Рабочие листы
к вашим урокам
Скачать
1 слайд
РУХС ÆМÆ РÆСТДЗИНАДЫ
ПЕХУЫМПАР
2 слайд
3 слайд
4 слайд
5 слайд
6 слайд
Ирон адæм фыдæй-фыртмæ се стырдæр хæзнатыл нымадтой æртæ хорзæхы: æфсарм, æгъдау æмæ намыс. Нæ сын уыд фæцудæн цыфæнды зындзинæдты æмæ хъысмæты фыдæвзарæнты дæр. Уыдон немæ уыдысты æнусты дæргъы, уыдысты нæ туджы, нæ царды, нæ куысты æмæ нæ бадты, уымæн æмæ цæуынц ирон лæджы зæрдæйæ æмæ зæрдæмæ, кæд фыдæх æмæ хæрам иу æмæ дыууæ хатты нæ хъавыдысты сæ фехалынмæ, ирон фарн бабын кæнынмæ, ирон туджы фæд сыскъуынынмæ, уæддæр.
7 слайд
Цæуынц æмæ азтæ. Æнæрынцойæ згъорынц размæ. Ралæууыд фæлдурæджын рæстæг æмæ бахаудтам бынтон тæссаг уавæры. Хæлæг тыхтæ æппæт мадзæлттæй хъавынц нæ иудзинад фехалынмæ, не хсæн тауынц фыдæх æмæ хæрам. Ссонынц нæ дихтæй æдыхты сæрсæфæнмæ. Армыдзаг ирон адæм ныххæлиутæ сты динты алыхуызон къæсæртыл, рахау-бахау кæнынц, сæ уды фарн кæм сафынц уыцы пыхс æмæ æвидыц къæсæртыл. Сæрсæфæнмæ фæндагыл мигъ бады æмæ дзы фесæфтам нæ хуыздæрты хуыздæры, чи нæ хъахъхъæдта уыцы фæндагæй æмæ тох кодта йæ фесæфыныл. Хæрам къухæй мæрдтæм бацыд нæ зæрдиаг хъæбул, Ирыстон йæ сины сæртыл кæмæн хæцыд, уый – Джыккайты Шамил.
8 слайд
9 слайд
Джыккайты Шамилы хъуытаз, ныфсджын хъæлæс нæ Иры кæмтты æмæ быдырты нал зæлы ныр цалдæр азы. Йæ бабынгæнджытæ афтæ æнхъæлдтой, мæрдтæй дæр нал сæхъуысдзæн йæ хъæр, фæци ныр йæ дуг. Фæлæ фын алы хатт æцæгмæ нæ цæуы: дзæнæты дунейæ нæм сиды Шамил: «Ам кæй фарсмæ дæн, уыцы сæрхъуызойты номæй уæ ноджы дæр фæдзæхсын: ма руадзут ирон лæджы кад дæлæмæ, ма радтут нæ зæххæй иу гæппæл дæр тыхæйисджытæн, æнæуи дæр æй фаг фæраскъуын-баскъуын кодтой.
10 слайд
11 слайд
Шамил нал ис. Уый йæ буар нал ис, фæлæ уæлæуыл æнустæм баззад йе стыр бирæвæрсыг курдиат: йæ тохы хъæр, йæ куырыхон ныхас, йæ зонд, йæ дзырды фарн.
Ирон адæмæн, рæстаг адæмæн! Цас фылдæр бонтæ, азтæ цæуы, уый бæрц фылдæр адæм зонгæ кæндзысты йемæ, æмæ цæрдзæн сæ зæрдæты, сæ зонды. Хондзæн сæ Къостайы «Ирон фæндыры»- ау иудзинадмæ, рухсмæ, Фыдыбæстыл иузæрдиондзинадмæ, рæстдзинадмæ. Йе стырдæр бæллиц та уыд: « Тæхуды…
Кæй дзыллæ у фидар йæ тыхтæй,
Кæй фидæн у знæгтæй æвыд…
Æмдзæвгæ: «Тæхуды». (Кæсы Джыккайты Шамил).
12 слайд
13 слайд
14 слайд
Уæлеон дунейы ныр дæр йæ уаз хъæлæс хъуысы Шамилæн, фæдзæхсы нæ:
«Ыскæн нæ Иры фазæттау æмдзæрин,
Цы нæ фесæфти, уыдон нын æгъгъæд.
Нæ рæхыс уæд æрвон тыхтæй сыгъзæрин
Хæрамæн уæнт нæ къæсæртæ æхгæд».
15 слайд
Афтæ нын амоны Шамил. Фыццаг хатт æй зæгъгæ та кодта 1989 азы Джеоргуыбайы мæйы. Раст уыцы рæстæг Гуырдзыстоны гамсахурдионтæ Джеоргуыбайы боны, 23 ноябры, сæдæгай минтæй стæры æрбацыдысты Хуссар Ирыстонмæ, фæлæ сæ ирон сахъгырдтæ Цхинвалмæ не рбауагътой. Джыккайты фæдисон дæр Хуссар Иры февзæрд. Æмæ та йæ рыст, тыхст зæрдæйæ райгуырд ног фæдзæхсты нысан:
«Мæ хъарæгй сымахмæ сидын азæр,
Нæртон лæгтæ- Чермен æмæ Тотырадз
Тыхгæнджыты тых басæттæт уæ азæр.
Æмдзæвгæ: «Бафæлладтæн…».
16 слайд
17 слайд
18 слайд
19 слайд
Хæддзуйæн макуы батайæд нæ хор.
Хæддзу «уазджытæ» арæх цыд Ирыстонмæ:
Нæ зæххæй сæ хай хъуыди. Æмæ та-иу мадæлтæ саутæ скодтой сæ хъæбултыл. Фыдгулты ныхмæ ирон лæппутæ хъæддыхæй лæууыдысты, фæлæ ныккалд туг….. Ныццагъды сты Беслæны фыдбоны скъолайы нæ «гыццыл хуртæ», сæ ныййарджытæ. Фæстаг рæстæг ацы æбуалгъ цаутæй дзуринагдæр нæ уыд Шамил – патриотæн.
Уыцы фыдохы заман йæ бон нæ уыд зæххы æмуæз хъыг йæ риуы хæссын æмæ йæ къухтæм райста йæ фыссæн сис. Æвирхъау трагедийы ном ссардта поэмæ: «Иры стыр хъарæг»-æй.
Æмдзæвгæ: «Иры стыр хъарæг».
20 слайд
21 слайд
22 слайд
23 слайд
Фыдохы фыдбылыз æрцыд ирон адæмыл, Иры зæхх фестад зындон, ирон адæмы хъыг нæ фæразынц зæгъын арв дæр æмæ хох дæр. Нæ судзгæ рис анхъæвзыд æппæт бæстæтыл, æмæ дуне базмæлыд. Нæ сабиты тæригъæдæй сæ цæстыты туг ныббадти. Сæ иумæйаг хъуыды хъæддыхæй загътой: хъуамæ нæ фыддуджы сау рынтæн рæстзæрдæ адæм сæттын ма бакомой. Ам дæр та не стыр поэт равдыста, фидар зондыл хæст кæй у, уый.
Æмдзæвгæ: «Сæркъулæй».
Зарæг: «Беслан». (Слайдтæ).
24 слайд
25 слайд
26 слайд
БЕСЛАН
1.09.2004.
27 слайд
Афтæ æргом æмæ уæндонæй чи сдзырдтаид уыцы дудгæ бонты? Иры рыстзæрдæ дзыллæтæ кæй ныхасмæ æрыхъуыстаиккой?
О, сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы поэтмæ – Джыккайы фыртмæ!
Чи уыд Шамил нæ Ирён? Куырыхон зонды хицау, йæ риуы зынгзæрдæ кæмæн тæлфыд, йæ уды рæбинаг катай йæ адæмы хорздзинадыл кæмæн уыд. Ныхасы зæрингуырд. Хорз æмгар. Дзæбæх сыхаг. Хъомылгæнæг, зондамонæг, кæстæрты раст фæндагыл аразæг. Фæлæ йын йæ удыгасæй чи загъта ацы ныхæстæ? Ничи. Уый нæ, фæлæ ма йын йæ размæ æвæрдтой цæлхдуртæ, æфхæрдтой йæ дам-думтæй, мыхуыры фæрцы йæ æлхыскъ кодтой. Фæлæ цы у домбайæн мæлдзыджы хæст? Шамил сæ мурмæ дæр нæ дардта. Уыд комкоммæ дзураг æмæ-иу йæ азым алкæмæн дæр загъта лæгæй-лæгмæ, цæсгомæй-цæсгоммæ. Стæй -иу уæд æрбадт йæ кæнинæгтыл æмæ æхсæв бон нæ хынцгæйæ, цыд сфæлдыстадон фæндагыл иу уæлахизæй иннæмæ.
28 слайд
29 слайд
30 слайд
Нарты цот никуы фёуыдзæн фыдвæд æмæ æвæд
Уыраугæ хъуысы дунетыл нæ хъарæг,
Кæнæм сæркъулæй додой æмæ сар,
Уæддæр та зæлдзæн иу афон нæ зарæг,
Нæ хуымты суаддзæн фарны хор æвзæр.
Шамил цард нæ адæмы цардæй. Нæ зæхх, нæ уæзæг поэт хуыдта æппæты зынаргъдæр хæзна. Йæ бахъахъхъæныныл дзырдта ныфсхастæй æмæ сæрибарæй. Аудыдта Ирыстоны дыууæ хайыл дæр Лæггад сын кодта, йæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ. Фыдыуæзæгæн йæ зæрдæ æмæ зонд уыдысты гæнах æмæ уарт. Цыд иу фæндагыл – аивдзинад æмæ рæстдзинады фæндагыл йæ зæрдæ æмæ йæ идеалтæ нæ ивгæйæ.
Æмдзæвгæ: «Цæуын сындæг…».
Ирыстон уыд йæ рызт, йæ маст æмæ йæ уарзт.
Клип.
31 слайд
32 слайд
Кём райгуырдтён, уыцы комы алы къуыпп
Дёр зыдтон ёмё хъуыды кодтон, кём цы дидинёг ёмё кёрдёг задис, уыдон дёр мё рох нё уыдысты. Уыцы ком мын афтё адджын уыд, ёмё ёдзухдёр мё фынты уым уыдтён… Уыцы цард мёнён уыд рёсугъд фын ёмё аргъау…
Джыккайты Шамил.
33 слайд
34 слайд
Дзомагъгом… Ацы хъæуы райгуырд Шамил 25 февралы 1940 азы. Дыууадæс азы йыл куы сæххæст, уæд йæ фыд Федыр цæрынмæ ралыгъд Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцард Камбилеевкæйы хъæуы. Фидæны фыссæг æмæ ахуыргонд каст фæци ацы хъæуы астæуккаг скъола, стæй та Цæгат Ирыстоны пединститут, уый фæстæ та Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты кандидаты диссертаци æмæ уæд кусын райдыдта университеты. Бафыдæбон дзы кодта 40 азы бæрц.
Киноныв: Джыккайты Шамил.
35 слайд
36 слайд
37 слайд
38 слайд
39 слайд
Бирæ, тынг бирæ сты йæ лæггæдтæ ирон аив дзырды сæрвæлтау. Уыд æмæ у поэт, драматург, тæлмацгæнæг, прозаик, публицист, 150 зонадон куыстæй фылдæры автор. Мыхуыры рауагътой æхсæз поэтикон æмбырдгонды æмæ æртæ драмон уацмысы, хицæн чингуытæ нæ классикты цард æмæ сфæлдыстадон фæндагыл, ирон фольклорæй.
Ирон æвзагмæ раивта Шекспиры «Король Лир», Э.Ростоны, Ф.Шиллеры, Р.Бернсы, М.Лермонтовы æмæ æндæр поэтты æмдзæвгæтæ. Йæхи фыст æмæ тæлмац драмон уацмыстæ се ппæт дæр æвæрд æрцыдысты сценæйыл.
Йæ редакцигондæй рухс федтой Хетæгкаты Къостайы уацмысты æххæст академион æмбырдгонд, Нарты эпос. Йæ номыл Хуссар Ирыстоны снысан кодтой преми.
40 слайд
41 слайд
Ирыстоны адæмон поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, профессор, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты декан Джыккайты Шамилæн стыр кад уыд æмæ ис дыууæ Ирыстоны дæр.
Шамилы хуызæттæ иугæйттæ вæййынц æмæ а дунемæ хæсимæ æрцæуынц адæмы размæ Хуыцауæй хæсджынæй . Дзырды бардуаджы ном цæрдзæн немæ. Йæ фарн æмæ нын йæ намыс та уыдзысты фæндагамонæг.
Æмдзæвгæ: «Арфæйы дзырд».
Æмдзæвгæ: «Шамилы мысгæйæ».
42 слайд
43 слайд
44 слайд
Стъалы стъалытём атахт… Фæлæ зæрдæйы сæвзæры ныфсы рухс : дзæнæты бад, нæ адæмы сæрхъуызой – Джыккайты Шамил, а дунейы дæ ном рох никуы уыдзæн.
«Цы агуырдтай, уый ссардтай» - æнусон намыс æмæ кад… Махмæ та дардæй хъуысдзæн дæ нæргæ хъæлæс:
«Æрвонн ысты мё зарæгæн йæ зæлтæ…
Ныффæлдæхæд мæ цæсты рухсыл дур,
Уæддæр ысуаддзæн рухсы билцъ мæ зæрдæ…».
Æмдзæвгæ: «Дæ кад дæ азтæй…».
Киноныв: Джыккайты Шамил.
45 слайд
ФЕДЫРЫ
ФЫРТ
ДЖЫККАЙТЫ
ШАМИЛ
ШАМИЛ
ШАМИЛ
46 слайд
47 слайд
«Æз амондджын дæн: уарзт æмæ куыстæй.
Мæхæдæг рухсыл амайын мæ зонд.
Цы кæнын,-уый æхцон æмæ рæстæй,
Цы кусын,-уый нæ фидæны сæраппонд».
Дж.Шамиль.
48 слайд
«Уырны дæ – царды сконд нæ ивы,
Нывонд у алцы дæр бæстон.
Цъæх арвæй хурзæрин æрттивы,
Цæуы æхсæвы фæстæ бон».
Дж.Шамиль.
49 слайд
Нæ зæхмё рухс тынæй æрхызтæн,
Цæмæй дзы уа рæстдзинадæн цæрæн…
ДЖ.ШАМИЛ
50 слайд
Цы уыд мæнæн æрдзы скондæй лæвæрд…
Цы уыд мæ уды вæрæнты рæбинаг.
Æз уыдонæй ыскæндзынæн мæ чиныг…
Сæрибар лæг, уæлæмæ сис дæ сæр!...
Дж.Шамиль
51 слайд
Уæззау æмæ трагикон у сæрибарыл тохгæнæг хъайтары хъысмæт.
ДЖЫККАЙТЫ
ШАМИЛ.
52 слайд
« Адæймаг йæ адæм æмæ йæ зæххæй
иппæрдæй у æгад æмæ ницæйаг».
Дж.Шамил.
53 слайд
Нæ тæрсын æз мæ адæмæн бынсæфтæй,
Нæ уыдзæн Ир фыдвæд æмæ æвæд!
Уыраугæ хъуысы дунетыл нæ хъарæг,
Кæнæм сæркъулой додой æмæ сар,
Уæддæр та зæлдзæн иу афон
нæ зарæг,
Нæ хуымты суаддзæн фарны
хор æвзар.
Дж.Шамил.
54 слайд
Ыссудз мæ уд Амыраны цъæх артæй,
Рæстдзинады пехуымпар мæ ыскæн!
Джыккайты Ш.
55 слайд
«Мæ риу – уæрæх, мæ зæрдæ тохмæ – зыд!
Æхсоны цæв – æмæ цæхæртæ калдзæн».
Джыккайты Ш.
56 слайд
«Мё риу – уёрёх, мё зёрдё тохмё – зыд!
Ёхсоны цёв – ёмё цёхёртё калдзён».
Джыккайты Ш.
57 слайд
«Ныфсджын дæн æз!
Нæма бахус нæ уидаг
Æмæ та ногæй рухс талатæ
суаддзæн».
Дж.Шамиль.
58 слайд
Хъæздыг дæн æз, æвидигæ мæ бынтæ,
Сæ фарн мын радтой нартæ æмæ чынтæ…
Джыккайты Ш.
59 слайд
Æгас нæм цу, нæ фыдёлты тырыса!
Нæ фæндтæн ратт сæрибар æмæ цард!
Дæ фарн рæстæй ысиу нæ бæстæ,
Нæ зæрдæты нын бауадз æхсар
Æмæ фæуæд ирон адæмæн уарзон.
60 слайд
Хъазуаты сидтæн æз фæдис,
Фæткъуы бæлас
ныссагътон.
Мæнæн, цы зæгъон,
уый уыдис.
Зёæъын цы хъуыд,
уый загътон.
Джыккайты Ш.
61 слайд
Рабочие листы
к вашим урокам
Скачать
6 663 210 материалов в базе
Настоящий материал опубликован пользователем Битарова Вера Муратовна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт
Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.
Удалить материалВаша скидка на курсы
40%Курс профессиональной переподготовки
300/600 ч.
Курс профессиональной переподготовки
600 ч.
Курс профессиональной переподготовки
300/600 ч.
Мини-курс
3 ч.
Мини-курс
10 ч.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.