Рабочие листы
к вашим урокам
Скачать
1 слайд
Урочы темæ:
«Цы хорз у, чи
сбуц кодта мады, æмæ йын чи радта æгъдау», - Цæгæраты Гигойы радзырд «Мураты бандон»-мæ гæсгæ
2 слайд
Урочы эпиграф: «Зæххыл ис иунæг хæзна царды, æмæ уый Мад у, мæ хур, Мад. Йæ рæвдыд сау дуртæм дæр хъары, фæсуры зæрдæйы фæллад».
Хъодзаты Æхсар
3 слайд
Урочы фæлгонц: интерактивон фæйнæг, нывтæ мады фæлгонцимæ, зарæг мады тыххæй.
4 слайд
Уæ бон хорз æмæ нæм æгас цæут,
нæ зынаргъ уазджытæ!
5 слайд
Абон сымах фендзыстут диссаджы ныв. Цæвиттон, 2-æм къласы ахуырдзаутæ æрæджы куыддæртæй бахаудысты ивгъуыд цардмæ, бæлвырддæр та - Нарты бæстæм. Тынг диссаг сæм фæкаст, кæдæм бахаудысты, уый. Уæд сæм бæркадкъух Сатана рауад æмæ сыл баузæлыд, куыд æмбæлы, афтæ сæ суазæг кодта. Уазæг – Хуыцауы уазæг, зæгъгæ сæ мидæмæ бакодта, хорз сæ федта æмæ сæм дзуры: «Æз, Сатана, Нарты мад, хъуамæ абон базонон, уæ дуджы мадæн цы аргъ æмæ кад ис, уый. Йæ алыварс сæ тымбыл сбадын кодта, æмæ сыл ныхас бацайдагъ.
6 слайд
Ехх, æвæдза… Сабитæ, Мад... Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæты æхсызгондæр мысинæгтæ. Æмæ банкъарæн ис, уæд æрмæстдæр мады рухс цæсгом уынгæйæ. Мады фаг хорздзинæдтæ ацы зæххыл нæй, фæлæ уый буц даргæйæ, уымæн ирон
рæсугъд æгъдау дæтгæйæ
бамбарæн ис, циу амонд.
Мад – царддæттæг.
Хæрзконд, хæрззонд, фæлмæнзæрдæ, уды рæсугъддзинад. Уыцы хæрзиуджытæ иууылдæр
мады лæвæрттæ сты. Мады уарзондзинадæй æфсæст чи у, уыдонæн сæ удтæ хъæздыг æмæ рæсугъд сты.
Зæгъут-ма, сымах та куыд æмбарут дзырд «Мад»?
7 слайд
Куыд æххуыс кӕнут сымах та уæ ныййарджытæн?
Зæгъут-ма, сывæллæттæ, уыдон уæ хызынты цытæ сты æмæ уӕ цæмæн хъæуынц?
Æмæ кæм сахуыр стут чиныджы кæсын?
Зæгъут-ма, æмæ дзы цавæр уацмыстæ сахуыр кодтат мады тыххæй?
8 слайд
- Уæ, мӕ къонатӕ, цæй диссаджы дзæбӕх лӕппуйыл фыст у. Фæлæ-ма мæ фæнды, цæмæй мын радзырд лæмбынæгдæр бамбарын кæнат.
- Чи уыд Мурат?
- Кæм вæййы йæ мад Софиимæ?
9 слайд
-Куыд ӕххуыс кæны йæ мадæн?
-Цы уарзы Мурат бирæ æмæ цæмæн ?
-Цавæр лæппу у Мурат?
-Мураты мад бацин кодта лæварыл? Цæмæн?
-Ныр ма Мураты бынаты сæвæрут уæхи. Алчидæр уæ афтæ бакодтаид?
-Кæм кусынц уæ мадæлтæ, æмæ сын куыд æххуыс кæнут?
10 слайд
-Уæ, мæ хуртæ, æз сымахæй абон цы бузныг дæн! Зæгъут-ма, радзырды фæстæ та цы ис?
Æмæ сымахæй ничи зоны æмдзæвгæтæ мады тыххæй? Тынг зæрдиагæй сæм байхъусин!
-Цы рæсугъд сæ радзырдтат!
-Ацы æмдзæвгæты та мад куыд æвдыст цæуы?
-Уæ мадæлтæ та цавæртæ сты?
-Уæдæ уæ кæй мад у хуыздæр? Цæмæн уæм афтæ кæсы?
11 слайд
Куыд уæм кæсы, цæмæн?
12 слайд
Раст бакодта лæппу? Цæуылнæ?
Чызг дзы цæмæн бадомдта йæ мады
зæрдæ?
Лæппу йæ къах куы скъуырдта,
уæд æм мады зæрдæ куыд сдзырдта?
Лæппу йæ ныййарæджы уарзы?
Цæмæн уæм афтæ кæсы?
Сымах та куыд бакодтаиккат?
Таурæгъ «Мады зæрдæ»
13 слайд
1. Мады зæрдæ дур халы.
2. Мады зæрдæ зонаг у.
3. Мады ад – ныфсдæттæг, мады уарзт- тыхдæттæг.
14 слайд
Фæндараст.
Тынг æхсызгон мын уыд уæ фенд
Рабочие листы
к вашим урокам
Скачать
Урочы эпиграф: «Зæххыл ис иунæг хæзна царды, æмæ уый Мад у, мæ хур, Мад.
Йæ рæвдыд сау дуртæм дæр хъары, фæсуры зæрдæйы фæллад».
ХъодзатыÆхсар
Урочы нысантæ:
1. Хæдзармæ куыст равзарын.
2. Скъоладзауты зæрдæты гуырын кæнын уарзондзинад ныййарæгмæ.
3. Адæмон сфæлдыстады хуызтæй пайда кæнын.
4. Скъоладзауты дзургæ ныхасы рæзтыл бакусын.
Урочы фæлгонц: интерактивон фæйнæг, нывтæ мады фæлгонцимæ, зарæг мады тыххæй.
6 665 082 материала в базе
Настоящий материал опубликован пользователем Багаева Фатима Ахсарбековна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт
Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.
Удалить материалВаша скидка на курсы
40%Курс повышения квалификации
36/72 ч.
Курс повышения квалификации
36 ч. — 144 ч.
Курс повышения квалификации
36/72 ч.
Мини-курс
4 ч.
Мини-курс
5 ч.
Мини-курс
6 ч.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.