон технологи
Йæ нысан – хибарæй цæлхдурты сæрты хизын сахуыр кæнын.
Скъоладзаутимæ иумæ ног зонындзинæдтыл архайын.
12 слайд
Проблемон урочы арæзт
13 слайд
Хатдзæгтæ:
1. Проблемон технологи ахуырдзауты цæттæ кæны урочы хибарæй архайынмæ, хибарæй хатдзæгтæ кæнынмæ.
2. Проблемондзинад сæвзæрын кæнæн ис алыхуызон методтæй пайда кæнгæйæ: проблемон фæрстытæ æвæргæйæ, алыхуызон хæстæ æххæст кæнгæйæ. Традицион методтæ та фылдæр арæзт сты темæ фехъусын кæнынмæ, зонындзинæдтæ цæттæйæ раттынмæ.
3. Проблемон уавæрты сахуырдзаутимæ кæнæн ис фронталон куыст, къордты куыст, кусæн ис къæйттæй, индивидуалон æгъдауæй.
Традицион методтæ та фылдæр сты фронталон куыстимæ баст.
4. Проблемон уавæртæ рæзын кæнынц ахуырдзауты сфæлдыстадон гæнæнтæ. Уымæн хорз æххуыс сты алыхуызон мадзæлттæ: техникон фæрæзтæ, цæстуынгæ æрмæджытæ æмæ а.д.
14 слайд
Бацæттæ йæ кодта
ГАБЕТЫ М.Д.
Г. АРДОН
Рабочие листы
к вашим урокам
Скачать
6 661 989 материалов в базе
Настоящий материал опубликован пользователем Габиева Мери Давидовна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт
Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.
Удалить материалВаша скидка на курсы
40%Курс профессиональной переподготовки
500/1000 ч.
Курс профессиональной переподготовки
300/600 ч.
Курс повышения квалификации
72/180 ч.
Курс профессиональной переподготовки
300/600 ч.
Мини-курс
6 ч.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.