« Ногбоны бæрæгбон»
Иуактон пьесæ
Архайджытæ :
Æфсин
Лæппу
Хæдзары хицау
Хæдзаронтæ
Снегурочка
Фæндырцæгъдæг
Доулист
Декорацитæ :
1.
къона
2.
стъол
3.
тъахтин
Райхъуысы музыкæ,
сценæ байгом.
Архайд цæуы
ирон хæдзары. Æфсин архайы пецы уæлхъус,кæны чъиритæ.
Йæ алыварс
разил- базил кæны гыццыл лæппу.
Сыв. – Гыцци, цы
кусыс?
Æфс.- Мæнæ бæрæгбонмæ
æртæ кæрдзыны кæнын, мæ хъæбул.
Сыв. Цавæр
бæрæгбон, гыцци?
Æфс.- Ногбоны
æхсæв, мæ гыццыл хур.
Сыв. – Ногбон та
цавæр бæрæгбон у?
( Ам сценæйыл архайд цæуы сæ ныхас нæ хъуысы , афтæмæй.
Снегурочка залы цы сывæллæттæ ис, уыдонимæ кусы)
Снег. –
сымахæй та чи зоны цавæр бæрæгбоны кой кæнынц нæ архайджытæ?
(
залы чи бады , уыдон дзуапп дæттынц. Сæ раст дзуаппæн сын снег. дæтты деда.
Куы фесты куыст залимæ, уæд дарддæр сценæйыл цæуы архайд )
Æфс.- Иу аз иннæйы ивынмæ цы
æхсæв æрбацæуы, уый бæрæг æхсæв вæййы, хонынц æй
ногбоны
æхсæв. Скæнынц чъиритæ, дедатæ.
Сыв.- Гыцци, дедатæ та цы сты?
Æфс. –Уыдон та адджын гуылтæ.
Сыв.- Мæн дæр хъæуы ахæм
адджынтæ.
Æфс. – Гыццыл фæлæуу, ныртæккæ
цæттæ уыдзысты.
Сыв.-Бирæ ма сæ хъæуы? (
фæцæуы иуварс)
Æфс.- Нал , рауай æз дын авæрон
дæ хай. Кæм дæ , кæм?
Сыв. –Ам дæн, ам. Мæнæ ма цæй
стыр сты! Гыцци, Сæрмæтæн дæр скодтай?
Æфс.- Уæдæ! Сæрмæтæн дæр скодтон
æмæ ма ноджы бирæ скодтон.
(
Æрбайхъуыст уынгæй хæдзаронты зарæг, фæндыры цагъд. Хæдзары хицау рацæуы.
Æфсин сæ размæ рацыд.)
Хæдзаронтæ,хæдзаронтæ,
Уæ алы аз уыл
хорзæй цæуа,
Уæ сæдæ фидæн
хорзæй фенат,
Уæ лæг саг амара,
Уæ ус тыр ныйара,
Уæ басылы къух
мæн фæуа!
Хæдзаронтæ,
хæдзаронтæ!
1-аг уазæг(
Кумал) -
Фарн ацы хæдзары!
2-аг уазæг(
Моур) - Ног аз уæм ног хорздзинæдтæ æрхæсса!
Æфсин -
Фарны къах æрбавæрат, фарны къах! Мидæмæ рахизут!
1-аг уазæг(
Кумал) -
Мидæмæ цæугæ стæм , мидæмæ…
Хæдз. хицау – Æфсин
,ацы уазджытæ хорз фенинаг сты!
Æфсин – Цæттæ дæн, цæттæ.
(
уазджытæй иу ахауы уæлгоммæ)
Хæдз. хицау - Уæллæй нæ
уазджытæ, уе мбæлттæй иу рынчын у.
Уаздж.(Засеева) -Æллæх, цыдæр кодта!
Хос кæнын ын хъæуы, хос !
Хæдз. Хицау
- Кæм дæ ,
не фсин , уазæгæн хос рахæсс рæвдздæр!
Æфсин -
Ныртæккæ,
ныртæккæ, йæ фæхъау фæуон! ( худынц)
( ус
рахæссы адджинæгтæ , деадтæ. Рынчын сæ куы фены, уæд рабады)
Уахзæг
(Засеева) - Мæнæ-
ма дуне адджинæгтæ , диссаджы дедатæ.
Уазæг(чи
ахауди) Æнхъæлдæн
фæхорз дæн! ( сысты)
Хæдз.хицау – рынчын иугæр адзæбæх, уæд
ын йæ цæрæнбоны тыххæй ракувын хъæуы,
фынгмæ æрбахæстæг кæнут.
(Фынг рахæссы
æфсин уазджытæ хистæртæ бацæуынц, бадгæ нæ кæнынц).
Хæдз. хицау –
Хуыцау. Стыр Хуыцау! Табу дæхицæн!
Æппæт дуне рафæлдисæг дæ,æмæ нæ дæ хорзæх уæд!
Ирон адæмыл ног азы рæстырдæм куыд аудай!
Иумæ
Аммен, Хуыцау!
Уаздж. (Ибрагим ) – Ног
азы нæ сабитæ – де уазæг!
Æвзæндаджы
Уастырджи, табу дæхицæн!
Иумæ Аммен,
Хуыцау!
Хæдз.хицау - Дæ рахиз
базыры бын сæ бакæн!
Фыдбылызæй
сæ бахиз!
Иумæ
Аммен, Хуыцау!
Уаздж. (Арсен) – О
Хоры Уацилла æмæ Фоссы Фæлвæра,
Реком
æмæ Мыкалгабыртæ, табу уæхицæн!
Иумæ
Аммен, Хуыцау!
Хæдз. хицау - Цы зæдтæ æмæ
дауджытæ ферох кодтам, табу уыдонæн!
Чи ацахода , уый цæрæнбон- бирæ!
-
Не фсин , мæнæ Æртхурон Донскъæфæнтæм бафснай.
Снег. _ Сывæллæттæ, зæгъут-ма цы
зонут Æртхуроны тыххæй?
-
Донскъæфæнтæ та кæд вæййынц?
(Ракувынц
Æртхуронæй. Æвналгæ йæм нæ кæнынц. Ныууадзынц æй Донскъфæнтæм. Йæ мидæг ын
бавæрынц æхца æмæ къуымбилы бындзыг. 19 январы йæ адихтæ кæнынц, æхца кæмæ
бахауа, уый уыдзæн æхцаджын, къуымбил кæмæ бахауа, уый та - фосджын)
Хæдз. хицау
Хорз адæм, уæ алы бæрæгбон дæр уыл æнæниз æмæ дзæбæхæй цæуæд!
Кæстæртæ, хъазт ацаразут! ( фæсивæд иу дыууæ кафты акæнынц)
Æфсин – Нæ абоны бæрæгбоны
дедатæй алкæй дæр хъуамæ фæуа хай.
( байуары залы чи бады, уыдонæн)
Снегурочка
залы чи бады , уыдонæн уары дедатæ .
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.