Инфоурок Иностранные языки ТестыТест по теме "Мониторинг"

Тест по теме "Мониторинг"

Скачать материал

 

1. Лæвæрд хъуыдыйад цавæр вазыгджын хъуыдыйады хуыз у, уый сбæрæг кæнут

«Лæгтæ – иу цыдысты дзæбидырдзуан, устытæ та кодтой хæдзары куыстытæ»

1) бабæтгæвазыгджын хъуыдыйад

2) домгæвазыгджын хъуыдыйад

3) æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйад

2. Кæцы варианты ис сæвæрæн къæдзыг:

 1) Дыууæ зæронды бадынц иумæ куы Симоны дуармæ куы Тедойы дуармæ.

2) Пыхсджын тæрс бæлласы бын тæвд хуры тынтæй сæхи æраууон кодтой сæ дзугимæ дыууæ фиййауы: Баде æмæ Екка.

3) Баде йæ лæдзæджы 'нцой лæууыди къуыппыл æмæ касти Хъазыбеджы хохы цъуппмæ.

3. Ацы варианттæй кæцы дзырдтæ хауынц публицистон стильмæ

1) фæтæг, намысджын, цытджын

2) курдиат, уынаффæ рахæссын, бардзырд раттын

3) диаметр, номдар, къæдзыг

4. Цавæр ныхасы хæйттæм хауынц бæрæггонд дзырдтæ:

1) Дымгæ бонырдæм фæсабыр ис.

2) Адæймаг цал æвзаджы зоны, уал лæджы у.

3) Ахуыргæнæг зондамонæг у.

5. Кæцы хъуыдыйæдты ис пунктуацион рæдыд?

1) Нарты фæсивæд, æмгуыппæй хъазæн фæзы æрæмбырд сты.

2) Ирон драмон театры актёр, Уæрæсейы адæмон артист Тæбæхсæуты Бало уыд Отеллойы ролы хъазæг дунейы артисттæн сæ хуыздæртæй иу.

3) Сымах, нæ бæстæйы фæсивæд, тырнут ахуыры бæрзæндтæм.

6. Кæцы хъуыдыйады ис ныхасы рæдыд, уый сбæрæг кæнут

1) Нартæн сæ бæхрæгъау куы фæтардæуыд, сындзджын цагъд уæд скодтой

2) Уыдоны рæсугъд хæдзар лæууыд доны раз

3) Арв дæр нырттывта æмæ мæ цæстытæ атар сты

7. Æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады мидæг хуымæтæг хъуыдыйæдты æхсæн æвæрын хъæуы

1) къæдзыг

2) дыстъæлф

3) тире

8. Сбæрæг кæнут, цавæр цифрæты бæсты ис сæвæрæн къæдзыг: «Абайты Васо иртасы (1) канд ирон æвзаг нæ (2) фæлæ ма æндæр æвзæгтæ дæр (3) уæлдайдæр та (4) ирайнаг æвзæгтæ æмæ иумæйаг æвзагзонынады (5) литературæйы (6) фольклоры (7) этнографийы (8) историйы (9) алыхуызон фарстатæ»

1) 1, 2, 3, 4, 5, 6, 7, 8, 9

2) 2, 3, 5, 6, 7, 8

3) 1, 2, 3, 5, 6, 7, 8

9. Цавæр дзырд ис бавæрæн ацы хъуыдыйады цухгонд бынаты

«Рагон римаг ахуыргонд Цицерон дзырдта, зæгъгæ, æнæчиныг хæдзар, дам, ……….  адæймаджы хуызæн у»

1) хъæддаг

2) æнæзонд

3) æнæуд

4) мæгуыр

10. Лæвæрд хъуыдыйæдтæй сбæрæг кæнын номхуындон хъуыдыйæдтæ

1) Æхсæв

2) Хæхтæ

3) Хъусæм доны хъæр

4) Уынæм стъалыты хъазт

11. Бацамонут лæвæрд дзырдты æмæ дзырдбæстыты  нысаниуæгтæ

1) хатиаг æвзаг

2) цирхъ

3) наф

12. Ныхасы хæйттæй алкæмæндæр ис сæрмагонд мидис.

Стъæлфыты бæсты сæвæрут  хъæугæ дзуæппытæ

1) иутæ нысан кæнынц предметтæ (…….);

2) иннæтæ – миниуæг  (…….);

3) æртыккæгтæ – нымæц  (…….);

4) цыппæрæмтæ – архайд  (…….);

5) фæндзæмтæ – архайды æууæл (…….);

6) æхсæзæмтæ – миниуæг (…….);

7) æвдæмтæ – уæлæмхасæн архайд (…….);

8) æстæмтæ амонынц кæнæ предмет, кæнæ æууæл, кæнæ та нымæц (…….);

13. Ацы фæсæвæрдтæ баивут антонимтæй

1) хæдзары фæстæ

2) бæрæгбоны агъоммæ

3) стъолы уæлæ

14. Лæвæрд æмбисæндтæй кæцы у фыст орфографион рæдыдимæ

1) Адæм рæдигæ арæх фæкæнынц.

2) Дон сыхырнайæ нæ хастæуы.

3) Дæ сæр сæрмæ хæсс.

4) Фæллад лæгæй хъазын ма агур.

5) Хорзæй хорз фæзæгъынц

15. Бацамонут æрмæст иууон нымæц кæмæн ис, уыцы номдарты рæнхъытæ

1) уарзт, фарн, æхсар, цыт

2) фæсивæд, зæнæг, цот

3) бон, кæрдæг, хох, кусæг

16. Афтид бынæтты бафыссут мивдисджытæ

1) Дон фæцæуы, дур _______________

2) Мæгуырыл дур хæрдмæ ______________

3) Уæздан ныхасмæ калм дæр ____________

17. Бæрæггонд дзырдтæ баивут фразеологон синонимтæй, къæлæтты ист дзырдтæ та грамматикон синонимтæй

1) Сывæллонмæ фæкæс

2) Уазæг цæуынмæ нæма хъавы

3) (Батырадзыл) уыдис згъæр хæдон

4) (Адæймаджы) амонд йæхицæй аразгæ у

18. Куыд хуыйны хъуыдыйады фæрсаг уæнг, кæцы нысан кæны предмет æмæ дзуапп дæтты хауæнты фæрстытæн Цы? Кæй? Кæмæн? Кæмæй?

19. Цы хонæм бавæргæ дзырдтæ?

20. Æххуысгæнæг ныхасы хæйттæ сты…

21. Цы нысан кæнынц бæрæггонд дзырдтæ

1) къона

2) дари

3) фæсал

4) этнографи

5) номылус

22. Миногонæн цал бæрцбарæны ис æмæ цавæртæ сты?

23. Бæрæггонд дзырдтæ цавæр ныхасы хæйттæ сты?

«Ды нæ зоныс, дæу цы домы?»

24. Лæвæрд хъуыдыйады бахахх кæнут хайыгты бын

«Лæджы, дам, бас куы басудзы, уæд фу кæны йæ доныл дæр»

25. Æмдзæвгæйы сæвæрут хъæугæ æрхæцæн нысæнттæ

Бæрзонд урс хæхтæ

Æнкъард къæдзæхтæ

Æгомыг бæлас

Фыййауы уарзынц

Æмæ йын зарынц

Сæ сусæг ныхас

26.  Текст.

1.    Мæ разы фæци иу дидинæг. 2. Ахæм дидинæг никуыма федтон æз уый агъоммæ… . 3. Диссаг, стыр мæм фæкаст уыцы дидинæг. 4. Сывæллон ахæмтæм æнæфевналгæ нæ вæййы, фæлæ йæм æз хæстæг бацæуын дæр нæ бауæндыдтæн. 5. Бадтæн æнцад æмæ йæм æдзынæгæй кастæн.  Сæууон æртæхтæ йæ сыфты хъусты рафæлив-бафæлив кодтой сæхи. 7. Уддзæф-иу куы андзæвыд дидинæгыл, уæд-иу сабыргай, иуырдæм акъул кодта йæ диссаджы сæр. 8. Стæй та-иу дидинæг фæстæмæ систа йæ сæр, батыбар-тыбур-иу кодтой сæууон æртæхтæ дæр æмæ та-иу дидинæджы хъусы сæхи амбæхстой. 9. Уддзæф-иу мæ былтыл асæфта йæхи, æхсызгон, хæрз æхсызгон тæф-иу сæмбæлд мæ фындзыл. 10. Уый уыди æцæг, æнæ исты хæццæ, сыгъдæг тæф. 11. Абоны онг дæр мæ нæ рох кæны. 12. Хур хæрдгæ хæлттæ уагъта йæ бæрзондæй, дидинæгмæ нывæста йæ хъазгæ-райгæ тынтæ. 13. Дидинæг сæ ахста æмæ дзы йæхицæн хуыдта алыхуызон æрттиваг хæдон. 14. Йæ сæр-иу сраст кодта, фæстæмæ-иу фесхъæл ис, дыууæрдæм –иу аратас-батас кодта йæ тасгæ-уасгæ гуыр…

а).  Сбæрæг кæнут лæвæрд тексты стиль

б). Тексты сæйраг хъуыды сбæрæг кæнут

в). 13-æм хъуыдыйад равзарут хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ

27. Цœмœй хицœн кœны зонадон литературœ аив уацмысœй?

28. Кæй ныстуан у? Цавæр уацмыс ын зонут? Цы у йæ мидис?

«Мыггаг œмœ цœуæтæй ироны, къаннæг сывæллоны, æркодта мæн Гуырдзыстоны мæликк Ерекъле Дыккаг æмæ мæ радта мæн чиныг ахуыргæнæнмæ иттæг зæрдæйæ.Ацы фæндæй, æмæ кæд сымах, ме 'мирон мыггагæн, йæ афоныл истæмæй бæззин, ахъазхъом фæуин…»

- «Ныр кувын æмæ лæгъстæ кæнын æппæты хæрзаразæг Хуыцауæн, цæмæй сымах уæхуыдтæг æмæ уæ зæнæг куыд фæстæмæ срухсдæр уат зæрдæйæ æмæ бафæразат базонын бæлвырддæры»

29.Цæмæн калы йæ цæссыг æмдзæвгæйы рæнхъыты автор?

Урс базыл сау цæссыг

Тынгæй-тынгдæр куы цыдис.

Куы нал хъæцыдтæн сагъæсыл,  

Уæд мæм кæцæйдæр æрдзырдис.

30. - Цавæр уацмыстæй ист сты ацы рæнхъытæ? Чи сæ зæгъы? Цавæр у уацмысты жанр? Ранымайут  уацмысты сæйраг персонажты нæмттæ.

а) «Мах, бузныг Хуыцауæй, мæгуыр нæ цæрæм- ме 'фсымæры руаджы. Хорз кусæг у æмæ нæ дары, фæлæ цæмæн афтæ рауад? Уымæн æмæ уый мæнау барæг суæвыныл нæ хъардта йæхи, джигитдзинадмæ нæ радта йæ зæрдæ. Хуыцау хорз у, æмæ афтæ рауад,æндæра цæмæй цæриккам ныр, уый дæр ма барæджы  митыл куы ныллæууыдаид, уæд?»

б) «Мæгуырæг, ирон сылгоймаг! Цымæ кæд фервæздзынæ дæ цагъайраг уавæрæй?»

в) «Байхъусут, зæрæдтæ! Байхъусут, лæппутæ!

Байхъусут зарæгмæ, фыдæлты кадæгмæ,

Дзæбæхдæр бахъырнут уæ бæзджын хъæлæстæй»

 

31. Цавæр æнусон темæйыл фыст у Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Хæрзбон»? Цæй фæдыл æрцыд фыст?

32.Цы у акростих? Цавæр уацмысы йыл амбæлдыстут?

33.Ранымайут  Коцойты Арсены радзырд «Æнхъæл нæ уыдысты»-йы персонажты нæмттæ.Цавæр рæстæг æвдыст æрцыд уацмысы?

34. «Æндонæхсар, хъыг у дæуæн,

Бæззондзинад кæй агурын? Хъыг у дæуæн,

Кæй сидын æз фыдызнагæн тых кæнынмæ?

Хъыг у дæуæн, лæгдзинад нæм кæй нал зыны?..

- Чи уайдзæф кæны æмæ кæмæн?

- Цавæр æмбисонд равзæрста автор эпиграфæн ацы уацмысмæ?

- Куыд æмбарут уацмысы эпиграфы хъуыды?

35. Цæргæс, Кæвдæсой, Уæхтæнг, Арæби, Тъепа…

 -Персонажтæм гæсгæ базонут  уацмысæн йæ сæргонд æмæ авторы.

Цавæр рæстæг æвдыст æрцыд уацмысы? Раттут  цыбыр характеристикæ сæйраг персонажæн.

36. Мæ каблучы æфсæйнаг пъолы фæйнæг бырауау сзылдта .  Мухтар мæм æркаст . Федта мæ модæ туфлитæ. Мæ зæнгтыл йæ цæстытæ схаста, уæлдæр ссыд гуырмæ, риумæ, цæсгоммæ æмæ сæрæй ахызт. Халамæрзæнау та мыл рауагъта йæ цæстæнгас.

Мæ удхæссæг у, лæгтæ мæм афтæ куы фæкæсынц, уый. Фæлæ ныртæккæ нæ мæсты кæнын. Уадз æмæ мæ фенæд: æз йæ ныхмæлæууæг дæн.

- Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрын кодта скъуыддзаг?

-Дæхицæн дзы цы райстай  ацы романæй?

37. 1830 аз.  Сæрд. Уæрæсейы император, Уæрæсейы хуыздæр хъæбулты- декабристты æрцауындзæг Николай 1 Кавказы æфсæдты хистæр фельдмаршал Паскевичæн бардзырд радта, Кавказы адæмтæй хæдхæцæгад æлдарады ныхмæ чи уыд, уыдон радыгай хицæнтæ-хицæнтæй фæцæф кæнын æмæ ныцъцъист кæнын, сæ сæр куыд никуыуал сдарой, æнустæм цагъары къæлæт бар-æнæбары куыд хæссой.

Дыууæ инæларæн бахæс кодтой Иры кæмттæм ныббырсын, йæ сæр чи нæ æркъул кæна паддзахы æлдарады раз, уыдон ныццæгъдын.

-Цавæр историон рæстæгыл цæуы ныхас? Чи уыдысты дыууæ инæлары?

-Цавæр уацмысты æвдыст æрцыдысты ацы рæстæджы цаутæ?

38. Æз нæ зонын, цы фæхоны «амонд»,

Искуы исчи куы фæкæны арфæ.

Фæлæ зонын, кæйдæр фарнæй абон

Уый цæттæйæ кæй не  'рхаудзæн арвæй.

-Куыд хуыйны æмдзæвгæ? Чи у йæ автор? Уæхи ныхæстæй ныффыссут дарддæр, поэт амондыл цы нымайы, уый.

 

39.  Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ   ___________

 ______________  фæкæса,  мыййаг,-

Кæй ____________ нæ агуры ______________,

Уый ____________ йæхи фæндиаг.

-                 Баххæст кæнут  æмдзæвгæйы рæнхъытæ. Куыд хуыйны æмдзæвгæ? Чи у йæ автор?

 

40. Æрцыдтæн… Мæхицæй фыддæр,

Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,

Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм.

- Цавæр æмдзæвгæйæ ист сты ацы рæнхъытæ?Кæд æмæ кæцæй æрыздæхт поэт? Цæуыл фæрыст йæ зæрдæ?

 

41. «Дзурын нæ зонын, мæ хуртæ, сымахау, ма мыл бахудут, куыд къуындæг мæ зонынад, афтæ ме взаг дæр, куыд цыбыр мæ хъуыды, афтæ мæ ныхас дæр. Цы зонын æмæ куыд зонын, уымæй уын ракæндзынæн мæ фыдæлты кой, цæмæй цардысты, цæмæй радысты, гъе, цæмæй рыстысты, цæмæй тыхстысты, уый…»

 

- Кæцæй ист у ацы скъуыддзаг? Кæимæ ныхас кæны уацмысы сæйраг архайæг? Цы радзырдта, уымæй уæ зæрдыл тынгдæр цы бадардтат?

42. Ныффыссут,  цы у поэмæ?

43.«Ныййарæг мад, ма дын уа ныммæлæн. Мæ бон куы уаид, скæнин дæ Хуыцау! Уæларвтæй хурты хур æрхæссин æмæ йæ дæ кадæн зæххы бæрзонддæр цъуппыл сæвæрин цыртæн! Куыд цæуой уырдæм дзыллæтæ чыртæй, куыд хæрой ард дæ намысæй, дæ номæй…»

- Кæцæй ист у ацы скъуыддзаг? Кæй ном дзы ссардта автор? Цавæр у уацмысы жанр?

 

44. Саразут  иу хæстон поэты æмдзæвгæты æмбырдгонд. Ныффыссут æм цыбыр разныхас.

45. «Æз амардтæн хæсты нæмыджы цæфæй. Мæлын мæ нæма фæндыдис. Знаджы фидар истам мах… Мæлын тыхстæй, зæлдæхæлдæй…»

 - Цавæр уацмысæй ист сты ацы рæнхъытæ?  Чи сæ дзуры æмæ кæмæн? Цавæр рæстæг æвдыст æрцыд уацмысы?

46. Тигъыл, хъæдгæрон-нæ уæлмæрд,

Уым, мæ мæгуыр фыд, дæ фарсмæ

Ис мæ зæххы хай, мæ ингæн.

Далæ ме схæссæг ныййарæг

Рацыд цадæггай хæрзиунæг,

Батад, баруади, ныннарæг.

- Кæй монолог у?

- Цæмæй баруад йæ ныййарæг?

- Куыд æмбарут уацмысы сæргонд?

47. Æхсæрдзæны нæрын, дымгæйы къуыззитт, дидинджыты сусæг ныхас, хæхты азæлд, ныхасы даргъ таурæгъ…

…Стæй хуры тынтæ хохы цъуппыл ахуыссыдысты. Бæзджын сау мигътæ сæхи ныллæг æруагътой дидинджытыл, хъæуы ныхасыл, дондыппырæй ныббадтысты кæмтты нарджыты. Дымгæ сыстад. Арв баталынг.

- Кæцæй ист у ацы скъуыддзаг?Кæй цæстытыл ауадысты ацы нывтæ?

48. Ныффысс радзырд «Бæхдавæг» - ы авторы ном æмæ сæйраг архайджыты.

 

49      Ныффысс, цы хонæм строфа, балладæ, олицетворени.

 

50.    Уацмысы фыццаг рæнхъытæм гæсгæ йын ныффысс йæ сæргонд æмæ авторы ном æмæ мыггаг. Цæй мидæг уыд йæ царды нысан уацмысы хъайтарæн?

Мæ  тæссæй дымгæ дæр нындзыг,

Æруагътой паддзæхтæ сæ сæртæ.

Кæм калы ме 'хсаргард цæхæртæ,

Тæдзы  уым дуртæй дæр цæссыг

 

51.    Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ? Чи сæ зæгъы æмæ кæмæн?

Мæсыджы размæ куы ныххæццæ уæм, уæд-иу къуылыхы æфсон скæн æмæ –иу размæ мауал æккуырс  æппындæр. Æз дæ ехсæй, мæ бон цас уа, уыйас нæмдзынæн, фæлæ-иу ды къахдзæф дæр ма кæн размæ, цыма стайгæ бакодтай, уыйау.

 

52.    Цæй мидæг уыд нæртон уæздандзинад?

 

53.    «Цæстæн цас фылдæр уа, уыйас æй фылдæр хъæуы»

 – Куыд æмбарут ацы рæнхъытæ?

Цавæр уацмысы сыл амбæлдыстут? Цæуыл нæ ахуыр кæны таурæгъ?

 

54.    Цавæр историон цауы бындурыл фыст у «Задæлески Нана»

 

55. Ныффысс цыбыр нывæцæн «Фæрнджын лæг æнамонд никæд вæййы» Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»-мæ гæсгæ.

 

 


 

Дзуаппытæ

 

1. – 1

2. – 1

3. – 1

4. – 1) фæрсдзырд; 2) номивæг; 3) миногми

5. – 1, 2

6. – 2, 3

7. – 1, 2, 3

8. – 2

9. – 3

10. – 1, 2

11. – 1) уæларвон цæрджыты æвзаг, хонынц ма йæ китайæгты æвзаг

2) æхсаргардæй егъаудæр кард

3) бинонты, хæдзарвæндаджы, мыггаджы иудзинады, намысы, фарны бардуаг

12. – 1) номдар,

2) миногон,

3) нымæцон

4) мивдисаг

5) фæрсдзырд

6)миногми

7) фæрсагми

8) номивæг

13. – 1)хæдзары разæй

2) бæрæгбоны фæстæ

3) стъолы был

14. – 1, 2

15. – 1, 2

16. – 1) лæууы

2) тулы

3) хъусы

17. – 1) Сывæллонмæ дæ хъус фæдар

2) Уазæгæн цæуын йæ хъуыдыйы дæр нæй

3) Батырадз йæ уæлæ баппæрста згъæр хæдон

4) Адæймагæн йæ амонд йæхи къухты ис.

18. – æххæстгæнæн

19. – Бавæргæ дзырдтæ хонæм ахæм дзхырдтæ, хъуыдыйады уæнгтæ чи нæ вæййы, афтæмæй дзурæджы ахаст цы фæзæгъы, уымæ чи февдисы.

20. –фæсæвæрд, разæвæрд, бæттæг æмæ хайыг

21. – 1) (артдзæст)

2) (зæлдаг)

3) (хус кæрдæг)

4) (адæмы культурæ, адæмы царды уаг чи æвдисы, уыцы ахуырад)

5) (хъæздыг лæджы дыккаг ус)

22. – (бындурон бæрц, барæн бæрц, уæлахизон бæрц)

23. – номивджытæ

24. – дам, дæр

25. –

26. –аив литературон стиль

27. –æрдзы рæсугъддзинад уарзын æмæ хъахъхъæнын

28. – Дидинæг сæ ахста æмæ дзы йæхицæн хуыдта алыхуызон æрттиваг хæдон.

 

1. Зонадон литературæ кæддæриддæр амад вæййы, царды æцæг цы хабæрттæ æмæ фæзындтæ уыд кæнæ ис, уыдон бындурыл. Зонадон уацмыс махæн хъуамæ дзура æцæг факттыл. Аивадон уацмысæн та, кæд царды цы уыд æмæ цы ис,ууыл æнæмæнг баст вæййы, уæддæр йæ сæрмагонд миниуджыты бындур у фыссæджы сфæлдыстадон фантази.  Зонадон уацмыс дзуры объективон факттæн æрмæст сæ мидисыл. Аивадон уацмысы та сæйрагдæр сты адæймаджы фæлгонц, йæ архайд, йæ хъуыдытæ æмæ зæрдæйы æнкъарæнтæ. Ам хабæрттæ æвдыст цæуынц царды нывты, характерты- нывæфтыд литературæ дæр æй уымæн хонæм.

2. Æгъуызаты  Иуане. «Алгъуызы кадæг». Адæймаг Хуыцауы фæдзæхстыты сæрты куы ахизы, уæд баййафы карз æфхæрд.

3.Мамсыраты Т. «Сагъæстæ».

4. -Хъаныхъуаты  И.  этнографион очерк. «Ирон хъæуы»; Хæтæхцыхъо; фæрынчын æмæ уымæн сси даринаг; Мосе, Хæтæхцыхъо,Бибо, Данел.

-Хъаныхъуаты  И.  этнографион очерк. «Ирон хъæуы»; Сымайли Дойоны куы фæнадта, уæд сæ зæгъы автор.

- Къубалты А. «Æфхæрдты Хæсанæ»; адæмон-хъайтарон зарæг

5. Фыст у уарзондзинадыл, ныффыста йæ Цæл. А. йын йæ уарзтæн дзуапп кæй нæ радта æмæ æндæрмæ кæй смой кодта, уый фæдыл.

7. Леуан, Мито,Сандро, Лексо, хъæуыхицау

8. Барахъты Г. «Азджериты Куыцыкк» Куыцыккæн Азнауырты Бæстырæсугъд

9. Гæдиаты Ц. «Ос- Бæгъатыр», 13-æм æнусы кæрон, 14-æм æнусы райдиан

10. Гафез. «Уæ бонтæ хорз, адæм»

11.1830-æм азы Ирыстоны дыууæ хаймæ дæр æфхæрæн экспедицитæ æрвыст куы 'рцыд, уыцы рæстæг. Ренненкампф æмæ Абхазов. Брытъиаты Е. «Хазби», Джусойты Н. «Фыдæлты туг»

12.Дзаболаты Х. «Амонд»

 

Литературæ

1.Х.Къ. «Ракæс», 1885 азы Бетъырбухæй сыздæхты фæстæ

2.Беджызаты Ч. , студенттимæ

3. Поэмæ- стихтæй фыст мидисджын таурæгъ, уацау кæнæ радзырд.

4. Гаглойты В. «Ныййарæджы кадæг» Гæздæнты авд æфсымæры мады ном.

5. Ауызби, Бексолтан, Мурат, Дзæрæхмæт, Азанбег, Мæдинæт æмæ иннæтæ

6.    Барахъты Г. «Арæбиаты Гуыргъохъ» Гуыргъохъ сæ дзуры медицинон хойæн

7. Дзугаты Г. «Бындзыг»

9.    Цæгæраты М. «Мады зарæг»; Афайы


 

Бæрæггæнæнты критеритæ

 

 

1-æм фарстæй 25-æм фарстмæ – 1б

26-æм фарст – 3б

27-æм фарстæй 54-æм фарстмæ – 1б

55 фарст – 5б

 

Æдæппæт: 60б

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Тест по теме "Мониторинг""

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 2 месяца

Специалист архива

Получите профессию

Секретарь-администратор

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 662 093 материала в базе

Скачать материал

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 08.10.2015 845
    • DOCX 82.5 кбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Хабаева Марина Муратовна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Хабаева Марина Муратовна
    Хабаева Марина Муратовна
    • На сайте: 8 лет и 6 месяцев
    • Подписчики: 0
    • Всего просмотров: 4254
    • Всего материалов: 5

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Технолог-калькулятор общественного питания

Технолог-калькулятор общественного питания

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс профессиональной переподготовки

Педагогическая деятельность по проектированию и реализации образовательного процесса в общеобразовательных организациях (немецкий язык)

Учитель немецкого языка

300 ч. — 1200 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе

Курс профессиональной переподготовки

Теория и методика преподавания иностранных языков: английский, немецкий, французский

Учитель иностранного языка

500/1000 ч.

от 8900 руб. от 4150 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 102 человека из 41 региона
  • Этот курс уже прошли 222 человека

Курс повышения квалификации

Теория и методика билингвального обучения иностранным языкам

72/144/180 ч.

от 2200 руб. от 1100 руб.
Подать заявку О курсе
  • Этот курс уже прошли 51 человек

Мини-курс

Введение в инвестиции и инвестиционный процесс

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 25 человек из 12 регионов

Мини-курс

Преодоление фобий: шаг за шагом к свободе от социальных источников страха

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 32 человека из 20 регионов
  • Этот курс уже прошли 16 человек

Мини-курс

Методы сохранения баланса в жизни

2 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 39 человек из 23 регионов
  • Этот курс уже прошли 29 человек