Инфоурок Другое КонспектыУрок посвященный дню памяти Джыккайты Шамилы

Урок посвященный дню памяти Джыккайты Шамилы

Скачать материал

                     Джыккайты Шамилы мысœн бон.

 

 

                           Стьалытœм стъалы атахт...

 

Сценœмœ рацœуынц 6 скъоладзауы ,сœ къухты цырагътœ.

 

Слайдтœ равдисын- Шамилы къамтœ.   

 

Уый арв нœ фегом,уый уœларвмœ зœххон стъалы атахт йе нусон бынатмœ...

Ǽрвон рухс байтыгъта йе мбœстœгты зœрдœты,радта сын ныфс œмœ рœстдзинад,уарзт œмœ бœллиц:        

                                «Ǽз- кард,œз Елиайы рœхыс дœн,

                                  Ǽз калын сау мигъты тœмœн.

                                  Нœ зœхмœ рухс тынœй œрхызтœн,

                                  Цœмœй дзы уа рœстдзинадœн цœрœн».

                                                                    1961 азы 31 октябрь

 

 

 

Рацœуынц дыууœ архайœджы.

 

 1-аг архайœг: Джиккайты Шамил –зындгонд ахуыргонд,адœмон поэт,драматург, публицист ,зонадон критик,œхсœнадон архайœг,фœстаг азты уыд ЦИПУ-йы филологон факультеты декан,литературон сфœлдыстадон кафедрайы сœргълœууœг, ирон œвзаг œмœ литературœйы ахуыргœнджыты ахуыргœнœг .

 

2-аг архайœг:

 

Йœ наукон куыстытœ сœдœ фœндзайœ фылдœр сты ,йœ ахуыргœнœн чингуытœй ахуыр кœнынц Хуссар œмœ Цагат Ирыстоны скъоладзаутœ.Шамилы курдиат у бирœвœрсыг,йœ уацмысты сœйраг темœтœ:райгуырœн бœстœмœ уарзондзинад,кад œмœ намыс,адœмы хъысмœтыл сагъœс.

 

Скъоладзау (Лазарты Д.) кœсы œмдзœвгœ Шамилы тыххœй.

 

                                Шамилœн.

 

Къоста дœ загътаид œфсымœр,

Дœ ныфсœн курдиат –œнцой,

Кœныс нœ рœстœджы цъысымœй,

Лœмарыс дойнаг дурœй сой.

 

Дзœбидыры зырнœйзылд хъултау

Дœ дзырдтœ бадынц алкœд сах.

Тœрсынц дœ аллонау фыдгултœ.

Ǽфсымœрау дœ уарзœм мах.

 

Вœййы дœм хаттœй-хатт рœдыд дœр,

Зœйау куы рафсœры дœ маст,

Фœлœ ма хатт œрвон œрттывд дœр

Куы рцœвы кувœндон бœлас!..

 

Ирыстон батыхтай дœ цармы,

Ǽнœдон ранœй уадзыс дон,

Цыма тœвд цœкуытœ дœ армы-

Мœнг ныхас дзурын нœу дœ бон!..

 

 

 

1-аг архайœг:  Ирыстоны ивгъуыд œмœ абон ,ирон адœмы цин œмœ хъыгтœ Шамил равдыста дзырдаивады œппœт жанрты дœр поэтикон œмбырдгœндты- «Бонвœрнон»,

«Ǽфсарм», «Амраны зœрдœ»,»Цœф сœгуыты зœрдœ», «Ǽхсœвы œртытœ», «Саст дзœнгœрœг».

 

2-аг архайœг: Уый у œцœг адœмон поэт,йœ демократон идейœтœй, йœ бœрзонд аивадœй.Йœ алы ныхас дœр у адœмы сœраппонд.Адœмы хъахъхъœнын,рœстдзинад агурын у йœ царды нысан.Фидарœй, зонд œмœ зœрдœйœ поэт йœхицœн равзœрста  œмœ сныв кодта зын, фœлœ арфœйаг цардвœндаг- адœмы сагъœстœ œмœ бœллицтœ дзурын,уарзон адœмœн лœггад кœнын.

 

Скъоладзау кœсы œмдзœвгœ  «Дыууадœс дзырды».

      

       Ирон дзырдтœ мын хуртœ сты... Уœддœр

       Дыууадœс дзырды се ппœтœй хуыздœр.

       Лœууы сœ сœргъы фарны дзырдтœн     - Цард

 

        Йœ фидауц уымœн-арвы стъœлфœн- Арт

 

        Нœртон дзырдтœн сœ фœлмœндœр у – Мад.

 

        Цœуы йœ армœй адœмыл - Бœркад.

 

        Нœ дзыллœйœн йœ рухсдœр бœллиц- Фарн.

 

        Уœздан лœгœн йœ уœлдœр цин- Ǽфсарм.

 

        Сыгъдœг удœн йœ мœты сœр -  Хœлар.

 

         Ыскœны мах Хуыцауы œмсœр –Ǽхсар.

 

         Лœджы нысан –Сœрибар œмœ Кад.

 

         Сœ сœрвœлтаухъœуы хœцынœн –Кард.

 

         Ǽппœт хœрзтœн Ирыстон у бындур,-

 

         Ǽнœ уый мœн нœ тавдзœни сœ хур.

 

 

1-аг архайœг:  Шамил цœры адœмы цардœй.Йœ фыццаг къахдзœфтœй дœр уымœн бœрœг уыд йœ хœс œмœ йœ нысан.Цœуы иу фœндагыл- аивдзинад œмœ рœстдзинады фœндагыл, рœзы, сси дœсны œмœ куырыхон фыссœг œмœ ахуыргœнœг. Нœ ивынц йœ зœрдœ œмœ йœ идеалтœ. Зœрдœрыст œмœ сœрыстырœй фыссы:

 

                                             Скъоладзау касы œмдзœвгœ.

                                    Цœрын сындœг

                                          Сарыстырœй зœххыл.

                                    Кœсын œнцад

                                          Нœ дунемœ œвронгœй,

                                    Ǽнœмœт бон

                                           Нœ ацыди мœныл,

                                     Нœ райстон цардœй

                                           Мисхал дœр œввонгœй.

                                      Ǽз амодджын дœн:

                                           Уарзт œмœ куыстœй

                                      Мœхœдœг рухсыл

                                            Амайын мœ амонд,

                                       Цы кœнын,-уый

                                             Œхцон œмœ рœстœгœй,

                                        Цы кусын,- уый нœ фидœны сœраппонд.

      

 

2-аг архайœг:   Нœ адœмон поэтœн йе сфœлдыстад бирœвœрсыг у.Ǽмдзœвгœтœй уœлдай фыссы драмон œмœ прозаикон уацмыстœ: «Цомахъ»,  «Санаты Сем »,«Ныхасы фарн», «Намыс», «Хъодыгонд зœд» œмœ œндœртœ.

 

 

                         Равдисын скъуыддзаг  «Хъодыгонд зœд»-œй.

 

 

1-аг архайœг: Шамил тыхсы йœ адœмыл ,риссы зœрдœ Ирыстоны хъысмœтыл...Уымœн уœлдай œвдисœн,Беслœны сœрмœ сау мылазон мигътœ куы œрбадтысты,уœд куыд ныррызт,куыд ныхъхъœрзыдта адœмон поэты зœрдœ дœр.

 

 

 

Скъоладзау кœсы œмдзœвгœ.

 

             Сœркъулœй сисœм,хорз адœм ,нœ худтœ,-

             Нœ кœнынц арвыл урс цъиутœ пœр-пœр:

             Тœхынц дзœнœтмœ сабитœн сœ удтœ,

             Кœнынц ма «дон-дон» артсыгъдœй уœддœр.

           

              Нœ гыццыл хуртœ,ныр уыдзœн уœ хъазœн

              Дзœнœты цъœх нœуу-ирд œмœ фœлмœн.

              Уыдзœн уын фаг йœ сау суадонœй нуазœн,

               Йœ дыргътœй уын хœрыны бар уыдзœн...

          

               Цы мœ бон у...Дзœнœты маргъ уын зардзœн

               Уœ дидинджытыл хъаздзœни œртах.

               Уœ рухс ном уын фœстаг зœххон дœр ардзœн,

               Нœ уын халдзœн уœ рухс œнцой фыдœх...

          

 

 

2-аг архайœг:    Стъалы стъалытœм атахт...Фœлœ зœрдœйы сœвзœры ныфсы рухс:дзœнœты бадай,нœ адœмы сœрхъызойДжккаты Шамил,а дунейыл дœ ном рох никуы уыдзœн. «Цы агуырдтай ,уый ссардтай»-Ǽнусон Намыс œмœ Кад...Махмœ та дардœй хъуысдзœн дœ нœргœ хъœлœс:

 

                                     Ǽз –кард, œз Елиайы рœхыс дœн,

                                     Ǽз калын сау мигъты тœмœн,

                                     Нœ зœхмœ рухс тынœй œрхызтœн,

                                     Цœмœй дзы уа рœстдзинадœн цœрœн...

 

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Урок посвященный дню памяти Джыккайты Шамилы"

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 2 месяца

Руководитель организации

Получите профессию

Бухгалтер

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 672 244 материала в базе

Скачать материал

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 27.12.2017 417
    • DOCX 48 кбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Гутиева Джульетта Георгиевна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Гутиева Джульетта Георгиевна
    Гутиева Джульетта Георгиевна
    • На сайте: 6 лет и 6 месяцев
    • Подписчики: 0
    • Всего просмотров: 15141
    • Всего материалов: 15

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Методист-разработчик онлайн-курсов

Методист-разработчик онлайн-курсов

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 188 человек из 49 регионов

Курс профессиональной переподготовки

Руководство электронной службой архивов, библиотек и информационно-библиотечных центров

Начальник отдела (заведующий отделом) архива

600 ч.

9840 руб. 5600 руб.
Подать заявку О курсе
  • Этот курс уже прошли 25 человек

Курс профессиональной переподготовки

Библиотечно-библиографические и информационные знания в педагогическом процессе

Педагог-библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 499 человек из 71 региона
  • Этот курс уже прошли 2 336 человек

Курс профессиональной переподготовки

Организация деятельности библиотекаря в профессиональном образовании

Библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 290 человек из 67 регионов
  • Этот курс уже прошли 852 человека

Мини-курс

Эффективные практики по работе с тревожностью

3 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 112 человек из 46 регионов
  • Этот курс уже прошли 57 человек

Мини-курс

Ключевые игроки и современные тенденции в развитии гостиничных сетей

6 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Эффективное продвижение и организация проектов в сфере искусства

3 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе