Конкурсон
нывæцæн
«Ирон дæн æз»
«Ирон æвзаг – нæ фарн æмæ нæ намыс!
Ирыстоныл ды уалдзæгау куы тауыс,
Къостайы `взаг – на фыдæлты мæсыг!
Ирондзинад, дæуæй нæ цард фæрныг!»
Фыдæлты
фарн æмæ æгъдæуттæ царды уидæгтæ сты. Хистæр - зондамонæг, кæстæр –
æгъдаухæссæг кæм уа, уым ирон фарн æмæ сфæлдыстадон хæзнатæн сæфæн нæй, уымæн
æмæ нæ фыдæлтæ сæ фарн семæ нæ ахастой, махæн æй ныууæгътой кæрæдзийы фылдæр
уарзынæн, рæсугъддæр цæрынæн зæххыл.
Ирон дæн æз, сарыстырæй зæгъын, уымæн æмæ рæзын , хъомыл кæнын зондамонæг,
æгъдауджын, фæрнджын бинонты `хсæн. Мæ бинонтæ цæрæм нæ уарзон адæмы
æмбаргæйæ, нæхи фæллойæ. Иу æмбисонды загъд цæуы æфтæ:
«Бæлас базæронд æмæ дзуры : «О, адæм! Æз зæххыл хæцынæй бафæлладтæн æмæ
фæлдæхын, фæлæмæ æгады æппарст ма акæнут, мæ аууоны уæ бирæ куы фæдардтон».
Бæлас
хаугæ – хауын дæр йæ кадыл мæт кодтæ. Бæласæн йæ къалиутæ цас бæрзонддæр цæуой,
уыйбæрц тынгдæр хæцы йæ уидæгтыл.
Мæ бон у сæрыстырæй зæгъын, мæ дадзинты сыгъдæг ирон туг кæй змæлы. Ацы
бæласæу æз дæр фидар хæцдзынæн мæ уидæгтыл. Мæгуыр та уый у, йæ фыдæлтæ кæмæй
ферох сты, йæ уидаг кæм равзæрд æмæ кæцæй рацыд, уый чи не `мбары.
Æз Ирыстоны хъуыстгонд,кадджын сылгоймæгтау мæ бæллицтæ, фæндтæ, мæ сагъæстæ
сбæтдзынæн мæ Иры хъысмæтимæ. Куыд ирон тугæй гуырд, архайдзынæн нæ Иры мæсыгмæ
дуртæ хæссын. Ирон адæм кæрæдзи фæрцы цардысты. Æнусты дæргъы сæ уæлахизон
сгуыхтдзинæдтæ дæр кæрæдзийы фæрцы æфтыдысты сæ къухы. Æз дæр ирон дæн, нæ
фыдæлты фæдон!
Архайдзынæн
мæ адæмы фарсмæ æнгомдæр
кæрæдзимæ æрбалæууын, цæмæй нæ иудзинад фидар кæна Цæгатæй- Хуссармæ. Æмæ уæд
Иры мæсыгæн факъулай тас нау. Мæ хъуыдытæ балхынцъ кæндзынæн Гæлуаты Людмилæйы
рæнхъытæй.
Нæ Иры куырыхонтæ, рбадут ныхасы,
Уæ зондджын тæрхæттæ - нæ адамы цард!...
Æз дæр уын –Ирон чызг, кæм бабæззон царды,-.
Мæ Ирæн нывондаг- мæ хъару, мæ у
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.