Урочы темæ: Номы
цыт.
Дзесты Куыдзæджы радзырд
«Хур скæсæнырдæм нæ ныгуылы»
Эпиграф: Зæххыл
нæ фыдæлтæ бындурæн
Ныууагътой
махæн ном----Ирон
Сæ
ныфс ,сæ кадыл абон дзурæм,
Æгъдауыл
аразæм нæ бон.
Брытъиаты Аслæнбег.
Урочы нысантæ:
1.Дуджы æууæлтæ бамбарын кæнын
скъоладзаутæн.
Æгад цард æви хъæбатыр
мæлæт.Дзанджы фæлгонцы бындурыл.
Æрдз æмæ адæймаг.
Æххæст æмæ мидисджын
дзуаппытыл фæлтæрын.
Райгуырæн Бæстæмæ
уарзондзинад гуырын кæнын.
Урочы
æххуысгæнæн æрмæг.:компьютер,интерактивон фæйнæг..
Урочы цыд:
Мотивацион уавæр:
Интерактивон фæйнæгыл
фæзыны хъама æмæ нырыккон хæцæнгарз(автомат)
Ахуыргæнæг: Цы у уæ
бон зæгъын ацы хæцæнгæрзты тыххæй?
-Хъама у рагон хæцæнгарз, иннæ
та –нырыккон.
-Цы нысан кодта хъама?
-Чи дардта хъама?
(Проектон куыст баххæст
кодтой скъоладзаутæ,се мбæлттæн дзурынц, хъамайы тыххæй сæ
къухы цы æрмæг бафтыд,уый.
-Уæдæ хъама канд хæцæнгарз нæ
уыд,фæлæ лæгдзинад,намыс,æгъдау æвдисæг дзаума дæр.
Уæдæ ,нæ урочы темæ:Адæймаджы,номы
кад,цыт.
(слайд №2)
Ахуыргæнæг:Нæ зæрдыл æрлæууын
кæнæм
Дзесты Куыдзæджы
радзырд»Хур скæсæнырдæм нæ ныгуылы».
(Революцийы фæстæ Хуссар
Ирмæ бабырстой меньшевиктæ.Иу хъæуы ном дзы хуынд Фугæджын.Хъæуы цæрджытæ
ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ.Фæлæ иу зæронд лæг-Дзанг йæ ном,нæ
ракуымдта.Сфæнд кодта баиргъæвын уыцы бал бирæгъты , æнхъæлдта йæ
уæздан,æгъдауджын ныхæстæй баиргъæвдзæн лæбурджыты.
Фæлæ хъыгагæн ,сырд лæджы взаг
не мбары.
-Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын
кодта уацмыс?
-æнкъард хъуыдытæ.
-сæрыстырдзинад.
-æнæуынондзинад.
-тæригъæддзинад
Ссарут ма
тексты,сæрыстырдзинад уæм цы рæнхъытæ сæвзæрын кодтой,уыдон.
Æнкъард хъуыдытæ уæм кæм
сæвзæрынц,уыцы рæнхъытæ ссарут..
Æнæуынондзинад уæм цы рæнхъытæ
сæвзæрын кодтой,уыцы рæнхъытæ бакæсут.
Слайд 3.
Кусæм слайдимæ. Цы дæ бон у
зæгъын,ацы къаммæ кæсгæйæ.(скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ:)
Слайд4.
Цы ахадындзинад ис æрдзы
нывтæн уацмысы.
Æгады цард ,æви
хъæбатыр мæлæт? Кæцы фæндагыл ацыд Дзанг?
Цæмæ схуыдта фыссæг йæ уацмыс
«Хус скæсæнырдæм нæ ныгуылы»
Слайд5.
Тестытимæ куыст.Дзанг
уыд хуымæтæг зæронд лæг,æцæг ирон лæг,большевик.
Дзанг баззад хъæуы
,цæмæй (бамбæхса,радзура, бахъахъхъæна.)
Æз Дзангимæ (разы
дæн, нæ дæн разы)
Хæс: Ранымайын Дзанджы
фæзминаг миниуджытæ æмæ меньшевикты фауинаг миниуджытæ.
Сæрыстыр,хъæбатыр,кадджын,æдас,сæрæн,хæдзардзин
Æгъатыр,æнæгъдау,хиуарзон,хиппæлой..
Дзанджы фæлгонц ма зæгъæм
синквейны руаджы
Дзанг
Кадджын,сæрыстыр
Хъуыды
кæны,хъахъхъæны,фæдзæхсы.
Хус скæсæнырдæм нæ ныгуылы.
Лæг!
Рефлекси.
Абон æз базыдтон:…………..
Мæ зæрдæмæ фæцыд……………….
Мæн фæнды ………….
Хорз мæм фæкаст……………..
Мæ зæрдæмæ фæцыд…………
Бæрæггæнæнтæ.
Бузныг.Хæрзбон.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.