Гом урок ирон литературæйæ
6 «А» къласы
Урок бацæттæ кодта Хъуыбадты Т.М.
Темæ:
«Хорз ма ракæн, æмæ фыд
ма сарай» Хетæгкаты Къостайы басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-мæ гæсгæ.
Урочы Нысан:
1.
Базонгæ кæнын скъоладзауты Хетæгкаты
Къостайы басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп» - имæ. Сбæрæг кæнын басняйы сæйраг
хъуыды.
2.
Æрдзурын, æгъдау, æфсарм, уæздандзинад
адæймаджы фæзминаг миниуджытыл нымад кæй сты, ууыл.
Универсалон ахуырадон архайдтытæ:
Ахуырадон: текстимæкуыст: тексты мидæг темæ æмæ сæйраг хъуыды æргом
кæнын.
Коммуникативон: Хи хъуыды дзурын æмæ йæ фæлварын фидар кæнын. Къордты кусын
Регулятивон: Хатдзæгтæ аразын. Текст аив кæсын.
Æрмæг: Басняты чингуыты равдыст, презентаци,
карточкæтæ.
Эпиграф:
«Рагон
адæймаг йæхи æмбарынхъом куы фæци, уæд йæ алыварс акаст æмæ æрсагьæс кодта
дунейыл, стæй йæхиуыл. Йæ размæ æвзæрд дыууæ фарстайы: куыд арæзт у дуне, стæй
адæймаг йæхи хъуамæ куыд дара? Фьццаг фарстæн дзуапп лæвæрдта мифтæй, дыккагæн
та - басняйæ»
Эзоп.
Урочыцыд:
I.
Бацæттæгæнæн рæстæг.
II.
Салам раттын.
III.
Бакæсын урочы эпиграф
Ахуыргæнæджы ныхас:
-Куыд ахъуыды кодтат, цавæр
литературон жанры кой кæндзыстæм нæ абоны урочы?
- Цы у басня?
- Басняты сæйраг
архайджытæ чи вæййынц?
Хæдзармæ
куыст уын лæвæрд
уыди ахæм хæс:
1.Зæгъын, чи у нымад фыццаг басняфыссæгыл дунеон
литературæйы
2.Бацагурын æмæ
бацæттæ
кæнын
æрмæг
зындгонд уырыссаг басняфыссæг Иван Крыловы тыххæй.
- Уæ хорзæхæй,
базонгæ нæ кæнут, цы зонындзинæдтæ
райстат,
уыдонимæ.
1-аг ахуырдзау:
-
Басняйы бындурæвæрæг у
бердзенаг фыссæг Эзоп. . Цагъайраг кæй уыди, уымæ
гæсгæ
йæ
бон
рæстдзинад
æргом
дзурын нæ уыд æмæ дзырдта фæсномыгæй, уымæ
гæсгæ
йæ
ном баззад куыд «Эзопы æвзаг». Хорз арæхстис
баснятæ фыссынмæ.
2-аг ахуырдзау: Презентаци
(бацæттæ кодта Дзугаты Стеллæ) Иван Крыловы тыххæй.
Иван Крылов у æппæты
зындгонддæр уырыссаг басняфыссæг. Крылов райгуырд æртындæсæм
февралы мин авдсæдæ æхсай фарæстæм
(1769) азы. Йæ фыд уыд æфсады службæгæнæг. Раджы амардис.
Йæ ад уыд æрдзæй зондджын адæймаг æмæ йæ
фæндыд,
цæмæй
йæ фырт ахуыры фæндагыл ныллæууа. Радтой йæ ахуырмæ, Уыд зæрдæргъæвд
ахуыргæнинаг. Йæхи æгъдауæй сахуыр кодта литературæ, математикæ,
француза гæмæ
италиаг æвзæгтæ.
Мин астсæдæ фарæстæм(1809)
азы фæзындис йæ басняты фыццаг чиныг. Йæ басняты хурмæ хаста адæймаджы аиппытæ:
хиуарзондзинад, хиппæлойты, цытуарзын, æдылыдзинад, мæнгарддзинад.
-
Стыр бузныг. Ирон литературæйы та чи фыста баснятæ?
-
Цавæр
басня сахуыр кодтам 5-æм къласы?
-
Чи нын æй æрлæууын
кæндзæн нæ зæрдыл?
-Цавæр
зондамынд райстам уыцы басняйæ?
-
Цавæрхорз
миниуджытыл нæ ахуыр кæны?
-
Æвзæр миниуджытæй
та дзы кæцытыл худы Къоста?
Цы зонындзинæдтæ
райстам,
уыдоныл ма ноджыдæр бафтаудзыстæм,
цæмæй нæ
миддуне
хъæздыгдæр кæна,
ууыл бацархайдзыстæм.
Хъазт
-
Ныр та мæ
фæнды,
цæмæй
иучысыл ахъазæм. Нæ хъазт хуыйны
«Кæронмæ ахæццæ кæн» . (Фарстытæ равдисын интерактивон фæйнæгыл)
-
Цæттæ
стут?
Уæдæ
райдайæм!
1) басня у цыбыр …….. (уацмыс).
2) Йæ архайджытæ
сты
………( зайæгойтæ, сырдтæ,
дзаумæттæ)
3)
Ныхас дзы фæцæуы
адæймаджы
……….(æвзæр миниуджытыл)
4) Басняйы сæйраг
хъуыды загьд æрцæуы ……….(æмбисондæй)
5) Баснятæ
чи
фыссы, уыцы адæймаджы хонынц
………(басняфыссæг)
Кæцы
фарст уæм фæкаст зындæр?
(Улæфты рæстæг - физминуткæ)
НОГ
ÆРМÆГ.
Ахуыргæнæджы
ныхас
5
–æм къласы мах сымахимæ конкурсмæ бацæттæ колдтам Хетæгкаты Къостайы басня
«Халон æмæ рувас» инсценировкæ. Æртæккæ нын æй равдисдзысты уе 'мкъласонтæ.
Фæлæ
уал фыццаг байхъусæм æмæ бакæсæм презентацимæ Хетæгкаты Къостайы царды тыххæй
(презентаци)
(инсценировкæ)
-Бакастытæм
сценкæмæ
-Зæгъут
– ма, йæ хъуыды цæй мидæг ис?
Скъоладзауты
дзуæппытæ:
1.
Давæггаг фарсыл нæ хæцы.
2.
Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы, æмæ а.д.
-Цæмæй басняйæн йæ хъуыды раст райхалын зонат, уый тыххæй
уын æххуыс уыдзæн басняйы анализ зонын. (анализ карточкæтыл)
Басняйы
анализ
1.
Лæмбынæг бакæсын басня. Басняйы цыд мæ цæстытыл ауайын кæнын.
2.
Сбæрæг кæнын сæйраг архайджыты. Сæ митæн сын аргъ скæнын.
3.
Цавæр хъæндзинæдтæ æмæ аиппытыл худы автор?
4.
Автор мын мæ цæстæнгас цæмæ здахы.
5.
Сбæрæг кæнын басняйы хъуыды.
|
-
Куыд уæм кæсы, нæ урочы нысан цавæр у?
(Басняйы хъуыды раст æвзарын).
-
Цы баснямæ бакастыстут, уым автор адæймагæн йæ цавæр аиппытыл худы?
-
Цы зæгъынмæ хъавыд автор?
-
Скæнæм ма хатдзæг.
(Скъоладзаутæ
сæхи хъуыдытæ барынц авторы хъуыдыимæ).
- Уæ бон баци басняйы мораль раст сбæрæг кæнын? (Баци.)
- Цы уын феххуыс, раст хатдзæг скæнынæн? (Баснямæ байхъуыстам, автор цы
аиппытæ æмæ хъæндзинæдтыл худы, уыдон сбæрæг кодтам, ахъуыды кодтам, цы
зæгъынмæ хъавыд, ууыл).
-
Адæймагæн йæ цавæр аиппытыл худы автор?
-
Хи ныхæстæй радзурут басняйы сæйраг хъуыды
-
Разы стут уе ’ппæт дæр ацы зондамындимæ?
*Къорды
куыст.
Скъоладзаутæ
чиныгæй кæсынц басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп».
-
Цавæр ныхæстæй райдайы басня?
-
Цавæр бæллæхы бахауд бирæгъ æмæ куыдæй?
-
Чи фервæзын кодта бирæгъы мæлæтæй?
-
Цы агуры хърихъупп?
-
Цы дзуапп радта бирæгъ?
-
Цавæр адæймæгтыл фыст у басня?
-
Цавæр ирон æмбисæндтæ уын уæ зæрдыл æрлæууын кодта
Къостайы
басня? («Хорз ма ракæн, æмæ фыд ма ссарай», «Хæрзгæнæг хорз нæ ары», «Хорз
бæсты нæ цæуы»)
-Разы стут æмбисæндты хъуыдыимæ?
- Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрд, басня кæсгæйæ?
- Кæцы рæнхъыты æвдыст æрцыд басняйы хъуыды?
-Сымах дæр уæ царды ахæм уавæры бахаудтат?
*
Дыгæйттæй куыст.
Скъоладзаутæ
аив кæсынц цæсгæмттæм гæсгæ
-Сымах
дæр уæ царды ахæм уавæры бахаудтат?
-
Ацы уавæрмæ гæсгæ уæхæдæг ныффыссиккат басня?
8.
ÆРМÆГ БАФИДАР КÆНЫНЫЛ КУЫСТ.
- Цы у басня?
- Басняйы хицæндзинæдтæ цæй мидæг сты?
- Куыд ис басняйы мораль (зондамонæн) сбæрæг кæнæн?
9.
ÆРМÆГ КУЫД БАМБÆРСТОЙ, УЫЙ СБÆРÆГ КÆНЫН (РЕФЛЕКСИ).
- Нæ урочы нысан цавæр уыди?
- Сæххæст æй кодтам?
- Зæгъут уæ хъуыдытæ.
Пайда
кæнын ахæм хъуыдыйæдтæй: (фæйнæгмæ сæ рахæссын)
- Æз урочы сахуыр дæн…
- Урок мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ …
- Урок мæм фæкаст цымыдисаг …
- Æз ахъуыды кодтон …
Хæдзармæ
куыст: Басня сахуыр кæнын аив кæсын. Скæнын
нывтæ.
БÆРÆГГÆНÆНТÆ
СÆВÆРЫН
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.