Урочы темæ: Адæймаджы
хорз йæ цард
æмæ йе 'гъдауыл баст у.
(Барахъты Гинойы радзырд «Бæстырæсугъд»-мæ
гæсгæ).
Урочы нысан: 1 . Уацмысæн
анализ скæнын.
2. Адæймаджы хорз миниуджытæн аргъ кæныныл
скъоладзауты ахуыр кæнын.
3. Ирон фæндыры цагъды æнкъарæнтыл æрдзурын.
Урочы
эпиграф. Уарзондзинад хъæздыгдзинад æмæ мæгуырдзинадмæ нæ кæсы. (Æмбисонд).
Урочы цыд.
I. Ахуыргæнæды раныхас адæймаджы уды рæсугъддзинад æмæ
хæрзхъæддзинады тыххæй.
- Сымахмæ гæсгæ,
адæймаг рæсугъд цæмæй вæййы? Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ, адæймаджы рæсугъд схонæн ис
æрмæст йе ’ддаг бакастæй нæ, фæлæ йæ уды скондæй, йæ миддунейæ. Ирыстоны адæм
та сæ райгуырдæй рахæссынц уыцы миддунейы рæсугъддзинад.
Скъоладзауты дзуаппыттæ.
Ахуыргæнæг:
- Барахъты Гинойы радзырд
«Бæстырæсугъд»-ы дæр уынæм йæ миддунейæ рæсугъд чи у, ахæм адæймаг. Абон нæ урочы темæ у «Адæймаджы хорз йæ
цард æмæ йе 'гъдауыл баст у».
Нæ урочы
эпиграф – Уарзондзинад хъæздыгдзинад æмæ
мæгуырдзинадмæ нæ кæсы.
- Сымахмæ гæсгæ цæмæн схуыдта
фыссæг йæ радзырд «Бæстырæсугъд»?
Скъоладзауты
дзуаппыттæ.
II. Интерактивон фæйнæгыл куыст.
- Сывæллæттæ, сымахæн
хæдзармæ куыст лæвæрд уыд радзырды архайджыты нывтæ скæнын. Ракæсут- ма
Бæстырæсугъды нывтæм.
Кæцы ныв дзы тынгдæр
цæуы уæ зæрдæмæ æмæ цæмæн?
(Фæйнæгыл æвдыст цæуынц
сывæллæтты конд нывтæ).
Ахуыргæнæг.
– Цæмæ гæсгæ
равзæрстат ацы сылгоймаджы ныв?
- Куыд хъуыды кæны
нывгæнæг йæхæдæг та, байхъусæм ма йæм.
Интерактивон фæйнæгыл
фæзындысты Бæстырæсугъды ныхæстæ:
Æз нæ хъуыды
кæнын уæздан, кæвдæсард, фæрссаг.
Æз зонын
адæймагæн йæ уды хъару, æмæ мæ фæнды цардæмбалæн æрмæст ахæм æххæст лæппу
бацагурын.
|
Ахуыргæнæг:
- Никæмæн комы Бæстырæсугъд, йæхицæн аккаг нæ
ары.
Фæлæ мæнæ иу
уалдзыгон бон æрхызт йæ хъал бæхæй кæрты дуармæ Канаты Афæхъо.
(Интерактивон фæйнæгыл
ныр та æвдыст цæуынц усгуртæ).
-Æрбакæсут ма ацы
нывтæм , кæцыйæн дзы ис,сымахмæ гæсгæ, Афæхъойы миниуджытæ. (Скъоладзаутæ
æвзарынц се 'хсæн Афæхъойы).
Ахуыргæнæг:
-Цæмæ гæсгæ равзæрстат ацы ныв? Цы дзы зæгъы
автор?
Фæйнæгыл нывы
фарсмæ фыст: фыдконд, фыдцъылыс
|
III. Дзырдуатон куыст:
Фыдцъылыс – фыдуынд -
невзрачный, некрасивый, непривлекательный.
Хуыскъастæу-магуса –
ленивый.
Ахуыргæнæг:
- Уæдæ ма зæгъут, кæд ахæм фыдконд уыд усгур,
уæд æй куыд суазæг кодтой фысымтæ?
-Цавæр æнцойгæнæн
дзырдты руаджы ис раргом кæнæн Канаты Афæхъойы фæлгонц?
Æнцойгæнæн дзырдтæ:
уæздан,
æгъдауджын,
хъаруджын,
кусаг,
æрдзуарзаг,
фæндырдзæгъдæг,
зараг.
|
Скъоладзаутæ иугай
æвзарынц Канаты Афæхъойы миниуджытæ, текстыл æнцойгæнгæйæ.
-Йæ миниуджытæм гæсгæ,
цавæр адæймаг схонæн ис Афæхъойы?
Æгъдауыл дзургæйæ скъоладзаутæ радзырдтой,
ирон адæм уазæгæн цы кад кодтой æмæ кæнынц , уый тыххæй .
Ахуыргæнæг:
-Чи уыд дыккаг усгур та?
–Цы зæгъы автор ацы
усгурæй?
(ИНФ-ыл æвдыст цæуы
кæсгон æлдары фырт)
Йæ уынд æмæ йæ
конд, куыд æмбæлы, афтæ, - æлдары фырт…
|
Беседæ:
Ахуыргæнæг:
-Фысымтæ сæхи куыд дарынц? Цæмæн?
-Цæмæй батыхстысты фысымтæ?
-Уыцы рæстæг цы баци Уæлладжырон усгур?
-Цы ’рбалæууыд йæ зæрдыл?
- Цы схуыдта автор Афæхъойæн йæ «уд фæлæууæн хос»?
(Скъоладзаутæ дæттынц
бæстон дзуаппытæ, текстыл æнцойгæнгæйæ)
Ахуыргæнæг:
- Гино
йæхæдæг ирон фæндыры цагъд тынг бирæ уарзта, музыкæ æппынæдзух уыдис йæ
зæрдæйы. Æмæ уымæ гæсгæ ныффыста аст романсы, йæ уарзондзинад адæмон
сфæлдыстадмæ, музыкæмæ зыны йæ уацмысты дæр.
Нæ фыдæлтæ тынг дæсны уыдысты зарынмæ æмæ хъисын фæндырыл цæгъдынмæ,
уымæн æвдисæн сты нæ зындгонд кæдæггæнджытæ.
- Байхъусæм æмæ бакæсæм сывæллæтты презентацитæм.
Скъоладзаутæ дзурынц Хетæгкаты Гуыбайы, Зыгъуыттаты Бибойы, Сланты
Гахайы тыххæй.
(ИА-фæйнæгыл æвдыст цæуынц сæ презентацитæ)
Ахуыргæнæг:
- Кадæггæнджытæ сæ
зæрдæйы æнкъарæнтæ æвдыстой сæ цагъд æмæ зарды руаджы.
- Æмæ уæд Афæхъойы
цагъд та цавæр æнкъарæнтæ сæвзæрын кодта Бæстырæсугъды зæрдæйы?
(Скъоладзауты
дзуаппытæ).
Ахуыргæнæг:
- Зæгъут уæ хъуыдытæ: раст бакодта
Бæстырæсугъд, Афæхъойы кæй равзæрста, уымæй? Цæмæн?
- Нæ зæрдыл æрлæууын
кæнæм нæ урочы эпигрæф. Куыд уæм кæсы, раст у æви нæ? Цæмæн?
- Уæ цæстытыл ауайын
кæнут Бæстырæсугъды нæ абоны царды. Цымæ цавæр миниуджытæм гæсгæ равзарид
йæхицæн цардæмбал?
(Скъоладзауты
хатдзæгтæ.)
IV. Хæдзармæ куыст:
- Ныффыссын чысыл
нывæцæн « Цавæр æнкъарæнтæ равдисæн ис ирон фæндыры цагъдæй?»
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.