Занятие ""Звуковая культура речи"

Предпросмотр материала:

 

 

 

Занятие на тему:

«Звуковая культура речи»

 

 

Воспитатель осетинского языка: Томаева И. Т.

 

 

 

 

 

Ахуыры темæ: Мыр æмæ дамгъæ Къ.

 

Хъомыладон хæс: Сабитæн уарзын кæнын æрдз, ахуыр сæ кæнын æрдзыл аудын, фæллой уарзыныл.

Ахуыры нысан: Бацамонын сабитæн мыр къ æмæ дамгъæтæ Къ,къ.

Ног дзырдтæ: къуыбар, къуыбыр, къул, къамбец

 

Ахуыры цыд :

1. Рацыд æрмæгыл æрныхас кæнгæйæ, сбæрæг кæнын, сабитæ куыд бахъуыды кодтой азы афонтæ æмæ сæ бæрæггæнæнтæ.

-         Сабитæ, зæгъут-ма, цавæр азы афон æвдыст цæуы ацы нывы, цæмæй бæрæг у?

-         Цавæр азы афонтæ ма зонут? Цавæр бæрæггæнæтæ сын ис?

-         Цавæр азы афон уарзыс æппæты фылдæр? Цæмæн цæуы дæ зæрдæмæ?

 

2.Аулæфын кæнын сабиты.

3.Ног æрмæгыл бакуыст.

-         Чи мын зæгъдзæн, цавæр азы афон у ныртæккæ?

-         Цавæр бæрæггæнæнтæ ис зымæгæн?

-         Мит бирæ куы ныууары, уæд уый сывæллæттæн æхсызгон цæмæн вæййы?

-         Цы фæаразынц сабитæ митæй?

-         Миты къуыбæрттæ.

-         Æмæ кæм фæбырынц сабитæ?

-         Къуыбырыл.

-         Ноджы ма цæмæй фæхъазынц?

-         Фезгъорынц къахдзоныгътыл.

 

4. Цавæр иумæйаг мыр ис дзырдтæ къуыбыр, къуыбар æмæ къахдзоныгъ-ы?

 

5.      Хъæрæй-ма зæгъæм иумæ - къ къ къ къ къ къ .

- Чи уæ цавæр дзырдтæ зоны мыр къ-имæ?

Къæбæр, къах, къух, къаффет, кърандас, къул, къус, къона, къæлиндар.

Уæдæ нæ чи нæ зоны нæ уарзон поэт ... .Къостайы.

6.      Беседæ « Хæдзарон фос цы пайда сты адæймагæн?»

-         Цавæр хæдзарон фос зонут?

-         Къ-йæ цавæр фосæн райдайы йæ ном?

-         Къамбецæн.

-         Цы пайда хæссы къамбец?

-         Цы фæхæры къамбец?

-         Цавæр фос ма дæтты æхсыр?

-         Цавæр хæринæгтæ кæнынц æхсырæй?

-         Хъæуты кæм фæдарынц хæринæгтæ?

-         Къæбицы?

-         Цавæр арфæтæ зонут къæбицы тыххæй?

-         Уæ къæбиц алцæмæй дæp дзаг куыд уа, куыд ныкуы сафтид уа?

-         Цæмæй къæбиц дзаг уа, уый тыххæй та цы хъæуы?

-         Хъæуы кусын.

-         Кæд хъæуы райдайын кусын, цæмæй къæбиц байдзаг уа?

-         Уалдзæджы куы нæ бакусай, уæд дæм исты уыдзæн? Цæуылнæ?

-         Цы хъуамæ зона алчи дæр?

-         Царды алы хорздзинад дæр кусынæй кæй цæуы. Бавдисын сывæллæттæн ахæм нывтæ, кæцыты:

-         кусынц сабитæ æмæ хистæрæтæ;

-         фынджы уæлхъус бадынц æмæ хæрынц бинонтæ.

Бафæрсын сабиты:

-         Цæмæн сты афтæ хъæлдæзг ацы бинонтæ?

-         Сæхи фæллойæ кæй хæрынц, уый тыххæй.

 

Хорз фæллой кæнын ирон адæммæ стыр кадыл нымад кæй уыдис, уый бæрæг у æмбисæндтæй:

 

Уалдзæджы фæллой - фæззæджы сой.

Уалдзыгон бон афæдз дары.

Чи нæ кусы, уый нæ хæры.

Хорз куыстæн - хорз кад.

 

Сымах та куыд хъуыды кæнут, хæдзары ууыл ахъуыды кæнут.

 

 

Краткое описание материала

Занятие ""Звуковая культура речи"

    DOCX

Файл будет скачан в формате:

    DOCX

Краткое описание материала

Автор материала

Томаева Ирина Таймуразовна

воспитатель осетинского языка

  • На сайте: 10 лет и 8 месяцев
  • Всего просмотров: 5230
  • Подписчики: 0
  • Всего материалов: 7
  • 5230
    просмотров
  • 7
    материалов
  • 0
    подписчиков

Настоящий материал опубликован пользователем Томаева Ирина Таймуразовна.
Инфоурок является информационным посредником. Всю ответственность за опубликованные материалы несут пользователи, загрузившие материал на сайт. Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете на материал.

Другие материалы

Вам будут интересны эти курсы: