Нывӕцӕн
« Нӕ хӕзна – не взаг».
Мах
алантӕ стӕм сӕрмӕттӕ
Скифтӕн
тугхӕстӕг ӕрвад.
Махмӕ
рхӕццӕ сты сӕ нӕттӕ,
Махӕн
баззади сӕ кад.
Чеджемты
Геор.
Ӕз ахуыр кӕнын
ӕвдӕм къласы скъола- интернаты. Мӕ ном хуыйны Губаты Аслан.Тынг ӕхсызгон мын
уыд, куы базыдтон ирон ӕвзаг ахуыр кӕндзынӕн уый. Ӕз ирон дӕн, фӕлӕ нӕхимӕ
иронау нӕ дзурӕм, мӕ мад у уырыссаг, мӕ фыд раджы амарди. Ис мын фыды хотӕ,
дада, уыдон мӕм дзурынц иронау, фӕлӕ арӕх нӕ уынӕм кӕрӕдзийы.
Интернатмӕ куы
бацыдтӕн уӕд райдыдтон ахуыр кӕнын ирон ӕвзаг. Нӕ ахуыргӕнӕджы радзырдтӕ- «Нӕ
райгуырӕн бӕстӕ», «Нӕ бинонтӕ» ахӕм тынг фӕцыдысты мӕ зӕрдӕмӕ, ӕмӕ райдыдтон
зӕрдиагӕй ахуыр кӕнын ирон ӕвзаг. Ноджы ма нӕ скъолайы стыр бӕрӕгбон куы вӕййы,
уӕд скъоладзаутӕ иууылдӕр фӕзарынц Уӕрӕсейы гимн, стӕй Ирыстоны гимн. Ӕз уымӕй
дӕн тынг сӕрыстыр, ӕхсызгон дӕр мын вӕййы. Мӕхӕдӕг дӕр ӕй зонын иронау ӕмӕ
йӕ тӕлмац уырыссагау.
Ӕрӕджы ирон
ӕвзаджы урочы кастыстӕм таурӕгъ «Задалесчы Нана». Тынг мӕ ахъардта уыцы
таурӕгъ. Цыппӕрдӕсӕм ӕнусы Тимуры ӕнӕкӕрон ӕфсад куы ныддӕрӕн кодта алайнӕгты,
уӕд разынди нӕ амондӕн иу хъайтар сылгоймаг, кӕцы сымбырд кодта йӕ къухы цы
сывӕллӕттӕ бафтыд уыдон, ӕмӕ сӕ хӕхты арф акодта. Хъахъхъӕдта сӕ ӕхсӕвӕй- бонӕй
сырдӕй, знагӕй. Уый фӕрцы аланты фӕд нӕ фесӕфт, нӕ бауагъта сӕфын не взаг, нӕ
культурӕ, нӕ фольклор.
Мӕ зӕрдӕйы мын арф фӕд ныуагъта
уыцы бон, ирон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕджы сфӕлдыстад Хетӕгкаты Къостайы, куы
базыдтон уӕд.
Уӕдӕ цы диссаджы ӕмдзӕвгӕтӕ ныффыста. Куыд
бирӕ йӕ уарзтой адӕм, куыд сын снывонд кодта йӕхи. Чи бакӕсдзӕн «Додой»,
«Мӕгуыры зарӕг», «Мӕгуыры зӕрдӕ», поэмӕ «Фатимӕ», ӕмӕ кӕй зӕрдӕйыл нӕ
амбӕлдзысы.
Ӕз арӕх фӕкӕсын ӕмдзӕвгӕтӕ алы хуызон
конкурсты, ис мӕм кады гӕххӕттӕ, лӕвӕрттӕ.
Ирон ӕвзаджы тыххӕй фысгӕйӕ нӕй ахизӕн
Абайты Уасойы сӕрты дӕр. Уый диссаджы фыстытӕ, дзырдуӕттӕ, иртасӕн куыстытӕ,
рох никуы уыдзысты адӕмӕй. Йӕ ӕнӕкӕрон пайдайӕн аргъ нӕй.
Джыккайты Шамиль афтӕ фыста Уасойы
тыххӕй:
Ныййырд
йӕ цӕсгом, Уарзт ӕмӕ хъуыдытӕй
Уый
махӕн судзы знӕт тары цырагъ.
Йӕ
хъуыды- Арт, йӕ зӕрдӕтӕ -Гӕнах,
Кӕсы
сыгъдӕг Уд цӕстыты ӕрфыгӕй….
Ӕз афтӕ хъуыды кӕнын: ӕвзагыл куы ничи
дзура, фысгӕ йыл куы ничи кӕна, уӕд уыцы ӕвзаг у мард. Уый тыххӕй мӕн
фӕнды цӕмӕй ирон ӕвзагыл дзургӕ дӕр кӕнӕм ӕмӕ фысгӕ дӕр.
Ӕз сидын ме мгӕрттӕм: цӕмӕй
дзурой иронау ӕмӕ не взаг ма фесӕфа. Мах куы фесафӕм не взаг, уӕд уыдзыстӕм
удӕй мӕгуыр. Ӕмӕ афтӕ куыд ис цӕрӕн ӕнӕ хӕзнайӕ- ӕнӕ ӕвзагӕй?
Ӕз ныллӕг кувын Къостайы рухс номӕн,
Задалесчы Нанайӕн, Абайты Уасойӕн. Ӕз архайдзынӕн цӕмӕй нӕ фӕлтӕр адарддӕр
кӕной, нӕ фыдӕлтӕ нын цы ныуагътой уыцы хъӕздыгдзинад, ӕмӕ йӕ цӕсты гагуйау
хъахъхъӕндзыстӕм.
Афтӕ зӕгъынц : ирон ӕвзаг нал уыдзӕн, ирон
адӕймаг куы нал уа зӕххыл уӕд. Мӕ зӕрдӕ дарын: ирон адӕм, ирон ӕвзаг никуы
фесӕфдзысты а дунейӕ!
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.