Инфоурок Другое ПрезентацииПрезентация по осетинскому языку на тему "Къубалты Алыксандр Афхардты Хасана"

Презентация по осетинскому языку на тему "Къубалты Алыксандр Афхардты Хасана"

Скачать материал

Нывæст ирон литературæйы урокмæ 9-æм къласы

 

Урок - диспут

 

 

Темæ: Къубалты Алыксандр - фæлтæрты минæвар.
Кадæг "Æфхæрдты Хæсанæ"-йы сусæгдзинæдтæ.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Урочы нысан: Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстад ахуыргæнгæйæ рæзын кæнын                                   сывæллæтты  критикон хъуыдыкæнынад.

 

 

Урочы хæстæ: 1.  Æрдзурын Къубалты Алыксандры цард æмæ сфæлдыстадыл.

 

2.     Бакусын сывæллæтты критикон хъуыдыкæнынад рæзын кæныныл

кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ»- йы сусæгдзинæдтæ равзаргæйæ.

 

3.     Рœзын кœнын цымыдисдзинад ирон адœмы историмœ.

 

Спайдагонд ахуырадон технологитæ: критикон хъуыдыкæнынад рæзын

                                            кæныны технологи;

                                                     информацион технологи.

 

 

Урочы фæлгонц: Къубалты Алыксандры портрет, чиныг «Æфхæрдты Хæсанæ»,       техникон фæрæзтæ, слайдты равдыст, зарæджы клип.

 

 

 

Фæйнæджы фæлыст: Темæ: Къубалты Алыксандр-фæлтæрты минæвар. Кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы сусæгдзинæдтæ.

 

                             

 

 

                               Эпиграф:    Байхъусут, зæрæдтæ!.. Байхъусут, лæппутæ!..

                                                    Байхъусут зарæгмæ, фыдæлты кадæгмæ,

                                                    Дзæбæхдæр бахъырнут уæ бæзджын хъæлæстæй!..

 

 

 

 

Предметы æхсæн æмбастдзинад: ирон æвзаджы уроктæ, музыкæйы уроктæ.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Урочы цыд.

 

1.     Бацæттæгæнæн рæстæг.

 

2.     Байхъусын æмæ бакæсын музыкалон клипмæ ( Бæтæхъойы хъæуы зарæг- Гæджынаты Руслан.)

     Ахуыргæнæджы ныхас зарæджы арæзт æмæ мидисмæ гæсгæ:

-  Зарæджы музыкæйы автор æмæ зарæггæнæг у Гæджынаты Руслан, Бæтæхъойы хъæуккаг.

-  Цæуыл дзурæг у, Руслан йæ райгуырæн хъæуыл кæй зары,уый? (Бирӕ уарзы йӕ хъӕу)

-  Цы æвдыст æрцыд, клипы цы ныв уынæм, уым? ( Саби фæцæуы цардвæндагыл æмæ йæ раивы Руслан, стæй фæцæуынц иумæ ).

Дзуапп: Цард цæуы, фæлтæртæ кæрæдзи ивынц æмдзу кæнынц.

 

 Равдисын уыцы эпизод.

3. Ног æрмæгмæ разныхас:

 

  -  Судзы ацы чысыл хъæубæсты царды цырагъ дæр, фæлтæртæ йæ мынæг кæнын нæ уадзынц. Ивгъуыд абонимæ баст у кадджын, номдзыд нæмттæй.

Ахуыргӕнӕг:  Бӕтӕхъойы хъӕу сӕрыстыр у бирӕ зындгонд адӕмӕй! Чи сты уыдон?

  Дзуапп: Плиты Иссӕ,Андиаты Сослан,Уататы Бибо,Къудзаты Хъазыбег,Ходы Камал,Къубалты Алыксандр,Зыгъуытаты Бибойӕ.

  Ахуыргӕн ӕг: Чи уыд Зыгъуытаты Бибо? (Кадæггæнæг) Кадӕггӕнджыты тыххӕй нын ӕрмӕг бацӕттӕ кодта Ходы Миленӕ. Табуафси.

 Презентаци равдисын.

Ахуыргӕнӕг:  Рæсугъд æрдз балæвар кодта йæ цæрджытæн курдиат, уымæн æвдисæн у куыд абон, афтæ ивгъуыд дæр.

      Дæсны зарæггæнæгыл нымад у абон нæ эстрадæйы Гæджынаты Руслан. Мæнмæ гæсгæ, уый йе 'мхъæуккаг Зыгъуытаты Куырм-Бибойы фарн хæссы.

      Фыдæлты таурæгътæ кодта Куырм-Бибо Ирыстоны алы комбæсты  йæ фæндырæй цæгъдгæйæ.

   Равдисын слайд.

Ахуырганаджы  фарст: Куыд ӕмбарут дзырдтӕ кадӕг ӕмӕ кадӕггӕнджытӕ?

Дзуапп: Кадæг – фæндыры цагъдмæ кæй зарынц, хицæн мелоди кæмæн ис, ахæм эпикон зарæг, таурæгъ. Йӕ бындуры ис царды рагон ӕцӕгдзинад.

Кадæггæнæг – йæхи фæндыры цагъдмæ кадджытæ æмæ таурæгътæ чи кодта, ахæм дæсны дзурæг.

     Ахуыргӕн ӕг:  Зыгъуытаты Бибо адæмы цардмæ хаста аивад. Йæ диссаджы аивадæй, йæ мидисджын таурæгътæй сын агайдта сæ зæрдæтæ æмæ сæ разæнгард кодта йæ фарн хъахъхъæнынмæ.

 Ахуырганаджы  фарст: - Куыд уӕм кӕсы,цымӕ мах абон Бӕтӕхъойы хъӕуы тыххӕй  цӕмӕн афтӕ лӕмбынӕг дзурӕм?

Дзуапп:  Темӕ баст уыдзӕн кӕнӕ хъӕу, кӕнӕ йӕ хъӕуккӕгтимӕ.

 

 

                                                      4.Ног æрмæг.

         Ахуыргӕнӕг: Тынг раст. Бибойы кадджытæм сабийæ чи хъуыста, уыдонæй иу уыд зындгонд ирон фыссæг Къубалты Алыксандр.

         Ахуыргӕнӕджы  разныхас:

      -Мах ирон адӕм не `гъдаумӕ гӕсгӕ стыр аргъ кӕнӕм хистӕртӕн. Уӕдӕ абон махмӕ  ӕрхауди уыцы кад скӕнын ирон литературӕйы бындурӕвӕрджытӕй иуӕн. Уый у Къубалты Алыксандр.

       Ацы адӕймаджы тыххӕй ӕрмӕг бацӕттӕ кодта Икъоты Аннӕ. Дӕ хорӕхӕй,хъусӕм дӕм.

      Презентаци равдисын

Ахуыргӕнӕг : Бузныг Аннӕ. Нӕ абоны урочы темӕ ма мын зӕгъут?

 Дзуапп : Къубалты Алыксандр-фæлтæрты минæвар.
       Кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы сусæгдзинæдтæ.

Ахуыргӕнӕг: Сымахмӕ гӕсгӕ нӕ урочы нысантӕ та цы сты?

Дзуапп: 1.Ӕрдзурын Къубалты Алыксандры цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл.

2.Кадӕг «Ӕфхӕрдты Хӕсанӕ»-йы сусӕгдзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ рӕзын кӕнын хъуыдыкӕнынад .

3.Рœзын кœнын цымыдисдзинад ирон адœмы историмœ.

Ахуыргӕнӕг:  Раст. Бузныг уын.Хӕдзармӕ куыст уын лӕвӕрд уыдис бакӕсын Ӕфхӕрдты  Хӕсанӕ.

  - Сывӕллӕттӕ зӕгъут ма мын, цы у эпиграф уацмысӕн?

Дзуапп: -Уый у уацмысы сӕйраг хъуыды( проблемӕ) цыбырӕй!

 (Сывӕллӕттӕй иу кӕсы эпиграф)

               Байхъусут, зæрæдтæ!.. Байхъусут, лæппутæ!..

         Байхъусут зарæгмæ, фыдæлты кадæгмæ,

    Дзæбæхдæр бахъырнут уæ бæзджын хъæлæстæй!..

Ахуыргӕнӕг:

-Цымӕ цӕуыл дзурӕг сты ацы рӕнхъытӕ?

Дзуапп:  Ацы рæнхъытæ ист сты кадæгæй, æвдисынц кадæггæнæджы сидт.

Мах хъуамӕ ӕрыгонӕй зӕрондӕй зонӕм нӕ фыдӕлты царды хабӕрттӕ.

Ахуыргӕнӕг:  Раст. Фӕлӕ сӕм ӕрмӕст хъусгӕ хъуамӕ ма кӕнӕм,фӕлӕ уӕм сӕ дарддӕргӕнджытӕ.

Ахуыргӕнӕг: - Куыд уæм кæсы, фыссæг йæ уацмысы кадæггæнæгæн бынат кæй рахицæн кодта, уый цæуыл дзурæг у?

   Дзуапп: Кадæг уый ныхæсты бындурыл  кæй ныффыста, ууыл.

   Ахуыргӕнӕг:  - Нæ ныхасы сæр абоны урочы уыдзæн «Æфхæрдты Хæсанæ»- йæн адæмон бындур ис, æви æрмæст фыссæджы дæсны æрмдзæф у.

        Цаст раст сты нæ хъуыдытæ, уый раргом кæныны фæдыл бакæсæм æмæ байхъусæм фыццаг ирон профессор Æлборты Барысбийы иртасæн куысты æрмæгмæ.

    Равдисын слайд Æлборты Б. къамимæ.

- Барысби йæ куысты дзуапп агуры ахæм фарстытæн: «Мыггаг «Æфхæрдтæ» ирон адæммæ уыд, æви нæ?, кадæджы бындур адæмон у, æви нæ»?

 

 

 

 

                               Дзырдуатон куыст.

-Фарстытæ равзарыны агъоммæ равзарæм дзырд Æфхæрдтæ морфологион æмæ лексикон æгъдауæй.

 Дзуапп: Æфхæрдтæ- номдар, райдайæн формæ- æфхæрд, сæрмагонд номдар, бирæон нымæцы, номон хауæны.

Æфхæрдтæ- обиженные, оскорбленные; хъыгдард чи баййæфта, ахæм; бафхæрдта йæ, æфхæрд æрцыд, Йе 'фхæрд нæ ныххатыр кодта.

 

Ахуыргӕнӕг:  Чи зоны ахӕм мыггаг нӕ уыд.Фӕлӕ адон сты ӕппӕт ӕфхӕрд адӕмы минӕвӕрттӕ!

   - Сымахмæ гæсгæ, нæ бон у кадæджы фольклорон бындурыл дзурын?

Дзуапп: О .у. Дзуры йӕ кадӕггӕнӕг.

 Ахуыргӕнӕг: Ацы кадӕг афтӕ ахсджиаг у нӕ литературӕйы, ахӕм бирӕ  проблемӕтӕ дзы ис,ӕмӕ йын йӕ бындур, йӕ равзӕрд стыр ахуыргӕндтӕ дӕр иухуызон нӕ хонынц.

Ахуыргӕнӕг: Йӕ мидисмӕ рахизыны размӕ равзарӕм зынӕмбарӕн дзырдтӕ.

                         Дзырдуат

        Уацилла- ирон мифологийы арвнæрды, хорæрзады,тыллæджы  бардуаг.

        Хъыримаг – рагон  хæцæнгарз.

        Бонвыддæр- бонæй-бон æвзæрдæр.

        Фарсисæг – фарсхæцæг.

        Хъæргæнæг-адæймаг,кæцы æрвыст æрцæуы хиуæттæм зиан фехъусын кæнынмæ.

        Ривæд- фосы улæфт сæрды.

        Мæрддзыгой-адæм,кæцытæ æрбацыдысты,чи амард,уый раз фæстаг хæс бафидынмæ.

       Сахъддзинад- хъæбатырдзинад

Ахуыргӕнӕг: -Уӕдӕ цы у йӕ мидис?

Дзуапп:  Базыдтам,ацы кадӕг кӕй у арӕзт рагон ӕгъдау – тугисыны бындурыл.  Ирон адӕмы ӕнамонддзинӕдтӕн тугисыны ӕгъдау,ӕвӕццӕгӕн ,сӕ карздӕр уыд. Сӕдӕ азты дӕргъы цал хӕдзары, цал ирон мыггаджы скуынӕг кодта фӕстаг нӕлгоймаджы онг ацы фӕтк!

Тугисыны ӕгъдау ӕнусты дӕргъы адӕмы зӕрдӕйы тынг ахъардта. Ӕмӕ йӕ ирон адӕм  кӕд ӕмбӕрстой тугисыны уӕззау ӕфхӕрд, уӕддӕр сӕ бон нӕма уыд уӕды рӕстӕджы йӕ аппарын.

Ахуыргӕнӕг:-Куыд райдайы кадӕг? Бакӕсут ма йӕ.(Кӕсынц фыццаг куплет)

-Ирон адӕм кӕй хуыдтой мӕгуыр?

Дзуапп: Фӕллӕйттӕ кӕмӕ нӕ уыд,уыдон.

Ахуыргӕнӕг:- Куыд ма хоны ноджы автор?

Дзуапп: Тыхджын ӕмӕ хъӕздыг (кӕсынц ӕй тексты)

Ахуыргӕнӕг:-Цавӕр хатдзӕг скӕндзыстут?

Дзуапп: Адӕймаг хъӕздыг ӕрмӕст фӕллӕйттӕй нӕ вӕййы,фӕлӕ йӕ зондӕй,адӕмы ӕхсӕн ын цы кад ис,уымӕй.

Ахуыргӕнӕг:- Кадӕг йӕ райдианӕй йӕ кӕронмӕ цӕссыг ӕмӕ мароимӕ цӕуы. Йӕ мидис ын  кӕй руаджы бамбӕрстам ? ( Ирон ӕфхӕрд сылгоймаг Госӕмайы хъарӕгӕй)

  Фарст: -Чи радзурдзӕн кадӕджы сюжет?

Дзуапп:  Кадӕджы ахсджиаг бынат ахсы социалон тохы мотив,уый у йӕ сӕйраг хъуыды, сӕйрагдӕр ууыл арӕзт у.-хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуырты хсӕн тохы цаутыл. Йӕ сӕйраг конфликт дӕр амад у тыхджын ӕлдӕртты мыггаг Мулдартӕ ӕмӕ Ӕфхӕрдты иунӕг Хӕсанӕйы  хсӕн тохыл. Фӕлӕ де знаг цыфӕнды стыр мыггагӕй куы уа, уӕддӕр ын йе `фхӕрд ныббаринаг нӕу,ӕфхӕрд дзы дывӕрӕй исын хъӕуы. Мулдартӕ хъал мыггаг уыдысты, «Ӕфхӕрд-тӕн» та сӕ ном сӕ уӕлӕ. Афтӕ домдта фыдӕлты царды ӕгъдау, науӕд лӕг адӕмы хсӕн уыд ӕгад, фидиссаг. Ахӕм зондыл фидарӕй хӕцыд кадӕджы сӕйраг архайӕг Госӕма,стӕй йӕ фырт- Хӕсанӕ дӕр.

….Кӕннод не рцардаид тар хъӕды Госӕма сырдты хсӕн, нӕ уарынӕй тӕрсы, нӕ дымгӕйӕ лидзы.

Ахуыргӕнӕг: -Нӕ фыдӕлтӕм тугисыны ӕгъдау уыд тынг фидар.  Уыцы хъуыддаджы бирӕ адӕм цагъд кӕй кодтой, уый дӕр ницӕмӕ дардтой.

 -Цымӕ раст бакодта Госӕма хъӕдмӕ кӕй алыгъд, уый тыххӕй? Раст хъомыл кодта хъарӕг ӕмӕ цӕссыгимӕ йӕ фырты?

-Афтӕ тынг цӕмӕн ныффидар стыр маст йӕ зӕрдӕйы Госӕмайӕн?

Дзуапп: Йӕ лӕджы йын амардтой,Мулдарты хъал мыггагмӕ, уый фаг нӕ фӕкаст. Ноджы ма йын ӕдзӕсгом Хъуыдайнат йӕхимӕ дӕр бацыд фӕхудинаг кӕнынмӕ.

Ахӕм ӕдзӕсгомдзинад ӕмӕ сӕрыстырдзинад уыд ӕрмӕст хъӕздгуытӕм. Ӕлдӕрттӕ та мӕгуыр адӕмӕй кӕд ӕфсӕрмы кодтой.

Ахуыргӕнӕг:

- Куыд уӕм кӕсы, автор мӕгуырты фарс уыд ӕви хъӕздгуыты? (Мӕгуырты)

- Куыдӕй йӕ равдыста? (Уастырджийы ӕххуыс)

Ссарут ӕмӕ бакӕсут уыцы рӕнхъытӕ.

-Кӕмӕн ӕххуыс кӕны Уастырджи?  ( растзӕрдӕ адӕмӕн)

-Хӕсанӕ  рӕстдзинадыл тохгӕнӕг уыд ӕви социалон мастисӕг? (рӕстдзинадыл тохгӕнӕг)

  Ахуыргӕнӕг:-Тынг раст. Цал лӕджы амардта Хӕсанӕ? Раст бакодта?

   Дзуапп: Тохы куы бацыд,уӕд нал ныууагъта йӕ хӕст.Цыппары дзы куы амардта,уӕд йӕхӕдӕг дӕр акъахдзӕф кодта рӕстдзинады сӕрты ӕмӕ амардта Мулдартӕй ноджыдӕр фондз адӕймаджы. Афтӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр ссис фыдгӕнӕг. Рӕстдзинады сӕрыл тохы фӕцӕф йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ амард.

Ахуыргӕнӕг: Хӕсанӕйы фӕлгонцӕй характеристикӕ раттӕм.

Дзуапп: Ӕцӕг ирон лӕг,рӕстдзинадыл тохгӕнӕг,мады фӕдзӕхст ӕххӕстгӕнӕг,хъӕбатыр хӕстон лӕг,иунӕг,тугисӕг.

   Ахуыргӕнӕг: Цавӕр аивадон мадзӕлттӕй спайда кодта фыссӕг?(Эпитеттӕй, ӕлгъыстытӕ, ӕфхӕрыны дзырдбӕстытӕ, хъарӕджы фразеологии.)

-Уацмысы аивадон мадзӕлттӕй иу у уацмысӕн йӕ арӕзт. Кадӕггӕнӕг дзуры ацы хабӕрттӕ.Афтӕ райдайы,афтӕ фӕвӕййы. Иннӕтыл дарддӕр ӕрдзурдзыстӕм дыккаг урочы.

           Ахуыргӕнӕг :- Абарӕм ацы кадӕг Тугъанты Батырбеджы «Ӕгъдауы амӕттаг»-ы  архайӕг – Фацбаимӕ:

1.     Цавӕр цӕстӕй касти Фацбай туг исынмӕ?

2.     Цавӕр цӕстӕй касти Хӕсанӕ туг исынмӕ?

3.     Куыд уӕм кӕсы, мах дуджы тугисыны ӕгъдау сфидауид?

 

 

 

Ахуыргӕнӕг:  Къубалты Алыксандры кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ» сси адæмон йæ хъæздыг мидис, йæ лиризм æмæ рæсугъд æвзаджы мадзæлтты тыххæй. Æнæ чиныг æй зыдта алчи дæр мыхуыры рацæуыны фæстæ. «Æфхæрдты Хæсанæйæ арæзт æрцыд пьесæ æмæ æвæрд цыд сценæты.

 - Зындгонд критик Тыбылты Алыксандр куыд фыста, афтæмæй: «Цалынмæ ирон æвзагыл дзурæг адæймаг цæра, уæдмæ нæ амæлдзæн «Æфхæрдты Хæсанæ». Брытъиаты Елбыздыхъойы «Амыран», Хетæгкаты Къостайы «Æфсати»-йы  фарсмæ уыдзæн «Æфхæрдты Хæсанæ» ирон литературæйы. (Равдисын слайд)

Байаты Гаппо та загъта: «Ацы кадæг у, ирон  адæмы  цард  раст  нывгонд  кæм  æрцыд  стыр дæсны  лæджы  къухæй, ахæм; ирон  адæмы  динæмбарынады, æгъдæутты  æмæ  фыдæгътæутты ныв.»

Ӕлборты Барысби фыста: «Алыксандры размӕ Хӕсанӕйы тыххӕй нӕ уыд нӕдӕр кадӕг,нӕдӕр историон зарӕг,уацмыс сӕрысуангӕй у поэты сконд.Уый Иры дзыллӕйӕн ахӕм адджын фӕци,ӕмӕ йын йӕ мотивмӕ гӕсгӕ скодтой хъайтарон зарӕг»

 

                         Хатдзæг равзæрст æрмæгмæ гæсгæ.                   

    

  Ахуыргӕнӕг: Абоны урочы цы базыдтат уыдонӕй цавӕр хатдзӕгтӕ скӕндзыстӕм?                         

Дзуапп:   Тугисыны ӕгъдау ахста ирон адӕмы царды ахсджиаг бынат. Фӕлӕ цард ивы, уыимӕ ивынц ӕгъдӕуттӕ дӕр. Фӕзындысты барадон оргӕнтӕ,ног закъонтӕ.Уыцы уавӕрты туг исын ссис фӕстӕзад ӕмӕ зианхӕссӕг ӕгъдау.

 

Ахуыргӕнӕг:  Зӕгъут уӕ хъуыдытӕ мӕнӕ ацы дзырдтӕй пайда кӕнгӕйӕ?

 

v Урок мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ…

v Æз урочы базыдтон…

v Урокæй мæхицæн райстон…

v Урок мæм фæкаст цымыдисаг…

v Æз ахъуыды кодтон…

 

 

5. Урочы кæронбæттæн.

 

6. Хæдзармæ куыст.

 

-Цавӕр адӕймаг уӕм фӕкаст Ӕфхӕрдты Хӕсанӕ?

-Госӕмайӕн аргъ скӕнут куыд хъомылгӕнӕг мад, афтӕ.

 Уӕ литературӕйы тетрӕдты сӕ афыссут ӕмӕ сын дзуӕппытӕ раттут фысгӕйӕ.

 

7. Бæрæггæнæнтæ комментаритимæ. 

    Адӕмы уды фарн,адӕмы зӕрдӕйы ци н ӕмӕ рыст. Уый нын ӕвдисы фыдӕлты удыхъӕд ӕмӕ кӕмӕ хъуысы музыкӕ.уымӕн ӕхсызгондзинад ӕрхӕсдзысты хъисын фӕндыры зӕлтӕ.

Музыкӕ

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Презентация по осетинскому языку на тему "Къубалты Алыксандр Афхардты Хасана""

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 3 месяца

Юрист

Получите профессию

Методист-разработчик онлайн-курсов

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 656 151 материал в базе

Скачать материал

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 25.11.2015 1230
    • DOCX 73 кбайт
    • 12 скачиваний
    • Рейтинг: 5 из 5
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Туаева Фатима Владимировна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Туаева Фатима Владимировна
    Туаева Фатима Владимировна
    • На сайте: 9 лет и 1 месяц
    • Подписчики: 3
    • Всего просмотров: 11734
    • Всего материалов: 13

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

HR-менеджер

Специалист по управлению персоналом (HR- менеджер)

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс профессиональной переподготовки

Библиотечно-библиографические и информационные знания в педагогическом процессе

Педагог-библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3950 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 475 человек из 69 регионов
  • Этот курс уже прошли 2 324 человека

Курс повышения квалификации

Специалист в области охраны труда

72/180 ч.

от 1750 руб. от 1050 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 33 человека из 20 регионов
  • Этот курс уже прошли 152 человека

Курс профессиональной переподготовки

Руководство электронной службой архивов, библиотек и информационно-библиотечных центров

Начальник отдела (заведующий отделом) архива

600 ч.

9840 руб. 5900 руб.
Подать заявку О курсе
  • Этот курс уже прошли 25 человек

Мини-курс

Конкурентная разведка и маркетинговые исследования

6 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Психология детства и подросткового возраста

3 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 106 человек из 49 регионов
  • Этот курс уже прошли 61 человек

Мини-курс

Основы теоретической механики

5 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе