МБОУ
«Средняя общеобразовательная школа №1 с. Ногир»
Ирон литературæйы урочы
пълан 6-æм къласæн
Урочы темæ : Зыд æмæ
кæрæфдзинад Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарæг»-ы
Урок бацаттæ кодта : ирон æвзаг
æмæ литературæйы
ахуыргæнæг
Хъороты Иринæ
с. Ногир
Ирон литературæйы урочы пълан 6
къласы
Урок бацæттæ кодта Хъороты Иринæ
Темæ: Зыд æмæ кæрæфдзинад Хетæгкаты
Къостайы басня «Марходарæг»-ы
Нысан:АбарынХетæгкаты
Къ. басня «Марходарæг» æмæ И.А.Крыловы басня «Лисица и виноград».
Универсалон ахуырадон архайдтытæ Ахуырадон:
Текстимæ куыст: темæ æмæ сæйраг хъуыды æргом
кæнын тексты мидæг. Цалдæр текстимæ кусын.
Дыууæ уацмысы кæрæдзийыл абарст, анализ.
Коммуникативон:
Хи хъуыды дзурын æмæ йæ фæлварын фидар кæнын
Къордты куыст
Регулятивон:
Хатдзæгтæ аразын
Аив кæсын текст
Æрмæг:Басняты
чингуыты равдыст, презентаци, карточкæтæ таблицæимæ.
Эпиграф: «Рагон адæймаг йæхи æмбарынхъом куы
фæци, уæд йæ алыварс акас æмæ æрсагьæс кодта дунейыл, стæй йæхиуыл. Йæ размæ æвзæрд
дыууæ фарстайы: куыд арæзт дуне, стæй адæймаг йæхи хъуамæ куыд дара? Фьццаг фарстæн
дзуапп лæвæрдта мифтæй, дыккагæн та - басняйæ»
Эзоп.
Урочыцыд:
I.
Бацæттæгæнæн рæстæг.
Уазджытæн салам раттын.
II.
Сывæллæттæ, нæ урок райдайын мæ фæнды дзырдбыдæй.
Баххæст мА йæ кæнæм æмæ базонæм, нæ урочы абон цæуыл дзурдзыстæм, уый.
|
|
1 з
|
ы
|
м
|
æ
|
2 а
|
л
|
о
|
л
|
л
|
а
|
3 г
|
и
|
н
|
о
|
|
|
4 ф
|
ы
|
д
|
у
|
а
|
г
|
|
5 м
|
а
|
д
|
|
|
|
6 а
|
м
|
о
|
н
|
д
|
|
7 ф
|
ы
|
д
|
|
|
8 ф
|
æ
|
н
|
д
|
ы
|
р
|
9 к
|
а
|
д
|
|
|
|
Фæрсырдæм:
1.Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ афæдзы афонтæй
иуы тыххæй
2.Авдæны зарæджы ном
3.Къостайы æмдзæвгæ гæдыйы тыххæй
4.Коммæ чи нæ фæкæсы, уыцы лæппуйы ном
5.Æппæтæй зынаргьдæр адæймаг сывæллоны царды
6.Къоста цæрæнбонты
цæмæ
бæллыд
йæ
адæмæн?
7.Къостайæ... Леуанæн стыр
аргъ кодта
8.Къоста йæ
æмдзæвгæты æмбырдгонд
цавæр музыкалон инструменты номæй схуыдта?
9.Ирон адæм Къостайæн кæндзысты
...
Цы дзырд уæм рауад
сырх цæджындзы, уыйма бакæнут. Цавæр литературон
жанры фембæлæм зондамындыл?
Эпиграфмæ
рахизын
æмæ
йæ
бамбарын
кæнын
3- Цы у басня?
4- Басняты сæйраг
архайджытæ чи вæййынц?
-Хæдзармæ
уын
лæвæрд уыди
ахæм
хæс:
бацагурут æмæ бацæттæ
кæнут
æрмæг зындгонд
уырыссаг æмæ фæсарæйнаг
басня фысджыты тыххæй. Уæ хорзæхæй,
базонгæ нæ кæнут цы зонындзинæдтæ райстат,
уыдонимæ.
1-аг ахуырдзау:Презентаци Эзопы тыххæй. Тотраты
Аллæ.
-
Эзопы дирагонбердзенаг басня фыссæг,
басняйы бындур æвæрæг.
Цардиæхсæзæмæнусынæэрæйыагъоммае.
Цагъайраг кæй уыди, уымæ гæсгæ
йæ
бон
рæстдзинад
æргом
дзурын нæуыд; уый тæссаг уыд йæ
цардæн.
Фæсномыг
ныхас кæй æрхъуыды кодта, уымæ
гæсгæйæ
ном баззад куыд «Эзопы æвзаг».
Эзопæн йæ
æддаг
бакаст фыдуынд уыд, фæлæ уыд курдиатджын æмæ
цыргъзонд
адæймаг,
хорз арæхст ис баснятæ фыссынмæ. Йæ
баснятæ
фыст
уыдысты прозæйæ, хуымæтæг æмæ
æнцон
æмбарæн æвзагæй,
цыргъзонд.
Таурæгьмæ
гæсгæ,
Эзоп фæмард Дельфийы. Дельфийæгтæ тарстысты,
сæ гæды,
фæлывд
митæ сын Эзоп куы рахъаер кæна æмæ
адæмы цæсты
куы фæхудинаг уой, уымæй. Цæмаей
дзы фервæзой, уый тыххæй йын йæ
хызыны
сусæгæй нывæрдтой аргьуанæй ист
сыгъзæрин къус. Схуыдтой йæ давæг,
рахастой йын марыны тархон æмæ йæ къæдзæхæй
раппæрстой. Æнаххос адæймаджы
кæй
амардтой, уый тыххæй сы æрцыд тынг бирæ
фыдбылызтæ.
2-аг ахуырдзау: Презентаци Плиты Алинайы.
Иван Крыловы
тыххæй.
Уырыссаг басня фыссæг
Иван Крыловы ном чи нæ фехъуыста, ахæм адæймагты
зын ссарæн у. Крылов райгуырд æртындæсæм февралы
мин авдсæдææхсай фарæстæм
(1769) азы. Йæ фыд службæ кодта æфсады,
фесгуыхт Пугачёвы растадырæстæг. Амард мæгуырæй
капитаны цины. Йæ мад кæд æнахуыргонд
уыд, уæддæр æрдзæй уыд
тынг зондджын сылгоймаг æмæ йæ фæндыд,
цæмæй йæ
цот
ахуыры фæндагыл ныллæууыдаиккой. Хæдзары
ахуыр кодтой фыссыныл, арифметикæ æмæ хуыцаумæ
кувыныл.
Мин авдсæдæ æвдай цыппæрæм
(1774) азы Крыловты бинонтæ æрцардысты Тверы.
Иванæн ахуыр кæныны фада фæцис
цыппар азы фæстæ. Бынæттон
хъæздыг
лæг
тынг фæдискода лæппуйы тырнын дзинадыл
ахуырмæ æмæ йын бар радта йæ
сывæллæттимæ
ахуыр
кæнынæн. Йæхи æгъдауæй сахуыр кодта литературæ,
математикæ, французаг æмæ италиаг æвзæгтæ.
Мин астсæдæ фарæстæм(1809)
азы фæзындис йæ басняты фыццаг чиныг. Йæ басняты хурмæ хаста адæймаджы аиппытæ:
хиуарзондзинад, хиппæлойты, цытуарзын, æдылыдзинад, мæнгарддзинад.
3-аг ахуырдзау: Презентаци Тотраты Викторийы.
Жан де Лафонтен у
зындгонд французаг поэт æмæ
басняфыссæг. Цард æхсæрдæсæм æнусы.
Йæ сывæллоны
бонты фыдуаг кæй уыдис, уымæ гæсгæ
йæ
йæ
ныййарджытæ
арвыстой
Парижмæ, семинарийы барад ахуыр
кэенынмэе. Фаестэемæ куы рбаздæхт, уæд цард йæныййарджытимæ. Иу цас даер рэестэеджы
фæстæ Парижмае ацыд æмæ
литературон
куыстыл ныллæууыд. Ныффыста дыууадæс(12)
басняты чиныджы. Йæ уацмыстæ уыдысты тынг цымыдисаг,
аив æвзагæй фыст, тæлмацгонд
цыдысты дунейы бирæ æвзæгтæм.
Равзæрстой йæ Французаг академийы
уæнгæй.
-
Стыр бузныг. Ирон литературæйы та чи фыста баснятæ?
-
Цавæр
басня сахуыр кодтам 5-æм къласы?
-
Чи нын æй æрлæууын
кæндзæн нæ зæрдыл?
-Цавæр зондамынд
райстам уыцы басняйæ?
-
Цавæр хорзминиуджытыл
нæ ахуыр
кæны?
-
Æвзæр миниуджытæй
та дзы кæцытыл худы Къоста?
Цы зонындзинæдтæ
райстам,
уыдоныл мА ноджыдæр бафтаудзыстæм,
цæмæй нæ
миддуне
хъæздыгдæр кæна,
ууыл бацархайдзыстæм.
Хъазт
- Ныр та мæ фæнды,
цæмæй иучысыл
ахъазæм. Нæ хъазт хуыйны
«Уырны уæ...?». Алы партæйыл дæр ис
сыфтæ таблицæимæ.
Цифрæтæй æз фæбæрæг кодтон
фарстаты нымæцтæ. Мæ
алы фарст дæр-иу райдайдзынæн ахæм дзырдтæй
«Уырны уæ...?» Кæд уæ
фарст
уырна, уæд дыккаг рæнхъы сæвæрдзыстут «+» нысан,кæд нæ, уад та
– « -« нысан.
- Цæттæ стут?
Уæдæ
райдайæм!
1)Уырны уæ, æмæ
басня
кæй
у цыбыр уацмыс. Йæ архайджытæ сты зайæгойтæ,
сырдтæ, дзаумæттæ, фæлæ
дзы
ныхас фæцæуы адæймаджы миниуджытыл?
2)Уырны уæ,
басняйы адæймаджы хорзминиуджытыл кæй фæхудынц,
уый?
3)Уырны уæ,
басняйы сæйраг хъуыды æмбисондæй загьд
кæй
æрцæуы,
уый?
4)Уырны уæ,
фыццаг баснятæ 2500 азы размæ кæй фæзындысты,
уый?
5)Уырны уæ,
Хетæгкаты Къоста баснятæ фыста, уый?
6)Уырны уæ,
баснятæ чи æрхъуыды кæны,
уыцы адæймаджы басня- фыссæг хонынц, уый?
7)Уырны уæ,
басня прозæйæ фыст вæййы,
уый?
Кæцы
фарстатæ уæм фæкастысты зын?
Ныр та уал уæ сыфтæ иуварс
авæрут. Раст дзуаппытæ раттат æви нæ, уый та сбæрæг кæндзыстæм, нæ урочы темæ куы
раргом кæнæм, уæд.
III.
НОГ
ÆРМÆГЫЛ КУЫСТ.
1.Радзурын таурæгь адæймаджы
зыд æмæ æнæфсисы тыххæй Байхъусут Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарæг»-мæ. Кæсыйæ
актёр Мерденты Юрий.
Равзарæм ма,
цы æнæзонгæ дзырдтæ
дзы
ис, уыдоны нысаниуæг.
2.Дзырдуатон куыст:
МАРХОДАРÆГ
– комдарæг
адæймаг.
Дингæнæг адæймаг æна фæдзиумæйы дæргъы
сойаг хæрын нæ фембæлы.
Уыцы бæрæг бон хуындис мархо.
Мархо чи дардта, уый та -
марходарæг.
УРСАГ- æхсыр
æмæ
æхсырæй конд хæринæгтæ.
МÆХЪИ
–хохы фæхстæй хос цæмæй ластой,
ахæм
хъилтæ.
УÆРДÆХ –
здыхст лыстæг уис, бæттæн,
синаг.
ГУЫДЫНХЪУС-чъынды,
гуыбындзæл, бирæхæраг.
3. Басняйы анализ
Чи сты басняйы архайджытæ?
(куыдз æмæ
гæды)
Цæмæ у
сæ каст
сæ
дыууæйæн дæр?
(сæ
каст у фиумæ, сæ бæллиц
сæххæссынæм,
фæлæ
уыцы
хъуыддаг сæ иуы къухы дæр не фты)
Цавæр
сусæгдзинад æмбæхсынц
сæ кæрæдзийæ
куыдз
æмæ
гæды?
(Сæ былы цъæрттæ
хæрынц
фиумæ, фæлæ уыцы
хабарыл сæ иудæр нæ сæтты).Басняйы
тексты кæцы рæнхъытæй бæрæг
у?
(Уый бæрæг у
куыдзы уайдзæф «Скастæ та йæм,
цы?» æмæ гæдыйы
дзуаппæй «Ма тæрс, æз мæ
цардæн базыдтон
æгьдау...
Æз
нал дæн мархохор дæуау»)
- Цавæр æмбисæндтæ
æрхæссын
у уæ бон ацы баснямæ?
«Зыдгæнæг æфсис
куы зонид, уæд зыддæр нæ
кæнид»
«Бирæйæ
бирæгь дæр не фсæды»
«Зыд æмæ
кæрæфы æфцæгыл
маргъдæр тæхын нæ уæнды»
«Лæджы
цæстæн бафсис
нæй»
«Цæст сыджыты
йеддæ мæ ницæмæ
йæ
фсæды»
«Хæлæггæнаг
цармæ цъындæй кæсы»
« Гуыбындæлылйæгуыбынкомдзогцæуы»
«Гуыбын дæ
куыд
фæхудинаг
кæна,
афтæ - ницы»
- Крыловы баснятæй уын
уæзæрдыл
кæцы
æрлæууын
кодта? («Лисица и виноград» (байхъусынæм)
- Æнгæс
сюжет мА ис Жан де Лафонтенмæ (ахуырдзау дзуры
басня)
Ныр та ахæм хæс: Абарæм Къостайы æмæ Иван
Крыловы баснятæ – цы сæм ис иумæйагæй æмæ цæмæй хицæн кæнынц кæраедзийæ. Адих уыдзыстут
къордтыл.
1-аг къорд сæхимæ бæрæг
кæндзысты æнгæсæй сæм цы ис, уый.
2-аг къорд та - сæ хицæндзинæдтæ.
Æххуысæн уæ разы уыдзысты
Басняты текстæ. Алы
къорды номæй дæр дзуапп дæтдзæн 1 ахуырдзау
(рæстæг 5 мин.)
Къоста. «Марходарæг» Крылов
И.А
«Лисица и виноград»
- Æрмæг куыд бамбæрстат, уый сбæрæг кæнынæн сæххæст кæнут
хибарæй тест. Фæнысан кæнут раст варианттæ æмæ уæ сыфтæ радæттут (2 мин)
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.