Инфоурок Другое КонспектыУрок по осетинскому языку на тему « Мад хъæбулæн йе стъалы, йæ хур у». Хетæгкаты Къостайы хъысмæт.

Урок по осетинскому языку на тему « Мад хъæбулæн йе стъалы, йæ хур у». Хетæгкаты Къостайы хъысмæт.

Скачать материал

Урочы темæ: « Мад хъæбулæн йе стъалы, йæ хур у».  Хетæгкаты Къостайы  хъысмæт.

 

Урочы нысан: 1. Рафæлхатын рацыд æрмæг.

                            2. Æмдзæвгæты бындурыл ныхасы рæзтыл.

                            3.  Ныййарæг мадæн аргъ кæнын, уарзон цæстæй йæм кæсын.

 

Урочы метод:   Эксперимент.

Урочы тип:  Бафарст, беседæ.

Урочы æрмæг: Нывæцæнтæ, презентаци, дзырдуæттæ, чингуытæ, музыкалон композици,портрет,                                                                                                                                                                                                                                    

эпиграф,иллюстрацитæ, Къостайы  мады сурæт.

 

Урочы эпиграф: « О, мад! Сызгъæрин мад; Дæ хæрзтæй

                                 Ды кæныс кæстæрты æнгом.

                                 Тæхуды зарæджы ныхæстæй,

                                 Æнусон чи скæндзæн дæ ном».

                                                                                         Денджызты Уырызмæг.

 

 

                                                          Урочы  цыд.

 

  Организацион хай. Уæ райсом  хорз, сабитæ. Æрцæттæ кæнут уæхи урокмæ.

 

  Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

 

а. Цы уын уыд хæдзармæ лæвæрд?

             Дзуапп.

Тынг раст. Хъуыди уæ чысыл нывæцæн ныффыссын мады тыххæй. «Цавæр дидинæги-

мæ абарин мæ мады?» Иу-цалдæры фæрсын индивидуалон хуызы.  

 

  Ног æрмæг бацамонын.

 

Ахуыргæнæджы ныхас: Диссаджы ныхæстæ ис алы нывæцæны дæр, фæлæ нæ ног

        темæмæ рахизыны разæй нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм кавказаг мыртæ. Сты фæй-

        нæгыл фыст, фæйнæ дзырды æрхъуыды кæнут алы мыримæ дæр.

 

                        КЪ                     ХЪ                    ГЪ                  ТЪ                    ДЖ                   ДЗ

 

        Къона, хъæбул, æгъдау, стъалы, адджын, сидзæр.( Кæсынц радыгай сæ дзырдтæ.)

Рæсугъд æмæ ахсджиаг дзырдтæ ныффыстат. Райсæм ма дзырд хъæбул уырысса-

        гау уыдзæн ребенок (дзуапп дæттынц сабитæ). Тынг раст, дитя, ребенок.

 

æ. Уæдæ ма зæгъут, хъæбулыл чи фæузæлы? Дзуапп.

            Тынг раст загътат, уый мад у, æнæмæнгæй, мад. Уæдæ махæн нæ абоны темæ дæр    

        у мадимæ баст. Скъоладзауты æргом аздахын фæйнæгмæ, дзурын сын урочы темæ

        æмæ нысантæ. Нæ абоны урочы эпиграфæн райстон Денджызы Уырызмæджы алæ-

        мæты ныхæстæ. Цæмæн сæ равзæрстон, ууыл фæстæдæр æрдзурдзыстæм, ныр та

        уал кæсæм фæйнæгмæ. Экраныл эпиграф.Кæсын ныхæстæ, стæй кæсы иу скъола-

        дзау.

 

         б. Цымæ цæмæн сæвзæрыдысты Уырызмæджы зæрдæйы ацы ныхæстæ? Дзуапп.

Ахуыргæнæджы ныхас: Æмбарын сын кæнын эпиграфы мидис. Денджызы фырт цы зæгъы

     мады тыххæй , уый федтам, ныр та байхъусæм Баллаты Валодяйы зарæгмæ. Хъуысынц зарæг

     «Мады зæрдæ»-йы зæлтæ.

 

 в. Зæгъут ма мын, цы зæгъынмæ хъавыд Валодя йæ зарæджы рæнхъытæй? Дзуапп.

           Иттæг раст, дыууæйæ дæр мады тыххæй загътой сæ хуыздæр ныхæстæ.

 

          Урочы райдиан цы дзырдтæ ныффыстат, уыдоны  æхсæн уыд ахæмтæ:  хъæбул, стъалы, мад.

 

      г.  Ацы æртæ дзырдимæ хъæуы æрхъуыды кæнын  хъуыдыйæдтæ. Алы рæнхъæн дæр йæхи

          дзырд. Дæттын уын рæстæг.

                 1 рæнхъ. Къоста у Ирыстоны хъæбул.

                 2 рæнхъ. Стъалытæ судзынц арвыл.

                 3 рæнхъ.  Мад уарзы йæ хъæбулы.

 

Рæсугъд хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кодтат.

Ахуыргæнæджы ныхас: Мад―куыд адджын æмæ фæлмæн у ацы ном, хæрз цыбыр дзырд,

       фæлæ дзы цас хъуыды ис, цас.  Ныр та мæ хуртæ байхъусæм ,ацы дзырд куыд равзæрд, уымæ.

 

д. Кæсынц доклад дзырды равзæрды тыххæй.

Ахуыргæнæджы ныхас: Алцы дæр райдайы мадæй. Мад у, адæймаг йæ цины дæр, йæ зы-

       ны дæр кæимæ фæдзуры, уый. Цал фæнды азы цæуæд адæймагыл, уæддæр ын мад у æппæ-

       ты стырдæр ныфс. Царды мадæй зынаргъдæр æмæ рæсугъддæр ницы ис.

            Бирæ рæсугъд ныхæстæ фыст æрцыд ныййарæджы тыххæй. Алы фыссæг дæр йæхирдыго-

нау æвдисы йæ ахаст мадмæ, стæй алы æвзагыл дæр алыхуызон хъуыуысы  дзырд « мад».

        Сывæллæттæ дзурынц алы æзагыл дзырд мад. Иронау― мад, уырыссагау― мать, англисагау-

mother. Байхъусæм ма нæхи æмбæстон æмæ фæсарæйнаг фысджытæ цы загътой мады тых-

        хæй, уымæ.

дз.Сывæллæттæ дзурынц æмдзæвгæтæ.

                                       Ды куы уаис―куыд бирæ йæ уарзис.

                                       Æмбарис дæ фырты зæрдæ,

                                       Тыхмийæ, фыдæй йæ цæргæсау

                                       Ды хъахъхъæнис царды бæргæ…

 

                                       Нæй ничи мæ уарздзæн дæу хуызæн.

                                       Мæ уарзон, мæ ныййарæг мад!

                                       Дæ фырты куы ницыуал уырны―

                                       Ыстыхсын æй кодта йæ цард.

Къоста.

              Англисаг æмдзæвгæ хъуысы.

 

                                                           Мама

                                      Хорошо, когда мамы улыбка встречает,

                                       Хорошо, что обиды родная прощает,

                                      Перед сном поцелует, желая добра,

                                      Рядом с нею и праздник, и счастья пора.

Геннадий Сивак.

 

 

        дж.Зæгъут ма мын, цымæ цы зæгъынмæ хъавыдысты автортæ ацы диссаджы рæнхъытæй?

                Дзуапп.

                Уырыссаг æмдзæвгæйы автор дзуры, мад нæ хæзна кæй у, уый. Англисаг автор æвдисы

        йæ мады бирæ кæй уарзы, уый. Ирон æмдзæвгæйы рæнхъыты автор у Къоста, дзуры дзы йæ

        хъизæмар царды тыххæй æнæ мадæй, тæхуды йæм кæны. Дзæгъæлы æзæрст не  ͗ рцыдысты

       ацы рæнхъытæ. Дарддæр дæр кусдзыстæм семæ.

е. Фæйнæгыл  фыст æмдзæвгæйæ хъуыдыйæдтæ. Фарст чи? æмæ цы?-йæн дзуапп цы дзырдтæ

     дæтты, уыдоны бын бахахх кæнын. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм сæ раиртæст. Абарын ир-

     он æмæ уырыссаг æвзаджы номдарты хицæндзинæдтæ. Фыссынц хъуыдыйæдтæ тетрæдты.

                       (чи?) Дыкуы уаис―куыд бирæ йæ уарзис,

                                  Æмбарис дæ фырты зæрдæ.

 

                                 Тыхмийæ, фыдæй йæ цæргæсау

                      (чи?)  Ды хъахъхъæнис царды бæргæ…

 

                                 Мæ уарзон, мæ ныййарæг мад.   (чи?) 

 

и.Зæгъут ма мын , мæ чысыл хуртæ, уæ мадæлты уарзут? Дзуапп.

 

   Ахуыргæнæджы ныхас:Мад хъæуы алкæй дæр æмæ алкæддæр. Ницы ис мадимæ абарæн.

Мадæн нæй баивæн , нæй йын йæ хæс бафидæн.Мадæн йæ хъæбыс у фæлмæн, йæ къухты хъарм

дæтты сывæллонæн æхцондзинад. Гъе ахæм хъармæй æнæхай уыд нæ зындгонд поэт Хетæгкаты

Къоста.

          Лæппуйы райгуырд стыр циндзинад у бинонтæн. Стыр куывд скодтой Хетæгкаты Елызбары

хæдзары дæр. Суанг ма иу абонæй иннæ абонмæ гаджидæуттæ уагътой.

         «Кæд æнæ мадæй баззадтæ Къоста, уæддæр амондимæ байрæз. Леуаны худ-иу бæрзæндты

хæсс. Хетæгау дæм зæдтæ æмæ дауджытæ æргом куыд цæуой! Зондæй къæдзæх куыд уай! Нары

хæхтæй уæлæ Лиайы хохæй бæрзонддæр нæй, æмæ уый цалынмæ йæ бынат ива, уæдмæ дæ кой,

дæ ном дæ уарзон адæмтæ куыд кæной».

          Сабийыл дыууæ мæйы куы цыд, уæд амард йæ мад, схаста йæ се  рвадæлты ус Чендзе. Сыл-

гоймаджы зæрдæ нал фæлæууыд æмæ райхæлдта авдæны бæстытæ, систа мæллæг, фыркуыдæй чи ныффæсус æмæ уазалæй чи ныцъцъæх, уыцы сабийы. Уайтагъддæр йæ фыд ус ракуырдта. Нæ

йæ бауарзта Хъызмыдæ, фыдмитæ йын кодта. Къоста йæхæдæг дæр  афтæ фыста: «Æз æм ницы дзырдтон,мæ фыдыус кæй уыд,уый тыххæй. Фæлæ мын Хъызмыдæ æмæ Олгъа цы фыдракæндтытæ скодтой, уый бæрц мын ме знæгтæ дæр не скодтой.

         «Ехх, Чендзе! Ды искæцæй куы федтаис, куыд дын надтойГодтайы, уæд дæ зæрдæ аскъуыдаид тæригъæдæй.»

         « Алиддзынæн Чендземæ. Рахъаст ын кæндзынæн ахуыргæнæгæй. Равдисдзынæн ын мæ рæсыд уæрджытæ, стæй æнæхъæн бон æххормаг уыдтæн, уый дæр ын зæгъдзынæн»― фыста фæстæдæр йæ мысинæгты  Хетæджы фырт Хъызмыдæйы тыххæй.

          Мад хъуамæ ахæм ма уа, Къоста куыд зынтæй аирвæзт, уымæ гæсгæ йын хъуамæ тæригъæд кæна, уый та йæ æддзух æфхæргæ кæны. Поэт йæ сабийы бонты цы бавзæрста, уый равдыста йæ уацмысты дæр.

 

к.Зæгъут ма мын, æнцон цард уыд Къостайæн? Дзуапп.

         Тынг раст. Уæдæ уыцы æвадат уавæрты дæр йæ ныййарæг мады никуы рох кодта. Йæ мад Маройæн хуызист нæ баззад. Лæппу йын йæ сурæт йæхæдæг сныв кодта адæмы ныхæстæм гæсгæ. Куыст куы фæци, уæд ыл хъæубæстæ тынг дис кодтой, куыд банкъардта йæ мады миддуне,уынгæ йæ никуы фæкодта, афтæмæй. Мады зæрдæ―хъæбул зоны, фæзæгъынц адæм, æвæццæгæн, канд мады зæрдæ нæ, фæлæ ма хъæбулы зæрдæ дæр мад зоны. Гъе, уыцы бастдзи-

над уыд Къостайæн йæ мадимæ.

 

м. Хъусут мæм лæмбынæг, æз уын кæсдзынæн хъуыдыйæдты æрччытæ, сымах та сæ æххæст

  кæндзыстут.

         Къостайы схаста Чендзе. Æз уарзын мæ мады. Мæ мад уарзы мæн.  Мæ мад у рæсугъд. Мæ

мад у хуры хуызæн. Мадæн аргъ кæн. Мад уарзы йæ хъæбулы. Хъæбул уарзы йæ мады. Мадау

у æгъдауджын. Мад хъæбулæн йе стъалы, йæ хур у.

         Ахуыргæнæджы ныхас: Тынг раст. Мадæн хъæбулæй адджындæр æмæ зынаргъдæр нæй. Уымæн нæ арæх фæхизынц исты уæззау, проблемон цаутæй. Ныййарæг кæдфæнды дæр цæттæ вæййы йæ хъæбулы зындзинæдтæй бахъахъхъæнынмæ. Суанг ма йæ цард  дæр ратдзæн йæ сабийы сæраппонд.

           Раст дзырдтой нæ рагфыдæлтæ: « Фыдæй сидзæр, сидзæр нæу, фæлæ мадæй сидзæр, сидзæр у». Мад бауадзы сабийы дадзинты уарзондзинад бинонтæм, Райгуырæн бæстæмæ, уый йæ сахуыр кæны фыдыуæзæг уарзын. Гъе, ахæм у мад.

           Ехх, æвæдза! Хъизæмар царды бынæй ахæм æрттивгæ талатæ чи суагъта, уый алæмæты адæймаг уыд. Æрдзон лæвар уыд æппæт адæмæн дæр. Чендзейы фыдæбæттæ нæ фæдзæгъæл сты, стæй йыл  кувæг лæджы ныхæстæ дæр æрцыдысты. Чендзе уыд, чи йæ схаста, уыцы сылгоймаг, фæлæ  йæ йæ мадæй къаддæр нæ уарзта. Йæ зын сахат-иу æй йæ хъуыдытæ, йæхи Чендземæ ахаста.

 

④ Хатдзæгтæ.

 

 н. Уарзут уæ мадæлты? Дзуапп.

 о. Аргъ сын кæнут? Дзуапп.

Эпиграфмæ ма бакæсут.

п. Уæдæ ис схонæн мадæн сызгъæрин? Дзуапп.

 

Зæххыл ис иунæг хæзна царды.

                                    Æмæ уый мад у, мæ хур, Мад.

                                    Йæ рæвдыд сау дуртæ дæр хъары,

                                    Фæсуры зæрдæйы фæллад…

 

Уæ ныййарджытæн ма кæнут зын, ма сæ мæсты кæнут. Алы зындзинады фæстæ дæр йæ сæры фæзыны урс æрду. Цоты маст бирæ у, загъд вæййы. Абонæй фæстæмæ уæ ныййарджыты зæрдæтæ куыд рухс кæнат, уе сгуыхтытæй, уе  ͗гъдауæй, ахæм тых уæм разынæд.

 

Хъуысы зарæг « Мады зæрдæ».

 

 Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

 

             Хæдзармæ куыст раттын.

 

 Рафыссут дзырдбæстытæ, хъæугæ дамгъæтæ дзы æвæрут, афтæмæй.

            Сызгъæрин мад, хъарм къухтæ, фæлмæн хъæбыс, зондджын дада, хæдзары хистæр, бинонты фарн, гыццыл саби, ныййарæг мад,  къонайы хъарм, бинонты кæстæр, хæдзары æфсин.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Урок по осетинскому языку на тему « Мад хъæбулæн йе стъалы, йæ хур у». Хетæгкаты Къостайы хъысмæт."

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 2 месяца

Бизнер-тренер

Получите профессию

Экскурсовод (гид)

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 660 047 материалов в базе

Скачать материал

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 18.11.2016 633
    • DOCX 32.3 кбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Дзапарова Ирина Георгиевна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Дзапарова Ирина Георгиевна
    Дзапарова Ирина Георгиевна
    • На сайте: 7 лет и 5 месяцев
    • Подписчики: 0
    • Всего просмотров: 4885
    • Всего материалов: 7

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Копирайтер

Копирайтер

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс повышения квалификации

Специалист в области охраны труда

72/180 ч.

от 1750 руб. от 1050 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 33 человека из 20 регионов
  • Этот курс уже прошли 153 человека

Курс профессиональной переподготовки

Организация деятельности библиотекаря в профессиональном образовании

Библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3950 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 282 человека из 66 регионов
  • Этот курс уже прошли 849 человек

Курс профессиональной переподготовки

Библиотечно-библиографические и информационные знания в педагогическом процессе

Педагог-библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3950 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 483 человека из 70 регионов
  • Этот курс уже прошли 2 325 человек

Мини-курс

Информационные технологии в науке и бизнесе: от концепции до реализации

10 ч.

1180 руб. 590 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Стратегия продаж и продуктовая линейка: успех в современном бизнесе

2 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Интегрированное управление бизнес-процессами

3 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе