Инфоурок Другое Другие методич. материалыДидактикон армаг ирон авзагай 7-ам къластан

Дидактикон армаг ирон авзагай 7-ам къластан

Скачать материал

 

№         Бакæсут æмæ зæгъут  , цавæр дзырд æвдисы ацы æрфыст.

   Хидарыны уаг, бæлвырд хъуыддаджы уагæвæрд æрмæст цины  æмæ зианы нæ, фæлæ  бинонты  æмæ æхсæнадон царды дæр.

     Æнæ уымæй нæ фидауы  фебæлд  æмæ фæндараст, рацыд æмæ æрбацыд.

      Нæ фыдæлтæ стыр кад  кодтой æмæ кæнынц  уыцы уагыл хæст чи уыд, ахæм адæймагæн. Дæттынц сæм кады нуазæнтæ, сæ кой айхъуысы дæрдтыл.

              Хæслæвæрдтæ :

     1.Куыд уæм кæсы, цæмæн кæнынц ахæм    адæмæн кад?

      2.Тексты цы дзырд  æмбæхст  ис, уыимæ     саразут              

         хъуыдыйадтæ . Мивдисджытæ  сæвæрут фæдзæхстон 

          зæдæны     нырыккон æмæ     суинаг афонты.

 

                          

Куыд æвзарын хъæуы мивдисæг.

 

1.      Райдайæн формæ ( æбæлвырд формæ)

2.      Хуымæтæг кæнæ вазыгджын

3.      Æххæст кæнæ  æнæххæст хуыз

4.      Цæугæ кæнæ æдзæугæ?

5.      Здæхæн

6.      Афон.

7.      Цæсгом.

8.      Нымæц.

 

           Хуызæг : Уарзынц  -  уарзын

                                                 хуымæтæг

                                                 æнæххæст

                                                 цæугæ

                                                 æргомон зд.

                                                 ныр.афон

                                                 3-аг цæсгом

                                                 бирæон ны

                                  -

           

 

                          1

 

 

                          Разныхас

 

 

 

                 Ацы   дидактикон  æрмæг лæвæрд     

            цæуы 7- æм  къласы  ирон  æвзаджы                     

          чиныгмæ   куыд  уæлæмхасæн    æрмæг.

         Арæзт  цæуы   ахуыргæнджытæ  æмæ

         ахуыргæнинæгты  куыстæн    æххуысæн.

          Дидактикон  æрмæг   арæзт   у  хицæн                   

         фæлтæрæнтæй æнцондæрæй  зындæрмæ,

         ома  хуымæтæгæй    вазыгджындæрмæ.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                2

№ 2                  Табл № 1

  Цы кæны ?   Цы ми кæны ?

 

                                 М И В Д И С Æ Г

                         Æвдисы  предметы  архайд.

 

  Мивдисджытæ  вæййынц   :

 

1. хуымæтæг                  -                бадын

2. Вазыгджын                -               хъæр кæнын

3. æххæст                        -               сбадын

4. æнæххæст                   -                кусын

5. цæугæ                         -                уарзын

6. æдзæугæ                    -                 тыхсын

 

  Мивдисæгæн  ис :   

                        4  здæхæны

 

1. æргомон здæхæн             -       бадын

2. бæллиццаг здæхæн         -       бадин

3. бадзырдон здæхæн          -        бадон

4. фæдзæхстон здæхæн       -         бад

 

                      3   афоны

 

1.  Нырыккон Афон        -          зарын

2.  Ивгъуыд Афон           -          зарыдтæн

3.  Суинаг Афон              -          зардзынæн

 

3        цæсгомы

I                                      æз  ,  мах

II                                    ды  , сымах

III                                  уый,  уыдон

 

                  2    нымæцы

 

1. Иууон  нымæц            -           кусын

2. Бирæон нымæц           -           кусынц

 

 

  №  Дзуапп раттут фæрстытæн

 

2.      Цы хонæм мивдисæг? Цавæр фæрстытæн дæтты дзуапп?

3.      Цал цæсгомы ис мивдисæгæн?

4.      Цал нымæцы?

5.      Цал афоны?

6.      Цы æвдисынц мивдисджытæ нырыккон, ивгъуыд æмæ суинаг афонты?

7.      Аифтындзæг кæнут мивдисæг æртæ афоны дæр.

8.      Мивдисæджы кæрæттæ  нырыккон, ивгъуыд æмæ суинаг афонты.

9.      Мивдисджыты растфыссынад  хайыгтæ НÆ мæ НАЛ-имæ.

 

             

Морфемон ( дзырдарæзтон ) æвзæрст

 

1.      Цавæр ныхасы хай у дзырд; йæ формæ ( ивгæ, æнæивгæ)

2.      Рахицæн кæнын бындур æмæ кæрон.

3.      Кæронæн характеристикæ.

4.      Бындуры  хуыз  сбæрæг  кæнын: аразгæ, æнæаразгæ,

      дихгæнгæ, æнæхихгæнгæ.

5.      Рахицæн кæын уидаг,ссарын æмуидаг дзырдтæ.

     Бацамонын  уидаджы кæрæдзи ивæн мыртæ.

6.      Разæфтуан рахицæн кæнын.

7.      Фæсæфтуан рахицæн кæнын.

8.      Иугæнæг хъæлæсон рахицæн кæнын.

9.      Дзырды графикон схемæ равзарын.

 

 

 

 

                                                                                                                            

 

№   60  Цæмæн æй уарзын æз мæ Фыдыбæстæ?

 

   Цæмæн æй уарзын æз мæ Фыдыбæстæ? Цæмæн?

Рæсугъд у Ирыстон. Бæрзондæй фæлгæсынц рухс цæстæй æнусон цъититæ. Ныгъуылынц хæхты цъуппытæ кæмдæр арвы цъæхы. Фидарæй лæууынц фæрсæй-фæрстæм рагон къæдзæхтæ. Сæ астæу арф ацыдысты кæмттæ. Æрттивынц ранæй-ран къултæ зæлдаг кæрдæгæй,хъæды къохтæй, зилы сыл фæлмæн фæзылдæй æврагъы уддзæф.

     Далæ комы нарæгæй хъуысы уæлæмæ доны хъæлæба, цыма хъал кæны йæ хæххон хъæутæ, къулты дæлбазыр сидзæртау чи бабукъ.

    Рæсугъд у Ирыстон…Зæрдæ йæм фехсайы, зæрдæ йæм фæласы йæхи.

                                                                 ( Гæдиаты Ц.)

          

Хæслæвæрдтæ:

                 1.Сымах та куыдæй уынут Ирыстон?

                 2.Цæй тыххæй йæ уарзут?

                 3.Цæмæ йæ æхсайы зæрдæ, цæмæ йæм ласы йæхи?

                 4. Æркæсут мивдисджытæм,цы пайда сты авторæн             

                      йæ æнкъарæнтæ раргом кæнынмæ?

                                           

 

 

 

                                   3

№        табл. № 2

 

Мивдисæджы бындуртæ

Мивдисæгæн ис дыууæ бындуры :

 

1.      Нырыккон афоны бындур :

               дзур – ын,  цæр- ын ,

2.      Ивгъуыд афоны бындур :

                дзырд, куыст.

 

 

Табл. № 3          Æргомон здæхæн    уæвын           

афонтæ

цæсг

иууон н.

бирæон н.

 

Ныр.аф

1

2

3

дæн

дæ

у, ис, и

стæм

стут

сты

Ивгъ.аф

 

1

2

3

уыдтæн

уыдтæ

уыд- си -и

уыдыстæм

уыдыстут

уыдысты

Суинаг аф.

 

1

2

3

уыдзынæн

уыдзынæ

уыдзæн- и- ис

уыдзыстæм

уыдзыстут

уыдзысты

 

 

 Табл. №4  бæллиццаг  здæхæн           уæвын

афонтæ

цæсг

иууон н.

бирæон н.

 

Ныр.аф

1

2

3

уаин,уин

уаи, уис

уаид, уид

уаиккам,

уаиккат

уаикой

Ивгъ.аф

 

1

2

3

уыдаин

уыдаис

уыдаид

уыдаиккам

уыдаиккат

уыдаиккой

Суинаг аф.

 

1

2

3

уаин

уаис

уаид

уаиккам

уаиккат

уаиккой

 

 

4

№     табл № 5 бадзырдон здæхæн

 

афонтæ

цæсг

иууон н.

бирæон н.

 

Ныр.аф

1

2

3

 уон

  уай

  уа

   уæм

  уат

  уой

Ивгъ.аф

 

 

   нæй

  нæй

Суинаг аф.

 

1

2

3

уон

уай

уа

уæм

уат

уой

 

 

№  табл . № 6  фæдзæхстон здæхæн

 

афонтæ

цæсг

иууон н.

бирæон н.

 

 

1

2

3

             --

           у

         уæд

            --

          ут

         уæнт

 

 

 

 

Раст фыссут .

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

№  Бакæсут текст .

                          Фыды фарн.

       Кæддæр , дам ,  иу ирон лæг балцы цыдис æмæ йæ мады фæрсы:

- Фæндаггаг мемæ цы  ахæссон?

- Дæ фыды ном, дæ фыды фарн, - уыд мады дзуапп.

Æмæ  лæппу балцы  йæ  фыды ном, йæ  фыды  фарнимæ  афæндараст кодта.

Алы ран дæр æмбæлдысты æхсызгонæй , йæ фыды намыс хъуыдыгæнгæйæ.

 

1.      Цавæр  фæндаггагимæ араст кæниккат сымах та уæ кæстæрты?

2.      Куыд уæм кæсы , цавæр уыд йæ фыд лæппуйæн?

3.      Куыд феххуыс фыды фарн йæ фыртæн.

4.      Цавæр хъуыдытыл уæ æфтауы?

5.      Ныффыссут уæ хъуыдытæ. Уæ тексты спайда кæнут  мивдисæджы алы  здæхæнтæй  æмæ  мивдисæджы афонтæй.

 

    № бакæсут текст.       

    Хъæуы лæг

Хъæумæ фæндагыл дыууæ сыхаджы баиу сты. Кæрæдзи афæрстытæ кодтой, чи дзы кæцæй цæуы, уымæй. Кæстæр  цыд зианæй, æмæ йæ хистæр афарста :

             - Мард хæдзары зиан у , æви хъæуы?

             - Уый та куыд?- бадис кодта кæстæр.

             - Хорз лæг йæ зонд , йе гъдауæй  æмæ йæ хъуыддæгтæй  вæййы хъæуы лæг, фыццаг  ма  ахæмты хуыдтой комы  лæг  дæр, ныр та ис æнæхъæн  Ирыстоны  лæгтæ  дæр.

Хæдзары зиан та бавæрынц хæстæг - хиуæттæ , сыхæгтæ.

 

                - Раттут  текстмæ фæрстытæ?

                - Цы нын зæгъынмæ хъавыд автор?

                - Разы стут авторимæ? Зæгъут уæ хъуыдытæ.

                - Мивдисджытæн сбæрæг кæнут сæ афон  æмæ нымæц

 

 

 

 

№      Бакæсут текст.

                          Мады фыстæг.

   Мæ хъæбул, мæ зæрдæлæууæн! Иунæг къам мæм уыди, дæ къам, æмæ мын  фесæфт.

Мæ хæдзарæй стыр хæзна фæхъуыд. Æхсæв мыл хуыссæг нал хæцы, бонæй цæуылдæр фæтыхсын. Цæуыл тыхсын,уый зонын- дæ хуызист фесæфт æмæ дæ сурæт мæ цæстытыл нал хъазы, стæрсын,куы нал фенон,куы нал фембæлæм.

    Æмбарын æй: цы бæсты цæрыс, уым стыр лæг дæ,  дæ фæхъхъау фæуон!Æппындæр дын рæстæг нæй, æндæр ацал-ауал азы уæддæр иу хатт не  саудаис дæ зæрнд мадмæ? Нæй дын рæстæг  æмæ дæ азымы нæ дарын, мæ хъæбул.

    Кус фæрнæй, дæ дзæбæх хабæрттæ мæм хъуысæнт. Æз дын ардыгæй уырдæм цырагъдарæй  лæудзынæн , истæуыл куы тыхсай, уæд æй мæ зæрдæ бамбардзæн. Тыхсын дæ нæ буадздзынæн. Æмæ цæмæй  æз дæр ма тыхсон, уый тыххæй мын мæ фæндон сæххæст кæн. Дæхицæн уыцы зын скæн æмæ мын дæ хуызист рарвит. Дæ къам дын куы уынон, уæд мæм афтæ кæсдзæн, цыма мемæ дæ…

    Рарвит мын дæ къам, мæ иунæг! Хуыздæр хорз мæ нæ хъæуы. Ма фæзивæг кæн, рарвит.

                                                        ( Æгъуызарты С.)

  1. Нырыккон афоны мивдисджытæ сбæрæг кæнут .
  2. Цавæр хъуыды уæм сæвзæрын кодта ацы фыстæг?
  3.  

 

 

 

 

5

       № 5 Дзырдтæм раттут фæрстытæ.

 Зæгъут,   цавæр ныхасы  хаймæ хауынц?

 

      Бады ,кусæм, цæуы, лæууæм, ныв кæнын, худынц,

      мæрзыс, зарут, фыссы, хъусынц, дзуапп дæттæм.

 

        Сбæрæг сын кæнут сæ цæсгом æмæ нымæц.

 

№ 6 Лæвæрд хъуыдыйæдтæ  цухгонд дзырдтæй æххæст

 кæнут, афтæмæй сæ рафыссут.

                                                                     

   1. Хъаныхъуаты Бола … зындгонд ирон богал, уый …

        диссаджы тыхджын æмæ фæразон адæймаг.

   2. Йæ дæргъ … 2 метры 27 сантиметры, йæ уæз та –

       дыууæсæдæ цыппæрдæс килæйы.

3.      4 азы йыл куы … , уæд доны уæззау къæртатæ йæ

мады бæсты … .

4.      1940 азы …  хъæбысæй хæцын. Уымæй тыхджындæр

      богал нæ…

5.      Болайæн … алыхуызон нæмттæ: «Ирон уæйыг»,

«Хъазыбеджы Хох», «Адæймаг Хох» æмæ æнд.

 

 

№ 7  Бакæсут æмдзæвгæйы рæнхъытæ. Зæгъут мивдис-

 джытæн сæ афон.

 

    Ирыстон æз Къостайы  номæй хонын,

    Балойы кадæй алчидæр у кадджын.

    Васойы фæрцы нæ рагистори зонын ,

    Болайы тыхæй абон дæр ныфсджын.

                                                     ( Тотоонти З.)

 

№  8   Ныффыссут мивдисджытæ æбæлвырд формæйы.

         Уыгъта ,сайдта ,уарзта , цæудзæн , загъта , згъордта.

                                           

                           

 

 

 

      6

№ 9 Æмдзæвгæ бакæсут. Архайд цы дзырдтæ æвдисынц,

  уыдон бацамонут. Раттут сæм фæрстытæ.

 

 

              Æз дæн ирон сæрыстырæй фæзæгъын,-

               Цæрын Ирæн йæ  хъæбысы уæндон.

               Йæ уæрæх уынгты зæрдæрухсæй фæцæуын,

               Мæ дзырд, мæ сулæфт –зæрдæйы фæндон.

 

               Мæ Ирыстон! Дæ ном æмæ дæ кадæн

               Дæттын  фæстаг сулæфты онг мæ цард.

               Дæуæн  Ирыстон, куыд  мæ ныййарæг

               Фæхæсдзынæн дæ кой дунейыл дард.             

 

               Ирон дзырд у мæ хæцæнгарз, мæ хотых

               Дæуæй ныфсджын  мæ намысджын  куы дæн.

               Дæуæй цæуынц  зæдæйы рухс, монон  тых

               Дæуыл мæ фæстаг зарæг дæр уыдзæн.

 

               Рæзгæ фæлтæр! Хæссут уæ сæрмæ  уастæн

               Уæ хъомылгæнæг – мадæлон æвзаг.

               Нæй хатыргæнæн дзæгъæл бонты азтæн

               Уæ соммæ райсæд алчидæр йæ фаг.

                                   ( Тотоонти З.)

 

 

 

        №        Нывмæ гæсгæ куыст   

 

 

 

 

Хæслæвæрдтæ :

1.      Цавæр ирон æгъдау æвдыст цæуы нывы?

2.      Нывæн сæргонд раттут.

3.      Чи сты архайджытæ æмæ цы кусынц?

Нывы архайд мивдисджыты ранымадæй равдисут. Спайда кæнут мивдисæджы  здæхæнтæ æмæ афонтæй.

                                                      

                                                    

 

 

№       Бакæсут текст

 

Бæлон æмæ мыдыбындз.

 

 

 Мыдыбындз ныххаудис доны. Дон æй йæ бынмæ фæцæйласта. Бæлон  æй ауыдта. Уый йын фæтæригъæд кодта æмæ йын къалиу ныппæрста. Мыдыбындз къалиумæ  сбырыд æмæ йæ доны уылæн былгæронмæ раппæрста.Уым хурмæ йæхи бахус кодта æмæ атахт йæ чыргъæдмæ. Уый фæстæ цуанон хызæй æрцахсынмæ хъавыд бæлоны. Федта  йæ мыдыбындз. Бахъуызыд цуанонмæ æмæ йын йæ къух ныццавта. Цуанон фесхъиудта æмæ йæ хыз йæ къухæй ахаудис.Бæлон  ныппæрæст  ласта æмæ йæ ахстонмæ атахтис.

 

Хæслæвæрдтæ:

 Тексты ссарут мивдисджытæ,   сбæрæг сын кæнут

- сæ райдиан формæ.

- хуымæтæг / вазыгджын

- цæугæ , æдзæугæ

- цæсгом

- афон

- нымæц

- здæхæн

                  

7                                         

№ 10   Мивдисджытæ бакæсут. Бацамонут дзы вазыгджын  мивдисджытæ æмæ сæ рафыссут. Зæгъут, кæцы хауæны сты, уый.

            Хъусын  зарынмæ, кæсын чиныджы, цæуын демæ,

        цæрын фале, хъаугъа кæнын, арфæ кæнынау, уарзын,

        пайда кæныныл, бустытæ кæнæгау.

 

 

 

№ 12 Ныффыссут хуымæтæг мивдисджыты  вазыгджын   формæтæ.

            Кæсын, цæуын, фæлтæрын, амонын, худын.

 

 

 

№ 13  Равзарут раст вариант æмæ йæ бамбарын кæнут

 

          1. кусгæ-кусын                -           кусгæкæнын

          2. дзырдæуы                    -           дзырд  æуы

          3. худгæ кæнын               -            худгæкæнын

          4. хъæркæнын                  -            хъæр кæнын

 

 

 

№ 14 Бакæсут текст. Ссарут дзы ивгъуыд афоны мивдисджытæ æмæ сын  бацамонут  сæ  цæсгом, нымæц,

рахицæн  кæнут  цæсгомон  кæрæттæ.

 

      Скодта  хъарм  хур  бон. Сывæллæттæ хъазыдысты змисы.

  Уымæн  арæзтой  змисæй хæдзæрттæ. Æвиппайды сæ цуры  февзæрдис Буцæ. Буцæ йæ къахæй фехæлдта змисын хæдзæрттæ. Сывæллæттæ скуыдтой.  Сæ  размæ бацыдис Аслан.Басабыр кодта  сывæллæтты, Буцæйæн та бауайдзæф кодта.

 

 

 

8

    №  15  Аифтындзæг кæнут мивдисæг ДАРЫН æргомон здæхæны  нырыккон    æмæ   ивгъуыд афонты иууон æмæ бирæон нымæцы.

 

 

№  16 Ацы мивдисджытæй алкæцыимæ дæр æрхъуыды кæнут фæйнæ дыууæ хъуыдыйады : фыццаджы мивдисæг 2-аг цæсгомы  куыд уа, дыккаджы та – æбæлвырд формæйы.

 

Лæууын, хæссын, ахуыр кæнын, ныв кæнын, тырнын.

 

№ 17  Цавæр фæсæфтуанты фæрцы арæзт цæуы ирон æвзаджы мивдисæджы æбæлвырд формæ. Ныффыссут дæнцæгтæ.

 

№ 18  Ныффыссут дзырдуатон диктант.

 

Хынцдзынæн, марзтон, ныхситт кодта, баивтон,бахыгъта,

бамбæрстон, бамбæрзтон, æййæфта, ныххæррæтт кодта.

 

№ 19 Мивдисджытæм  æфтаут дыгай  разæфтуантæ æмæ сæ  рафыссут ( а- , ба- , ра- , æр  , æрба - , фæ- ,ны-, с-)

 

Тæхын, хæцын,зонын,кафын,цæуын,ахуыр кæнын,кусын.

 

 

№ 20 Разæфтуантæ а-, ба-, ра-, æр-,ны-, с-, фæ-, æрба-имæ

æрхъуыды кæнут æртæ мивдисæджы æмæ сæ хъуыдыйæдты ныффыссут. Разæфтуанты бынты бахæххытæ кæнут æмæ сæ зæгъут.

 

 

 

 

Темæ : Мивдисæг.

 

Хæслæвæрдтæ: 1. Лæмбынæг  бакæсут текст.

                            2. Текстæн сæргонд раттут.

                            3. Тексты ссарут мивдисджытæ , сæ  быны сын          

                                  бахахх кæнут æмæ сæ таблицæйы  бафыссут

                            

Хуым.

вазыгдж

Цæ

угæ

æдзæуг

Æрг

.зд.

Бадз

.зд

Ныр.аф

Ивгъ.аф

Суин.аф

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

мивдисджытæ   разæфтуантимæ

 

  ⌐ а

   ⌐ба

  ⌐ра

   ⌐æр

   ⌐æрба

  ⌐фæ

   ⌐ны

   ⌐с

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

   Лæппу  бауарзта чызджы æмæ сфæнд  кодта йæ ракурын. Лæппуйы  зæрдæ сбæрæг кæныны тыххæй чызг  зæгъта  йæ уарзонæн : « Æрбахæсс мын лæварæн дæ мады зæрдæ». Лæппу афтæ бакодта : стыдта йæ мады зæрдæ æмæ йæ фæхæссы  йæ   армы  чызгæн. Уый   цыди  хæххон  фæндагыл , тагъд   кодта,

 ахауд –иу   æмæ та – иу  фестад.  Уæд  æм  мады зæрдæ сдзырдта : « Мæ хъæбул  ,  ма тагъд кæн! Хæххон фæндæгтæ тæссаг  сты  æмæ дæхи  хъахъхъæн!»

     Лæппу бахæццæ  йæ уарзон  чызгмæ. Уый  бадардта  лæвар чызгмæ. Чызг уый куы федта , уæд ныхъхъæр  кодта : « Фесæф! Йæ мадæн афта чи бакодта, уый  нæу нæдæр  мæн  аккаг,  нæдæр  царды  аккаг». Хур бон арв  ныццæлхъ кодта, зæхх  ныррызти  лæппуйы къæхты бын , зæхх  фескъуыд  æмæ  лæппу  фестад зæххы бын. Уым  æй  бахордтой  цавæрдæр , фæлæ уыдон мады зæрдæмæ нæ бавнæлдтой.

 

 

 

 

 

 

 

 

№  14  Бакæсут таурæгъ.

 

      Цардис  мæгуыр  кусæг лæг. Базæрондис æмæ амард. Баззад  ын дыууæ фырты. Лæппутæн  сæ фыдæй  бирæ фæллой нæ  баззадис, æмæ дыууæ æфсымæры цардагур ацыдысты. Цас цыдысты, чи зоны. Иуафон сыл сæмбæлдысты дыууæ лæджы, сæ  иу хуындис Кад  иннæ- Æгад. Ракодтой æфсымæртæ сæ  хабар  фæндаггонтæн. Бацин кодтой дыууæ лæджы - уыдон та сæхицæн æххуырстытæ агурынмæ цыдысты. Баныхас кодтой дыууæ æфсымæры афæдзы фæстæ ацы ран фембæлынмæ.

         Рацыдис афæдз. Кады фæдыл цы æфсымæр ацыд, уый дуне фæллоимæ  æмгъуыдмæ æрбахæццæ ис. Æрбынат кодта æмæ æнхъæлмæ кастис йе фсымæрмæ. Æнхъæлмæ кастис бон, дыууæ, æртæ…

          Æфсымæр зынæг нал фæци.

                                                                       (Тотоонти З.)

Хæслæвæрдтæ текстмæ:

1. Текст лæмбынæг бакæсут. Цæуыл нæ ахуыр кæны?

2. Таурæгъы хъуыды куыд сбæттæн ис цардимæ?

3. Цавæр æмбисæндтæ æрбалæууыдысты уæ зæрдыл?

4. Текстæн сæргонд скæнут

5. Текстмæ гæсгæ архайдæн йæ афон сбæрæг кæнут

6.  Тексты ссарут разæфтуанты фæрцы арæзт мивдисджытæ

  æмæ сæ фæбæрæг кæнут

 

 

 

 9                                        

 

№ 21  Мивдисджытæ КУРЫН, ХÆССЫН , ХÆРЫН - мæ

бафтаут æмбæлгæ алыхуызон разæфтуантæ æмæ сæ ныффыссут. Зæгъут алы разæфтуанты  нысаниуæг  дæр.

 

 

 

№ 22 Ацы хъуыдыйæдтæ бакæсут æмæ  зæгъут, цы хъауджыдæр ис сæ  мидисы.

 

1.      Æз ахуыр кæнын хорз.

2.      Æз ахуыр кæндзынæн хорз.

3.      Æз ахуыр кодтон хорз.

4.      Æз ахуыр кæнин хорз.

 

1.      Скъоладзаутæ ацыдысты балцы.

2.      Скъоладзаутæ æрцыдысты хъæумæ.

3.      Скъоладзаутæ сцыдысты къуыбырмæ.

4.      Скъоладзаутæ ныццыдысты донмæ.

5.      Скъоладзаутæ æрбацыдысты къласмæ.

 

Мивдисджытæм раттут фæрстытæ.

 

  № 23 Аифтындзæг кæнут мивдисджытæ æргомон зæдхæны нырыккон  æмæ ивгъуыд афонты .  

 

 

№  24  Ныффыссут мивдисджыты нырыккон æмæ ивгъуыд афонты бындуртæ.Ивгъуыд афоны бындурты фæнысан кæнут фæсæфтуантæ.

Хуызæг: кæсын-кастæн,кæсдзынæн.

 

    Кæсын, худын, калын,  зонын, ивын, дарын, марын, кафын,

тасын, курын, змæнтын, æппарын, хуыссын ,симын.

 

 

10

№ 25   Рафыссут мивдисджытæ ивгъуыд афоны хъæугæ формæйы æвæргæйæ.

 

 Уæд арв ( банæрын) . Арвы нæрын æввахæсæй-æввахсдæр (цæуын). (Нырттивын) бæстæ, арв æмæ зæхх кæрæдзи (хойын байдайын). Бæстæ цæхæр æмæ гыбар-гыбур сси.(Сыстын) уаддымгæ. (Фæлдахын) бæлæстæ æд уидæгтæ, хæхты цъуппытæ (пырх кæнын), фæркгай скъæфы къæдзæхтæ айнæджы тигътæй. Уый фæстæ арвы дуæрттæ (фегом вæййын). Къæртайæ калæгау (райдайын) уарын. Цæугæ суадæттæ ныууырдыг сты æмæ зæххыл ивылд дæттæ фестадысты. Ласынц æппæт дæр.  Уый фæстæ арв обауттыл (ракалын) йæ цæхæртæ, обауттæ ( ныппырх уæвын) æмæ тæвд дуртæ арвæй зæххыл  æмбæлын ( байдайын).

 

 

№ 26  Рафыссут текст,   нырыккон афоны мивдисджытæй  суинаг афоны мивдисджытæ  аразгæйæ.

 

       Хосгæрдæны  раджы сыстын æмæ ацæуын мæ фыдимæ уыгæрдæнмæ. Райсын халамæрзæн кæнæ сагой æмæ кусын хосгæрсты. Æмбисонды тæвды ацæуын донмæ. Цынайын мæхи, стæй уæд фæстæмæ сыздæхын уыгæрдæнмæ. Кусын цингæнгæ. Изæрæй æрцæуын нæхимæ фæлладæй.

 

 

№ 27  Цæсгомон мивдисджытæй  саразут æнæцæсгомон формæтæ.

   ХУЫЗÆГ : смудын – смыстæуы

 

  Смудын, уарзын, сгарын, бадын, хонын, уынын, хæссын,

змæнтын,  агурын, халын, аразын.

 

              

№        Равзарут ребус. Ныффыссут  цы æмбисонд бакастыстут, уый.

 

 

.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Хæслæвæрдтæ: Æмбисонды  цы мивдисæг ис, уый равзарут  схемæмæ гæсгæ.

 

1.      нысаниуæг

2.      райдайæн формæ

3.      хуымæтæг/ вазыгджын

4.      хуыз

5.      цæугæ /æдзæугæ

6.      здæхæн

7.      афон

8.      цæсгом

 

 

 

№  65  Мивдисджытæ лæвæрд таблицæйы  бафыссут.

Зонын, аудын, кус, хъусат, зыдтон, араз, дзурут, цæуын,

 сахуыр уын, бахъæуын, кусин, бадзурин,  дзырдæуы, у,

бæллын, уарзын, мондаг кæнын, кад хæссын, æмбарут

 

№ 66 Мивдисджытæ аифтындзæг кæнут фæдзæхстон здæхæны лæвæрд схемæмæ гæсгæ.

 

Æвзарын, æлхæнын, æууæндын, кусын,æнхъæлмæ кæсын,

зонын, зарын, кæсын, хъазын, амонын, домын, фыссын.

 

цæсгом

Иууон нымæц

Бирæон нымæц

  1-аг

          -

         -

  2-аг

худ

худут

 3-аг

худæд

худæнт

 

 

№ 67  Ныффыссут фыстæг уе мбалмæ.Спайда кæнут уæ фыстæджы алы здæхæнтæй.

 

 

Æнцойгæнæн дзырдтæ:

                   зæрдæ зæгъын, салам дæттын, ахуыр кæын,    

                   æнхъæлмæ кæсын…

 

№68 Ныффыссут уæ биографи. Спайда  кæнут уæ фыстæджы мивдисæджы здæхæнтæй, цæугæ æмæ æдзæугæ мивдисджытæй, æххæст æмæ æнххæст мивдисæджы хуызтæй, мивдисæджы æбæлвырд формæйæ.

 

Хуызæг: Æз , Боциты Федоры чызг Анжела , райгуырдтæн

               Бирæгъзæнджы . Ахуыр кодтон хъæууон скъолайы

 

 

 

 

11

№ 28  Мивдисджытæ сæвæрут ивгъуыд афоны, иууон нымæцы , фыццаг цæсгомы.       

       Хъазын, сарын, уадзын, згъорын, мæрзын, фыссын, курын , къахын, цæгъдын, рувын, зарын.

 

 

№ 29    Мивдисджытæм фæрстытæ раттут, сæвæрут сæ

ивгъуыд афоны.

              Ласын –лæсын                    калын – кæлын

              халын – хæлын                   сафын  - сæфын

 

     Цæмæй хицæн кæнынц мивдисджытæ?

 

№ 30  Лæвæрд мивдисджытæ  ныффыссут  ивгъуыд афоны иууон нымæцы 3-аг цæсгомы.  

        Уарзын, худын, ирхæфсын, озер кæнын, уигъын, змæнтын, смудын, мæрзын.

 

 

 № 31  Бакæсут мивдисджытæ. Бацамонут сын сæ             

        афон, цæсгом   æмæ нымæц.

 

         Цыдтæн , фыссут, кæндзыстут, бадтис, дзырдтон, кусы,

       худын, хызти, хъаздзæн, зардзæнис, уæнддзысты,.

 

№  32  Дзырдтæй хъуыдыйæдтæ саразут æмæ сæ ныффы-

ссут.

1.      Сты, быдыртæ, фæбур.

2.      Уыди, ма, сыгъдæг, арв,

3.      Ис, се, цы, сусæг, хсæн, бастдзинад.

4.      Сыфтæр, сыфтæр, згъæлы, уары.

5.      Дымгæ, уымæн, хихтæ, бæлæсты, уигъы.

Мивдисджытæй фарст цавæр хъуыдыйады уæнгтæм дæттæм,

уый сбæрæг кæнут.

                      

 

 

 

12

№  33  Мивдисджытæ ныффыссут нырыккон афоны.

 

      Уигъдзынæн, судздзынæн, смуддзынæн, хæсдзынæн, ауддзынæн, кæндзынæн, хойдзынæн, садздзынæн, фæдзæхс -дзынæн.

 

№ 34Текстæй рафыссут  мивдисджытæ 3 цæджындзæй :                                                   

 - нырыккон афоны                   

                           - ивгъуыд афоны

                           - суинаг афон                                                      

    Зымæджы  иу тæрхъус цардис хъæумæ æввахс. Æхсæвы йæ иу хъус схъил кодта æмæ айхъуыста фæйнæрдæм, стæй схъил кодта иннæ хъус, йæ рихитæ асæрфта ,сысмыстытæ кодта æмæ æрбадтис йæ  фæстаг  къæхтыл. Йæ  алфамблай иууылдæр уыд миты  æнæкæрон  быдыр. Мит урс  дардта сæкæры  хуызæн.Тæрхъусæн   йæ сæрмæ  уыдис  фæлм, æмæ уыцы  фæлмы  тыбар-тыбур кодтой рухс стъалытæ. Æвиппайды  йæ хъустыл ауад  цæйдæр  къæрцц. Тæрхъус фæтарстис æмæ фæстæмæ фæзылд…

 

     № 35  Сраст кæнут рæдыдтытæ.

     Бæстон бафснæйтта, размæ  рацыддæн, гæрстæ ныхсаттон,

    чиныг  бакасттæн,  хæдтæхæджы  тахттæн,  бæлæстæ           

     сагъдтон.

 

     № 36     Ныффыссут дзырдуатон диктант

     Згъорын, нылхъивын, æййафын, хуыссын, хыссæ, сæлын, згъалын, æууæрдын, ауæрдын, гом кæнын, зыввытт кæнын, хаста, æрхаста, бацагурын, æрдуцдзæн, баууилын, баххуыс кæнын,  марзтон, баивтон

 

 

 

№ 60 Саразут темæйыл диалог. Спайда кæнут алы мивдисджыты здæхæнтæй.

Æнцойгæнæн дзырдтæ :  вæййын, улæфын, æххуыс кæнын,

                                            лæмбынæг хъусын, уарзын, аудын.

 

№ 61  Рафыссут ацы æмбисæндтæ. Фæдзæхстон здæхæны цы дзырдтæ ис, уыдон фыссут  бирæон нымæцы. 

1.      Алы ныхасыл ма æууæнд.

2.      Зыдтай фæрæдийын , зон æй  сраст кæнын дæр.

3.      Хæдзары ма у хъæбатыр, быдыры та -  тæрсаг.

4.      Коммæгæсы ма  цæв, мастæн æй хæсдзæн. (Къ.)

5.      Ма худ аууонмæ æвзæрыл, хорзы-иу йæхи цур

бафау (Æмб.)

                              

№ 62 Лæвæрд хъуыдыйæдты цæугæ æмæ æдзæугæ мивдисджытæ сбæрæг кæнут.

       

    Мах уарзæм нæ райгуырæн бæстæ. Æз хорз сахуыр кодтон мæ уроктæ. Азæ фыссы тагъд æмæ рæсугъд. Арв йæ нæрынæй  фæхъус, къæвда банцад, раирд ис бон. Хъæды цъиутæ диссаджы рæсугъд зарынц.

 

 

№ 63 Цæугæ æмæ æдзæугæ мивдисджытæ дыууæ къордæй ныффыссут.

 

     Хæссын, зарын, хонын, æппарын, уарзын, бадын, æлвынын,  æхсын, барын, тайын, уынын.

 

 № 64  Ацы рæнхъытæ аив бакæсут æмæ зæгъут, кæцæй ист сты. Цухгонд мивдисджытæй  сæ баххæст кæнут.

 

                   Халон …. сындзыл..

                   Уад тымыгъ …

   Сау айнæджы рындзыл…

   Нары хъæу…

Мивдисджытæн сбæрæг кæнут се здæхæнтæ

 

 

№  56  Бакæсут æмбисæндтæ. Равзарут мивдисджытæ сæ

дзырдарæзтмæ гæсгæ равзарут.

1.      Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы.

2.      Фыдвæдæй æвæд хуыздæр у.

3.      Æгъдау хъæды дæр æмæ хъæуы дæр.                  

                    

   № 57 Ссарут мивдисджытæ æмæ сын сбæрæг кæнут   се здæхæнтæ.

     1. Хорз æмгар зын сахат сбæрæг вæййы. (Æмб.)

     2. Рухсаг уæнт дæ фырттæ, Хан æмæ Хæндæджер.(Къ.Ал.)

     3. Ныббар мын, кæд –иу дæм хъарæг кæуæгау фæкæса        

     мыййаг. (Къоста.)

4. Сау хохæй урс дур нæ ратулдзæн. (Æмб.)

5. Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,

Куы бафидин искуы мæ хæс. (Къоста.)

 

№   58  Ныффыссут хъуыдыйæдтæ лæвæрд мивдисджы

тимæ æргомон здæхæны.

Зыдтон,  бакуыстон,  зæгътон,  цыдаин,  зæгъын,  фыссын, куыстам.

 

№ 59 Рафысут хицæн къордтæй мивдисджытæ алы здæхæнты.

Кæнин, дзырдтат, уарзон, цæуин, зарин, кæн, кæнат, хъахъхъæнут, зонут, хъазут, цыдтæн, уыдтæн, уæвын, у, уыдзæнис.

 

 

цæугæ

æдзæугæ

Æрг.зд.

Бæл.зд.

Бадз.зд.

Фæдз.зд.

Æнæ

Цæсг.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

13

      №    37       Хибар  куыст.

 

                                   Хуры тынтæ.    

 

 

   Арвыл та стылдис  сыгъзæрин хур æмæ арвыста йæ тынтæ фæйнæрдæм зæхх хъал кæнынмæ.

     Фыццаг тын атахти æмæ сæмбæлди булæмæргъыл. Булæ-мæргъ фестъæлфыди, ратахти йæ ахстонæй, бæрзонд фæцыди æмæ ныззарыдис рæсугъд.

    Дыккаг тын сæмбæлди тæрхъусыл. Йæ хъустæ бацагъта тæрхъус æмæ уыгæрдæнты хъæлдзæгæй гæппытæ байдыдта. Уый дыууæрдæм уайы, йæхицæн хæринаг агуры.

     Æртыккаг  тын батахти кæркдонмæ. Уасæг бацагъта йæ базыртæ æмæ ныууасыди: «Хъри-хъы-ри-хъу!» Кæрчытæ сæ бадæнæй ратахтысты, сæхи ацагътой æмæ фаджысмæ бауадысты. Уым уаллæттæ къахын райдыдтой.

      Цыппæрæм тын бахауд мыды чыргъæдмæ. Мыдыбындз райхъал ис, рацыди дуармæ, йæ базыртæ айвæзта, атахти мыд æмбырд кæнынмæ.

      Фæндзæм тын батахти хæдзармæ, сыстын кодта бинонты.

Хæслæвæрдтæ  :

 1. Ссарут тексты  мивдисджытæ. Фæрстытæ  сæм  раттут.

 2. Сбæрæг  кæнут мивдисджыты   афон, нымæц, здæхæн,

     цæсгом.

 3. Хъуыдыйады мидæг цавæр уæнгтæ сты?

 4. Сбæрæг кæнут мивдисджыты хуызтæ.

 

 

 

 

 

14

№ 38 Сфæлдыстадон куыст.

 

Æнцойгæнæн дзырдтæ æмæ нывæй  пайдагæнгæйæ,

ныффыссут радзырд. Лæвæрд мивдисджытæй спайда кæнут алы здæхæнты  дæр. Текстæн сæргонд раттут.

 

  Хъахъхъæнын, сæрыстыр уæвын, фæлварын, аргъ кæнын,

бæттын,зонын, архайын, бæллын, кусын, рæзын.

 

                                   « Лæгæн зынаргъ куыд нæ вæййынц…»

 

 

      

1.      Куыд æмбарут ацы ныхæстæ? Цæимæ сæ бæттут?

2.      Æнцойгæнæн дзырдтæ уæм  цавæр æнкъарæнтæ сæвзæрын кодтой?

 

 

 

 

№ 52 Мивдисджыты ранымадæй равдисут уæ æнкъарæнтæ:

                                 - ныййарæгмæ;

                                 - скъоламæ;

                                 - æмбалмæ.

                   Хуызæг:  (цæхæрадоны)  ацыдыстæм, тыдтам,

                                    бафæлладыстæм.

 

№ 53 Райдайæнмæ гæсгæ тексты кæрон ныффыссут. Спайда кæнут æххæст /æнæххæст хуызы мивдисджытыформæтæй.

Ды фестадтæ авд сахатыл. Рудзынг бакодтай, сыгъдæг уæлдæф æрбауагътай уатмæ æмæ гимнастикæ скодтай…

 

 

№ 54 Стъæлфыты бæсты фыссут хъæугæ кæрæттæ.  Къæллæтты ист хайыгтæ НÆ, НАЛ  мивдисджытимæ куыд æмбæлы , афтæ фыссут.

 

1.      Тасолтан талынджы (нал) уæндыд…иунæгæй.

2.      Уый æнæ мах ( нæ) ацæудзæн…киномæ.

3.      Чиныг лæппуйы зæрдæмæ ( нæ) фæцыд…

4.      Бирæ фæсивæд (нал) сыздæхт Германы хæстæй.

5.      Æнæ цъарæй бæлас сыфтæр (нал) рафтаудзæн…

6.      Куыдз дзы стæг ( нæ) рахæсдзæн …æддæмæ.

№ 55  Лæвæрд хайыгтимæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ.

                            Нæ, нал, мауал.

          Хуызæг: Нал хъæуы дунейыл хæст.

 

 

 

 

 

 

50 Рафыссут хъуыдыйæдтæ рæдыдтытæ раст кæнут, афтæмæй. Бамбарын кæнут дзырдты растфыссынад.

 

           Æмæ бадартта дидинæг йæ фæлмæн хъæбыс мыдыбындзмæ. Цин гæнгæ йыл  абатти  мыдыбындз.  Цин  гæнгæ  цъиры сывæллонау дидинæджы риу. Дистæкæны хæххон дидинæг йæ бæрзондæй, тилы йæ сæр, хойы йæ цъæх къухтæ, сисы уæлдæр йæ базыртæ                                

 

 

№ 51 Текст аив бакæсут

 

Ничима бафыста мадæн йæ хæрзтæ,

 О,фæлæ ма скæн  ныййарæгæн маст.

Бафид-иу уымæн йæ разы дæ хæстæ,

Макуы йын бавгъау кæн зæрдæйы уарзт!

 

Макуы дæ ферох уæд,мадæн йæ къухтæ

Хурау куыд тавтой зын уавæрты дæу.

Мад дæ фырбуцæй рæвдыдта æдзухдæр

Мады зæрдæйау нæфенди рæдау.

 

                               ( Кучиты А.)

 

      1.  Сбæрæг кæнут уацмысы жанр.

      2.  Тексты ссарут аивгæнæн мадзæлттæ. Рахицæн сæ   

           кæнут, бацамонут сын сæ  функционалон нысаниуæг.

      3. Тексты ссарут мивдисджытæ.Зæгъут сæ афон ,цæсгом, 

           нымæц.

4.      Тексты мивдисджытæй мады фæлгонц аивдæр

          кæцытæ æвдисынц, уыдоны фæбæрæг кæнут.

 

 

 

 

15

 

      « Нæй  ницы ацы дунейыл рæсугъддæр          

                                                                         уарзондзинадæй».

 

№  39 Лæвæрд хъуыдыйæдтæ кæрæдзи фæдыл сæ хъуыдымæ гæсгæ раст сæвæрут.

 

 

1.      Абон клубы уыдзæн хъазтизæр.

2.      Хасан йæ куыстытæ рагацау бакодта.

3.      Æфсæрмы кæны.

4.      Уыдис фæззыгон изæр.

5.      Куыд æм бацæудзæнис?

6.      Æмæ уæд ралæудзæнис уалдзæг.

7.      Рагæй фæнды Хасаны уыцы чызгæн йæ зæрдæйы уаг раргом кæнын.

8.      Фæлæ йын абон æнæмæнг зæгъдзæнис , æнæмæнг.

9.      Фæззыгон бон æрхæсдзæнис Хасанæн цъиуты цъыбар-цъыбур æмæ джыджынаты адджын тæф.

10. Æмæ уæд дуне иууылдæр бауыдзæн йæхи.

 

Хæслæвæрдтæ:

 

1.      Кæдæм тагъд кæны Хасан?

2.      Фæззыгон изæр ын уалдзæг чи «хæссы»?

3.      Сбæрæг кæнут мивдисджытæн сæ афон

æмæ сæ бындуртæ.

 

 

 

16

 .№  40                                      Бакæсут текст.

Æртындæсæм æнусы монголтæ æрбабырстой нæ рагфыдæлты зæхмæ. Монголты æфсады сæргълæууæг  уыд Ахъсахъ-Тимур. Дыгуры цъæх быдыртæ ныссау сты монгойлаг хæстонтæй, афтæ бирæ уыдысты. Алантæ райдыдтой тох кæнын монголтимæ. Фæлæ сæ тыхтæ æмхуызон нæ уыдысты. Къаддæрæй-къаддæр кæнынц аланты хуыздæр хæстонтæ,мæрдты бæстæмæ цæуынц къордтæй. Фæстагмæ иууылдæр цагъды фесты, бахаудтой монголтæм уацары сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтæ иууылдæр. Знаг басыгъта аланты цæрæнбынат. Æрмæст ма  сыгъд зæххыл баззадысты сидзæр сывæллæттæ.

     Уæд адæмы амондæн фæзындис иу сылгоймаг, тыхджын æмæ æхсарджын. Уый æрæмбырд кодта сидзæрты иумæ. Æхсæвæй - бонæй сæ хъахъхъæдта знагæй æмæ сырдæй, сылгоймаг акодта сабиты йæ фæдыл: быдырæй-хъæдмæ, хъæдæй - æрдузмæ,  ахызти сывæллæттимæ Дыгуры æфцæгыл, æрцарди Задалескы.    

 

Бакусинаг :  1. Бакæсут текст. Раттут ын сæргонд.

                 2. Цавæр историон цаутæ æвдыст цæуынц

                       тексты?

                3. Цы фехъуыстат ацы сылгоймаджы тыххæй?

                4.   Цæмæй у фæзминаг?  

                      5.  Мивдисджытæм гæсгæ архайдæн сбæрæг 

                          кæнут йæ афон.

                     6. Иу мивдисæгæн скæнут

                                  - морфемон æвзæрст ( дзырдарæзтон)

                                   - фонетикон æвзæрст

                                   - орфографион æвзæрст.                              

 

№     50           Нывмæ гæсгæ куыст.

 

 

 

 

 

 

1.      Нывты архайдмæ раттут фæрстытæ.

 

2.      Сбæлвырд кæнут  æххæст æмæ æнæххæст хуызы мивдисджытæ.

 

3.      Иу нывы архайд 5-6 хъуыдыйадæй æрфыссут

                                   

 

 

 

№ 45   Сбæрæг кæнут æххæст æмæ æнæххæст хуызы мивдисджытæ.

 

       Аразын, уарзын , ныссадзын, бакусын, скæнын, рувын,

  калын, хъахъхъæнын, хæссын, базарын, фенын, смудын.

 

 

 

  № 46   Кæронмæ гæсгæ ныффыссут райдайæн. 

 

     …Рацыд афæдз бæрц, фæлæ Сослан æмæ Фатимæ алы бон дæр цыдысты сæ æрмахуыр байрагмæ бæрæггæнæг. Уый дæр сæм æхсызгонæй æнхъæлмæ каст

 

 

№ 47  Мивдисджыты арæзт равзарут.Зæгъут сын сæ хуыз.

 

  Бакæсын, равзарын, байгом кæнын, æрбахъæбыс кæнын, зонын, базонын, радзырдта, кæуын, æмбæрзын, бийын.

 

 

№ 48 Сбæрæг кæнут æххæст æмæ æнæххæст хуызы мивдисджытæ.

 

        Аразын, уарзын, ныссадзын,  бакусын, скæнын, рувын, калын, хъахъхъæнын, хæссын, базарын, фенын, смудын.

 

 

№ 49  Аифтындзæг кæнут мивдис джытæ ХЪУСЫН æмæ

 

ДЗУРЫН æргомон здæхæны æртæ афоны дæр.

 

 

 

 

 

17

41  Ацы мивдисджытæн  сæ ныхмæ  ныффыссут сæ синонимтæ.

                      

                       Хатыр кæнын             -

                       æмпулын                     -

                       фæллой кæнын           -

                       мæт кæнын                -

 

№ 42  Æмдзæвгæйы ссарут омонимтæ.  Зæгъут, цавæр ныхасы хæйттæ сты.

 

        Уæлкъуыбыр æрзад кæрдæг

        Æмæ йæм цыдтæн кæрдæг.

        Фондз бонмæ йæ карст фæдæн

        Стæй æндæр куыстыл фæдæн.

 

№  43 Рафыссут  хъуыдыйæдтæ.   Ссарут омонимтæ.

Омонимтæй мивдисджытæ кæцытæ сты, уыдон бацамонут æмæ сын  сæ быны бахахх кæнут.

1.      Зилы, зилы дымгæ комы

Фæлæ быдырмæ нæ комы.

2.      Зымæгæн тыхсæм йæ митæй,

Зæхх та бамбæрста йæ митæй.

3.      Хорз уæйгæнæг базары

Фыр цинæй дæр базары.

4.      Хус къæцæлау æз куы судзин

Уæд мæ ном нæ уаид судзин.

.

 

№ 44  Мивдисæг КУРЫН –мæ разæфтуантæ а-, ба-, ра-, фæ-, æр-, æрба-, ны-мæ æфтаут, афтæмæй сразут æмæ ныффыссут фæйнæ фондз хъуыдыйады.Мивдисджыты разæфтуанты бын бахахх кæнут.

 

 

 

 

        Згъæлы сыфтæр.

    Уымæл дымгæ уигъы бæлæсты хихтæ. Зилдухгæнгæ цадæггай зæхмæ хауынц сыфтæ буртæ, морæтæ, алыхуызæттæ.

   Згъæлы сыфтæр, уары сыфтæр. Фæстаг хатт ма сыбар – сыбур райхъуысы. Æви сыбари - сыбур нæу? Æви кæугæ кæнынц ?

    Нæ зонын, нæ зонын…

   Мæнмæ афтæ кæсы . цыма сыфтæр бæрæг афон  фæуары, раст  мигъæмбæрзт арвы  риуæй  хърихъуппыты  удаист хъæр

куы райхъуысы , уæд  бæлас йæ рис нал бауромы æмæ бæлццон  мæргъты  маройыл йæ сыфтæрæй ставд цæссыг нызгъалы.

   Æрдзы  æвзагæй нæ зонын, фæлæ  хърихъуппытæ хуссармæ

куы  фæтæхынц, уæд сыфтæр згъæлын цæмæн райдайы? Цы сусæг бастдзинад ис се хсæн?

                                             ( Æгъуызарты С.)

 

                                .   .   .

 

  Ралæууыд фæззæг. Быдырты  фæбур сты. Хъады бæлæсты сыфтæртæ алыхуызон сæрттывтой 6 иутæ хъайлайы хуызæн бур – бурид , иннæтæ – сырхбын цъæх, аннæтæ фæлурс бур. Æмæ дзы цы хуызæттæ нæ уыдис.

     Æрмæст  ма фыццагау  цъæх- цъæхид дардта æнусон нæзыты къох хъæды астæуæй.

    Арв ма уыди сыгъдæг. Хур касти дардæй æмæ фæззыгон тавд кодта быдыртæ, хæхтæ.

 

                                                                  ( Мамсыраты Д.)

 

                 

 

 

 

              Хæслæвæрдтæ :

                         - цы хуызæн сыфтæртæ хауынц зæхмæ?

                         - кæцы афæдз афоны фæуары сыфтæр ?

                         - кæдæм тæхынц  хърихъуппытæ ?

                         - хъæды бæлæстæ цы хуызæн сæрттывтой ?

                         -  йæ хуыз фыццагау чи нæ аивта?

 

                         - куыд æвдыст æрцыд фæззæг?

                         - абарут  дыууæ тексты?

                         - ды та йæ куыд уыныс?

                         - æрдз куыд ивы, боныхъæд цавæр у?

                         - цавæр сæргонд ис раттæн дыккаг текстæн?

 

 

                          Хъуыдыйæдтæ баххæст кæнут.

 

                          - Уымæл дымгæ … бæлæсты хихтæ.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

          Зæххыл рæсугъд цæрынæн фидар

 

       Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:

 

    Фыдыбæстæ æмæ сæрибар,-

 

Циу цард æнæ сымах- ингæн.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                           Тест                          Темæ :  мивдисæг

1.Мивдисæг ныхасы хай,кæцы амоны :

                 а) предметы миниуæг               б) предмет

                 æ) предметы архайд                  в)предметы æууæл

2.Мивдисджытæ вæййынц:

                а) цæугæ                                     б) лæугæ

               æ) æдзæугæ                                 в) комкоммæ

3.Мивдисæг дзуапп дæтты фæрстытæн:

                 а) цы хуызæн ?                           б) цæмæй?

                æ) кæимæ?                                   в) цы кæны?

4. Мивдисæгæн ис:

                  а) дыууæ бындуры                   б) æртæ бындуры

                 æ) иу бындур                             в) нæй йын бындур

5.Мивдисæджы бындуртæ сты:

                  а) нырыккон афоны бындур  æмæ суинаг афоны бындур 

                 æ) ивгъуыд афоны бындур  æмæ нырыккон афоны бындур

                 б) суинаг афоны бындур æмæ ивгъуыд афоны бындур.

6.Фæбæрæг кæн æргомон здæхæны мивдисджытæ:

                 а) худын                  б) уаин                г) лæууон

                 æ) дзурдзынæн       в) уон                  д) ныв кæнын

7. Фæбæрæг кæн æххæст хуызы мивдисджытæ:

                   а) дæттын               б) змæнтын          г) рауадзын

                  æ) бахудын              в) уарзын            д) ракæсын

8. Фæбæрæг кæн вазыгджын мивдисджытæ:

                   а) домын                  б) смудын           г) ахуыр кæнын

                  æ) згъорын               в) ныв кæнын      д) æгъдау кæнын

9.Бæллиццаг здæхæнæн ис:

                   а) нырыккон ,ивгъуыд æмæ суинаг афонтæ

                  æ) ивгъуыд æмæ суинаг афонтæ

                   б) нырыккон æмæ суинаг афонтæ

10.Кæцы хъуыдыйæдтæ ис баххæстгæнæн фæдзæхстон здæхæны  мивдисджытæй

                    а) Зынаргъ фæсивæд,… уæ мадæлон æвзаг.                                б ) … уæ уроктæ афойнадыл.

                  æ ) … райсомæй лæгау.                                                                   в) … уæ цæрæнбынат сыгъдæг.

11.Æмхъæлæсонтæ фæдывæр вæййынц разæфтуан

                     а) ра- йы                            б) ны-йы

                     æ) с-йы                               в) та-йы     фæстæ.

12.Мивдисджытæ      дзырдæуы æмæ хъуыстæуы сты:

                    а) æргомон здæхæны           б) бадзырдон здæхæны

                   æ) бæллиццаг здæхæны        в) æнæцæсгомон

13.Æрмæст 3-аг цæсгомон формæ ис:

                   а) фæдзæхстон здæх. мивд.        б) æнæцæсгомон мивд.

                   æ) æргомон здæх.мивд.              в) бæллиццаг здæх.мивд.

14. Ссар раст дзуапп:                          а)            æ)         б)

                                  сай…ой              т            дт          д

                                  лас…ой              т            т            т

                                  хуы…а               т            дт           д

                                  фых…ис             т            т             д

15.Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин…

     Мивдисæг     дарин      хъуыдыйады у:

            а) фæдзæхстон здæх. мивд.                 б) æнæцæсгомон мивд.

           æ)  æргомон здæх.мивд.                        в) бæллиццаг здæх.мивд

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                  Тотоонти- Чехойти З.

 

 

 

 

 

 

                                 Дидактикон æрмæг

 

 

                                         Мивдисæг                      

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                     Дзæуджыхъæу

 

                                      38-æм скъола

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                  Цы кæны ? цы ми кæны ?

 

№ 1  Дзырдтæм раттут фæрстытæ.

 Зæгъут,   цавæр ныхасы  хаймæ хауынц?

      Бады ,кусæм, цæуы, лæууæм, ныв кæнын, худынц,

      мæрзыс, зарут, фыссы, хъусынц, дзуапп дæттæм.

 

        Сбæрæг сын кæнут сæ цæсгом æмæ нымæц.

№ 2 Лæвæрд хъуыдыйæдтæ  цухгонд дзырдтæй æххæст

 кæнут, афтæмæй сæ рафыссут.

                                                                     

   1. Хъаныхъуаты Бола … зындгонд ирон богал, уый …

        диссаджы тыхджын æмæ фæразон адæймаг.

   2. Йæ дæргъ … 2 метры 27 сантиметры, йæ уæз та –

       дыууæсæдæ цыппæрдæс килæйы.

6.      4 азы йыл куы … , уæд доны уæззау къæртатæ йæ

мады бæсты … .

7.      1940 азы …  хъæбысæй хæцын. Уымæй тыхджындæр

      богал нæ…

8.      Болайæн … алыхуызон нæмттæ: «Ирон уæйыг»,

«Хъазыбеджы Хох», «Адæймаг Хох» æмæ æнд.

 

№ 3  Бакæсут æмдзæвгæйы рæнхъытæ. Ссарут  мивдис-

 джытæ. Раттут сæм фæрстытæ.

            Ирыстон æз Къостайы  номæй хонын,

            Балойы кадæй алчидæр у кадджын.

            Васойы фæрцы нæ рагистори зонын ,

             Болайы тыхæй абон дæр ныфсджын.

                                                     ( Тотоонти З.)

№ 4  Бакæсут т екст æмæ йæ рафыссут уæ тетрæдтæм.    

Уалдзæг æрцыд. Хур хъарм æртавта. Мæргътæ тæхынц хъарм бæстæй. Фыццаг фæзынд  дзывылдар. Йæ фæстæ фæзынд сауцъиу. Стæй артахтысты зæрватыччытæ. Быдырты зарынц гоппæй цъиутæ, уæрццытæ, дзылытæ.

 

  Зæгъут, ставддæрæй фыст дзырдтæ цавæр фарстæн дзуапп дæттынц.

 

№ 5  Æмдзæвгæ бакæсут. Архайд цы дзырдтæ æвдисынц,

  уыдон бацамонут. Раттут сæм фæрстытæ.

 

 

              Æз дæн ирон сæрыстырæй фæзæгъын,-

               Цæрын Ирæн йæ  хъæбысы уæндон.

               Йæ уæрæх уынгты зæрдæрухсæй фæцæуын,

               Мæ дзырд, мæ сулæфт –зæрдæйы фæндон.

 

               Мæ Ирыстон! Дæ ном æмæ дæ кадæн

               Дæттын  фæстаг сулæфты онг мæ цард.

               Дæуæн  Ирыстон, куыд  мæ ныййарæг

               Фæхæсдзынæн дæ кой дунейыл дард.             

 

               Ирон дзырд у мæ хæцæнгарз, мæ хотых

               Дæуæй ныфсджын  мæ намысджын  куы дæн.

               Дæуæй цæуынц  зæдæйы рухс, монон  тых

               Дæуыл мæ фæстаг зарæг дæр уыдзæн.

 

               Рæзгæ фæлтæр! Хæссут уæ сæрмæ  уастæн

               Уæ хъомылгæнæг – мадæлон æвзаг.

               Нæй хатыргæнæн дзæгъæл бонты азтæн

               Уæ соммæ райсæд алчидæр йæ фаг.

                                   ( Тотоонти З.)

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

              Хуымæтæг  æмæ вазыгджын мивдисджытæ.

                                         

№ 7 Мивдисджытæ бакæсут. Бацамонут дзы вазыгджын  мивдисджытæ æмæ сæ рафыссут. Зæгъут, кæцы хауæны сты, уый.

            Хъусын  зарынмæ, кæсын чиныджы, цæуын демæ,

        цæрын фале, хъаугъа кæнын, арфæ кæнынау, уарзын,

        пайда кæныныл, бустытæ кæнæгау.

 

№ 8 Ныффыссут хуымæтæг мивдисджыты  вазыгджын   формæтæ.

            Кæсын, цæуын, фæлтæрын, амонын, худын.

 

 

№ 9  Равзарут раст вариант æмæ йæ бамбарын кæнут

 

          1. кусгæ-кусын                -           кусгæкæнын

          2. дзырдæуы                    -           дзырд  æуы

          3. худгæ кæнын               -            худгæкæнын

          4. хъæркæнын                  -            хъæр кæнын

 

№ 10 Диалог баххæст кæнут хуымæтæг æмæ вазыгджын мивжисджытæй. Раттут сæм фæрстытæ.

Цы  …   мамæйæн?

- Æз мамæйæн  …  рæсугъд дидинæг. Уый мæхæдæг ….  , -  ….Зинæ.

- Æз  …  хорз.    …. хорз æмæ тынг хорз бæрæггæнæнтæ. Абон дæр та  …. фондз. Мамæйæн уый   …  тынг æхсызгон. Уый йын  … мæ лæвар, -  …  Руслан.

 

№ 11 Æрхъуыды кæнут иу хуымæтæг æмæ иу вазыгджын мивдисæджы. Семæ  сын ныффыссут  хъуыдыйæдтæ.

            - мивдисджыты бын бахахх  кæнут æмæ сæм   

             фæрстытæ раттут

          - зæгъут хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисджыты

            Растфыссынады хицæндзинад.

 

 

 

№ 11Ситуацимæ гæсгæ  ныффыссут диалог. Спайда

кæнут хуымæтæг æмæ вазыгджын  мивдисджытæй.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

№12  Рафыссут ацы хъуыдыйæдтæ.

 

1.      Лæппу хъазы. 2. Цъиутæ ратæх- батæх кæнынц.

3. Æрдз райхъал ис. 4. Чызг йæ уроктæ ахуыр кæны.

 

Хæслæвæрдтæ:

        - 1-аг хъуыдыйады лæппуйы архайд цал дзырдæй æвдыст

            цæуы? Йæ быны йын бахахх кæнут.

       -  2 –аг, 3 –аг , 4 –æм хъуыдыйæдты архайд цалгай       

           дзырдтæй æвдыст цæуы?

       - Сæ хицæндзинад цæй мидæг ис?

 

№ 13 Бакæсут æмæ рафыссут ацы хъуыдыйæдтæ. Мивдисджыты бын бахахх кæнут. Æркæсут сын сæ арæзтмæ æмæ зæгъут сæ хицæндзинад.

 

 Æппæт  ирон  адæмæн  уарзон  у  Хетæджы  бон  дæр.  Уый  вæййы  июлы.  Алы  хæдзар  дæр  скувы  æртæ  чъирийы.  Ирыстоны  алы  рæттæй  адæм  æрæмбырд  вæййынц  Хетæджы  къохы  кувæндонмæ.  Дзуарæй  фæкурынц  амонд,  æнæниздзинад,  бæркад.  Алырдыгæй  фæхъуысы  зард,  фæндыры  цагъд,  хъæлдзæг  ныхас.  Ирон  бæрæгбæттæ  æххуыс  сты  адæмы  ´хсæн  хæлардзинад  фидар  кæнынæн.

 

 Рафыссут сæ дыууæ къордæй : фыццаг- хуымæтæг мивдисджытæ; дыккаг – вазыгджын мивдисджытæ.

 

 

№ 14  Ныффыссут уæ боны фæтк. Спайда кæнут хуымæтæг   æмæ вазыгджын  мивдисджытæй.

 

Хуызæг :  Райсомæй сыстын авд сахатыл. Райхъал кæнын 

                  ме фсымæры…

 

 

 

 

 

№ 15 Хъуыдыйæдтæ баххæст кæнут хуымæтæг æмæ вазыгджын  мивдисджытæй æмæ сæ рафыссут.

 

Мыдыбындз доны астæу ... Дон æй ... Бæлон æй … , …ын … . Бæласы къæлиу æм … . Мыдыбындз къалиумæ … .   Доны уылæн æй  былмæ … . Доны был йæхи хурмæ …  æмæ …  .

 

Дзырдтæ спайда кæнынæн :  бахус кодта , атахт, раппæрста, сбырыд ,баппæрста, ныххауди, фæцæйласта,  ауыдта, фæтæригъæд

кодта.

 

 

№ 16 Ныффыссут хуымæтæг мивдисджыты  вазыгджын   формæтæ.

            Кæсын, цæуын, фæлтæрын, амонын, худын.

 

 

№17  Мивдисджытæ бакæсут. Бацамонут дзы вазыгджын  мивдисджытæ æмæ сæ рафыссут. Зæгъут, кæцы хауæны сты, уый.

            Хъусын  зарынмæ, кæсын чиныджы, цæуын демæ,

        цæрын фале, хъаугъа кæнын, арфæ кæнынау, уарзын,

        пайда кæныныл, бустытæ кæнæгау.

 

 

№ 18 Ныффыссут хуымæтæг мивдисджыты  вазыгджын   формæтæ.

            Кæсын, цæуын, фæлтæрын, амонын, худын.

 

 

№ 19  Равзарут раст вариант æмæ йæ бамбарын кæнут

 

          1. кусгæ-кусын                -           кусгæкæнын

          2. дзырдæуы                    -           дзырд  æуы

          3. худгæ кæнын               -            худгæкæнын

          4. хъæркæнын                  -            хъæр кæнын

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Мивдисæджы æбæлвырд формæ.

 

 

№  20  Ныффыссут мивдисджытæ æбæлвырд формæйы.

         Уыгъта ,сайдта ,уарзта , цæудзæн , загъта , згъордта.

                                           

№ 21 Ацы мивдисджытæй алкæцæцыимæ дæр æрхъуыды кæнут фæйнæ дыууæ хъуыдыйады :

   1-аг хъуыдыйады мивдисæг  1-аг  цæсгомон куыд уа,

  2-аг хъуыдыйады та – æбæлвырд формæйы.

 

 Æгъдау дæттын , уарзын, барын, коммæ кæсын, хъусын.

 

Уæ хъуыдыйæдты мивдисджыты бын бахахх кæнут.

 

 

№22  Ныффыссут дзырдуатон диктант.

Дзул кæнын, ахуыр кæнын, ныв кæнын, хыл кæнын, цин кæнын, буц кæнын, мæсты кæнын, гом кæнын, дих кæнын, хъæр кæнын, æфсæрмы кæнын, зыввытт кæнын, гæпп кæнын.

 

 

№ 23  Цавæр фæсæфтуанты фæрцы арæзт цæуы ирон æвзаджы мивдисæджы æбæлвырд формæ. Ныффыссут дæнцæгтæ.

 

№ 24 Зæгъут , цы хъауджыдæр ис мивдисджыты æбæлвырд формæ ( инфинитив) æмæ нырыккон Афон иууон нымæцы 1-аг цæсгомы мивдисджытæй.

 

   Æрхъуыды кæнут дыууæ хуызæй дæр дæнцæгтæ æмæ семæ саразут хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут.

 

 

 

 

 

№ 25 Диалог бакæсут. Цавæр æмбисонд æрлæууыд уæ зæрдыл?

                     Амонд.

  Цардысты бинонтæ, уыди сæм зæронд дæр, фæлæ сæм æгъдау фидар нæ уыд. Æхсæвы мит рауарыд. Райсомæй зæронд лæг сыстад, æндæр  ничима сыстад, æмæ æмæ кæсы : митыл – фæд.

  - Ай та цы диссаг у , мæн йеддæмæ куы ничима сыстад?

Ацыд фæдыл æмæ хъæдмæ ссыди. Лæг дистæ кæны.

-   Ай цы хабар у!

-  Уæд æм къутæртæй чидæр радзырдта :

-  Уый мæ фæд у, уæ хæдзары амонд нæй æмæ уæ цы  хъæуы,

Цы курыс, уый мын зæгъ.

- Зæронд лæг афтæ :

- Æз нæхимæ афæрсон.

Сæхимæ фæрсæг ауади æмæ фæрсы бинонты:

- Нæ амонд нæ фæрсы, цы уæ хъæуы, зæгъгæ, æмæ цы ракурон?

- Хор,зæхх,- загътой лæппутæ.

- Уæд кæстæр чындз дуарæй æрбалæууыд æмæ загъта:

- Æгъдау , уарзондзинад.

Зæронд лæг бацин кодта- Гъе, уый хорз : æгъдау æмæ уарзондзинад.

Зæронд лæг аздæхт хъæдмæ, сæ амоднмæ, æмæ уæдæй фæстæмæ дзæбæхæй цардысты.

 

Хæслæвæрдтæ : Мивдисджытæ рафыссут дыууæ къордæй

                            хуымæтæг /вазыгджын  æбæлвырд формæйы     

                            сæ æвæрут , афтæмæй.

 

№26 Ныффыссут дзырдуатон диктант.

 Хынцдзынæн, марзтон, ныхситт кодта, баивтон, бахыгъта,

бамбæрстон, бамбæрзтон, æййæфта, ныххæррæтт кодта.

 

Мивдисджытæ сæвæрут æбæлвырд формæйы, зæгъут сæ растфыссынады хицæндзинад.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Мивдисджыты разæфтуантæ

 

№ 27  Мивдисджытæм  æфтаут дыгай  разæфтуантæ æмæ сæ  рафыссут ( а- , ба- , ра- , æр  , æрба - , фæ- ,ны-, с-)

 

Тæхын, хæцын,зонын,кафын,цæуын,ахуыр кæнын,кусын.

 

 

№ 28  Разæфтуантæ а-, ба-, ра-, æр-,ны-, с-, фæ-, æрба-имæ

æрхъуыды кæнут æртæ мивдисæджы æмæ сæ хъуыдыйæдты ныффыссут. Разæфтуанты бынты бахæххытæ кæнут æмæ сæ зæгъут.

 

 

№ 29   Мивдисджытæ КУРЫН, ХÆССЫН , ХÆРЫН - мæ

бафтаут æмбæлгæ алыхуызон разæфтуантæ æмæ сæ ныффыссут. Зæгъут алы разæфтуанты  нысаниуæг  дæр.

 

 

 

№ 30   Мивдисæг КУРЫН –мæ разæфтуантæ а-, ба-, ра-, фæ-, æр-, æрба-, ны-мæ æфтаут, афтæмæй сразут æмæ ныффыссут фæйнæ фондз хъуыдыйады.Мивдисджыты разæфтуанты бын бахахх кæнут.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

№   Текст ратæлмц кæнут ирон æвзагмæ.

 

Яблоня росла в саду Нартов. Но за день только по одному яблоку созревало на ней. Золотое было то яблочко. Оно исцеляло людей от всех болезней и ран. Целый день сверкало яблоко на верхушке дерева. Но ночью его кто - то похищал. Нарты по очереди стерегли своё яблоко. Но никто ни разу не видел вора. А яблоко каждую ночь исчезало.

 

 

 

3.     Х æ х т ы .

 

      Куырттаты комы бæстастæу , Фиййагдоны рахиз былыл, бæрзонд къардиуы сæр æрæнцад Лæц. Незаманы, дам, Нарты уынаффæдон уыцы ран уыди. Йæ бакомкоммæ , доны иннæ фарс ис æртæ хъæуы: Уырыхъæу, Къадат æмæ Цымыти.

       Уыдаид фæсаходæн. Цыппар барæджы рацыдысты Хæрисджынырдыгæй. Лæцы комкомммæ

Уырыхъæуы бын стыр фæндагыл æрлæууыдысты. Æдде бакæсгæйæ цыма дзæгъæл  фесты. Цыма фæстæмæ здæхынмæ хъаввынц. Лæууынц барджытæ. Цæуылдæр уынаффæ кæнынц.

( Д з е с т ы  К. ).

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

бакæсут текст.

                          Фæлтæртæ æнгом баст сты .

   Иу хъæуы фæсивæд фæхъал сты,куыстмæ сæ хъус нал

дардтой. Хистæрты стыр мæт бацыд.

   Иуахæмы фæсивæд бадынц,минас кæнынц.Сæхицæй  разы сты, гъе æрмæст ма сæ сæ хистæртæ куы нæ хъыгдариккой. Уæд дзы иу афтæ зæгъы:

   - Сæ уайдзæф æмæ æлхыскъ ныхæстæй нæ бон нал у, зæрдæ сæм фырмæстæй тъæпп хауы!Хъæугæ та нæ цæмæн кæнынц?

   -  Æппындæр нгицæмæн!-фæхъæр кодта иннæ.

   -  Хъыгдарыны хос нын сты ! – загъта æртыккаг. Цæй  æмæ сæ фесафæм.

Куыд загътой, афтæ бакодтой. Æрмæст иу лæппуйы зæрдæ нæ бакуымдта йæ фыды амарын. Зæронд куырм  фыд ын уыд. Рæвдыд йеддæмæ дзы зул дзых ныхас дæр нæ зыдта. Лæппу бавдæлд æмæ ныккæнд скъахта æмæ йæ фыды уым бамбæхста. Уырдæм ын сусæгæй хæринаг æмæ дон хаста.

    Уæдмæ уалдзæг  дæр ралæууыд. Фæлæ фæсивæдмæ тауинаг дæр ницы уыд. Ныр  цы фæуой, æххормаг  мæлæтæй куыд аирвæзой.

   Йæ фыды чи бамбæхста, уыцы лæппу хъæуы хабæрттæ радзырдта зæрондæн.Лæг ныссагъæс кодта, стæй зæгъы йæ фыртæн : « Æвмрхъау ми бакодтат кæсæтæртæ…

Бавдæлут æмæ, фæззæджы быдыртæй хор цы фæндагты ластат, уыдон бахуым кæнут. Кæд ласгæ- ласын цы хоры гагатæ фæкалди, уыдонæй, Хуыцауы фæрцы , исты æвзартæ сæвзæрид».

   Лæппу фæсивæдæн бамбарын кодта хъуыддаг. Куыд сын загъта , афтæ бакодтой. Ралæууыд фæззæг. Банай кодтой сæ хор, бафснæйдтой йæ.Фæсивæд сæ рæдыд бамбæрстой , зæронд лæджы раз сæ зонгуытыл æрлæууыдысты æмæ дзы хатыртæ куырынц.

  Афтæ у цард : хæдзары хистæр куырм, хуысгæ рынчын куы уа , уæддæр йæ фарн бирæ у. Ныфсы , хъомысы хос у кæстæрæн.Фæлтæртæ кæрæдзиимæ æнгом баст сты, райхалæн, фæхицæнгæнæн сын нæй, кæрæдзийы фæрцы цæрынц. Хистæры зондыл, кæстæры хъаруйыл лæууы цард.

 

     Хæслæвæрдтæ : 1.

                                         

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                                 

 

                                           

 

                            

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

     

 

                                         

                          

                                     

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

             

 

 

                              

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                               

                               

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                             

                                                      

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

22

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

                      

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

№ 

 

      Батрадз балц.

 

   Алы аз дæр æнхъæлмæ фæкæсын сæрдмæ. Уымæн æмæ каникулты рæстæг нæ бинонтæ искуыдæм абалц кæнæм. Фарон Фиагдоны уыдыстæм не рвадæлтæм. Сыгъзæрин адæм дзы цæры, хæларзæрдæ æмæ уазæгуарзон. Мæй æмæ дзы æрдæг фæдæн, æмæ мыл рæстæг иу бонау атахт. Ацы аз та мæ фыдимæ сфæнд кодтам Дыгургоммæ ацæуын.

   Фæндаг рæсугъд, фæлæ тæссаг разынд . Хаттæй –хатт –иу цæхгæр фæзилæнты нæ развæндаг зынгæ дæр нал кодтпа. Хъæутæ гыццыл æмæ æдзæрæг , баззад мА дзы æрмæст ацæргæ адæм.Æппынфæстаг бахæццæ стæм Задæлескæмæ. Нæ фæллад суадзæм, зæгъгæ, æрбадтыстæм цъæх кæрдæгыл.Аходæн скодтам, стæй Задæлескы  Нанайы хæдзар- музеймæ бацыдыстæм.

      Задæлескы Нанайы нæ рагфыдæлтæ сæ ирвæзынгæнæг хонынц. Тимур аланты куы ныппырх кодта, уæд мА цы сабитæ аирвæзт . уыдоны Нана бафæсвæд кодта, цæмæй нæ адæмы мыггаг ма сыскъуына. Уымæн афтæ скадджын кодтой адæм Задæлескы Нанайы ном.                                                            

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

9

 

 

 

Текстытæ ныхасы рæзтæн

 

 

 

Текстытæ лæвæрд цæуынц

 

 

 

№  14  Бакæсут таурæгъ.

 

      Цардис  мæгуыр  кусæг лæг. Базæрондис æмæ амард. Баззад  ын дыууæ фырты. Лæппутæн  сæ фыдæй  бирæ фæллой нæ  баззадис, æмæ дыууæ æфсымæры цардагур ацыдысты. Цас цыдысты, чи зоны. Иуафон сыл сæмбæлдысты дыууæ лæджы, сæ  иу хуындис Кад  иннæ- Æгад. Ракодтой æфсымæртæ сæ  хабар  фæндаггонтæн. Бацин кодтой дыууæ лæджы - уыдон та сæхицæн æххуырстытæ агурынмæ цыдысты. Баныхас кодтой дыууæ æфсымæры афæдзы фæстæ ацы ран фембæлынмæ.

         Рацыдис афæдз. Кады фæдыл цы æфсымæр ацыд, уый дуне фæллоимæ  æмгъуыдмæ æрбахæццæ ис. Æрбынат кодта æмæ æнхъæлмæ кастис йе фсымæрмæ. Æнхъæлмæ кастис бон, дыууæ, æртæ…

          Æфсымæр зынæг нал фæци.

                                                                       (Тотоонти З.)

Хæслæвæрдтæ текстмæ:

1. Текст лæмбынæг бакæсут. Цæуыл нæ ахуыр кæны?

2. Таурæгъы хъуыды куыд сбæттæн ис цардимæ?

3. Цавæр æмбисæндтæ æрбалæууыдысты уæ зæрдыл?

4. Текстæн сæргонд скæнут

5. Текстмæ гæсгæ архайдæн йæ афон сбæрæг кæнут

6.  Тексты ссарут разæфтуанты фæрцы арæзт мивдисджытæ

  æмæ сæ фæбæрæг кæнут

 

 

 

 

Просмотрено: 0%
Просмотрено: 0%
Скачать материал
Скачать материал "Дидактикон армаг ирон авзагай 7-ам къластан"

Методические разработки к Вашему уроку:

Получите новую специальность за 3 месяца

Эксперт по взаимоотношениям

Получите профессию

Фитнес-тренер

за 6 месяцев

Пройти курс

Рабочие листы
к вашим урокам

Скачать

Скачать материал

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

6 663 990 материалов в базе

Скачать материал

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.

  • Скачать материал
    • 27.09.2016 2393
    • DOCX 40.8 мбайт
    • 15 скачиваний
    • Рейтинг: 4 из 5
    • Оцените материал:
  • Настоящий материал опубликован пользователем Чехоева Залина Хасановна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

    Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

    Удалить материал
  • Автор материала

    Чехоева Залина Хасановна
    Чехоева Залина Хасановна
    • На сайте: 8 лет и 7 месяцев
    • Подписчики: 0
    • Всего просмотров: 25528
    • Всего материалов: 11

Ваша скидка на курсы

40%
Скидка для нового слушателя. Войдите на сайт, чтобы применить скидку к любому курсу
Курсы со скидкой

Курс профессиональной переподготовки

Фитнес-тренер

Фитнес-тренер

500/1000 ч.

Подать заявку О курсе

Курс профессиональной переподготовки

Библиотечно-библиографические и информационные знания в педагогическом процессе

Педагог-библиотекарь

300/600 ч.

от 7900 руб. от 3650 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 487 человек из 71 региона
  • Этот курс уже прошли 2 328 человек

Курс профессиональной переподготовки

Руководство электронной службой архивов, библиотек и информационно-библиотечных центров

Начальник отдела (заведующий отделом) архива

600 ч.

9840 руб. 5600 руб.
Подать заявку О курсе
  • Этот курс уже прошли 25 человек

Курс повышения квалификации

Специалист в области охраны труда

72/180 ч.

от 1750 руб. от 1050 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 34 человека из 21 региона
  • Этот курс уже прошли 154 человека

Мини-курс

Проектный анализ: стратегии и инструменты управления успешными проектами

6 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе

Мини-курс

Эффективные практики по работе с тревожностью

3 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 112 человек из 46 регионов
  • Этот курс уже прошли 53 человека

Мини-курс

Преодоление депрессии: путь к психологическому благополучию

4 ч.

780 руб. 390 руб.
Подать заявку О курсе
  • Сейчас обучается 83 человека из 38 регионов
  • Этот курс уже прошли 32 человека