Инфоурок Другое КонспектыРазработка урока по осетинской литературе Балц Нарты бæстæм: Ацæмæз – Нарты Бонвæрнон, Нарты рухс хур.

Разработка урока по осетинской литературе Балц Нарты бæстæм: Ацæмæз – Нарты Бонвæрнон, Нарты рухс хур.

Скачать материал

Ныхасы темæ:

Балц Нарты бæстæм: Ацæмæз – Нарты Бонвæрнон, Нарты рухс хур.

 

Грамматикон темæ: Сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ

(Рацыд æрмæг фæлхат кæнын).

Урочы нысан:  Иумæйаг æмæ сæрмагонд номдарты тыххæй скъоладзауты зонындзинæдтæ бафидар кæнын;

 Хъомыладон куыст бакæнын: Адæмон сфæлдыстадæн аккаг аргъ кæныныл ахуыр кæнын; Нарты кадджытæм, нарты хъайтартæм уарзон цæстæнгас гуырын кæнын;

Цæстуынгæ æрмæг: Интерактивон фæйнæг слайдтимæ, фæйнæг.

 

Эпиграф урокмæ: Нарты кадджытæ сты … аив æмæ цымыдисаг таурæгътæ, хъусæн æхцон, зæрдæйæн – æхсызгон, адæймагæн хæссынц цин, æфтауынц æй сагъæстыл æмæ уæздан хъуыдытыл.

Джыккайты Ш.

 

 

Урочы цыд.

1. Орг.

2.Ахуыргæнæг: Æгас нæм цæут, нæ буц уазджытæ!

Кæддæр Ирыстонæй скъоладзаутæ уыдысты экскурсийы Латвийы. Фæцæйцыдысты горæттæй иуы уынгты, кæрæдзиимæ дзырдтой иронау. Бынæттон цæрджытæй сæ чидæр баурæдта æмæ сæ фæрсы, кæцон стут, зæгъгæ. Скъоладзаутæ сæхи бацамыдтой. Уæд сын сылгоймаг (чи сæ баурæдта, уый та сылгоймаг уыди) афтæ фæкодта:

-О, уæдæ Нарты кадджытæ сымах адæмы эпос сты? Иу таурæгъ-ма мын дзы радзурут. Ныфсæрмы сты лæппутæ æмæ чызджытæ. Уæд сæ иу райдыдта дзурын. Куы фæци дзырд, уæд сылгоймаг иу цъус алæууыд æнæдзургæйæ, стæй загъта: «Диссаджы таурæгъ. Уый æнхъæл нæ уыдтæн. Сымах стут тынг амондджын адæм, ахæм  эпос кæмæ ис. Æмæ сæ уæхи мадæлон æвзагыл базондзыстут радзурын?

-О! Уæдæ! Æнæмæнгæй! – зæгъгæ та фæкодтой скъоладзаутæ.

- Гъемæ,   хъахъхъæнут уе взаг дæр æмæ уæ адæмы диссаджы хæзна. Ахæм стыр хъæздыг культурæйы хицау уæвын! Амондджын стут!..

Цавæр таурæгъ ракодтой скъоладзаутæ сылгоймагæн? Уый уын фæстæдæр зæгъдзынæн.

Ацы цау мын радзырдта мæ ахуыргæнæг, æвæццæгæн, ма сымах карæн куы уыдтæн, уæд. Æмæ мæ зæрдæйы арф ныххызт, нæ мæ рох кæны.

Абон та цæмæн æрлæууыд мæ зæрдæйыл?

Ракæсут-ма цы фыстæг æрбацыд не скъоламæ:

Кæсæм: Дзæуджыхъæуы лицейы 5 «А» къласы ахуырдзаутæн Зондабийæ.

 

Уæ бон хорз, мæ зынаргъ хæлæрттæ!

Хъыг мын у, сымах зонындзинæдтæм зæрдиагæй кæй нал тырнут, уый.

Нал фæзонут бахъуаджы рæстæг цы хауы адæмон сфæлдыстадмæ, кæм æмæ цы уавæры хъæуы пайда кæнын сæрмагонд номдартæй, иумæйаг номдартæй, комкоммæ ныхасæй.

Раст куы нæ разыниккой ацы ныхæстæ, уæд мын тынг æхсызгон уаид.

Зæрдиагæй уын æнхъæлмæ кæсын уæ дзуаппмæ.

Уæхи ЗОНДАБИ.

 

Цæй, æмæ абон афтæ бакусæм æмæ нын Зондабийæ худинаг куыд нæ уа. Дзуаппæн та йын арвитдзыстæм диск нæ урокимæ.

Ахуыргæнæг: Уæдæ райдайæм кусын.

Куыд уæм кæсы, цæуыл цæудзæн  ныхас абон нæ урочы?

Дзуапп: Номдарты тыххæй

Сæрмагонд æмæ иумæйаг номдарты тыххæй.

Комкоммæ ныхасы тыххæй

Адæмон сфæлдыстадыл.

 

Ахуыргæнæг: Раст зæгъут.

Фæйнæгмæ-ма ракæсут æмæ нæ урочы темæтæ бакæсæм:

 

Ныхасы темæ: Балц Нарты бæстæм: Ацæмæз – Нарты Бонвæрнон, Нарты рухс хур.

 

Грамматикон темæ: Сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ  (Рацыд æрмæг фæлхат кæнын).

 

Æцæгæйдæр, абон мах сымахимæ хъуамæ сфæлхат кæнæм сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ, балцы ацæуæм Нарты бæстæм.

 

Ахуыргæнæг:  Ныр та уал афыссут уæ тетрæдты  абоны нымæц.

Фæйнæгыл уынæм дзырдтæ. Сæ иутæ фыст сты стыр дамгъæйæ иннæтæ та гыццыл дамгъæйæ.

Цымæ цæмæн?

Балц, хистæртæ, Сырдон, хох, Сау хох, Сатана, хæзна, уалдзæг, сырдтæ, мæргътæ,бæхтæ, Уырызмæг.

 

Ахуыргæнæг: Зæгъут, цы хонæм номдар?

Дз.

Ахуыргæнæг: Сæрмагонд номд.?

Дз.

Ахуыргæнæг:Иумæйаг номд.?

Дз.

О, хæдæгай, мæнæ ма фæйнæгмæ ракæсут. Цы æнахуыр мæсыг нæм ис, уымæ. Ацы мæсыг у

 

ЗОНЫНДЗИНÆДТЫ МÆСЫГ.

 

Уынут, афтид бынæттæ дзы ис. Уыдонæй цалдæр баххæст кæндзыстæм абон. Æмæ дзы фыццаг цы дур сæвæрдзыстæм, уымæн йæ ном –НОМДАр.

Ныр та ма мын зæгъут, цы у адæмон сфæлдыстад?

 

Дз.

Ахуыргæнæг: Нарты кадджыты кой ракодтат. Бакæсæм-ма фæйнæгыл эпиграф нæ урокмæ.

(кæсæм эпиграф: Нарты кадджытæ сты … аив æмæ цымыдисаг таурæгътæ, хъусæн æхцон, зæрдæйæн – æхсызгон, адæймагæн хæссынц цин, æфтауынц æй сагъæстыл æмæ уæздан хъуыдытыл.

Джыккайты Ш.)

Ф.: Цымæ цæмæн æрцыд æвзæрст  ацы эпиграф нæ урокмæ

Дзуапп:  Нарты кадджытæ мах æфтауынц алыхуызон  рæсугъд хъуыдытыл.

Сты аив.

Адæймаджы фæфæнды, цæмæй нæртон хъайтартæ æцæгæйдæр нæ дуджы уой.

Нарты кадджыты алчидæр зоны æмæ уарзы.

 

Фарст: Зæгъут Нарты кадджытæ, зæгъгæ. Цымæ базондзыстут нывты Нарты хъайтарты

        

( фæйнæгыл  Сатана, Уырызмæг, Сослан, Батрадз, Сырдоны къам

Нарты кадджыты ацы хъайтарты тыххæй фехъуыстаиккат кæстæр кълæсты дæр æмæ ма дарддæр дæр зонгæ кæндзыстæм семæ, фæлæ ма ацы аз базонгæ стæм ноджыдæр иу нæртон лæппулæгимæ

æмæ фæстагмæ Ацæмæзы къам)

 

Ацæмæзы ном баст у йе стырдæр хæзна, йæ  уадындзимæ.  Ахæм зæрдæмæдзæугæ сты дыууæйæ дæр æмæ сын сæ ныв бирæ алыхуызон нывгæнджытæ скодтой, фæлæ сæ æппæтæй зындгонддæр у Тугъанты Махарбеджы конд ныв.

Тугъанты  Сафары фырт Махарбек

( 1881 – 1952)

 Уыд зындгонд  нывгæнæг, график,  ирон адæмы сфæлдыстад  чи æмбырд кодта, уыдонæй иу. Скодта иллюстрацитæ НАРТЫ КАДДЖЫТÆМ.

 

Мæнæ ма мæм ис  ацы мотивы руаджы цавæрдæр зæрингуырды зæрдæйы  цы ныв сæвзæрд, уый дæр.( Æвдисын чеканкæ)

 

Раздæр уын цыц ау дзырдтон, уый дæр баст уыд ацы таурæгъимæ.

 

Фæстаг слайдыл  нæмттæ хицæнæй:

 

Сатана

Уырызмæг

Сослан

Батрадз

Сырдон

Ацæмæз                                                                                                           

Ахуыргæнæг: Зæгъут, адон цавæр ныхасы хаймæ хауынц

Дз. Сты номдартæ

Ахуыргæнæг:Цæмæн сты фыст стыр дамгъæйæ? Æви рæдыд у?

Дз.  Фыссæм сæ стыр дамгъæйæ, уымæн æмæ сты сæрмагонд номдæртæ.

 

Ахуыргæнæг: Лæвæрд уын сты дзырдтæ дыууæ рæнхъæй. Саразын сæ хъæуы дзырдбæстытæ. Цымæ сæ кæмæ цы миниуæг ахæсдзыстут

 

 

(кусынц скъоладзаутæ)

Сатана, Уырызмæг, Сослан, Батрадз, Сырдон, Ацæмæз.

 

Тыхджын, бæркадкъух, хинæйдзаг, хъæбатыр, чысыл, куырыхон.

 

Бæркадкъух  Сатана

 куырыхон  Уырызмæг

тыхджын, хъæбатыр  Сослан

тыхджын, хъæбатыр  Батрадз

хинæйдзаг  Сырдон

чысыл   Ацæмæз

 

Афтæ дæр ма сæ ис схонæн: Сатана – уæздан, рæдау, бæркадкъух рæсугъд;

Сырдон – хинæйдзаг, æрхъуыдыджын, амалджын, зондджын;

Сослан – тыхджын, нæртон, хъаруджын;

Батрадз- хъæбатыр, æгъдауджын;

Уырызмæг – куырыхон, зондджын, æгъдауджын;

Ацæмæз – чысыл, хорз, æмгарджын, амондджын.

 

Ахуыргæнæг: Афыссæм-ма сæ нæ тетрæдты

 

1. Ахуыргæнæг: Фæсурокты кастыстæм таурæгъ «Ацæмæз æмæ Агуындæ – рæсугъд». Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм цыбырæй  йæ мидис.

Фæйнæгыл уынæм ацæргæ нæлгоймаджы къам, уый у

 

 

 

Саламты Къола

(1922 – 2003) – ирон кино æмæ театры актер, режиссер, драматург, ахуыргæнæг.  Хъыгагæн, абон немæ нал и, фæлæ махимæ баззад йæ хъæлæс. Байхъусæм-ма.

 

(Фыстмæ хъусæм 1мин.30 сек.)

 

Фарст: Ацæмæзы цагъдмæ йæ алыварс цавæр ивддзинæдтæ æрцыдис?

Дзуапп: -Æрдз райхъал

-сырдтæ кафын систой

-æрсытæ райхъал сты

-кæрдæг цы бынæтты нæ уыд, уым цъæх адардта зæхх

-мæргътæ сæ зарджытæ кодтой Ацæмæзæн

 

 

Ахуыргæнæг:Ссарут-ма тексты Ацæмæз уадындзæй кæм цæгъды, уыцы бынæттæй иу. Райдайы…

Гæмæх быдырты…

 

Гæмæх быдырты уæд алыхуызон рæсугъд дидинджытæ куы равзæрынц. Сæ алыварс гæлæбутæ æмæ стонг мыдыбындзытæ гуывгуывгæнгæ ратæх-батæх уæд куы байдайынц. Сау хъæды мæргътæ  Сау хъæд сæ сæрыл куы сисынц æмæ Ацæмæзæн сæ алыхуызон хъæлæстæй хъырнын куы байдайынц. Гуымы быдырты цъæх дудахъхъытæ æмæ сау совахъхъытæ кафын куы райдайынц.

 

Гæмæх быдырты уæд алыхуызон рæсугъд дидинджытæ куы равзæрынц. Сæ алыварс гæлæбутæ æмæ стонг мыдыбындзытæ гуывгуывгæнгæ ратæх-батæх уæд куы байдайынц. Сау хъæды мæргътæ   Сау хъæд сæ сæрыл куы сисынц æмæ Ацæмæзæн сæ алыхуызон хъæлæстæй хъырнын куы байдайынц. Гуымы быдырты цъæх дудахъхъытæ æмæ сау совахъхъытæ кафын куы райдайынц.

 

 Ахуыргæнæг: Ссарут-ма ацы скъуыддзаджы иу цалдæр иумæйаг номдары

 

 

Быдырты, дидинджытæ, гæлæбутæ, мыдыбындзытæ, мæргътæ, сæрыл, хъæлæстæй, дудахъхъытæ, совахъхъытæ.

 

Ахуыргæнæг: Байхъусæм æмæ ма бакæсæм скъуыддзагмæ мультипликацион ныв «Волшебная свирель»- æй

(кæсæм скъуыддзагмæ)

 

 

 

Фарст: Чи ма нæ фæлæууыд Ацæмæзы зардмæ?

Дзуапп : Агуындæ. Сайнæг-æлдары чызг Агуындæ

 

Фарст: Цы бацагуырдта чызг лæварæн?

Дзуапп: Æнусон сызгъæрин уадындз

 

Фарст: Радта Ацæмæз Агуындæйæн уадындз? Цæуылнæ?

Дзуапп: Хохы тигъыл æй ныццавта. Нæ йын æй радта, уымæн æмæ йæхицæн йæ фыдæй баззад. Хæзна уыд. Æфсатийы лæвар уыд.

 

Фарст: Дарддæр цы æрцыд?

Дзуапп: Агуындæ уадындзы сæстытæ æрæмбырд кодта.

Ехсæй сæ æрцавта.

Уадындз куыд уыд афтæ фестад

Ацæмæз амбæлд Уастырджи æмæ Ныкколайыл.

Уыдон ын минæвар ацыдысты Сайнæг-æлдармæ.

Агуындæ бацагуырдта, цæмæй Ацæмæз æрæмбырд кæна сæдæ иуазыккон сагтæ.

Æфсати баххуыс кодта Ацæмæзæн сагтæ æртымбыл кæнын.

Чындзæхсæвы Ацæмæзæн лæгъстæ кæнынц, цæмæй сын ацæгъда йæ уадындзæй.

Агуындæ рахаста уадындз.

Таурæгъ фæвæййы стыр чындзæхсæвæй.

 

4. Ахуыргæнæг: Куыд бахъуыды кодтат текст, уый базоныны тыххæй ныртæккæ скæндзыстæм цыбыр кроссворд

 

1.

 

2.

3.

4.

 

 

 

Фæрсырдæм:

 

2. Зæронд Ацæйы фырты ном;

3. Лæгтыдзуары æндæр ном;

4. Чи балæвар кодта Ацæмæзы фыд Ацæйæн æнусон уадындз?

 

Бынмæ:

1. … (чи?) æмæ Уастырджи сæ бæхтыл æрбацæйцыдысты. Фæндагыл амбæлдысты Ацæмæзыл.

2. Ацæмæз курынмæ цыд Сайнæг –æлдары чызг …

3. Ацæмæз Сау хохы тигъыл асаста сызгъæрин (цы?) …

 

5. Ахуыргæнæг: Хорз, скодтам кроссворд. Æрныхас кæнæм ном «Ацæмæзы» этимологийыл.

 

Ном «Ацæмæз»-ы этимологи.

Профессор Гуыриаты Тамерлан Алыксандры фырт  йæ чиныг «Проблемы Нартиады»- йы куыд зæгъы, афтæмæй: «Æнæмæнгæй бæрæггонд у уый, æмæ ацы ном фæзынд мах эрæйы фыццаг æнусты. Дæллаг Дон æмæ Сау денджызы былыл.

Скифаг-алайнаг æвзæгты æмбæлы куыд Atamaz (Атамаз). Афтæ йæ дзырдтой уымæн, æмæ грекъаг дамгъуаты нæ уыд мыр ц æмæ йæ бацамонынæн æндæр æвзагæй ист дзырдты ц –йы бæсты фыстой t . ( скифты историйы уыд ахæм легендарон хъайтар Атей. Уый уыд скифаг паддзах. Фæмард тохы быдыры. Уæд ыл цыд 90 азы. Æхæм адæймаг уыд таурæгъты хъайтар суæвыны аккаг.

 

6. Ахуыргæнæг : Хорз, скодтам кроссворд, базыдтам ном Ацæмæзы  этимологи. Ныр та мæ фæнды базонын тексты цауты цыд (хронологи) раст хъуыды кæнут, æви нæ.

1. (4)Ацæмæзæн баззад йæ зæронд фыд Ацæйæ сызгъæрин уадындз.

2. (2) Ацæмæз сфæнд кодта фæцæуын Сау хохмæ йæ уадындзимæ.

3. (6)Ацæмæзы зардмæ æрдз райхъал, хъæддаг цæрæгойтæ кафын райдыдтой.

4.  (1.)Ацæмæз Агуындæйы ныхæстæм смæсты ис æмæ уадындз Сау хохы тигъыл  ныццавта.

5.  (5)Агуындæ æрæмбырд кодта уадындзы сæстытæ.

6. (3)Ацæмæзыл амбæлдысты Ныккола æмæ Уастырджи.

 

 1.Ацæмæз Агуындæйы ныхæстæм смæсты ис æмæ уадындз Сау хохы тигъыл  ныццавта.

 2.Ацæмæз сфæнд кодта фæцæуын Сау хохмæ йæ уадындзимæ.

3. Ацæмæзыл амбæлдысты Ныккола æмæ Уастырджи.

 4.Ацæмæзæн баззад йæ зæронд фыд Ацæйæ сызгъæрин уадындз.

 5.Агуындæ æрæмбырд кодта уадындзы сæстытæ.

6. Ацæмæзы зардмæ æрдз райхъал, хъæддаг цæрæгойтæ кафын райдыдтой.

 

 

  Ахуыргæнæг: Хорз,  текст зонут. Ныр та уал ногæй фæйнæгмæ бакæсæм.

Фæйнæгыл уынæм дыууæ хъуыдыйады. Бакæсæм-ма сæ.куыд уæм кæсы, раст фыст сты? Цавæр æрхæцæн нысæнттæ дзы  нæ фаг кæны? Ссарут-ма сæ сæрмагонд номдартæ

 

 

 1. Ныхасы адæм дзырдтой  Уæлæ фæсрагъæй Бонæвæрнон скасти.

2. Дæ фæндаг раст уа, чысыл Ацæмæз! Сдзырдтой дауджытæ Ацæмæзмæ.

 

Сраст сæ кæнæм. Интерактивон фæйнæгыл.

Æмæ та нæ мæсыджы ноджыдæр иу  дур бавæрæм.

 

 

  Ахуыргæнæг: Уæдæ ахæм æрхæцæн нысæнттыл кæм æмбæлæм?

Дзуапп:

 

  Ахуыргæнæг: Ныр мах скæндзыстæм цыбыр куыст. Фæйнæгыл уынæм хъуыдыйæдтæ. Сраст ма кæнæм рæдыдтытæ.

 

Антидиктант.

Нарты Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз æрбамæсты ис уыцы дзырдтæм, Сау хохы тигъыл йæ сызгъæрин уадындз ныццавта, æмæ уадындз лыстæг муртæ баци. Йæхæдæг уыцы мæстыйæ фездæхти, сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй, æмæ  сæхимæ рараст ис.

 (н,Н)арты (А,а)цæйы …(фыртчысыл, фырт чысыл) (а,А)цæмæз æрбамæсты ис уыцы дзыр(дт,тт)æм, (с,С)ау хохы тигъыл йæ сызгъæрин уадындз ныцца(в,ф)та, æмæ (У,у)адындз лыстæг муртæ баци. Йæхæдæг уыцы мæстыйæ фездæхти, сæргуыбыр …(æмæ уæнтæхъилæй,æмæуæнтæхъилæй), æмæ  сæхимæ рараст ис.

 

Ахуыргæнæг: Ратдзынæн уын сыфтæ уыдоныл фыст нывæцæны раидиан. Сымах æй хъуамæ кæронмæ ахæццæ кæнат.

 

Цардис æмæ уыдис иу лæппу. Тынг цымыдис уыдис. Уарзта чингуытæ кæсын. Иу хатт йæ къухмæ бахауд чиныг «Нарты кадджытæ». Рафæлдæхта фыццаг чиныг æмæ …

 

(Кусынц)

 

Урокæн хатдзæгтæ скæнын

 

Ахуыргæнæг: Фæстæмæ раздæхæм нæ урочы райдайæнмæ. Æмæ нæ эпиграф нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм.

 

(Кæсæм эпиграф)

 

Эпиграф урокмæ: Нарты кадджытæ сты … аив æмæ цымыдисаг таурæгътæ, хъусæн æхцон, зæрдæйæн – æхсызгон, адæймагæн хæссынц цин, æфтауынц æй сагъæстыл æмæ уæздан хъуыдытыл.

Джыккайты Ш.

Ахуыргæнæг: Куыд уæм кæсы, æцæгæйдæр раст равзæрстам эпиграф нæ урокмæ?

Дз. О, раст.

Æцæгæйдæр, тынг цымыдисаг таурæгътæ сты.

Адæймагæн хæссынц циндзинад.

 

 Ахуыргæнæг: Уæдæ абон нæ урочы ногæй цы базыдтат? Цæуыл цыд ныхас нæ урочы?

Дз. Ном Ацæмæзы этимологийы тыххæй.

Тугъанты Махарбеджы конд ныв кæй у зындгонд нывы автор.

Скодтам кроссворд.

Сфæлхат кодтам сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ.

Сæвæрдтам дуртæ Зонындзинæдты мæсыджы

 

Ахуыргæнæг: Нарты персонажтæй уæ кæй хуызæн фæнды суæвын. Æмæ цæмæн?

 

Ахуыргæнæг: Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уæ зонындзинæдты мæсыг уæлдæрæй уæлдæр куыд кæна. Нарты адæм нæ хастой сæ сæрмæ æгад митæ æмæ сæ сымах дæр ма кæнут. Уарзут сфæлдыстад: Нарты кадджытæ, нывкæнынад, музыкæ…  Уыдон уын  стыр æххуыс уыдзысты царды мидæг.

 

Хæдзармæ куыст

Кæронмæ ныффыссын нывæцæн. Ном ын æрхъуыды кæнын.

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

 

Ацæмæз

Агуындæ

уадындз

арæхстджын

рæсугъд

Сызгъæрин

чысыл

Гуырвидауц

Æнусон

Хъæбатыр

Даргъдзыкку

Зынаргъ

Хæрзконд

Нарæгастæу

зындгонд

Кæстæр

Цæрдæг

 

хорз

хæрзконд

 

Нæртон

 

 

Аив

 

 

Æгъдауджын

 

 

æмгарджын

 

 

амондджын

 

 

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Разработка урока по осетинской литературе Балц Нарты бæстæм: Ацæмæз – Нарты Бонвæрнон, Нарты рухс хур."

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 3 месяца

Экономист по планированию

Получите профессию

Интернет-маркетолог

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 656 291 материал в базе

Скачать материал

Другие материалы

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 23.11.2016 604
    • DOCX 9.4 мбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Макоева Валентина Георгиевна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Макоева Валентина Георгиевна
    Макоева Валентина Георгиевна
    • На сайте: 7 лет и 4 месяца
    • Подписчики: 0
    • Всего просмотров: 5049
    • Всего материалов: 5

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Интернет-маркетолог

Интернет-маркетолог

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс профессиональной переподготовки

Библиотечно-библиографические и информационные знания в педагогическом процессе

Педагог-библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3950 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 477 человек из 69 регионов
  • Этот курс уже прошли 2 325 человек

Курс повышения квалификации

Специалист в области охраны труда

72/180 ч.

от 1750 руб. от 1050 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 33 человека из 20 регионов
  • Этот курс уже прошли 152 человека

Курс профессиональной переподготовки

Руководство электронной службой архивов, библиотек и информационно-библиотечных центров

Начальник отдела (заведующий отделом) архива

600 ч.

9840 руб. 5900 руб.
Подать заявку О курсе
  • Этот курс уже прошли 25 человек

Мини-курс

Искусство в контексте современности

10 ч.

1180 руб. 590 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Классики и современники: литературные портреты и психология творчества

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 23 человека из 17 регионов
  • Этот курс уже прошли 14 человек

Мини-курс

Переходные моменты в карьере

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе