Инфоурок Другое Другие методич. материалыСценарии "День осетинского языка"

Сценарии "День осетинского языка"

Скачать материал

                                                 СЦЕНАРИ

                      «15  МАЙЫ    ИРОН  ÆВЗАДЖЫ  БÆРÆГБОН».

(Бæрæгбоны  райдыдимæ  сценæйыл  æвдыст  цæуы  презентаци   Ирыстоны  тыххæй,  ирон  фысджытæй  æмæ  ирон  хæхты  диссаджы  æрдзæй).

 Бæрæгбон  байгом  кæндзæн  нæ  колледжы  сæргълæууæг  Моурауты  Алан Лазары  фырт.

Кафт «Хонгæ».  Æххæст  æй  кæны  ансамбль  «Хъазбег».

 

 1 - кæсæг:   Слонаты  Сослан

2 –кæсæг:   Агъынаты  Кристинæ.

1 - кæсæг:   -  Уæ бонтæ  хорз  зынаргъ  æмбæлттæ!

2 –кæсæг:    - Тынг  æхсызгон  нын  у  абон  та  ногæй  кæй  æрбамбырд  стæм,  æмæ  та  мæнæ  нæ  иумыйаг  рæсугъд  ирон  бæрæгбоныл  кæй  цин  кæнæм.

 

1 - кæсæг:  Адæймаг  фыццаг  йæхи  хъуамæ  уарза,  стæй  та  искæй.  Де  ‘взаг  ды  куыннæ  уарзай,  уæд  æндæр  нацийы  та  кæм  хъæуы. 

2 –кæсæг:  Алы  иронæн  дæр  сæрбæрзондæй  йæ  бон  хъуамæ  уа  зæгъын:  «Æз  дæн  ирон».

           17.14  къорды  ахуырдзаутæ  Козаты  Алан æмæ  Гæбæйраты  Кавказæн  ныхасы  бар.

 

Козаты  Алан:  15 -  майы  æппæт  Цæгат  æмæ  Хуссар   Ирыстон  фæбæрæг  кæнæм  иумæ  нæ  ирон  æвзаджы  бæрæгбон. Майы  мæй  у  дидин  æфтауæн  рæстæг,  æмæ  уадз  æмæ  нæ  ирон  адæмы  царды  бæлæстæ дидин  æфтауой, уадзой  арф  уидæгтæ,  цъæх  арвы  бын.

              2006  азæй  фæстæмæ, мах  стыр  цинимæ  фембæлæм  ацы  рæсугъд   бæрæгбоныл.  Ацы  бæрæгбон  мах  къухты  бафтыд  Цæгат  Кавказы,  уæды  президент  Дзасохты   Алыксандры  руаджы.

 

 Гæбæйраты   Кавказ: Ацы  бæрæгбон  нын  дæтты  фадат  æмæ  стыр  уæрæх  авналæнтæ,  цæмæй  нæ  гыццыл  Ирыстоны  алчидæр  дзура  йæ  мадæлон  æвзагыл, цæмæй  ма  бауадзæм  цудын  не ‘взаг, нæ  уарзон  Ирыстоны  хæхтыл  зæла  ирон  зарæг æмæ  фæсивæды  цæвджыты  æхситт..  Ацы  бон  æвæццæгæн  æнæхъуаджы  не  ‘рцыд  æвзæрст,  1899  азы  15  майы  рацыд  мыхуыры  Хетæгкаты Къостайы    чиныг «Ирон  фæндыр» дæр.

 

 Козаты  Алан: Ацы  ныхæстæ  комкоммæ  дæр  махмæ  хауынц,  фæсивæдмæ,  йæхи  ирон  чи  хоны,  ирон  зæххыл  чи  цæуы,  йæ  рæсугъд  æрдзæй  йын  йæхи  чи  хъал  кæны, амонд  ацы  зæххыл  чи  ссары,  уыдонмæ.

 

Гæбæйраты   Кавказ:    Сидæм  смахмæ  нæ  ирон  фæсивæд,  дзурут  иронау,  дзурут  Къостайы   æнæмæлгæ  æвзагыл,  ма  йæ  бауадзæм  сæфын,  знæгты  къæхты  бынмæ. Уыцы  диссаджы  рæсугъд  æвзаг  махмæ  æнусты  сæры  ралæвæрдтой  нæ  фыдæлтæ  скифтæ,  сæрмæттæ  æмæ  алантæ. Мах  дæр  æй  адæттæм нæ  сæрты,  фæлтæрæй-фæлтæрмæ.

 

 1 - кæсæг: Уæдæ  ма   бакæсæм  цыбыр  юмористикон  сценкæ  «Сона  фæйнæгмæ».

2 –кæсæг:  Æххæст æй  кæнынц  5.14  къорды  ахуырдзаутæ  Кумситы  Маринæ æмæ  Баситы  Аллæ.

 

                          «Сона  фæйнæгмæ».

 

Ахуыргæнæг:  Сона  фæйнæгмæ  ма  рацу.

Сона:  Цы та  кодтон!  Фыдæнæн  та  мæ  фæйнæгмæ  рахуыдта.(рацыд  йæхи  æрцæттæ  кодта).

 

Ахуыргæнæг:   Фысс.  Мæ  мады  ном   Даро.  Мæ  фыды  ном  Гæци. Ме       ‘фсмæры  ном  та  Хазби.

Ацы  ран  мын  ссар  номдартæ,  æмæ  сæ  базон  кæцы  хауæнты  сты.

 

Сона: (Фæйнæгмæ  кæсы  æмæ  дзуры) « Даро»  у  номдар.  «Д» йæ  райдыдта  æмæ  ис  Дæттынон  хауæны. «Гæци»  у  номдар. « Г» йæ  райдыдта  æмæ  ис  Гуырынон  хауæны.  «Хазби»  дæр  номдар.  «Х»  й æ  райдыдта  æмæ  уый  та  ис  Хуызæнон  хауæны.                                                     

 

Ахуыргæнæг:   Тынг  хорз.  Фæлæ  ма   мын  дæ  боныг  радав.

Сона: Æмæ  мын  цы  æвæрыс?

 

Ахуыргæнæг:   Кæй  зæгъын  æй  хъæуы   «Фондз»,  фæлæ  йæ  кæд  базонай  кæцы   хауæны  ис,  уæд.

Сона: Хауæнтæй  «Ф» йæ  ничи  райдауы,  æмæ  никæцы  хауæнмæ  хауы.

 

Ахуыргæнæг:   Æмæ «æвзæр»  та  кæцы  хауæны  ис?

 Сона: «Æвзæр»  ис  Æттагбынатон  хауæны.

 

Ахуыргæнæг:   Уæдæ  уал  дын  «æвзæр»  æвæрын,  стæй  дарддæр  фендзыстæм.

Сона:  (сæргуыбырæй  араст).                                   

                                                                                          Кæрон.

 

                                                                                  

 

1 - кæсæг: Дунейы фарн зӕгъӕд , ӕмӕ алы ирон дӕр куыд уа цӕсгомджын ирон   фарнӕй, алы ирон дӕр куыд уа хайджын Къостайы ‘взагӕй!

 

2 –кæсæг: Цард рӕсугъд уӕд у, ӕмӕ хъӕбул куы хъуса алыбон йӕ мады фӕлмӕн хъӕлӕс,  йӕ мадӕлон ӕвзагыл куы зӕлой ирон дзырдтӕ.

 

1 - кæсæг:  - Нæ  бæрзонд  къæдзæхтæ

Нæ  царддæттæг  зæхх,

Æз  уарзын  мæ  бæстæ

Мæ  райгуырæн  зæхх!!!

 

2 –кæсæг: Дæу  барын  æз  хæхтыл

Нæ  зæххыл  цæрæг

Дæу  уарзын  а‘бæстыл

Хæрзконд  дæ  бæрæг!!!

Байхъусæм  уæдæ  æмдзæвгæ:  «Йе 'взаг кæмæ у нымад».  Æххæст  æй  кæны  13.14 къорды  ахуырдзау Бокъойты Фатимæ

                               Йе 'взаг кæмæ у нымад.

                        Амондджын уый у, йæ номæй
                         Адæм кæмæн хæрынц ард.
                         Чи вæййы райгонд йæ бонæй,
                         Царды кæмæн кæнынц кад.

                         Амондджын уый у, тæхуды,
                         Йе 'взаг кæмæ у нымад.
                         Чи йыл фæтыхсы йæ удау,
                         Чи йыл нывæнды йæ зард.

                         Амондджын уый у, йæ удæй
                         Чи ссудзы ихыл дæр арт.
                         Уарзон бæстæйæн рæсугъдæй
                         Чи ратты тохы йæ цард.
 

1 - кæсæг:  Ныр  та бакæсæм  цыбыр  сценкæмæ : «Мæхи  къахæй  æрбацыдтæн».

2 –кæсæг:  Бацæттæ  йæ  кодтой  17.14  къорды  ахуырдзаутæ.

 

                          «Мæхи  къахæй  æрбацыдтæн»

 Адвокат:  Ды  Темсыр  тынг  æвзæр  ми  бакодтай.  Ныр  дæ  мæ  бон  бахъахъхъæнын  нал  бауыдзæн. Сбадын  дæ кæндзысты  ахæстоны.

Темсыр:  Сбадын  мæ  кæнут!  Мæхи  къахæй уæм  куы  æрбацыдтæн.

 

Адвокат: Тыхамæлттæй   дæ  суæгъд  кодтон  дыууæ  мæйы  размæ  ахæстонæй  æмæ  та  ногæй  фыдбылыз.  Газеты  редакторы  фыднад  фæкодтай,  стæй  сыхæгтæм  бабырыдтæ.  Бынтон  сæфты  къахыл  слæууыдтæ!

Темсыр:  Газеты  редакторæн  афтæ  хъуыд,  ацы  фыдбылызты  мæ  уый  баппæрста,  стæй  сыхæгтæм  дæр  мæхи  фæндæй  нæ  быбырыдтæн.

 

Адвокат:  Куыд  ын  хъуыд  афтæ.  Цы  дын  кодта?

Темсыр: Уый  мæ  фæнæмын  кодта  мæ  усæн дæр.

 

Адвокат:  Бæстон  ма  йæ  радзур  цы  дын  кодта?

Темсыр:  Газеты  раст  куы  ныффыстаид,  уæд ахæм  нæдтæ  дæр  нæ  баййæфтаин.   Газеты  ныффыста  Темсыр  дам  30  мин  сомы  адавта.  Æз  та  æрмæст  20  мины  радавтон. Мæ  ус ,  уый  куы  бакаст  газеты,  уæд  мæ  тугомæнты  фæкодта.  Ацу  æмæ  дам  иннæ  дæс  туманы  дæр  æрбахæсс.  Ратардта  мæ   æмæ  та  дыккаг  хатт давынмæ  бацыдтæн фыдбылызы  дæр  бахаудтæн.

 

Адвокат:   Цавæр  фыдбылызы  кой  ма   кæныс?

 Темсыр:  Нæ  сыхаг  лæг  нуазаг  у.  Хæрæндоны  йæ  куы  федтон  æхсæвыгон,             уæд  сæм  бабырыдтæн,  цæмæй  ма  10  мин  бахæссон  мæ  усæн.  Сыхаг  ус  афтæ  фенхъæлдта  йæ  лæг  æрбацыд  расыгæй  æмæ  мын  фæсдуарæй  тебæйæ   мæ  сæрæн  ахæм  хафт   фæкодта  æмæ  дыууæ  мæйы  рынчындоны æрхафтон.

 

  Адвокат:   Æмæ  сыхаг  ус  æндæрхуызон  хъаст  куы  бахаста  дæуыл.

 Темсыр: Сылгоймæгты  нæ зоныс,  йæхицæй  æппæлынмæ  хъавыд.  Темсыр  дам  мæм  талынджы  æрбабырыд  æмæ  дам  федта.  Уый  мæ  усы  хъустыл  æрцыд  æмæ  мæм  цы  æнхъæлмæ  кæсы,  уый  зоныс?

 

Адвокат:   Тынг  зын  сраст  гæнæн  у  дæ  хъуыддаг.

 Темсыр: Нæ,  нæ!  Раст  кæнын  мæ  нæ  хъæуы!  Ахæстоны   мын  æдасдæр  уыдзæн.  Мæ  ус  мæм  ахæм  æнтхъирæнтæ  æрвиты  æмæ  æз  дæр  рынчындонæй  ахæстонмæ  æрбацыдтæн.  Ам  мын  æдас  дæр  уыдзæн.

Адвокат:  Уæдæ  дын  кæд  ахæстоны  æдасдæр  у, уæд  дæ  хорзæхæй. Рæстæг  дын  уыдзæн  æмæ  иу  дæ  цардыл  ахъуыды  кæн.

 

                                                                                                          Кæрон.

1 - кæсæгИрон ӕвзагыл цӕрӕнбонты фыстой ӕмӕ фысдзысты сӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ нӕ фысджытӕ ӕмӕ нӕ поэттӕ. Диссаджы рӕсугъд равдыстой сӕхи  хъуыдытӕ ӕмӕ ӕппӕт ирон адӕмы хъуыдытӕ дӕр.

2 –кæсæг: Абоны царды сагъӕссаг у ирон ӕвзаджы фидӕн, фӕлӕ йӕ цалынмӕ уарзӕм, цалынмӕ йыл хъуыды кӕнын фӕрӕзӕм, цалынмӕ ирон сывӕллон дзура йӕ мадӕлон ӕвзагыл, уӕдмӕ йын тӕссаг нӕу фесӕфынӕй.

Байхъусæм  уæдæ  æмдзæвгæ: «Хæхтæ  æмæ  алантæ».   

Æххæст  æй  кæны    22 къорды  ахуырдзау     Агъынаты  Къостя.

 

                  «Хæхтæ  æмæ  алантæ».

 

1 - кæсæг: Зон  æй  мæ  Ирыстон

Æнæ  дæу  сидзæр  дæн, 

Хур  мæ  нæ тавы   дзæбæх.

Цинимæ зæрдæйы

Урс  цæссыг  фезмæлы 

Афтæ  зынагъ  у  дæ  зæхх.

 

2 –кæсæг:  О,  фæлæ,  иу  сагъæс зилы  мæ  хъуыдыты

Хорз  амонд  кургæйæ  нæу,

Мах  фæстæ  а зæххыл

Чи  цæудзæн,  чи  цæрдзæн

Уый  та  куыд  уарздзæни  дæу?

 

1 - кæсæг:   Сӕрыстырӕй нӕхи ирон куы хонӕм

Уӕд не 'взагыл куыд ауыгътам нӕ къух?

Ӕви, мыййаг ӕй нал хӕссӕм нӕ сӕрмӕ

Уырыссагау цӕмӕ дзурӕм ӕдзух?

 

               25  къорды   ахуырдзаутæ ,  ирон  æвзаг    куыд  уарзынц,  уымæ  бакæсæм.

2 –кæсæг:  Тæбуафси!  Сценкæ  «Ирон  чызджытæ».

 

                                            Сценкæ«Ирон  чызджытæ».

 

          (Дыууæ  чызджы  æрбауайынц. Хъæуы  уазæг  сæм хæстæг  бацыд,  æмæ  сæм  дзуры)

 

Уазæг:   - Уæ  бон  хорз  чызджытæ!

Фатик: -  Здрасте!

Светик:  Привет!

 

Уазæг:     Иронау  нæ  зонут,  ацы  хорз  чызджытæ?

Фатик: -  Æз  зонын.  Скъолайы  дæр  ирон  проходит  кодтон.  Фæлæ  мæнæ  Светик  хорз  нæ  зоны,  уый  половина  осетинка  у.

Уазæг:   Ома  куыд половина?

Фатик: -  Йæ  мад  уырыссаг  у.

 

Уазæг:   Æмæ  уæд  ды  та  цахæм  осетинка  дæ? Стæй  дæ  ном  цы  хуыйны?

Фатик:  Æз  та  целая  осетинка  дæн.  Стæй  мæ  ном  та  Фатик.

 

Светик: Фатикæн  йæ  родителтæ  осетинтæ  сты  дыууæ  дæр.

Уазæг:  Æмæ  ахуыр  та  кæм  кæнут?

 

Светик:  Æз  Ардонский  колледжы,  первый  курсы.

 Фатик:  Æз  дæр  Светикы  однокурсница  дæн.

 

Уазæг:  Æмæ  цæргæ  та  кæм  кæнут?

Фатик:  Æз  Ардонский  дæн.

 

Светик:  Æз  та  Владикавказский.

Уазæг:    О, оооо!  Уæдæ  уæ  иу  горæттаг  у,  нæ?

 

Светик:   О,  о !  Æз  Владикавказаг  горæттаг  дæн.

Уазæг:    Уæдæ  мæм  хъусут,  целая  осетинка  æмæ  половина  осетинка.

 Иронау  дæ  ном  хуыйны  Светланæ,  кæнæ  Ацырухс.  Дæуæн  та   Фатимæ.  Стæй  уæ  иу      Дзæуджыхъæуккаг у,  иннæ  та  Æрыдойнаг.  Стæй  уæ  целый  æмæ  половина  дæр  ничи  у,  Фатимæ  у  сыгъдæг  ирон,  кæцы  Светикæй  ницæмæй  хицæн  кæны.

  Светланæ  дæр  ирон,  фæлæ  ахæмы  фæхонæм  æрдæг  ирон.

Смахмæ  та  куыд  фæкаст,  истæмæй  хицæн  кæнынц  кæрæдзийæ  Фатимæ  æмæ  Светланæ?  

Мæнмæ  гæсгæ  дыууæ  дæр  æмхуызон  сты.  Светиктæ  æмæ  Фатиктæ  дæр , уымæн  хуыйнынц.

 

 

                                                                                                     КÆРОН.

 

1 - кæсæг:   Мах стӕм ирӕттӕ ӕмӕ хъуамӕ уарзӕм нӕ райгуырӕн зӕхх, Ирыстоны  урс  сӕр  хӕхты  ӕмӕ  цъӕх  быдырты,  дидинӕгкалӕг уыгӕрдӕнты  ӕмӕ  ӕлутоны  ад  чи  кӕны, уыцы  хӕххон  суадӕтты, Ирыстоны  цытджын  ӕмӕ  кадджын  хистӕрты.

 

2 –кæсæг:  Фыдыбӕстӕ,  ныййарӕг  зӕхх,  райгуырӕн  уӕзӕг, мад,  фыд, мадӕлон ӕвзаг,  мæ  Ирыстон … Цы у ӕнӕ  уыдонӕй  адӕймаджы цард?

Байхъусæм  уæдæ  æмдзæвгæ: «Мæ Ирыстон».  Æххæст  æй  кæны  5.14  къорды  ахуырдзау   Кумситы  Маринæ.

 

«Мӕ Ирыстон»

 

                     Цӕй диссаг дӕ, мӕ Ирыстон,

                     Куыд адджын у дӕ уынд.

                     Цӕй зынаргъ дӕ, мӕ зӕрдӕйӕн,

                    Куыд дын ӕй зӕгъон, куыд?..

 

                    Куыд дын уарзын, дӕ хуры скаст,

                   Сӕууон ӕртӕхты худт.

                   Дӕ аллы хох, дӕ аллы дзыхъ,

                   Мӕ цин ӕмӕ мӕ уд. 

             

                  Сабырдзинад дӕ зӕххыл уӕд,

                  Дидин ӕфтау фӕрнӕй.

                  Мӕ Ирыстон, зӕххы цъарыл,

                  Дӕуӕй зынаргъ дӕр нӕй!

 

1 - кæсæг: Цӕмӕн ма ис сисӕн ӕвзагӕй уӕлдӕр

Ирон ӕвзаг равзӕрдис дисӕн

Цӕмӕ кӕнӕм не 'взаг нӕхӕдӕг дӕлдӕр

Ӕвзаг куы у удты ӕвдисӕн.

 

2 - кæсæг: Йӕ уарзтӕн ивӕн нӕй лӕгӕн

Мӕ уарзт дӕр ивгӕ нӕу мӕнӕн

Кӕм фӕнды дӕр цӕрон

Уӕддӕр уыдзынӕн ӕз ирон!

 

1 - кæсæг:  Уæдæ  ахуыр  кæм  вæййы  уым  худгæ  дæр  акæнынц.

2 –кæсæг:   Бакæсæм  цыбыр  юмористон  сценкæ: « ДОХТЫРЫ  АМЫНД  ХОС»-мæ.

                                        « ДОХТЫРЫ  АМЫНД  ХОС»

 

(Дохтыр  бады  йæ  къухы  телефон  æмæ  дзы  хъазы.  Æрбахоста йæм  зæронд  ус  йæ  лæдзæгыл   æнцойгæнгæйæ).

 

Ус:   - Дæ  бон  хорз  дохтыр!

Дохтыр: - Куыннæ  уыдзæн  мæ  бон  хорз  дæу  хуызæн  зæрæдтæм  чи  кæсы.

 

Ус:   (йæ  хъус бадарта  дохтыры  рдæм). -  Цы  зæгъыс?

 Дохтыр: -  Ницы,  ницы!  Стыр  бузныг  дын  зæгъын.

 

Ус: -  Ай  диссаг  нæу.  Зæххы  цъарыл  мæ  цынæ  рисы,  ахæм  нал  баззад.

 Дохтыр:  Æмæ  дзы  мæн  аххосджын  кæныс?

 

Ус:   Мæ  ахсæнæй  мæлынмæ  æрцæуын,  исты  куы  бахæрын,  уæд.

 Дохтыр:  - Ау!  Æмæ уый  тыххæй  мæнмæ  цæмæн  æрбацыдтæ?  Йæ  хос  дæхимæ  куы  ис.   - Ма  бахæр  æмæ  дын  нал  рисдзæн.

 

Ус:  - Райсомæй  куы  рабадын,  уæд  мæ  уæрджытæ мæ  быны  нал  фæцæуынц.  Сæ  рыстæй  мæ  бон  нал  вæййы. 

 Дохтыр:  -  Мæнæ  диссæгтæ  ацы  ус!   Кæд  дын  афтæ  зын  у  растын  дæ  уатæй,  уæд  цæмæн  стыс,  хуысс  æмæ  дын  нал  рисдзысты.

 

Ус: -  Кæцы  низ  ма  дзы  нымайон?  -  Мæ  сæры  рыстæй  мæ  бон  дзурын  дæр  нал  вæййы    бон - изæрмæ.

 Дохтыр:  -  Мæнæ  хъаймæт!!  Дæхиуыл  баст  нæу  дæ  сæры  рыст?  Мацы  дзур  æмæ  хорз  уыдзынæ.

 

Ус:    -  Уæдæ  мын  цы  амоныс  дохтыр,  исты  хостæ  ма  мын  рафысс?

 Дохтыр:  -  Хостыл  ма  æхца  цæмæн  хардз  кæныс:  Ма  хæр,  ма  рацу-бацу  кæн,  стæй  дзургæ  дæр  мауал  кæн.  Æмæ  дæ  хосты  аргъ  дæр  дæхицæн  баззайдзæн.

 

Ус:  О, о!  Дæ  цæрæнбон бирæ  уа. (Фæцæуы.  Ахъуыды  кодта.  Фæстæмæ  фездæхт.)

Уæй  дæ  быны  хъæр  райхъуыса,  кæд  ай  цахæм  дохтыр  дæ?  Куыннæ  бахæрон, куыннæ  дзурон,  куыннæ  цæуон,  уæд   цы  бауыдзынæн?

(  Йæ  лæдзæг  æм  фелвæста æмæ  йæ,  йæ  разæй  нæмгæ  асырдта æлгъитгæ.)

 

                                                                                                                                    Кæрон.

 

1 – кæсæг:  Сты зонды уацхӕссӕг ӕппӕт дунейы 'взӕгтӕ

Нӕ дзы 'взары хӕстӕг ӕмӕ дарддаг

Фӕлӕ ныххойы зӕрдӕйы къӕсӕртӕ

Ӕрмӕстдӕр ды, мӕ мадӕлон ӕвзаг!

                                                     

2 –кæсæг: Ис ӕвзагӕй нал дзурӕм иронау

Ис хъӕбулӕй не 'взаг у ӕвӕд

Стыр уырысӕн нал хизӕм йӕ ронӕй

Удӕй ма куыд уӕм ирӕттӕ уӕд?

 

         Сценкæ  «Раст  дзуапп

1 - кæсæг: Ирон ӕвзаг нын баззади Алантӕй

Кӕнӕм йӕ кадыл хъуамӕ тох

Цӕмӕй нӕ сомбоны кӕстӕртӕй

Ирон дзырд макуы 'рцӕуа рох.

 

2 –кæсæг: Дунейы тӕккӕ стырдӕр хӕрзтӕн

У сӕ хуыздӕр мадӕлон ӕвзаг.

Чи йӕм кӕсы иунӕг боны цӕстӕй

У гъе уый нӕ адӕмы ызнаг.

 

Байхъусæм  уæдæ  æмдзæвгæ: « Дзерæскæ» мæ.   Æххæст  æй  кæны   5. 14 къорды  ахуырдзау   Баситы Аллæ.

                                       « Дзерæскæ»

 

». Æххæст  æй  кæнынц 17.14  къорды  ахуырдзаутæ: Козаты Алан æмæ  Гатыкоты  Хетæг.  

                                                 

                                     «Раст  дзуапп»

 

Ахуыргæнæг:     Симон  «4»  ма   мын  «2»-  ыл  фæдих  кæн.

Симон:  ( архайы,  нæ  йын  уайы)  Æмæ  цы  фæдих  кæнон?

 

Ахуыргæнæг:  Цыппар  фæткъуыйы  фæдих  кæн  дæхи  æмæ  Сосланыл.   

Симон:  Æртæ  мæн,  иу  иу  та  Сосланы.

 

 

Ахуыргæнæг:  Æмхуызон  сæ  фæдих  кæн.    

Симон:  Æмæ  Сослан  мæнæн    æрдæгыл  фæдих  кæнит. Стæй  дыргъæй  фæткъуыйы  едтæмæ  ницы  уарзын , æмæ  дзы  фылдæр  нæ  раттдзынæн.

 

Ахуыргæнæг:     Хорз  уæдæ,  кæд  фæткъуы  нæ  дæттыс,  уæд  та  чылауитæ  фæдих  кæн.

Симон:    Уый  уыдзæн  цыппар .

 

Ахуыргæнæг:   Цæмæн  цыппар?   

Симон:  Уымæн  æмæ  æз  чылауитæ  нæ  уарзын  æмæ  сæ  иууылдæр  Сосланæн  дæттын.

 

Ахуыргæнæг:   Æвæццæгæн  æй  нæ  зоныс  æмæ  афтæ  æфсæндтæ  кæныс. 

Симон:  Уæдæ  йæ  кæд  ды  зоныс, уæд  ма йæ  зæгъ.

 

Ахуыргæнæг:   Æз  æй  зонын,  фæлæ  ма  дæ  боныг  радав .(дæтты  йæм  æй)

«4»-ы   « 2» йыл  куы  фæдих  кæнæм,  уæд  дын  йæ  дзуапп  фыссын  дæ  боныджы  «Дыууæ»!!!  Уый  дын  раст  дзуапп.

Симон:  (Йæ  боныг  райста   æмæ  ацыд).

 

 

                                                                                                                Кæрон.

1 - кæсæг: Мӕлӕн дын нӕй нӕ фыдӕлты ӕвзаг

Дӕ зӕронд мад у ацы зӕххы къори.

Ӕмӕ куы сӕфа ма зӕгъӕд ызнаг

Дӕуимӕ сӕфы дунейы истории.

 

2 –кæсæг:Худинаг уӕм нӕ кӕсы

Ӕнцад бадын фыддӕрагӕн

Иу уӕ куы нӕ тӕрсы

Фесӕфынӕй Иры ӕвзагӕн

 

1 - кæсæг:  Æмдзæвгæ « Бонтæ  бонты  фæдыл  уайынцц»,   бацæттæ  кодта  Æлборты  Лизæ  25  къордæй.

2 –кæсæг:   Хъусæм  дæм  Лизæ!

 

                  

Къодзаты  Сабинæ 15.14 къорды  ахуырдзау  дзуры  Хæмыцаты  Юрийы æмдзæвгæ «Дыууæ  Иры».

                    

              ДЫУУÆ  ИРЫ

Дыууæ  Иры – дыууæ  цæсты  лæгæн,

Ирон  лæгæн  йæ  ныуарджын  къабæзтæ.

Нæу  иу  Ирæн дыууæ  дихы  кæнæн, -

Куыд цæрдзæни нæ байзæттаг,  нæ  хъæстæ?

 

Дыууæ  Иры – нæ  абон  æмæ  райсом,

Æрбатымбыл  уæм  иу  къухы æнгуылдзтау:

Уæлæмæ  сисæм   нартфыдæлты  ном,

Ирон  цыт  суæд нæ  фыдгултæн  рæхуыстау.

 

Дыууæ  Ирæн  ис  иу  уды  сæ  тых,

Сæ гуырдз  дæр иу  у  рухс  царды  цæрынæн.

Дыууæ  Иры   сты  уадындз  æмæ  дзых.

Æнæ  кæрæдзи  зарæгæн  нæй  гуырæн

 

1 - кæсæг: Дӕ мады ӕвзагыл

Кӕд дзурыс, кӕд зарыс,

Дӕ фыдгул ызнагӕн

Йӕ сау зӕрдӕ марыс.

 

2 –кæсæг:Кӕд рохӕй ыскуыдта

Дӕ мады ӕвзаг, -

Йӕ къах дыл ӕркъуырдта

Дӕ фыдгул ызнаг!

 

17.14  къорды  ахуырдзаутæ  Козаты Алан æмæ  Гатыкоты  Хетæг    бацæттæ  кодтой  сценкæ: «Чи  кæуыл  фæтых».

 

                    «Чи  кæуыл  фæтых».

 

Ахуырдзау:  Зынаргъ  ахуыргæнæг  Мария  Гаврилы  чызг,  ныр  ахуыр  фестæм  æмæ  дын  мæ  зæгъинæгтæ  куы  зæгъин. Хъуыды  ма  йæ  кæныс  1-  курсы  дын  чидæр  дæ  бандоныл  клей  куы  аугъта… (худы)

 

Ахуыргæнæг: (Хины  худт  бакодта  æнæдзургæйæ.)

 

Ахуырдзау: Мария Гаврилы  чызг,  ды  нæ  иу  рæстдзинадыл  ахуыр  кодтай  æмæ  дын   сæ  хъуамæ  зæгъон.    2 - курсы  куы ахуыр  кодтам,  уæд  дын  дæ  журнал  мах  адавтам,  æнæхъæн  класæй.  Ды  йæ  бирæ  фæагуырдтай,  стæй  дын  дæ  преми  æрæхгæдтой.

Ахуыргæнæг: (Хины  худт  бакодта  æнæдзургæйæ.)

 

Ахуырдзау: Æмæ  дæ  уый  дæр  рох  нæ  уыдзæн  зынаргъ  Мария  Гаврилы  чызг 3  курсы  дын  дæ  журналы  нæхицæн  хорз  бæрæггæнæнтæ  куы  сывæрдтам,  дæ  уарзон  ахуырдзаутæн  та  дыууæтæ.

Ахуыргæнæг: (Хины  худт  бакодта  æнæдзургæйæ.)

 

Ахуырдзау: Уый дæр  дæ  нæ  байрох  уыдаид  дæ  сумкæйы  дын  мысты  мард  куы  сывæрдтам.

Ахуыргæнæг:  Сабыргай  сыстад  æмæ  дзуры:  Уæдæ  смахæй  дæр  рох  нæ  уыдзæн  1 курсы  æнæхъæн  къордæй  иууылдæр  контролон  куыстытæй  2-тæ  куыд  райстат,  æмæ уæ  иу  дæр  экскурсимæ  куы  нал  ацыд.

Ахуырдзау: (Дисгæнгæ  кæсы).

 

Ахуыргæнæг: Зынаргъ  ахуырдзаутæ  хъуыды  ма  кæнут  2  курсы  спортивон  эрысты  рæстæджы  уæ  спортивон  костюмтæ  куы  рбайсæфдысты,  æмæ  дзы  уый  тыххæй  хайад  нал  райстад.  Æмæ  уæ  мæйы  степендитæ  æхгæд  куы  æрцыдысты.

Ахуырдзау: (Дисгæнгæ  кæсы).

 

Ахуыргæнæг: Ноджыдæр  ма  зынаргъ  ахуырдзаутæ  3  курсы  иууылдæр  эгзаменты  уæ  билеттæ  ивд  куы  æрцыдысты  æмæ  æнæхъæн  къордæй   дыууæтæ  куы  райстад,  уæ  дипломтæ  та мæйы  фæстæ.  Стæй  мæнмæ  гæсгæ  æппын  æрæджы  алчидæр  йæ  сумкæйы   ссардта  æмбыд  джитри.  «Война  и мир»  та  æнæкæсгæйæ   куы   ахуыр  кодтат,  уый  мæнмæ  гæсгæ  никуы  ферох  кæндзыстут. Уымæн  æмæ  æнæхъæн  мæй  фæсурокты  иунæгæй  бадтыстут  класы  æмæ  ахуыр  кодтат.

 

Ха, ха, ха!!! Чи  кæуыл  фæтых,  уый  барæг  нæу.

 

                                            Кæрон.

 

 

 

1 - кæсæг: Джанайты  Тимур  11.14  къорды  ахуырдзау  бацæттæ  кодта  æмдзæвгæ  «Фыстæг».

2 –кæсæг:  Табуафси,Тимур.

                           

http://www.stihi.ru/pics/2013/06/22/6829.jpg

1 - кæсæг: 11.14  æмæ  17 .14  къорд  нын  бацæттæ  кодтой   цыбыр  сценкæ:                                              «Сабыр  лæг».

2 –кæсæг:  Табуафси,  бакæсæм!

 

                                                     «Сабыр  лæг»

Лæг: ( бады  фынгы  сæрыл  æмæ  хæры). О, Стыр Хуыцау,  мæ  бинонтæ  дæ  фæдзæхст!.

Ус:  Дæлдæр  ма  абад,  стæй  мæлæты  лæгау  фынджы  сæрыл  рабад!

 

Лæг  ( дæлдæр  абадт).  Мæнæн  ницы  уæлдай у  кæмфæнды  дæр  абаддзынæн.

Ус: - О,О!  Афтæ  дын  æнцон  цæрæн  у.  Тæккæ  райсом  мын  уæртæ  тыргъы   дзулфыцæн  пец  ма  скæн,  æндæра  ма  фынджы  кæрон дæр æрбадис.

 

Лæг: (райсомæй  рахаста  дуртæ  æмæ  амайы  пец).

Ус: - Ай  та  цытæ  кусыс?  Дæ  быны  хъæр  райхъуыса.  Исчи  ма  къæсæрыл  пец  амайы?

 

Лæг: Дæхæдæг  мын  куы  загътай,  пец  дам  мын  самай  хæдзары  раз.

Ус:  (хъæр  кæны) Æз  дын  ацырдыгæй  нæ  зхагътон!

 

Лæг:  ( исы  йæ  амайынæгтæ  æмæ  иннæ  фарс  райдыдта  амайын)

Ус:  (ногæй  та  рауад)  Мæнæ  хъаймæт!  Цытæ  кусыс?   Къæсæртæ  куы  æрыхгæдтай.

 

Лæг:  Дæхæдæг  мын  куы  загътай,  иннæрдыгæй  дам  æй  самай.

Ус:   Нæ,нæ,нæ! Ам  дæр  нæ!  - Фæлæ  мын ды  уæддæр  самай,  æмæ  кæм  фæнды  дæр  уæд.  Æрмæст  хæдзармæ  хæстæг  куыд  уа.

 

Лæг:  Ай  диссаг  нæу  уæдæ  ма  йæ  кæм  самайон? (æнæдзургæйæ  ацыд  æмæ  уæрдон  раласта  æмæ  йын  йæ  уæлæ  райдыдта  амайын)

Ус:  Мæнæ  æрра  лæг  никуы  федтад. Мæ  бон  дзы  нал  у !  Кæд  федтай  уæрдоны  уæлæ  пец  амайгæ?

 

Лæг:  Амæй  хуыздæр   хъуыддаг  не ‘рхъуыды  кодтон.  Уæрдоныл  уыдзæн  дæ  пец,  кæдæм  дæ  фæнда,  уырдæм  иу  æй  алас.  Æз  дæр  сæрибар  уыдзынæн,  ды  та  райгонд.

Ус: (ахъуыды  кодта)  Мæнæ  хорз  адæм,  цæрæнбонты  ацы  лæджы  æррайы    тынд  фæкодтон,  фæлæ  ма   исчи  æрхъуыды  кæнæт,  ахæм  диссаджы  уавæр  йæ  усæн. 

          Тынг  хорз.  Кæдæй-уæдæй  дæ  мæ  зæрдæ  барухс!!!.

                                                                                                                                  Кæрон.

1 - кæсæг:  Дзæгъиаты  Илонæ  нын  кæсы  æмдзæвгæ  «Фсати»,  нæ  изæры  кæрон.

2 –кæсæг:  Байхъусæм  25  къорды  ахуырдзаумæ.

 

1 - кæсæг:   Нæ  изæры  кæрон  ма  бакæсæм  ноджыдæр  иу  цыбыр  сценкæ «Цыртдзæвæн»

2 –кæсæг:  Бацæттæ  йæ  кодтой  5.14 къорды  ахуырдзаутæ.

 

1 - кæсæг:   Уæдæ  нæ  изæр  æрхæццæ  ис  кæронмæ!

2 –кæсæг:         «Мæлæн  дын  нæй, мæ  фыдæлты  æвзаг,-

Дæ  зæронд  мад  у  ацы  зæххы  къори,

Æмæ  куы  сæфай  ма  зæгъæд  ызнаг,-

Дæуимæ  сæфы дунейы  истори!»

 

 

 

                                                                                     Хæрзизæр!

 

                                                                        Бацӕттӕ  йӕ  кодта: Габеты  М.Д.

                                                                        ГАПОУ СКАТК  г.Ӕрдон   2014 аз.

 

 

 

 

 

 

 

 

                                            Хæмыцаты  Юрий

              ДЫУУÆ  ИРЫ

Дыууæ  Иры – дыууæ  цæсты  лæгæн,

Ирон  лæгæн  йæ  ныуарджын  къабæзтæ.

Нæу  иу  Ирæн дыууæ  дихы  кæнæн, -

Куыд цæрдзæни нæ байзæттаг,  нæ  хъæстæ?

 

Дыууæ  Иры – нæ  абон  æмæ  райсом,

Æрбатымбыл  уæм  иу  къухы æнгуылдзтау:

Уæлæмæ  сисæм   нартфыдæлты  ном,

Ирон  цыт  суæд нæ  фыдгултæн  рæхуыстау.

 

Дыууæ  Ирæн  ис  иу  уды  сæ  тых,

Сæ гуырдз  дæр иу  у  рухс  царды  цæрынæн.

Дыууæ  Иры   сты  уадындз  æмæ  дзых.

Æнæ  кæрæдзи  зарæгæн  нæй  гуырæн.

 

 

 

 

                                                                             

                     Хæмыцаты  Юрий

         ХÆХТÆ  ÆМÆ  АЛАНТÆ

 

Кæм  нæ  цардысты  а  зæххыл  алантæ!

Зæххы  къори  уыди  сæ кæрт - хæдзар.

Кæцы  адæмæй  не  скодтой  лымæнтæ?

Кæцы  адæмæй  не  скодтой  цагъар?

 

Æххуысмæ сæм  кæцы   адæм  нæ  сидти?

Кæй  сæрыл  тохы   не  ‘рхастой  сæ  цард?

Æрмæст   куыдта  нæхи хæхты  нæ  цъити,

Æмæ  уыдысты   сау  хæхтæ  æнкъард…

 

Нæ  фыдæлтæ- нæртон  адæм.Уæ  сæнтты

Дымгæйау  уыд  зæххы  цъарыл  нæ  зылд.

Кæм  хаттыстут,  цы  зæххытыл,  цы  рæтты?-

Æрмæстдæр хæхтæй  баййæфтат  рæвдыд.

 

Æмæ  уæ  уæд уæ кæстæрты  нымд  афтæ:

Фæстæмæ  та  ысбирæ  ут бæстыл,

Цæмæй та  ногæй айгæрдат  уæ  арф фæд,

Æрмæст  ныр  та куыд  фембæлат  хæрзтыл…

 

 

 

 

 

 

                                                         Хæмыцаты  Юрий

             ÆЦÆГ  ЛÆГ

 

Æнцон  у  цард – мæнæн  куы  дзурай, -

Мæ  удæн  фестдзынæ  ызнаг…

Лæууын  æз царды  раз  сæркъулæй –

Нæ  арын сомбонмæ  фæндаг.

 

О,  цас  хъæуы  лæджы  та  зонын!

О,  цас  хъæуы  лæджы  уынын!

Æз  цард,  мыййаг,  зындон  нæ  хонын,

Фæлæ  лæгау  цæрын  у зын.

 

Цæмæй куы  нал цæрай,  - дæ  фæстæ

Дæ  ацыд  банкъара  дæ  сых.

Ды  зон  цы  у нæ  царды  рæстæг,

Куыд у йæ  цыд,  цы  у  йæ  тых!

 

Куы   дарай  хæс, - зын у мæлын дæр…

Дæ  фæндагыл   кæронмæ  цу.

Дæ  сæрмæ   макуы  схæсс  хъæрзын  дæр…

Зæгъдзысты  дзыллæтæ – «Лæг у!» 

 

Æнцон  у  цард – мæнæн  куы  зæгъай,

Уæд  ды,  хæлар,  нæ  хатыс  цард.

Уый   арæзт  у  нæ  хиды  ‘ртæхтæй, -

Куыд  арæзт  у  ныхæстæй  зард!

 

 

 

 

 

 

 

 

                                                                            

                                                      Дзанайты  Иван

      «БОНТÆ   БОНТЫ  ФÆДЫЛ  УАЙЫНЦ…»

Бонтæ  бонты  фæдыл  уайынц,

Бонæн бон  дæдты  йæ  цард;

Ингæнмæ  лæджы  куы  сайынц, 

Фæлæ  ма  кæн  ды  æнкъард:

 

Кæс  дæ  мад  куы  бады  къуымы,

Къодах,  сокъо  у  бынтон.

Цæстæй  развæндаг  нæ  уыны,

 Батар  ис, бецау,  йæ  бон.

 

Раст  йæ  тæккæ  раз  йæ  авдæн,-

Уым  хуыссы,  цæра! – дæ фырт;

Се‘ппæты  кæстæр  у  авдæн;

Кæм! – Нæ-ма  хъуысы  йæ  дзырд

 

Фæлæ  худы  æмæ  хъазы,

Къухтæ  тилы,  уæдæ  цы! –

Зæхмæ,  кæс,  йæхи  ивазы,

 Авдæны  хъæдыл  хæцы .

 

Уымæ  уалдзæг  зары,  худы,

Уый  дæр  уалдзæгмæ  тындзы.

Зæронд  æм  кæны  тæхуды,

Бонты  хус  хал – ма  хынцы…

 

Кæс  иу  тулдзбæлас  дæ  цуры. –

Астæуæй – мæра,  хырыз.

Ницæмæй  уал  домы  хур,

 Уæлдзæг  нал  ивы  йæ  хуыз.

 

Фæлæ  раст  йæ  тæккæ  фарсмæ

Ног  тала  фæзынди – кæс.

Уый  æнæмæнг  азæй-азмæ

Тынг  рæвдзæй  хæсдзæни  рæз…

 

Буц  мæнæуы  нæмыг  зæххы

Бамбыд; бампылди  йæ  цъар,

Фæлæ  хур  куы  ртава  рæгъты –

Фендзынæ  йæ  хъусы ‘взар…

 

Цæй,  цы  дын  дзурон,  цы  бирæ! -

Æрдзы  ивгæйæ  у,  рад!

Цард  дæм  сиды;  цæй,  хур,  цъир  æй,

Базон,  бамбар  ын  йæ  ад…

 

Кæд,  куыд  ахизай  къæсæрыл,

Уый  нæ-ма  зоныс,  мыййаг,

Рацу уæд,  мæ  хур,  мæ  фæдыл –

Бацамонон  дын  фæндаг.                                                          16  фарс  «Нигер»

 

 

 

                                  « БУСКÆ   КИНОЙЫ»

 

(Бады  кинотеатыры  къассæйы  киномæ билеттæуæйгæнæг .  Бацыд  æм иуцæстон  Бускæ  æмæ  æлхæны  билет.)

 

БУСКÆ:    Ацы  хорз  лæппу  иу  билет  ма  мын  ратт.

БИЛЕТТÆУÆЙГÆНÆГ:  (æркаст æхцатæм  æмæ  йæм  дзуры).

- Адон  цы  сты  билет  ссæдз  капеччы у,  ды  та  мæм  дæс капеччы  дæттыс?

Ноджыдæр  ма  уыййас  æри.

 

БУСКÆ:  Æрмæст  ам  рабадын  æмæ  æри-  æри  кæнын  зоныс,  æндæр  ницы.  Дæ  цæстытæ  дæ  уæлæ  куы  сты,  уæд  мæм  æрбакæс  бæстон. 

БИЛЕТТÆУÆЙГÆНÆГ: (ракæс-бакæс  кæны  Бускæмæ)Йарæппын  кæд  ма  исты  зонын,  уæд  сывæллон  нæ  дæ,  цæмæй  дын  æрдæг  билет  рауæй  кæнон,  стæй  мæ  хæстæг  дæр  нæ дæ.

 

БУСКÆ:  Бæстон  мæм  æрбакæс,  мæ  иу  цæст  мæ  уæлæ  нæй?

БИЛЕТТÆУÆЙГÆНÆГ:  Æмæ  дын,  уый  мæ  аххос  у,  мыййаг?

 

БУСКÆ:  Дæ  аххос  æй  нæ  кæнын,  фæлæ  дыууæ  цæстæй  чи  кæса  киномæ,  уый  дæр  дыууын  капеччы  хъуамæ  бафида  æмæ  æз  дæр?Уый  дæм  раст  кæсы?

БИЛЕТТÆУÆЙГÆНÆГ: ( ахъуыды  кодта).  Æвæццæгæн  раст  дæ.  Æцæг  æнæрхъуыды  дæн. (дæтты  йын  билет). 

 

 

 

 

                           Æрвад

ХОЗИТЫ Хуыдæберд

Иу сыхбæсты уыд лæппуйы куывд. Бон раздæр хæдзары хицау фæдзырдта сыхы лæппутæй дыууæмæ æмæ сын тынг бафæдзæхста: "Алкæйы хæдзармæ дæр æнæмæнг бахойдзыстут æмæ сæ мæ номæй æрбахондзыстут". Хонджытæ сæ сæртæ разыйы тылд бакодтой æмæ фæраст сты хъæуы уынгты. Сæ иу цыдис галиувæрсы, иннæ та — рахизвæрсты. Лæппутæй иуæн йæ мыггаг уыд Куыдзиатæй. Уынгæн йæ тæккæ кæронмæ куы ныххæццæ сты, уæд кæройнаг хæдзары дуар, а Куыдзиаты лæппу куы бахоид (ам дæр цардысты Куыдзиатæ). Исдугмæ хæдзарæй ничи касти. Уæд дын лæппу тынг куы ныххоид кулдуар. Кæртæй райхъуыст куыдзы мæстджын рæйд. Лæппу дуар иу чысыл фегом кодта æмæ дын дзы, арсы хуызæн, дынджыр куыдз куы рагæпп кæнид. Лæппуйы скъуымбил кодта, къуыммæ йæ батардта æмæ йæ фезмæлын дæр нал уадзы. Цы ма акодтаид, уый нал зоны. Уæд ын æрæджиау лæгъстæгæнæгау куы бакæнид:

— Дæ хорзæхæй, ма мыл фæхæц, ауадз мæ, æз дæр Куы-дзи-атæй дæн; ау, æрвадæлтæ уæддæр нал стæм!

Куыдз дæр дын уыцы ныхас айхъуса. Йæ къуырд цыбыр къæдзил батылдта æмæ цымæ хатыртæ куырдта, уыйау сæ кæрты фæкуысси.

 

 

Ноджыдæр ма мын æри

ХОЗИТЫ Хуыдæберд

Институты кæимæ ахуыр кодтон, уый рагæй нал федтон. Иу бон дын фæцæуын проспекты уæлæмæ. Мæ къухы — хызын. Хызыны та — фæткъуытæ, базары сæ алхæдтон. Ме ’мкурсон мæ куы ауыдта, уæд йæ цыд фæтагъддæр кодта. Куы мæм æрбахæццæ, уæд фырцинæй кæрæдзиуыл ныттыхстыстæм. Йæ гыццыл чызг, иу фондз азы кæуыл цыдаид, ахæм, фырдиссагæн нæ дыууæйæ дæр айрох. Æз ын фæтæригъæд кодтон æмæ йæ афарстон:

— Бахатыр кæн, Хъанты рæсугъд, фæлæ дæ ном цы хуыйны?

— Фатик! — йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта чызг.

— Зонгæ уыдзыстæм ардыгæй фæстæмæ! — загътон æз, æмæ мæ хызыны цы фæткъуытæ уыдис, уыдонæй иу фелвæстон æмæ йæ сывæллоны къухы фæсагътон. Чызг ницы сдзырдта æмæ фæткъуы æхсыныныл схæцыд. Фыдæн дын уый цыдæр хъыг куы фæуыдаид æмæ йæм ныууырдыг:

— Цы зæгъын хъуыд хистæрæн?

Чызг йæ фæткъуы хæрд куы фæци, уæд мæм æфсæрмы каст скодта æмæ та йæ фыд нал æмæ нал уадзы: "Цы зæгъын хъуыд хистæрæн, уæддæр?"

— Ноджыдæр ма мын иу радт! — загъта чызг.

Нæ дыууæ дæр худæгæй фæрсхæлд кодтам. æз дæр та йын ноджыдæр иу фæткъуы авæрдтон æмæ уæд уæндонæй афтæ куы фæкæнид:

— Гъеныр дын стыр бузныг!

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                             « ДОХТЫРЫ  АМЫНД  ХОС»

 

(Дохтыр  бады  йæ  къухы  телефон  æмæ  дзы  хъазы.  Æрбахоста йæм  зæронд  ус  йæ  лæдзæгыл   æнцойгæнгæйæ).

 

Ус:   - Дæ  бон  хорз  дохтыр!

Дохтыр: - Куыннæ  уыдзæн  мæ  бон  хорз  дæу  хуызæн  зæрæдтæм  чи  кæсы.

 

Ус:   (йæ  хъус бадарта  дохтыры  рдæм). -  Цы  зæгъыс?

 Дохтыр: -  Ницы,  ницы!  Стыр  бузныг  дын  зæгъын.

 

Ус: -  Ай  диссаг  нæу.  Зæххы  цъарыл  мæ  цынæ  рисы,  ахæм  нал  баззад.

 Дохтыр:  Æмæ  дзы  мæн  аххосджын  кæныс?

 

Ус:   Мæ  ахсæнæй  мæлынмæ  æрцæуын,  исты  куы  бахæрын,  уæд.

 Дохтыр:  - Ау!  Æмæ уый  тыххæй  мæнмæ  цæмæн  æрбацыдтæ?  Йæ  хос  дæхимæ  куы  ис.   - Ма  бахæр  æмæ  дын  нал  рисдзæн.

 

Ус:  - Райсомæй  куы  рабадын,  уæд  мæ  уæрджытæ мæ  быны  нал  фæцæуынц.  Сæ  рыстæй  мæ  бон  нал  вæййы. 

 Дохтыр:  -  Мæнæ  диссæгтæ  ацы  ус!   Кæд  дын  афтæ  зын  у  растын  дæ  уатæй,  уæд  цæмæн  стыс,  хуысс  æмæ  дын  нал  рисдзысты.

 

Ус: -  Кæцы  низ  ма  дзы  нымайон?  -  Мæ  сæры  рыстæй  мæ  бон  дзурын  дæр  нал  вæййы    бон - изæрмæ.

 Дохтыр:  -  Мæнæ  хъаймæт!!  Дæхиуыл  баст  нæу  дæ  сæры  рыст?  Мацы  дзур  æмæ  хорз  уыдзынæ.

 

Ус:    -  Уæдæ  мын  цы  амоныс  дохтыр,  исты  хостæ  ма  мын  рафысс?

 Дохтыр:  -  Хостыл  ма  æхца  цæмæн  хардз  кæныс:  Ма  хæр,  ма  рацу-бацу  кæн,  стæй  дзургæ  дæр  мауал  кæн.  Æмæ  дæ  хосты  аргъ  дæр  дæхицæн  баззайдзæн.

 

Ус:  О, о!  Дæ  цæрæнбон бирæ  уа. (Фæцæуы.  Ахъуыды  кодта.  Фæстæмæ  фездæхт.)

Уæй  дæ  быны  хъæр  райхъуыса,  кæд  ай  цахæм  дохтыр  дæ?  Куыннæ  бахæрон, куыннæ  дзурон,  куыннæ  цæуон,  уæд   цы  бауыдзынæн?

(  Йæ  лæдзæг  æм  фелвæста æмæ  йæ,  йæ  разæй  нæмгæ  асырдта æлгъитгæ.)

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Сценарии "День осетинского языка""

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 2 месяца

PR-менеджер

Получите профессию

Менеджер по туризму

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 661 291 материал в базе

Скачать материал

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 27.11.2015 3314
    • DOCX 265.3 кбайт
    • 37 скачиваний
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Габиева Мери Давидовна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Габиева Мери Давидовна
    Габиева Мери Давидовна
    • На сайте: 8 лет и 5 месяцев
    • Подписчики: 4
    • Всего просмотров: 36115
    • Всего материалов: 28

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Копирайтер

Копирайтер

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс профессиональной переподготовки

Библиотечно-библиографические и информационные знания в педагогическом процессе

Педагог-библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3950 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 483 человека из 70 регионов
  • Этот курс уже прошли 2 325 человек

Курс повышения квалификации

Специалист в области охраны труда

72/180 ч.

от 1750 руб. от 1050 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 33 человека из 20 регионов
  • Этот курс уже прошли 153 человека

Курс профессиональной переподготовки

Организация деятельности библиотекаря в профессиональном образовании

Библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3950 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 282 человека из 66 регионов
  • Этот курс уже прошли 849 человек

Мини-курс

Музыкальная журналистика: создание и продвижение контента

10 ч.

1180 руб. 590 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Преодоление расстройств: путь к психическому здоровью"

3 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Психология сиблингов в семейной структуре

3 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 28 человек из 15 регионов