темæ:
Беслæны 7-æм скъолайы ахуыргæнæг
Къуыллыты Джульеттæйы
Урочы
конспект ныхасы рæзтæй
7 клъасы
Темæ: «Мæ сыхаджы фæлгонц»
Сочинени-æрфыст
Нысæнттæ:
Ахуырадон:
1.Зардыл æрлæууын кæнын æвзаджы стильтæ.
2.Сфæлхат кæнын æрфысты æууæлтæ.
3.Бацæттæ кæнын сочинении-æрфыстмæ нæ царды цæстæнгасыл æнцой кæнгæйы.
Хъомыладон:
1.Гуырын кæнын скъоладзауты зæрдæты кæрæдзийы цæстæнгасмæ æмбарындзинад.
2.Ахуыр кæнын скъоладзауты адæймагæн аргъгæнгæйы удыхъæды хуыздæр миниуджытæ
уынын.
Разæнгард кæнынадон:
1.Сфæлдыстадон куыстимæ разæнгард кæнын скъоладзауты.
2.Къордты кусын ахуыр кæнын.
3.Мадæлон æвзагыл хъуыдытæ раст æвæрын.
Урочы цыд
1 этап-
Урочы нысæнттæ сбæрæг кæн
2 этап- Скъоладзаутыты 3 къордыл адих кæнын æмæ сын
раттын хæслæвæрдтæ.
Хæс 1.
Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут цæвæр тексты хуызтæ
зонут ирон æвзаджы.
Хæс 2.
Цы у сæ сæйрæгдæр нысан?
Хæс 3.
Цы у æрфыст? Куыд арæзт цæуы æрфыстон текст? Кæд
ис спайда кæнæн текст-æрфыстæй уæ ныхасы?
2 къорды кластер
Тексты хуызтæ
Тæрхæттæ
уынаффæ Æрфыст Таурæгъон
(Цæмæн?)
(Цавæр?) (Цы ми кæны?)
Æрфыст
|
Предмет+цæсгом
схемæ+ иумæйаг миниуæг + хицæн миниуæг+ хицæн миниуæг+…
|
Цы вдыст цæуы
тексты?
Æрдзурын
предметыл, йæ бынат, архайд, æддагбакаст, хуыз, уындыл.
|
Аивгæнæн
мадзæлттæ
Эпитеттæ, абарстытæ,
метафорæтæ, олицитворенитæ
|
Статикæ
|
3 этап
Арф
хъуыдыкæнынады уысм
Хæс
№1.
Ахъуыды кæнут æмæ
зæгъут цæмæн æрхъуыды кодтам нæ абоны урочы æвзаджы стильтæ?
Бæлвырдæй цæмæн
фæдзырдтам æрфыстыл?
Хæс
№2.
Нæ цæст ахæссæм нæ
сыхыл æмæ дзы иу адæймæгæн скæнæм сочинени – æрфыст
Хæс.
№3
Цæуыл дзурдзыстæм нæ
сочиненийы?
Ахуыргæнæджы
ныхас
Царды мидæг ахæм
адæймаг нæй, кæцы не взæрын кæны цымидисдзинад. Разы стут уыцы хъуыдыимæ? Нæ
сочиненийы ацы хъуыды рахæссæм размæ æмæ загъут уæ хъуыдыстæ?
Таблицайы
хуызы: Аргументтæ
Разы дæн
|
Нæ дæн разы
|
Иу куырыхон лæг загътæ, нæй
цымыдис чи не взарын кæны, ахæм адæм.
|
Ахæм адæм ис, чи зоны уыцы лæг
фаг зонгæ нæу æцæг цардимæ.
|
Алы адæймагæн дæр ис йæхи уды
конд. Кæцы йæ иннæтæй хицæн кæны
|
Цы ис цымыдисагæй наркотиктæй
æмæ арахъæй чи фесæфт, уыма?
|
Кæд дæм адæймаг цымыдисдзинад
не взæрын кæны, уæд дæ хиуарзон
|
Чи зоны, дæн хиуарзон, фæлæ
адæймагмæ цыдæр хордзинад куы уа, уæд уый дæр фендзынæн.
|
Æркæс цыфæнды адæймагмæ дæр,
æмæ дæ цуры байгом уыдзæн æнæхъæн дуне алыхуызон ахорæнтæй.
|
Цас цымыдисаг у ахæм адæймаг,
кæцы æрмæст хъуыды кæны мулкыл
|
Ахæм куысты фæстæ сывæллæттæ сцыбæл сты сæ
хъуыдытæ дзурынмæ. Уыдон сразы сты сæ алы адæймагмæ дæр кæй ис йæхи
хицæндзинæдтæ.
Ахуыргæнæджы
фæрстытæ
1. Цавæр æрфысты хуызæй
спайда кæниккат уæ сочинеты?
2. Цæмæн бафтауы фыссæг
æрфыстон текстмæ æддаг бакаст?
3. Иууыл бакасты
миниуджытæ дæр æвдисын хъæуы сочинени-æрфысты?
4. Цавæр аивгæнæн
мадзæлттæ тынгдæр фидауынц сочинени – æрфысты?
5.Цавæр стилы аивдæр
уыдзæн нæ сочинени?
6. Цавæр пъланыл
бакусиккат?
Ацы куыстыл архайгæйæ
рауад мæнæ ахæм таблицæ.
«++»
Зонын
|
«+» Ногдзинад
|
«-»дызæрдыг кæнын
|
|
1. Адæймаджы æддаг бакаст
2. Æддаг бакаст у адæймаджы
сæйрагдар миниуджытæй иу.
5. Айвадон публицистон
официалон
хъуыддаджы
стильты.
|
6.
·
Æддаг
бакаст
·
Уæлæдарæ
·
Йæхи куыд
дары
·
Цы кусæг
у.
·
Йæ царды
уаг
·
Адæмимæ йæ
ахастытæ
·
Цы
хорздзинад дзы ис райсæн.
4. Эпитеттæ, абарстытæ,
метафорæтæ æмæ олицетворенитæ
|
3. Мæнмæ гæсгæ се ппæт нæ
хъæуы
|
|
|
|
|
Дарддæр арæзт цæуы
беседæ 2 таблицæйы фæрстытæм гæсгæ
-Цы базыдтат адæймаджы
æрфысты тыххæй?
- Цы базыдтат абоны
урочы?
- Цæуыл дызæрдыг кæнут?
Хæс.
№4
Сывæллæттæй алчидæр аразы йæхи сыхаджы
фæлгонц æмæ аразынц кластер
Уыдон уыдзысты
алыхуызæн æппæты фыццаг скъоладзаутæн рауад мæнæ афтæ:
Фæлмæн
цæстыты
Æхсызгон мидбылхудт
Бæрзонд
къæсхуыр
Аив конд
Уæздан
Сыгъдæгхуыз
Кæддæриддæр
æххуысмæ цæттæ
Тæригъæдгæнаг
Куыстуарзаг
Фæлмæнтæ дзураг
Кæстæртæн
зондамонаг Куырыхон.
1. Ныффыссут сочинени-æрфыст, бафтаут нæ
абоны сæйрагдæр фарст уæ куыстыты.
2. Саив кæнут уæ текст.
5 этап
Хæдзармæ куыст
Ныффыссут текст уе сфæлдыстадон
куыстыты тетрæдты.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.