- Учебник: «Литература (в 2-х частях)», Бунеев Р.Н., Бунеева Е.В.
- Тема: Раздел 4. Я и мир: вечное и преходящее
- 21.12.2018
- 542
- 7
Рабочие листы
к вашим урокам
Скачать
Гом урок литературœйœ
7 "А" къласы
Темœ : Хетœгкаты Къоста "Ныфс"
Ахуыргœнœг:Козаты А.Б.
Дзœуджыхъœу 2018
Урочы нысантœ:
1. Къостайы цардвœндаджы тыххœй , йœ уды сœйраг миниуджытыл, йœ курдиаты хицœндзинœдтыл œрдзурын.
2.Радзурын, Къоста мœгуыр адœмы цард куыд равдыста йе 'мдзœвгœты, уый.
3. Ахуыргœнинœгты базонгœ кœнын œмдзœвгœты мидисимœ, сœ аивадон фœрœзтимœ, сœ эстетикон аивдзинадимœ.
Цœстуынгœ œрмœг. Компьютер,презентаци
Урочы цыд:
I.Хœдзармœ куыст сбœрœг кœнын:
1.Цавœр дуг œвдыст цœуы кадœг "Кодзырты Таймураз"-ы7
2.Кœсгон œлдœрттœ Таймуразы хœдзры цы митœ кодтой?
Куыд равдыста Таймураз йœхи бахъуаджы сахат?
4.Кœй руаджы амардтой кœсгон œлдœрттœ Таймуразы7
5.Цавœр œмбисонд œмбœлы œрхœссын кадœджы мидисмœ гœсгœ?
(Мœсыг хи дурœй хœлы)
Куыд œмбарут œмбисонды мидис?
II.Ног œрмœг.
Къоста. Æмдзœвгœ "Ныфс".
1.Раззаг кълœсты цавœр уацмыстœ сахуыр кодтат Къостайы сфœлдыстадœй?
Фœйнœгыл фыст Къостайы "Ныстуан"-œй иу строфа.
Æз дзыллœйœ къаддœр куы дарин,
Куы бафидин искуы мœ хœс,
Уœд афтœ œнкъардœй нœ зарин,
Нœ хъуысид мкœуын хъœлœс.
2.Ахуыргœнœджы раныхас Къостайы цард œмœ сфœлдыстады тыххœй.
3.Дзырдуатон куыст.
Тызмœг- суровый
Рœдийын – ошибаться, заблуждатьс
Мœ адыл-мœ уагыл –нрав, характер
Гутон- плуг
Хœдтулгœ – самокат
4.Æмдзœвгœ "Ныфс" бакœсын кœнын иу ахуыргœнинагœн.
Ацы œмдзœвгœ у автобиографион .
Уым œвдыст цœуы œрмœст поэты монолог.Фыд œмœ фырты ахастдзинœдтœ кœрœдзимœ,цардвœндаг œмœ сœм царды нысанмœ цы цœстœнгас ис, уый.
Фырт йœ фыдимœ ныхас кœны œмœ йын œмбарын кœны, йœ ныстуан ын цœуылнœ сœххœст кодта, уый. Леуаны фœндыдис,цœмœй Къоста œфсœддон суыдаид,фœлœ лœппуйы зœрдœ нœ ради, йœ къух нœ тасыд œфсœддон службœмœ.
Æз топпœй нœ хъазын,
Æз барœг нœ дœн;
Æхсаргард ысласын
Мœ бон нœу мœнœн…
Поэтœн œнœуынон уыдысты ,мœгуыр адœмы туг чи цъырдта, цагъайраджы бынаты сœ чи œвœрдта, фœллойгœнджыты уœззау хидкалœн куыстœй бухъ цард чи кодта, уыцы хъалтœ œмœ уœздœттœ
Фœхудœнт мыл хъалтœ;
Ды се мбал нœ дœ!
Поэт йœхицœн равзœрста œндœр фœндаг- Фыдыбœстœ хъœбулау уарзын,адœмы цагъайраджы бынаты чи œвœры,уыдоны ныхмœ тох кœнын, œхсаргарды рœхуыстау дудаг чи у,уыцы стыр œмœ рœстаг поэзийœ.уыдон сты поэты œппœты стырдœр хœзна –йœ гутон дœр,йœ галтœ дœр,йœ фœззыгон най дœр.Ахœм дзуапп дœтты Къоста йœ уарзон фыдœн,царды йœхицœн цы фœндаг снысан кодта, уый тыххœй.
Ам Къоста ирддœр œмœ œргомдœрœй равдыста йœ зœрдœйы ахаст, йœ царды нысан.
Мœ гутон,мœ галтœ-
Мœ фœндыр,мœ зонд;
Мœ кадœг,мœ зарœг-
Мœ цард хоры конд.
5. Бакœсын кœнын ногœй œмдзœвгœ ахуыргœнинœгтœн сœхинымœр.
IѴ.Æрмœг ныффидар кœнын рацыд œрмœгœй.
1.Цœй фœдыл ныффыста поэт йе мдзœвгœ "Ныфс"?
2. Кœцы рœнхъыты бавœрдта поэт œмдзœвгœйы сœйраг хъуыды?
3. Куыд œмбарут, œмдзœвгœйы цы рœнхъытœ œрхастат, уыдоны фœсномыг хъуыды?
4.Цœмœн схуыдта Къоста йе мдзœвгœ "Ныфс"?
Цœмœй œвœры ныфс поэт йœ уарзон фыдœн?
5.Ссарут œмдзœвгœйы ,адœмон œмбисœндтœ чи сси, уыцы ныхœстœ.
("Лœппуйœ рœдиаг нвœййы œвзœр","Дœ зœрдœмœ мА хœсс, мœ зœрдœйы конд","
Йœ фыды фœндиаг кœм вœййы фырт дœр")
6. Ирон œгъдœуттыл œрдзурын,хистœртœ œмœ кœстœрты хсœн хъуамœ цы ахастдзинœдтœ уа, уыдоныл.
7. 2-3 ахуыргœнинаджы кœсынц œмдзœвгœ.
Хœдзармœ куыст:
1.Къостайы биографии сахуыр кœнын,
2.Æмдзœвгœ "Ныфс" зœрдывœрдœй дзурын .
3.Тетрœдтœм рафыссын œмдзœвгœйœ,адœмон œмбисœндтœ чи ссис,уыцы ныхœстœ.
.
6 661 527 материалов в базе
«Литература (в 2-х частях)», Бунеев Р.Н., Бунеева Е.В.
Больше материалов по этому УМКНастоящий материал опубликован пользователем Kozaeva Albina Batrovna. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт
Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.
Удалить материалВаша скидка на курсы
40%Курс профессиональной переподготовки
600 ч.
Курс повышения квалификации
108 ч.
Курс повышения квалификации
72 ч.
Мини-курс
10 ч.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.