Инфоурок Другое ВидеоурокиУрок -лекци .Калоты Хазби « Хорзæй баззай,Ир!»

Урок -лекци .Калоты Хазби « Хорзæй баззай,Ир!»

Скачать материал

                                                                                                                                                             

 

                                                                                                              

 

 

                                                                                                                                                                Дзæуджыхъæуы

                                                                                         18-æм астæуккаг скъолайы

                                                                                                   ___________къласы ахуырдзау

                                                                                                   ___________________________

                                                                                                       ирон æвзаджы  тетрад

   

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Урок -лекци .Калоты Хазби « Хорзæй баззай,Ир!»"

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 3 месяца

Экономист-аналитик

Получите профессию

Экскурсовод (гид)

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Краткое описание документа:

 

    КАЛОТЫ ХАЗБИ

« Хорзæй баззай,Ир!»

                                                                                                          

«Æз Хазби дæн æмæ Хазбийæ баззайдзынæн. Ницавæр кадмæ æнхъæлмæ кæсын. Нырма ногæй ницыма сарæзтон... Чи зоны, æрмæст мæм иунæг хорз миниуæг ис — тырнын, нæ поэттæ куыд нæ фыссынц, афтæ фыссынмæ».

Ацы ныхæстæ бакастæн Калоты Хазбийы фыстæджытæй иуы. Ныффыста сæ 1941 азы фæззæджы, Камышины танкистты скъолайы куы ахуыр кодта, уæд. Цыдис ыл 20 азы. Фыстæджы рæнхъытæ хорз æвдисынц æрыгон поэты удыхъæды ахсджиагдæр миниуджытæ, сæрыстырдзинад (схъæлдзинад нæ!), хи хъарутыл æууæндын, поэзийы хи хъæлæсы уаг, хи фæндæгтæ агурынмæ тырнын, æфсарм æмæ а.д. Уыцы миниуджытæй цух адæймагæн аивады сыгъдæг галуаны дуæрттæ æхгæд сты. «Тырнын, нæ поэттæ куыд нæ фыссынц, афтæ фыссынмæ». Ам Хазби былысчъил, мыййаг, нæ кæны йе 'мбал поэтты фыстытыл. Уайдзæф бакæныны охыл дæр нæу йæ ныхас. Аитературон куыст хъизæмайраг кæй у, сфæлдыстадон бæрзæндтæм цæуыны къахыл ныллæугæйæ искæй фæсарц бадæн кæй нæй, æрмæст удуæлдай, хидкалгæ фыдæбоны руаджы кæй ис исты саразæн, уый зæгъинаг у. Уыцы хъуыддаг Хазби бамбæрста хæрз æрыгонæй. Стдæс азы йыл куы цыди, уæд ныффыста йе 'мдзæвгæ «Фæдзурынц мын...» Мæнæ куыд æвдисы йæ мидхъуырдухæнтæ:

Фæдзурынц мын: «Ныууадз дæ фæндыр,
       Кæнæ та бацагай дæ бæх.
       Поэт уæвын кæй нæ фæфæнды?
       Фæлæ нæуæгæй исты зæгъ.

Цард хорз у, уый фыстой ма раздæр...
       Лæджы фæзмын æмбисонд нæу.
       Кæдæмдæр музæ цалдæр азы
       Дзæгъæл быдырты скъæфы дæу».

Уыцы уайдзæфтæм хъусыны бæсты (фыццаджы-фыццаг ын йæхи æфсарм уайдзæф кæны!) поэт фырадæргæй разы у зæххы скъуыды ныххауыныл дæр, фæбæллы: «Ехх, кæмæй фæхицæн поэтикон лæмæгъдзинад!»

Ног æцæг поэт литературæмæ кæддæриддæр ахæм ныфсимæ, ахæм тырысаимæ æрбацæуы. Æмæ фыццаг бакастæй бирæтæ банхъæлынц, уыцы ног поэт традицитыл йæ къух исы, аивады йæ размæ чи куыста, уыдон бынтыл не 'рвæссы, зæгъгæ. Æцæггадæй та уый вæййы традицитæ рæзынгæнæг. Ахæм поэты миниуджытæй хайджын уыди Калоты лæппу дæр.

Калоты Алыксандры фырт Хазби райгуырди 1921 азы августы Цæгат Ирыстоны Захъамæ æввахс чысыл хæххон хъæу Байыкомы. Йæ фыд бирæ рæстæг куыста писырæй. 1922 азы Захъагомы цæрджытæ лидзын райдыдтой быдырмæ, æрбынат кодтой, ныртæккæ Къостайыхъæу кæм ис, уым. Уыдонимæ ралыгъдис Хазбийы фыд дæр. Иннæ бинонтæ уал хохы баззадысты (цалынмæ ног бынаты сæ хæдзар рæвдз кодта, уæдмæ). Хæрз саби ма уыди, афтæмæй бавзæрста Хазби куысты ад: хызта фос, æххуыстæ кодта хосдзаутæн... Иуахæмы йæ хистæр æфсымæримæ хос ссывта, афтæмæй рахауди, Дагъты къæдзæх кæй хуыдтой, уырдыгæй æмæ уæззау цæфтæ фæци. Фервæзти се 'рвадæлты лæг Калоты Симоны руаджы: кæрдæджытæй йын хостæ кодта, æмæ йæ хъæдгæмттæ байгас сты.

1934 азы Хазби каст фæци Къостайыхъæуы авдазон скъола æмæ ахуыр кæнын райдыдта рабфачы. Кæй фæрынчын, уымæ гæсгæ техникум каст фæуын йæ къухы нæ бафтыд. Афæдзы бæрц бакуыста Орджоникидзейы районы тæрхондоны секретарæй. 1938 азы бацыди Калачы паддзахадон университеты уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы факультетмæ. Фæцахуыр дзы кодта афæдзы 'мбис, стæй раивта Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультетмæ. Институт каст фæуын ын нæ бантысти — райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Æфсадмæ ацыди институты фæстаг курсæй. 1941 азы августæй 1942 азы сентябрмæ ахуыр кодта Сталинграды облæсты Камышины танкистты скъолайы, сси кæстæр лейтенант. Хæцæг æфсадмæ ацыди 1942 азы октябры. Уыди танк Т-34-ы командæгæнæг (393 танкон батальоны 38 гвардион хицæн танкон бригад). Хæсты бонты Хазбиимæ куыд фембæлд, уый тыххæй булкъон Тъехты Мысост афтæ фыссы: «Уый уыди Белгороды облæсты Шибейкино-Мясоедовомæ æввахс. Мæ зæрдыл ма хорз лæууы 1943 азы 5 июл: не 'фсæддон хайыл уæдæй стырдæр зиантæ никуы 'рцыди. Фæхæцыдыстæм суанг изæрдалынгтæм. Æз уæд уыдтæн хистæр лейтенант, æххæст кодтон 810 артиллерион полчъы бæрæгдзауты хицауы хæстæ. Полчъы командæгæнæг булкъон Н.П.Тесленко мын 6 июлы мæ бæрны бакодта гвардийы 38 танкон бригады командæгæнæгыл пакет сæмбæлын кæнын. Бонæй бригады штаб не ссардтон. Æхсæвы та мæ ногæй арвыстой, цыфæндыйæ дæр, дам, ссар бригады командæгæнæджы. Штаб цы ран и, зæгъгæ, танкистты æгæр хынцфарст кæй кодтон, уымæ гæсгæ мыл фæгуырысхо сты, æрцахстой мæ, мæ бæх мын байстой. Бакодтой мæ батальоны командæгæнæгмæ. Фæфарста мæ, мæ гæххæттытæ мын федта. Ирон дæн, уый куы базыдта, уæд фæдзырдта иу лейтенант-танкистмæ (афтæ йæ схуыдтой). Уый мæ сыгъдæг иронау афарста: «Ирон дæ?» Æз ын дзуапп радтон. Уый ма мæ рæвдз æмæ бæлвырдæй афæрстытæ кодта, стæй капитанæн загъта, ай-гъай, ирон у, зæгъгæ. Бригады штабмæ мæ чи бахæццæ кодтаид, ахæм æмбал мын мемæ рарвыстой. Куы рацæйцыдтæн, уæд мæ ирон лейтенант æрурæдта, йæ къух мæм авæрдта æмæ загъта: «Калоты лæппу». Цалдæр минутмæ мæ афæрстытæ кодта: чи дæн, кæцон дæн, бинонтæ мын чи ис? Мæ мад æгас у, стæй мын цыппар хойы æмæ иу æфсымæр кæй ис, уый куы базыдта, уæд мын иу-æртæ хатты ныффæдзæхста, цы амал ис, уымæй арæхдæр фысс дæ мадмæ, зæгъгæ. Куы хицæн кодтам, уæддæр йæ ныхас уымæй фæци, дæ мады, дам, ма рох кæ, стæй, дам, æм хæсты хабæрттæ къаддæр фысс... «Кæнæ йын мад нæй, кæнæ та йæ тынг бирæ уарзы», — ахъуыды кодтон мæхинымæр.

Мæ зæрдыл ма лæууы: нæ цуры цы дохтыр уыди (хуыдта йæ Анзор), уыимæ ныхас кодта гуырдзиагау.

Мæздæггаг дæн, уый куы базыдта, уæд, Чацкийы монолог йæхирдыгонау рацаразгæйæ, хъазгæмхасæнты загъта: «В Моздок я больше не ездок, карету мне, карету». Уыцы ныхæстыл уæдæй нырмæ мæхæдæг дæр фæцалх дæн æмæ сæ дзурын арæх.

Мæнæй иу-дыууæ азы хистæр йеддæмæ нæ уыди (уый ныр базыдтон), фæлæ мæм уæд афтæ фæкасти, цыма мæ иу-фондз азы хистæр у. Æвæццæгæн мæ йæ «кæстæр» кæй рахуыдта, уымæ гæсгæ. Иемæ ныхас кæнгæйæ куыддæр ныфсæрмытæ дæн, суанг æй истæмæйты афæрсынмæ дæр нал сарæхстæн. Уый мæ фылдæр фæрсгæ кодта, æз та дзуапп лæвæрдтон. Иæхицæн гæзæмæ мыдхуыз сæрыхъуынтæ уыди, æз та тынг саухил дæн, уымæ гæсгæ мын иуахæмы хъазгæмхасæнты загъта, цигайнаджы хуызæн, дам, дæ. Мæ риуыл мын æртæ ордены куы федта, уæд ын тынг æхсызгон уыди æмæ мæ раппæлыди.

Хорз ын хъуыды кæнын йæ цырд, биноныг æмæ арæхстджын змæлдтытæ, йæ хуымæтæгдзинад, стæй йæхи тыххæй кæй ницы дзырдта, уый. Йæ митæ, йæ ныхасыуаг уыдысты сæрибар. Бæрæг уыд, йе 'мбæлттæ йын аргъ кæй кæнынц, уый. Иæ дарæс — сыгъдæг. Иæ уæлæ — комбинезон æнæ шлемæй, стæй хром цырыхъхъытæ. Дзыппæй зындысты танкисты егъау кæсæнцæстытæ. Мæ цæстытыл ма уайы йæ ногæхсад цикъæ æфцæггот дæр.

Иудадзыг дæр дзырдта иронау. Иæ фарстытæн ын-иу арæх дзуапп радтон уырыссагау, «ладно», зæгъгæ. «Уый та цавæр «ладно» у, «хорз» уæддæр дзур», — хæларæй мын бауайдзæф кодта уый. Стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта, де 'взаг, дам, ма рох кæн.

                                    

Танкистты батальоны Калойы-фырт иунæг ирон уыди. Иæхæдæг мын загъта. Æз ын аппæлыдтæн, нæ полчъы ма æртæ ироны ис, зæгъгæ. Уый мæ афарста сæ мыггæгтæй. Æз ын сæ ранымадтон: Тогызты М., Цъæхилты М. æмæ Плиты лæппу (æртæйæ дæр æгас сты). Бæлвырдæй зонын: 1943 азы 7 июлы танкистты бригад дæр мах дивизийау ацыди хæсты цыренмæ».

Уымæн йæ дыккаг бон Хазби йæ цард нывондæн æрхаста бæсты сæрвæлтау — Курскы сырхзынг къæлæт кæй хуыдтой, уыцы ран знæгтимæ æвирхъау тох кæнгæйæ басыгъди танчы мидæг. Мæйы фæстæ йыл хъуамæ сæххæст уыдаид дыууæ 'мæ ссæдз азы. Поэт ныгæд ис Курскы облæсты Обояны районы, Красная Поляна, зæгъгæ, уыцы хъæуы.

Калоты Хазби литературæйы фæндагыл ныллæууыди æртындæс-цыппæрдæсаздзыдæй. Йæ фыццагдæр æмдзæвгæтæ ныффыста 1935—1936 азты. Уæды литературон нæмтты 'хсæн Хазбийы ном тынг бæрæг нæ дары. Иæ фыстытыл зынынц уыцы дуджы сæйрагдæр низтæ — риторикæ æмæ иу джиппы уагъд æбæркад ныхасы гакк. Поэт зарыди, цин кодта ног заманы хорз миниуджытыл, фыдыбæстæйыл, ног заводтæ, фабриктæ, электростанцæты рæзтыл, Цæгаты полюс чи басаста, уыцы хъæбатыр тæхджытыл, колхозонты стыр бæркадыл, Иры хæхтыл, уарзондзинадыл. Кæй ранымадтам, уыцы темæтæй иу дæр аппаринаг нæу. Уыдон райхалын поэтæн кады хъуыддаг у.

Фæлæ замана уæд вæййы, æмæ темæ айдагъ темæйæ куы баззайы, аивады фæрæзтæй нывæст куы нæ 'рцæуы. Калоты Хазбийы фыццаг æмдзæвгæты дзæвгар разындзæнис искæй фæзмгæйæ фыст мотивтæ. Раст зæгъын хъæуы, хицæн дзырдбæстыты, хицæн рæнхъыты дзындзытау ферттивынц Хазбийæн йæхи фæлгонцтæ, йæхи æнкъарæнты стъæлфæнтæ. Фæлæ иумæйагæй авторы аивадон ахорæнтæ сты æгъуыз, æнæахадгæ. Æрыгон поэт фаг нæма арæхсы нывгæнæджы сисæй архайынмæ, йæ хъус дзæбæх нæма ахсы дунейы мыртæ, йæ цæст лыстæг нæма æвзары æрдзы æмæ царды хицæн нывтæ, йæ зонд, йæ зæрдæйæн адæймаджы удысконды æрфытæм ныккæсын сæ бон нæма у. Къоста йæ «Лæскъдзæрæны» цы лæджы кой кæны, æцæг поэт та хъуамæ уымæй къаддæр цырддзаст, къаддæр къæрцхъус ма уа: «Авд хохы фæстæ мæгатæ хос куы фæкæрдынц, авд дæлзæххы бын дзынгатæ снæр куы фæцæгъдынц, адæмæн сæ уæд фæдзуры уыцы лæг ныр дæр».

Тынг тагъд рæзыди Хазбийы курдиат, дыууæ-æртæ азмæ йæ хуыз скалдта. Лæппуйæн йæхи зонд æмæ зæрдæйы цы цардхъом билцъытæ уыди, уыдон æхсыстысты. Хохаг цæугæдон йæхæдæг йæхи куыд фæсыпъдæг кæны, афтæ Хазбийы хъæлæсыуаг дæр расыгъдæг фæзмæн мотивтæй, сфидар.

Поэт йе сæфт уыдта, карз уайдзæф кодта, хурау чи нæ фыцы, йæхи цæхæр, йæхи рухсæй чи нæ тавы æмæ рухс кæны, фæлæ мæйау искæй рухсæй чи рттивы, уыдонæн:

Акса, хъусыни адæм.
        Зæгъ, и,ы радтай Ирæн?
        Ницы!..
        Ды æргъæуæй конд хæдзармæ
        Арæх алывыд хæссыс...

Хазби йæ поэт-æмбæлттæй цæйбæрц домдта, дыууæ уыйбæрцы та йæхицæй домдта: «Уæвгæ ницы дæн... мæхæдæг дæр æй зонын, тагъд ысбаддзæн ме 'мдзæвгæтыл сæг æмæ курын Ирæй: мачи мæ ысхонæд, мачи мæ ысхонæд мæн фыссæг». Йæхæдæг йæхицæй разы кæй нæу, уымæй дарддæр ма йæ хъыгдарынц æнæфенд адæм дæр, худæгæй йыл фæмæлынц, мæстæй йæ марынц. Поэтæн йæ уд æрдуйæ нарæгдæр ысвæййы æмæ фырадæргæй æлгъысты хай бакæны йæ лирæйы: «Уæ, фæдæлдзæх уай, мæ ницæйаджы лирæ, кæд мæ худинаггæнæг дæ ды!»

Поэт йæхиимæ ахæм карз тох кæй кодта, йæ удыл кæй нæ ауæрста, уый руаджы цыди иу уæлахизæй иннæмæ. Раст зæгъы Дзуццаты Хадзы-Мурат: «Хæсты азты æмæ уымæй бирæ фæстæдæр нæ поэзи цы арæзта, уый Хазби аразын уæд (ома, æртынæм азты — Хъ.Æ.) райдыдта». (Дзуццаты Хадзы-Мурат. Хæст æмæ зæрдæ. Цхинвал. 1966. 199 фарс.)

Хазби дзырдты бауадзы ног тых, бауддзыд сæ кæны. Йæ поэзи никæй хуызон у. Хъæууон изæры ныв аразгæйæ поэт дзырд «уынæр»-æн радта зпитет «фæллад», хуры тын та йæм æлвыды хуызæн кæсы. Уыцы фæлгонцтæ бæлвырд æмæ æнахуыр кæй сты, уый тыххæй сæ тынгдæр бадарæм нæ зæрдыл дæр. «Фæллад уынæр» иттæг раст æмæ ирдæй æвдисы хъæуы уавæр изæрыгон. Хуры тын æлвыд кæй у, уымæй дæр нæ зæрдæйы сæрмагонд уавæр æвзæры, ома, хуры рухс бацыбыртæ, йæ хъару асаст, цыма йæ чидæр хæсгардæй адзæнгæл ласта. «Боны райдзаст æнгас сысы талынджы хæрвы». Поэтмæ дзырдауæрст кæй ис, уый фæрцы дзырдтыл æнцайы фылдæр уæз. «Талынг хæрвау у» зæгъыны бæсты уый зæгъы «талынджы хæрвы» æмæ фæлгонцы уыцы иу рæстæг абарст дæр ис æмæ архайды бынат дæр: боны райдзаст æнгас кæм сысы, уый. Фæстаг фæлгонц дæр йæ фæдыл сайы бæлвырд ныв. Сысгæ дон фæкæны, фæлæ ам доны кой барæй нæй: фæлгонцы хъуыды кæронмæ ахæццæ кæнын чиныгкæсæджы бар у. Изæры ныв цавддурау æндзыгæй æвдыст нæу: ахорæнтæ сты, куыд ивгæ цæуынц, афтæмæй лæвæрд: «Мигъты уад фæйнæрдæм ласы, мигътæй арв фæзынд». Дарддæр та — мæй. Æмæ мæй дæр хуымæтæджы мæй куы уаид! Æнæнтыст! Мæйæн ахæм эпитет никуыма ничи радта. Йæ диссаг дæр уый мидæг ис, ахæм æнæнхъæлæджы бæрæггæнæн ыл иттæг хорз кæй сфидыдта. Æнæнтыст фæзæгъынц сывæллонæй, йæ асмæ гæсгæ йын цы нæма 'мбæлы, уыдæттæ чи фæкæны, ахæмæй. Мæй дæр сывæллонау ноггуырд кæй у, уый базонæм дарддæр: æртасыд йе 'рттиваг æрдын. Цæстытыл ауайы, фат æмæ æрдынæй чи хъазы, ахæм саби, алчи дæр ын йæ кой æрыхъуыстаид аргъæутты. Дарддæр æнхъæлмæ кæсæм æнæнтыст мæйы митæм. «Æмæ хъулон-мулон царæй зæхмæ рухс æртахт...» Рухс цыма æрттиваг æрдынæй фатау ратахти... Æмдзæвгæйы ахорæнтæ ахъардтой кæрæдзи мидæг, се 'хсæн бæлвырд арæнтæ нæй, афтæ зыны, цыма сæ иу иннæмæй гуыры. Уый руаджы уацмыс дихтæгæнæн нæй. Æмдзæвгæ айдагъ æрдзы нывæй нæ баззади. «Ехх, тæхуды, афтæ дардмæ ку'атæхид мæ цагъд!» — уыцы иумæйаг хатдзæг æвзæры æмдзæвгæйæ, цъитийы бынæй ирд цыхцырæг куыд æрдзон уагыл фæгуыры, афтæ. «Фæллад уынæр», боны сысгæ æнгас, «талынджы хæрв», мигъты цоппай, æнæнтыст мæйы æрттиваг æрдын æмæ хъулон-мулон царæй зæхмæ рухсы æртахт æнгом баст сты, зарæг чи фæлдисы, уыцы поэты мидуавæр, хъизæмæрттæ æмæ бæллицтимæ, ома, сфæлдыстадон процессимæ.

Хазбийы музæ хорз æмбары, а зæххыл удгоймаг æмæ зайæгхалæй цыдæриддæр ис, уыдон рис æмæ сæм бахъуаджы сахат æххуысмæ фæзыны, сæ хъыгæй сын хай райсы. «Дæ хъизæмар, дæ уастмæ мæхиуыл нал хæцын æппын», — дзуры поэт, къалатийы кæй бачынди, уыцы æнамонд цъиумæ. Цъиу æндарæны кæй ис, уый тыххæй комкоммæ поэтмæ ницы азым хауы, фæлæ ахæм раст уды, ахæм æфсармы хицау у, æмæ йæ цæсгом судзы, цъиуы цъысымы чи баппæрста, уыдон бæсты: «Гъей, байхъус-ма фæстаг ныхасмæ: æз дæн дæуæй тæригъæдджын!..» Æмæ маргъæн радта сæрибар. «Дидинæг федтон», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы та поэты арф сагъæстыл, катайыл æфтауы, йæ рæууон æнгасæй дунейæн йæ цин чи 'рвиты, йæ сæрæй йын чи кувы, уыцы дидинæг. Сагъæстыл та йæ уымæн бафтыдта, æмæ æмбисонды дидинæг ис... саст бæласыл. Поэт нын нæ цæстыты раз цы контрастон ныв авæрдта, уый афтæ цардæгас у, æмæ ма уыцы æнахуыр дидинæгæн суанг йæ тæф дæр æнкъарæм. Фидауц æмæ мæлæт иумæ нæ фидауынц, цард тыхджын æмæ уыцы иу рæстæг тæссонд у, адæймаг æмæ æрдз кæрæдзиимæ æнæзынгæ тынтæй баст сты, кæрæдзи цæрайæ цæрынц — уыцы хъуыдытæ æвдыст æрцыдысты цæхæркалгæ фæлгонцтæй: «Быдырты гауыз — мæ хуыздæр хæлар», «Дидинæгау мæм фæкасти мæ цард», «Ие 'рттиваг къуырфы мæ зæрдæ ныххауд» æмæ а.д.

Ныхмæвæрд тыхты тохы бындурыл самадта Хазби йæ иннæ æмдзæвгæ «Уый федтон æз» дæр. Ацы уацмыс мæм рæсугъддзинады сæфтыл хъарæджы хуызæн кæсы, афтæ тыхджын у æнкъарæнтæй. Аргъуаны дзæнгæрæджы уæззау цæлхъытау азæлынц фæстаг рæнхъытæ: «Мæ зæрдæ сау дзæнгæрæг цагъта: куы нæ йæ федтаин фæлтау». «Сау дзæнгæрæг», зæгъгæ, уыцы абарст йæхæдæг дæр бирæйы аргъ у.

Цард арф æмæ вазыгджын у, цины фарсмæ вæййы хъыг дæр, нæ фыдæлты загъдау, хъарæг æмæ зарæг фаззæттæ сты. Хазбийы поэзийæн дæр цардау арф диалектикон уидæгтæ ис. Уыдон раиртасын алкæй бон нæ уыди. Хатгай-иу поэтмæ æнæхъуаджы карз уайдзæфтæ дæр æрхауди. Газет «Æрыгон большевик» 1940 азы 10 декабры фыста: «Журналы (ома, «Мах дуджы» — Хъ.Æ.) 4—5 иумæйаг номыры ис Калоты Хазбийы æмдзæвгæ. Цы хъуыдытæ зæгъынмæ хъавы, цавæр æнкъарæнтæ йæм ис поэтмæ? Мæнæ Хазбийы æмдзæвгæ йæхæдæг:

«Рынчын дæн æз,
        Мæ зæрдæ тоны...
        Фæлæ дæ хуыз
        Йæхимæ хоны
        Мæ тар, фæллад цæстыты 'нгас.
        Æз та кæсын
        Дæ уæнты кондмæ
        Æмæ хæссын,
        Хæссын нывондæн
        Дæуæн мæ лирикон ныхас».

Æмæ йæ уарзонæн фæдзæхсы Хазби: «цæргæсау ма сфæнд кæн тæхын». Бæлвырд сты поэты хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ, бирæ дзурын сыл нæ хъæуы. Диссаг у, пессимизмы, оппортунизмы философийæн журнал бынат куыд радта, уый».

Дарддæр критик амæйай карздæр хахуыртæ æмæ цъыфкалæнтæй адæмы цæсты æфтауы Хазбийы, фыссы, дам, «цардæй иппæрд, æнæуд, æнæпайда, æмæ хаттæй-хатт та зианхæссæг лирикон æмдзæвгæтæ», уыдон та «халынц кæсæг дзыллæты эстетикон вкустæ» (?).

Нудæсаздзыд поэтимæ цы гуымиры, арвистонгонд æвзагæй ныхас чындæуы, уый кой нæ кæндзынæн. Ахæм «зондамонджытæм» хъусгæйæ, æвæдза, поэт йæ цард-цæрæнбонты рæстмæ ныхас никуал скæнид, «сауы» бæсты дзурид «урс», «урсы» бæсты та «сау». Цымæ «рынчын дæн æз, мæ зæрдæ тоны», зæгъгæ, уыцы ныхæсты цы ис пессимизмæй? Рынчын уæвгæйæ дæр йæ уарзоны уындæй базырджын кæй свæййы, йæ лирикон ныхас ын нывондæн кæй хæссы, уый пессимизм у æви оптимизм? Науæд «æдыхæй, сонтæй цæргæсау ма сфæнд кæ тæхын», зæгъгæ, уыцы рæнхъытæ оппортунизмы философимæ цы бар дарынц?

Раздæр ма йæ загътам, дыууæ 'мæ ссæдз азы дæр ыл нæма сæххæст, афтæмæй Хазби йæ цард нывондæн æрхаста бæсты сæрвæлтау. Йæ ном, йæ поэзи та æнусмæ баззадысты ирон литературæйы дзырддзæугæдæр фысджыты фарсмæ. Æцæг оптимист кæй уыди, поэзийы дæр æмæ царды дæр йæ адæммæ, йæ фыдыбæстæм хъæбулы цæстæй кæй касти, зæрдæйæ сæ кæй уарзта, уымæн ма хуыздæр æвдисæнтæ цы уыдзæн!

Поэт зæххимæ дзуры, ныййарæг мадимæ цы рæвдауæн, буц æвзагæй фæныхас кæнынц, ахæм æвзагæй. Зæххæй куры поэты хъару, урс æхсыр, дзырдтæн та — «æрттиваг тæмæн» æмæ «æндон фæттæ». (Сау зæххæй урс æхсыр курын — æвæджиауы ахадгæ фæлгонц!). Æмæ канд зæххимæ баст нæу ахæм нуарджын уидæгтæй. Дунейы талынгдæр, æмбæхстдæр къуымтæм рухсы цъыртт бауадзын (Брюсовы ныхас), æрдзы сусæгдзинæдтæ райхалын — уыцы монцæй йемыдзаг у поэты зæрдæ. Адæймаг уæларвбæсты тыгъдадимæ, алы фæлтæртæ æмæ дугтимæ иу туг, иу стæг кæй у, уыцы мотивтæн, мæнмæ гæсгæ, сæ ратæдзæн ис ирон адæмон сфæлдыстады, уæлдайдæр та Нарты кадджыты. Нæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнæм Нарты Сослан æмæ Косер-рæсугъды таурæгъ, кæнæ «Нарты сæфт», науæд Къостайы ныхæстæ: «Весь мир — мой храм, любовь — моя святыня, Вселенная — отечество мое...» Космосимæ бастдзинады хъуыды уæлдай парахат бынат æрцахста Токаты Алиханы сфæлдыстады: «Нæ асин у бæрзонд, фæцыд уæлæрвтæм. Хæссæд дæ, цæй, дæ зонд дæлдзæхæй æрвтæм. Ныр мах ыстъалыйыл лæууæм — цæуæм мах хурмæ. Цæуæм, цæуæм, цæуæм... Уæ цурмæ». Адæймаджы зæрдæ æмæ дун-дунейы хицæн къабæзтæ кæрæдзиуыл цы лыстæг сусæг тугдадзинтæй баст сты, уыдрн змæлд иттæг арф æнкъардта Калоты Хазби дæр. Йе 'мдзæвгæтæ «Хурмæ», «Мæн цæрын фæнды», стæй раздæр кæй кой скодтон, уыдоны æнцонæй раиртасæн ис Хазбийы бæллиц: адæймаг йæ амонды мæсыг хъуамæ самайа къуындæг фæзуаты нæ, фæлæ уæларвон тъæпæнтыл, Æрфæны фæды æгæрон рындзтыл, бирæ дугты фаг куыд уа, фæлтæртæн бынæн куыд баззайа, афтæ. Поэты æндон мæцъистæй æрисын фæнды хуры, саразынмæ дзы хъавы æмбисонды фæндыр.

Куыд уынæм, афтæмæй Калоты Хазбийы хæсты размæйы поэзийæн уыди дыууæ сæйрагдæр ратæдзæны: бæлвырд реалистон ахорæнты-иу ахъардта уæлвонг романтикон тæмæн. Сæууон денджызы уылæнтæ хуры тынтæй куыд срæсуг вæййынц, сæ хуыз куыд скалынц, афтæ Хазбийы ахорæнтæ дæр сты цардæгас, змæлынц, тыбар-тыбур кæнынц, азæлынц, тасгæ-уасгæ мырты æмæ хуызты раив-баивæй нæм мидбылты худгæ ферттивы цъæхдзаст донычызг — Поэзи. Уыцы дыууæ ратæдзæны — реалистон уынынад æмæ романтикон рухс кæрæдзи ницы хъыгдарынц, иу сæ иннæйы нæ мынæг кæны. «Æрттиваг тæмæн» поэтæн æххуыс кæны æрдзы, царды æмæ зæрдæйы сусæг æмбæхсæнтæн сæ уидæгтæ адæммæ равдисынæн. Хазбийы æрмдзæф зæххæй иппæрд кæй нæу, йæ поэзийы билцъ цардæгас дунейы кæй ис, уый æнцон бафиппайæн у. Райсæм хицæн темæтыл фыст æмдзæвгæтæй цалдæр фæлгонцы. Æрдзы нывтæ:

«Дард фæзты бамбæрзта æхсæв йæ тарæй,
        Æртæхæй кæрдæг ныххуылыдз...»

«Быдырты улæфын хъустыл ныдзæвы,
        Сабыргай уæлдæфы ризы...»

«Мæнæ донгуырон æрхуыссыд
        Хъамыл бур бæхсныг æндæхтæй...»

«Арс цæгъды йæ бæзджын лыстæн...»
        «Быдыр бамыр, Быдыр уайсады...»

«Æмæ зилы хъæугæроны
        Райсомæй изæрмæ халон...»

«Х.ъæд дæр сусæны бæхау
        Ие стыр сæр ныттилы...»

«Æмæ та хуры судзгæ артæй
        Æртæхджын кæрдæг пиллон уадзы...»

Уарзондзинад:

«Зæрдæ — сайд, фыдуаг сæнттæ нæ сысынц,
        Зæрдæ аи,ыд, ахицæн мæнæй...
        Цæй, фыссон, æмæ йæм ныр цы фыссон,
        Исты йæ, мыййаг, мæ мæт куы нæй?..»

«Риуы хъарм улæфтæй гуыры
        Ног сæнтты сырхзынг рæхыс...
        Æмæ цæстытæм лæбуры
        Худгæ ног амонды хуыз...»

Хъуыдытæ царды фæндаг æмæ балцы тыххæй:

«Æз аргъ кæнын
        Лæгæн йæ зондæн.
        Фæдзæхсын дын:
        Æдыхæй, сонтæй
        Цæргæсау ма сфæнд кæ тæхын».

Ацы рæнхъыты иу мæнг фæзилæн дæр нæй, се 'ппæт дæр райгуырдысты, поэт цы бавзæрста, цы федта æмæ йын йæ зæрдæйы цин кæнæ рис цы нывтæ, цаутæ равзæрын кодтой, уыдонæй. Хаттæй-хатт автормæ абарст, эпитет кæнæ æндæр исты поэтикон мадзал æппындæр нæ вæййы, фæлæ дзырдтæ æрмæст сæ кæрæдзиуыл бандзæвдæй дæр срухс вæййынц мидæгæй, поэты фарн сæ раудæгас кæны. Бирæ рæстæджы дæргъы нæ литературæйы сылгоймаджы сурæт арæзт цыди уыцы иухуызон ихсыд дзырдтæй: сауцæст, сауæрфыг, саурæсугъд. Уыцы дзырдтыл хаттæй-хатт æмбæлæм Хазбийы лирикæйы дæр. Фæлæ диссаг: ам сын бынтон æндæр ад, æндæр азæлд ис!

Дон фæйлауы... дон мæстыйæ ниуы,
        Къæйтыл райсом — урс фынкæй тæмæн...
        Сауиæст, саудзыкку цæры мæ риуы,
        Сауцæст басаста мæ тых мæнæн.

Уымæй размæ иударон кæй счынди, уыцы дзырдты мидæг ахъардта поэты æнк

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 672 484 материала в базе

Скачать материал

Другие материалы

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 30.04.2015 1248
    • DOCX 1.7 мбайт
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Накусова Ирина Ахсарбековна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Накусова Ирина Ахсарбековна
    Накусова Ирина Ахсарбековна
    • На сайте: 9 лет и 4 месяца
    • Подписчики: 21
    • Всего просмотров: 30750
    • Всего материалов: 36

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Методист-разработчик онлайн-курсов

Методист-разработчик онлайн-курсов

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 188 человек из 49 регионов

Курс профессиональной переподготовки

Организация деятельности библиотекаря в профессиональном образовании

Библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 290 человек из 67 регионов
  • Этот курс уже прошли 852 человека

Курс повышения квалификации

Специалист в области охраны труда

72/180 ч.

от 1750 руб. от 1050 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 33 человека из 20 регионов
  • Этот курс уже прошли 158 человек

Курс профессиональной переподготовки

Библиотечно-библиографические и информационные знания в педагогическом процессе

Педагог-библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 499 человек из 71 региона
  • Этот курс уже прошли 2 336 человек

Мини-курс

Дизайн интерьера: от спектра услуг до эффективного управления временем

3 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 20 человек из 13 регионов

Мини-курс

Цифровая трансформация в управлении и информационных технологиях

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Продуктовый успех: стратегии и инструменты для создания, улучшения и продвижения продуктов на рынке

6 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе