Инфоурок Другое КонспектыУроки по теме "Антонимы.", " Числительное." "Обращение."

Уроки по теме "Антонимы.", " Числительное." "Обращение."

Скачать материал

 

 

Урочы темæ.  Сидæн (Алцæмæн дæр æгъдау ис).

 

Урочы нысан: а) Сидæн цы у, уый бацамонын.

б) Ныхасы рæзтыл бакусын.

в) Хъомыладон куыст бакæнын

 

Цæстуынгæ æрмæг: 1) таблицæ,ныв,схемæтæ, æмдзæвгæ.

 

 

 – Ног æрмæг:

Фæйнæгыл таблицæ ахæм хъуыдыйæдтимæ:

 

1)      Алцæмæн дæр æгъдау ис.                        1) Æмбæлттæ, алцæмæн дæр æгъдау ис

 

с, …

 

2)      Цардæн йæ хъæздыгмæ ма бабæлл,           2) Цардæн йæ хъæздыгмæ, лæппу, ма бабæлл, фæлæ

фæлæ йе 'гъдаумæ.                                                    фæлæ йе 'гъдаумæ.

 

,с, …

 

3) Дунейыл æгъдауæй хистæр ницы ис.          3) Дунейыл æгъдауæй хистæр ницы ис, хорз адæм.

 

,с .

 

Æрбакæстут-ма таблицæмæ æмæ зæгъут: Цæмæй хицæн кæнынц дыууæ цæджындзы хъуыдыйæдтæ кæрæдзийæ?

Дзуапп: Дыккаг цæджындзы хъуыдыйæдты ис сидæнтæ.

 – Цæмæй бæрæг у?

Дзуапп: Дзурæджы ныхас бæрæг адæймагмæ здæхт у.

 – Зæгъут-ма, сидæн хъуыдыйæдты кæм фæлæууы æмæ йæ куыд хицæн кæнæм дзургæйæ æмæ фысгæйæ?

Дзуапп: 1) Сидæн хъуыдыйæды райдайæны куы лæууа, уæд ын йæ фæстæ æвæрæм къæдзыг.

2) Сидæн хъуыдыйады астæу куы лæууа, уæд æй дыууæрдыгæй дæр хицæн кæнæм къæдзыгтæй.

3)  Сидæн хъуыдыйæды кæрон куы лæууа, уæд ын йæ разæй æвæрæм къæдзыг.

 

Ахуыргæнæг кæны хатдзæг:

Уæдæ сидæн у ахæм дзырд, кæцымæ здæхт вæййы нæ ныхас.

Сидæн фæлæууы хъуыдыйадæн йæ разæй, йæ астæу æмæ йæ кæроны. Дзургæйæ сидæн хицæн кæнæм интонацийæ, фысгæйæ та къæдзыгæй.

Ныр та рафæлдахут 10-æм фæлтæрæн уæ чингуыты. Лæмбынæг æй бакæсут æмæ зæгъут: Цæй кой ма не скодтам?

Хатдзæг: Уæдæ сидæн хъуыдыйады уæнг никуы вæййы.

 

 – Ног æрмæг ныффидар кæнын.

 

1. Æмбарынгæнæн диктант.

1). Хъуыдыйæдты ссарут сидæнтæ.

2). Скæнут сын сæ схемæтæ.

 

1). Хорз адæймагæн кад хъæуы, æмбæлттæ.

,с.

2). Алан, зæгъ-ма, цы дæ бафæндид де 'мбалæн балæвар кæнын?

с,

3). Цавæр хъуамæ уа де 'мбал, Алан?

,с.

Хатдзæг: Ацы хъуыдыйæдты фæрцы цы ныффидар кодтам?

Дзуапп: Куыд хицæн кæнæм сидæн фысгæйæ.

 

2. – Ныртæккæ уын  бакæсдзынæн æмдзæвгæ.

Сымахæн уæ хæс у:

1). Æмдзæвгæйы ссарын фыццаджыдæр сидæнтæ

2). Сбæрæг сын кæнын сæ бынат.

3). Зæгъын: Куыд сæ хицæн кæнæм дзургæйæ

 æмæ фысгæйæ?

Хистæрæн, кæстæр, куы дæттай æгъдау,

Кæстæр, ничи дæм æрхæсдзæн уæд фау.

Хистæрæн, кæстæр, куы раттай бынат,

Кæстæр, уыдзынæ уæд хорзыл нымад.

Куы фæрсай дæ хистæры зондæй, кæстæр,

Кæстæр уæд никуы фæрæдидзынæ сонтæй.

 

Зæгъут-ма, ацы æмдзæвгæйы хъуыды цæй мидæг ис? Цæуыл нæ ахуыр кæны?

Дзуапп: Ахуыр нæ кæны æгъдауыл. Раст у. (Хъомыладон куыст).

3. – Фæлтæрæн 22-æм фæлтæрæн

1 – аг  рæнхъ фыссы 1-аг хъуыдыйад.

2 – аг рæнхъ фыссы  2-аг хъуыдыйад.

3 – аг рæнхъ фыссы  3-аг хъуыдыйад.

Хатдзæг: Цы ныффидар кодтам ацы фæлтæрæны фæрцы?

Дзуапп: Æрхæцæн нысæнттæ сидæнимæ.

 

 

 

4. – Схемæтæм гæсгæ саразут 3 хъуыдыйады(фæйнæгыл).

1)    с,

2)    ,с,

3)   

 

5. – Грамматикон хъазт.

1-аг хæслæвæрд. ссарын сидæнтæ. Сбæрæг сын кæнын сæ бынат. Бамбарын кæнын æрхæцæн нысæнтты æвæрд.

2-аг хæслæвæрд. Чи тагъддæр бавæрдзæн дзырд рифмæмæ гæсгæ.

Ахуыргæнæг кæсы Цæрукъаты Володяйы æмдзæвгæ:

 

 

Аххытæ æмæ оххытæ.

-           Хорз дæхи ныхсадтай, Нох?

-           Охх!

-           Уый мæнæй куы фæцис…..(рох)

-           Хъус-ма, лæппу, уæрмæн дзыхъхъ ыскъах!

-           Ахх!

Риссы та мæнæн мæ…..(къах).

-           Марадз, хъæбул, цъиутæн абий кау!

-           Уауу!

Ме 'уæнгтæ ысты…..(уæззау).

-           Уæдæ уæртæ бацым бас.

-           Цас?

Ратдзыстут мын ноджы…..? (кас).

Хатдзæг: Цавæр лæппуйы нын равдыста Володя йе 'мдзæвгæйы?

Дзуапп: Æнæгъдау. Зивæггæнæг.

Ахуыргæнæг: Раст у. (Хъомыладон куыст бакæнын).

 

6. – Тематикон диктант.

Сидæн, къæдзыг, интонаци, хъуыдыйады астæу, йæ райдайæны, йæ кæроны, хъуыдыйады уæнг.

Хатдзæг: Цавæр темæмæ хауынц нæ тематикон диктанты дзырдтæ?

7. – Текстыл бакуыст.

Алкæмæн дæр текст раттын.

Аху…рдзаутæ хæдзарæй у…нгмæ цæут аивæй. Уæ зонгæтыл с…мбæлгæйæ сывæ…æ…æ салам дæттут фы…аг. Сылгоймæгты, зæрæ…ты, уæ разæй уадзут автобусмæ. Лæ…утæ уынгты æхси… кæнын худинаг у. Уæхи дарын зонут уын…гты æрыгон фæлтæр.

1-аг хæслæвæрæрд. Аив бакæсын текст. (Лæвæрд цæуы 5 мин.).

2-аг хæслæвæрæрд. Сбæрæг кæнын, тексты ныхас цæуыл цæуы, уый.

3-аг хæслæвæрæрд. Текстæн сæргонд скæнын.

4-аг хæслæвæрæрд. Текстæй рафыссын цухгонд дамгъæтæ кæм ис, уыцы дзырдтæ æмæ сын бамбарын кæнын сæ растфыссынад.

5-аг хæслæвæрæрд. Тексты ссарын сидæнтæ æмæ сæвæрын хъæугæ æрхæцæн нысæнттæ.

6-аг хæслæвæрæрд. Зæгъын: Цæуыл ахуыр кæны ацы тексты хъуыды сывæллæтты?

Хатдзæг урокæн. Уæдæ абоны урочы ногæй цы базыдтам?

Дзуапп: Цы хонæм сидæн, сидæн куыд хицæн кæнын хъæуы дзургæйæ æмæ фысгæйæ стæй цæмæн хъæуы сидæн.

Зæгъут-ма, сидæныл дзургæйæ цавæр хъуыдыйæдтæй пайда кодтам? Сæ хъуыды цæимæ баст уыд?

Дзуапп: Æгъдауимæ.

Ахуыргæнæг: Уæдæ кæд нæ урокæн йæ райдайæнæй йæ кæронмæ æгъдауыл дзырдтам, уæд ма ныртæккæ бафæлварæм мæнæ ацы нывмæ гæсгæ ныфыссын сидæнтæй пайдагæнгæйæ чысыл радзырд.

1)           Зæгъут-ма: Цы уынут нывы? (æвдыст цæуы ныв)

2)           Зæгъут-ма, лæппу раст бакодта?

3)           Цæмæн?

4)           Ахъуыды-ма кæнут æмæ зæгъут: Уæдæ нæ радзырдæн цавæр сæргонд скæниккам?

 

Дзуапп: «Æнæгъдау лæппу»

Ахуыргæнæг: Цы рæстæг ма нын баззад, уымæй пайдагæнгæйæ уæ алчидæр бацархайæд ныфыссын йæ радзырдæн райдайæн.

8. – Хæдзармæ куыст раттын.

10-æм раиртæст наизусть зонын. Радзырд кæронмæ ахæццæ кæнын.

 

 

 

 


 

Урочы темæ: «Антонимтæ»

Урочы нысан: 1. Антонимтимæ базонгæ кæнын скъоладзауты.

2. Хæстæг æмæ ныхмæвæрд дзырдтæй ныхасы пайда кæныныл ахуыр кæнын.

3. Синонимтæ, антонимтæ æмæ амонимтæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ абарын.

 

Хъомыладон хæс: Рæзгæ фæлтæрæн Райгуырæн зæхх æмæ мадæлон æвзаг бауарзын кæнын, фыдæлты æгъдæуттимæ сæ бæттын, раст зондахаст сæм гуырын кæнын.

 

Цæстуынгæ æрмæг: 5-æм къласы ирон æвзаджы чиныг, нывтæ, карточкæтæ, æмбисæндтæ.

 

 

Урочы цыд.

I. Орг. хай.

Фæйнæгыл фыст:

«Стыр адæмæй уай æви чысыл адæмæй – хъуамæ дын уа национ традицитæ, хъуамæ сæ хъæздыг кæнай, мæгуыр кæнын сæ ма уадзай. Уымæ гæсгæ национ культурæ æмæ национ æвзагыл уæлæхох, æнæрвæссон чи кæны, уый хъуама уа сæрыстыр нæ, фæлæ сæрныллæг».

/Дзуццаты Хадзы – Мурат/

 

II. Сбæрæг кæнын хæдзармæ куыст.

«Синонимтæ». (Цалдæр ахуырдзауы сæ фысгæ куыст кæсынц). Уый фæстæ æрмæг фидар кæнын фæрстытæй.

 

1) Цавæр дзырдтæ хонæм синонимтæ?

Дзуапп. Иухуызон нысаниуæгджын дзырдтæ хуыйныц синонимтæ.

2) Зæгъут –ма мын синонимты сæйраг миниуджытæ?

Дзуапп: а) хъуысынц алыхуызон

б) ис сын æмхуызон нысаниуæг

в) синонимтæ арæхдæр загъд вæййынц уыцы иу ныхасы хайæ.

г) синонимты нысаниуæг бынтон æмхуызон  нæ вæййы, алкæмæн дæр дзы вæййы йæхи уæлæмхасæн нысаниуæг.

3) Цы æххуыс сты синонимтæ æвзаджы?

Дзуапп: Синонимты руаджы бæлвырддæр загъд цæуынц адæймаджы хъуыдытæ

4) Уæдæ кæд æрмæг бамбæрстат, уæд мын лæвæрд дзырдтæн зæгъут сæ синонимтæ:

Сис – къул                                        зæронд – ацæргæ

стъол – фынг                                    дымгæ – уддзæф

лидзын – згъорын, тæхын                стыр – егъау, дынджыр

Абырæг – къæрных                          ницæййаг – æгуыдзæг, æвзæр, æдзæллаг

 

Фарст: куыд фыссæм дзырд «егъау».

Цæмæн?

 

III. Дзырдуатон диктант:

Адджын, бæрзонд, ныллæг, разæвæрд, æбæлвырд, стыр, æххормаг, æдзæхх, æнкъард, уæм, хистæр.

IV. Ног æрмæг амонын. «Антонимтæ»

(Фæйнæгыл нывтæ конд, фыст ыл ис уыцы – уыци)

 

Зиллаккыл дыууæ бæлццоны,

Зон, цæуынц æхсæвæй – бонæй,

Иу – цыбырдæр, иннæ – даргъдæр,

Иу – сындæгдæр, иннæ – тагъддæр

Уыдон фæрцы зоны лæг

Куыстæн, улæфтæн рæстæг

(сахат)

Сывæллæттæ, грамматикæйы кæцы хай ахуыр кæнæм?

 – Лексикæ.

Цы хонæм лексикæ?

 

Дзуапп: Æвзаджы æппæт дзырдтæ иумæ хуыйнынц æвзаджы дзырдуатон сконд, кæнæ та лексикæ.

Дзырд цы амоны, цы 'вдисы, уый у йæ лексикон нысаниуæг.

Фарст:  а). Уæдæ цы нысан кæны дзырд «сахат» (предмет, кæцы нын амоны рæстæг)

б) æрхъуыды кæнут «сахатимæ» дзырдбаст (сызгъæрин сахат).

в) Дзырд «сызгъæрин» йæ комкоммæ нысаниуæджы лæвæрд цæуы æви йæ ахæсгæ?

Æрхъуыды кæнут, сызгъæрин ахæсгæ нысаниуæджы кæм уа, ахæм дзырдбаст. (сызгъæрин лæппу).

 

Ахуыргæнæджы ныхас. Абон, сывæллæттæ, базонгæ уыдзыстæм антонимтимæ. Куыд бирæнысæнон дзырдтæ æмæ синонимтæ, афтæ антонимтæ дæр сты не 'взаджы хъæздыгдзинад бæрæгæнæг дзырдтæ.

Дзырд «антоним» у грекъаг дзырд, нысан кæны «анти» –ныхма, «оним»-дзырд, ома ныхмæвæрд дзырдтæ. Уæдæ сæ нысаниуджытæ ныхмæвæрд цы дзырдтæн вæййынц, уыдон хуыйнынц «антонимтæ». (чингуытимæ куыст, кæсæм раиртæст)

Хæс: 1). Бæкæсæм-ма фæйнæгыл фыст уыци – уыци иу хатт æмæ дзы ссарæм антонимтæ.

2). Æркæсæм ма, фæйнæгыл цы нывтæ ис, уыдонмæ. Цы зæгъдзыстæм? Цавæр антонимон парæ дзы ис?

 

Фарст: Уырыссагау мын зæгъут, цавæр дзырдтæ хонæм антонимтæ?

(Æрхæссут дæнцæгтæ)

          Уæдæ ныр та æркæсæм нæ диктантмæ. Лæвæрд дзырдтæм æрхъуыды кæнæм антонимтæ (дзургæйæ).

Уый фæстæ тетрæдтæм фыссæм, фæйнæгыл цы фыст ис, уый.

(Уыцы рæстæджы цалдæр скъоладзауы кусынц карточкæтимæ).

(Сындæг хъуысы музыкæ. Зарæг «Мæ Ирыстон» – Галуанты Л. æмдзæвгæмæ гæсгæ, зары Саккаты Валерæ).

 

Куыст куы фæуой, уæд хъæрæй кæсын урочы эпиграф. Ссардзыстæм дзы антонимтæ. (Бакæндзынæн хъомыладон куыст).

Уый фæстæ зынæмбарæн дзырдты нысаниуæг бамбарын кæндзынæн.

 

уæлæхох – фаг хъус нæ дарын

æнæрвæссон – сæрмæ нæ хæссын, æлгъ кæнын.

 

V. Скъоладзаутæ фыст куы фæуой, эпиграфыл куы бакусæм, уæд дзургæйæ æххæст кæнæм фæлтæрæн куыст (лæвæрд мивдисджытæн æрхъуыды кæнут се 'муидаг антонимтæ)

æртæхын – атæхын

баулæфын – раулæфын

рахизын – бахизын

сбырын – ныббырын

рахгæнын – бахгæнын

авналын – æрбавналын

æрæппарын – сæппарын

скæсын – ныккæсын

стулон – ныттулон

æрыскъæфын – сыскъæфын

 

Разæфтуан «ны» – йы растфыссынадмæ мæ хъус æрдардзынæн

Дзырд «ныккæсын» дзырды хæйттæм гæсгæ равзардзыстæм.

 

VI. Æрмæг ныффидар кæнын. Сывæллæттæ, мах 5-æм къласы ахуыр кодтам диссаджы æмдзæвгæ, æвдыст дзы цæуы сæрæй кæронмæ ныхмæвæрд архайд. Чи мын æй æрхъуыды кæндзæн (кæй фыст у, куыд хуыйны æмдзæвгæ) æмæ мын æй найзусть чи бакæсдзæн. (Бацамонут, ныхмæвæрд нысаниуæг цы рæнхъыты ис, уыдон).

          Уæдæ ма мын нæ лит-йы уацмыстæй дæр уæ зæрдыл æрлæууын кæнут ныхмæвæрд хъайтарты (Нигеры аргъауы, «Хъæндил»-ы).

 

VII. Антонимтæй хъæздыг у нæ адæмон дзургæ сфæлдыстад. Тынг арæх антонимтæ æмбæлынц уыци – уыциты, аргъæутты, æмбисæндты:

1)       Дон адæмы сыгъдæг кæны, адæм та йæ чъизы кæнынц

2)       Уазæг – цæттæ, фысым – æдзæттæ

3)       Дзыхджын – бæхджын, æнæ дзых – фистæг

4)       Сау хохæй урс дур нæ хауы.

(Хъуыд æвзарæм синт. æвзæрст)

5)       Æвзæрæн бын ма ныууадз, хорзæн бын ма скæн.

6)        Хъæздыг цы нæ кæны, мæгуыр цы нæ бары

7)       Пайда æмæ зиан – æфсымæртæ

8)       Æнæзивæг цæл ары, зивæггæнæг цæф ары.

 

Уыци – уыцитæ:

Сæрд уæлæмæ цæуы, зымæг – дæлæмæ (кæрдæг)

Куы –урс, куы-сау (сæрд æмæ зымæг)

Бон дæр цæуы æмæ æхсæв дæр (дон)

VIII. Хатдзæгтæ: Уæдæ мах базонгæ стæм антонимтимæ.

 –Цавæр дзырдтæ хонæм антонимтæ?

 –Цы æххуыс нын сты антонимтæ?

Сывæллæттæ, мæнмæ гæсгæ, темæ бамбæрстат, антонимтæй пайда кæнын сарæхсдзыстут дзургæ ныхасы, бахъуыды кæндзыстут, куыд хъæздыг сты антонимтæ, куыд нын рæсугъд кæнынц нæ уарзон мадæлон æвзаг.

IX. Хæдзармæ куыст: 37, ФæЛТæРæН 161, Æрхъуыды кæнут фæйнæ 2 æмбисонды антонимтимæ.

 


 

Урочы темæ:                         Нымæцонты нысаниуæг.

                                                          Ирон нымады хуызтæ.

Урочы нысан:                       Морфологийы рацыд æрмæг сфæлхат кæнын. Бацамонын скъоладзаутæн нымæцонты нысаниуæг, йæ грамматикон æууæлтæ, æрдзурын ирон адæмы нымады хуызтыл. Бакусын урочы ныхасы рæзтыл.

Хъомыладон хæс. Скъоладзаутæм цымыдисдзинад сæвзæрын кæнын нымайын æмæ нымайæджы дæсныйадмæ ирон адæмы истори, культурæ æмæ æгъдæутты фæрцы.

 

Урочы æрмæг: Таблицæ – Нымæцоны нысаниуæг, ирон нымады хуызтæ, нымады газеттæ “Размæ”, “Рæстдзинад”, нывтæ, алыхуызон нымайæн фæрæзтæ, æмбисæндтæ, техникон фæрæзтæ.

 

Фæйнæгыл иуæрдыгæй:               1) Иу михыл кау ничи бийы.

2) Иуæн дыууæ – æфсад.

3) Дыууæ æфсымæрæй арс дæр тæрсы.

4) Фынг æртæ къахыл лæууы.

5) Иу лæгæн дыууадæс фырты.

6) Уырызмæгыл фондзыссæдз хæдоны.

Иннæрдыгæй: «Куыд зын уаид цæрын зæххыл, куы нæ бамбарай…»

 

Урочы цыд.

I.              Ахуыргæнæг.

Урочы райдайæны ахуыргæнæг сывæллæтты æргом аздахы фæйнæгмæ, кæсынц фыст:

“Куыд зын уаид цæрын зæххыл, куы нæ бамбарай…”, æмæ сын зæгъы, ацы æнахуыр хъуыдыйад кæй баххæст кæндзысты урочы кæрон.

1.  Зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæг морфологийæ.

 Ахуыргæнæг кæсы хъуыдыйадтæ. Скъоладзаутæ дыууæ цæджындзæй фыссынц номдартæ æмæ миногонтæ.

Æртæйæ цыдысты сосæ фæндагыл фистæгæй: мад æмæ дыууæ сидзæр сабийы, цыдысты чысылгай, æнцад. Цуанон иу цыппар къахдзæфы бакодта тигъмæ, æмæ афтæ дзæбидыры бæрзонд хæхты фæаууон сты. Дæс бонмæ Сослан райста фынддæс иттæг хорз бæрæггæнæны. Къæдзæхы тар фæзы риуæй, иу æвзист суадон тæдзы.

-     Цы амоны номдар, миногон? (Дæнцæгтæ)

-     Цавæр бастдзинады хуызтæ ис номдар æмæ миногоны  'хсæн? (Дæнцæгтæ).

 

II.          Ног æрмæг.

Сывæллæттæ, сымах зонут, номдар æмæ миногон сты ныхасы хæйттæ, сæ иу æвдисы предмет, иннæ та предметы æууæл, сты кæрæдзиуыл æнгом баст, Ома фæлæууынц иу хауæны, иу нымæцы. Уый хорз, фæлæ ма номдарæн зонын хъæуы йæ бæрц. Ацы хъуыдыйæдты цы амонынц дзырдтæ:  - æртæ, дыууæ, иу – цыппар, дæс, фынддæс.

(Бæрц, нымæц, цал сты, уый?)

Уымæ гæсгæ нæм фæзынди ног ныхасы хай – нымæцон.

Абон урочы базондзыстæм нымæцоны нысаниуæг, йæ грамматикон æууæлтæ, æрдзурдзыстæм ирон адæмы нымады хуызтыл.

-     Сывæллæттæ, ахъуыды-ма кæнут, æмæ зæгъут, цы хонæм нымæцон? (Дæнцæгтæ)

1.        Равзарын таблицæ – Нымæцонты нысаниуæг. Хъуыдыйæдты сбæрæг кæнын, нымæцонты грамматикон æууæлтæ, (Ома амоны нымæц, предметы бæрц, кæнæ сæ фæтк, цалæм сты ранымады, рæнхъы, уый.

Хъуыдыйады мидæг нымæцон вæййы сæйрат, бæрæггæнæн, æхæстгæнæн).

2.        Фæлтæрæн 218.

-       бацамонын нымæцонтæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ.

-       Ссарын фæлтæрæны æрбайсгæ дзырдтæ æмæ зæгъын, цавæр ныхасы хæйттæ сты.

3.     Равзарын æмбисонды мидис «Дыууæ æфсымæрæй арс дæр тæрсы».

4.     Сывæллæттæ, нæ абоны урокмæ сымах цæттæ кодтат æмбисæндтæ æмæ уыцы-уыцитæ. Бакæсæм ма сæ.

Æвзæрст цæуынц, фæйнæгыл цы æмбисæндтæ æмæ уыцы-уыцитæ ис, уыдон дæр.

5.     Ирон адæммæ ис тынг цымыдисаг нымæцтæ. (Скъоладзауты хъусынгæнинæгтæ)

Æртæ – нымæц æртæ стыр цымыдисаг у. Æрмæст ирон адæммæ нæ, фæлæ ма бирæтæм тынг кадджын у, уæларвон нысаниуæг ын ис бирæ динты. «Бог троицу любит», - арæх фæзæгъынц уырыс. Чырыстон динæн та, зæгъæн ис, у йæ бындур: Фыд Хуыцау, Хуыцауы Фырт æмæ сыгъдæг Удыл æнцой кæны, уый дæр бæлвырд у. Ома, Троица. Иронау та сæ хонынц Æртæ Иуоны.

Нымæц æртæйæн стыр нысаниуæг ис ирон адæмы царды, дзырд фарнау у бирæвæрсыг æмæ уæларвон хъуыдыйыл баст, Хуыцауы комытæф æм хæццæ кæны. Нæ фынг у æртыкъахыг. Æртæ кæрдзынæй куывдты æмæ чындзæхсæвты арæм Хуыцауы ном. Фынгыл фыццагдæр æвæрæм æртæ нуазæны, æртæ фынджы. Дзуары бынмæ кувынмæ цæуæм æртæ æртæдзыхонимæ. Хуыцау дæр Батрадзыл æрæппæрста æртæ цæссыджы, Нартын мыггæгтæ дæр уыдысты æртæ. Сæ фæткъуы давынмæ дæр цыдысты æртæ æхсинæджы. Сатана куы фæтыхсы, уæд ракæны æртæ мыдамæсты æмæ Хуыцаумæ скувы.

Нымæц æртæйæ аргъуц, нымд кæнынц ирон адæм. Бафтыдтой йыл сæ фарн, се 'гъдау. Нæ фыдæлтæн суанг сæ фæттæ дæр æртæтигъонтæ – æрттигътæ уыдысты.

Авд. Ирон адæммæ иуæу-иу нымæцты æвæрд ис дины тæваг, дзурынц сæ нымдгæнгæ, табугæнгæ æмæ арфæйаг ныхæсты. Уыдонæй иу у  нымæц авд. Авдимæ бирæ дзырдбæстытæ ис.Авд хуры, Авд Уациллайы, Ерманы, Пуриаты. Регахты, Гæлиаты, Узы Авд дзуары.Авд æддæгуæлейы.

Аргъæутты авд дуары, Уæйыгыл авд сæры, Авд хохы сæрты ахизы таурæгъы, аргъауы хъæбатыр. Бæркæдтæ дæр, дам, авд-авды сты. Нарты кадджытæй «Уырызмæджы мæсыг», зæгъгæ, уым Уастырджы дзуры Уырызмæгмæ: «Дæ мадырвадæлтæй цы цъынды æрхастай, уый ахæсс фæстæмæ. Ацу мæ бæхыл, дæ хион йæ сæрæн нал у. Акæн мæ куыдзы дæр. Куыдз фурдмæ ныррæйдзæни, науæд дæхи хъæр нæ фехъуысдзæн Домбеттыртæм. Стæй дæм чи фæзына, уыдонæн дæ цъынды ратт æмæ зæгъ: «Авд хатты мæм авд фæлтæры авд-авды адæм æрхуы мæсыг амайынмæ куыд фæзынат Нартыхъæумæ». Ома, 2401 адæймагæй.

Дзырд авдæн дæр арæзт у нымæцон авдæй, ома, авд сывæллоны бæрц кæмæн уыд нæ фыдæлтæй, уыдон нымад уыдысты æххæст бинонтыл. Æвдæм сывæллоныл та арæх æвæрдтой(уæлдайдæр та дыгурмæ) ном Авдан-Æвдæм.

6.  Хибарæй куыст (220-æм фæлтæрæн)

7.  Ныффыссут дзырдтæ нымæцтæй:

Туман – 10, сомырдæг – 50, абази – 20, суари – 5, капекк – 1.

 

Ахуыргæнæг

Нымæцонтæ æвзаджы дзырдуатон сконды ахсынц егъау бынат. Адæм нымайын райдыдтой æнгуылдзтæй пайда кæнгæйæ. Фыццаг иу къухы æнгуылдзтыл, стæй та дыккаг къухы æнгуылдзтæ бафтыдтой; фæстагмæ сæ нымайынмæ бахъуыдысты сæ къæхты æнгуылдзтæ дæр.

Ирон æвзаджы ис дыууæ хуызы нымад: ссæдзгæйттæй æмæ дæсгæйттæй.

Кæсæм «Дæсгæйттæй нымад» Тыбылты А. –мæ гæсгæ.

Дæсгæйттæй нымад фæзынд адæмы культурæйы рæзтимæ, егъаудæр нымæцтæй арæхдæр пайда кæнын куы бахъуыдис, уæд. Уый фадат радта цыфæнды нымæцтæ фыссынæн, стæй алыхуызон арифметикон операцитæ кæнын дæр. Фыццагдæр фæзынд Индийы, уымæн æмæ уым уыдис культурæйы тæккæ рагондæр артдзæстытæй иу. Ардыгæй цыбыр рæстæгмæ ахæлиу Ныгуылæны бæстæтыл. Нæ рагон фыдæлтæ уыдысты, ацы системæ фыццагдæр чи райста æмæ йæ иннæ адæмтыл чи хæлиу кодта, уыцы адæмтæй.

III. Æрмæг бафидар кæнын.

1.                     Ацы нымæцтæм æркæсут. Ныффыссут сæ дзырдтæ дæсгæйттæй æмæ ссæдзгæйттæй нымады хуызы.

20, 24, 30, 35, 40, 42, 50, 56, 60, 70, 75, 80, 88, 90, 95, 99, 100, 135, 1990.

2.                     Лæвæрд хъуыдыйæдты ссарут нымæцонтæ, раттут сæм фæрстытæ æмæ зæгъут, предметтæн (номдартæн) цы нысан кæнынц, уый.

 

1) Авд лæппуйы зилынц Фсатийы алыварс.

2) Иннæ авд æддæдæр аходæн фыцынц.

3) Фæлæ Хъуыбады йæ фос нымады фынддæс нæ ары.

4) Авд сæры уæйыгыл зайы, - зондæй та  - къæдзæх!

5) Фарæстæмы ам нæ уыдтæн, ахæтын мæ хъуыд.

6) Æхсæрдæсаздзыд – лæджы бындзæфхад, -  …

7) Ссæдз азмæ азгай æххуырсты цыдтæн…

3.            Сфæлдыстадон куыст.

Ныффыссут адæймаджы буары хæйттæ, уæнгтæ нымæцтæй пайдагæнгæйæ.

4. Фæлтæрæн 225. (ныффыссын нымæцтæ цифрæтæй)

 

IV. Бакусын ныхасы рæзтыл.

Фарст. Цавæр професси балæвар кодта нæ адæмæн хæдзарадон  ныхасы хай нымæцон (Нымайæг).

1.            Грамматикон фæлварæн. Саразын куыст газеттæ æмæ журналтимæ.

Хæс. Ссарут нымæцтæ кæм ис, ахæм уацтæ, æмæ сæ бакæсут. Фарст. Цæмæн хъæуы нымайæджы дæсныйад?

(Ахуырдзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ).

 

V. Афæлгæст урочы æрмæгыл.

-              Цы базыдтат абон ногæй урочы?

-              Сывæллæттæ, уæдæ фæйнæгыл цы æнахуыр хъуыдыйад ныффыстон, уый баххæст кæнæм.

VI. Бæрæггæнæнтæ.

VII. Хæдзармæ куыст.

1.             Сахуыр кæнын раиртаст.

2.             Ныффыссын радзырд «Мæ боны фæтк».

 


 

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Уроки по теме "Антонимы.", " Числительное." "Обращение.""

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 2 месяца

Специалист архива

Получите профессию

Экскурсовод (гид)

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 655 160 материалов в базе

Скачать материал

Другие материалы

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 17.11.2016 473
    • DOCX 83 кбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Гуларова Берта Викторовна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Гуларова Берта Викторовна
    Гуларова Берта Викторовна
    • На сайте: 7 лет и 5 месяцев
    • Подписчики: 0
    • Всего просмотров: 2477
    • Всего материалов: 5

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Бухгалтер

Бухгалтер

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 20 человек из 14 регионов

Курс профессиональной переподготовки

Организация деятельности библиотекаря в профессиональном образовании

Библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3950 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 284 человека из 67 регионов
  • Этот курс уже прошли 847 человек

Курс профессиональной переподготовки

Руководство электронной службой архивов, библиотек и информационно-библиотечных центров

Начальник отдела (заведующий отделом) архива

600 ч.

9840 руб. 5900 руб.
Подать заявку О курсе
  • Этот курс уже прошли 25 человек

Курс повышения квалификации

Специалист в области охраны труда

72/180 ч.

от 1750 руб. от 1050 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 33 человека из 20 регионов
  • Этот курс уже прошли 152 человека

Мини-курс

Психологические механизмы и стратегии: сохранения психологического равновесия

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 24 человека из 12 регионов
  • Этот курс уже прошли 12 человек

Мини-курс

Психология личности: свойства и характеристики личности

5 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 59 человек из 27 регионов

Мини-курс

Успешные деловые сделки: от встреч до заключения контракта

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе