Дзæуджыхъæуы сахары бынæттон
хиуынаффæйады администраци астæуккаг иумæйагахуырадон муниципалон бюджетон
куыстуад 28- æм астæуккаг скъола
ХИБАРÆЙ ИРТАСЫНЫ ТЕМÆ:
«КЪОРДТЫ КУЫСТ, КУЫД НОГ АХУЫРАДОН СТАНДАРТТЫ
МАДЗÆЛТТÆЙ ИУ.
КЪОРДТЫ КУЫСТЫ ХИЦÆНДЗИНÆДТÆ»
Ирон æвзаг æмæ литературæйы
ахуыргæнæг
Багъраты Раксанæ
I. СКЪОЛАЙЫ ИУМÆЙАГ
ТЕМÆ.
«Совершенствование
качества образования в условиях внедрения новых федеральных государственных
образовательных стандартов обучения»
II.
ХИБАРÆЙ ИРТАСИНАГ ТЕМÆ:
«Къордты
куыст, куыд ног ахуырадон стандартты мадзæлттæй иу.
Къордты
куысты хицæндзинæдтæ».
Ирон æвзаг у нæ республикæйы паддзахадон æвзæгтæй иу, ирон адæмы мадæлон
æвзаг. Куыд уырыссаг, афтæ ирон æвзаг дæр у филологон циклы иу хай æмæ рæзын
кæны скъоладзауы коммуникативон культурæ, æххуыс ын кæны йæ ныхасы рæзтæн,
уæрæх ын кæны йæ дунембарынад, хъомыл æй кæны нæ адæмы хуыздæр традицитæ æмæ
æгъдæуттыл.
Ирон æвзаг у ирон адæмы уд æмæ зонд, ирон адæмы культурæйы хæзнадон; ирон æвзаг у
ныхас кæныны, хъуыдытæ æргом
кæныны фæрæз, нæ адæмы царды тыххæй зонындзинæдтæ кæрæдзийæн дæттыны фæрæз.
Ранымад уавæртæ амонынц предметы хицæндзинад: мадæлон æвзаг хъæздыгдæр æмæ
мидисджындæр кæны скъоладзауты миддуне, сæ дунембарынад; ирон æвзаджы фæрцы
сывæллæттæ базонгæ уыдзысты сæ рагфыдæлты историимæ, нæ адæмы культурæ æмæ
царды уагимæ.
Æвзаг канд хъуыдытæ æргом кæныны фæрæз
нæу, æвзаг у хъомылады хотых, æмæ уымæ гæсгæ ирон æвзаджы ахуыртæн скъолайы ис
стыр ахадындзинад
Ацы предметы ахадындзинад куыд егъау у, ууыл дзуры ног Федералон ахуырадон
стандарт дæр, кæцыйы стыр æргом здæхт цæуы удварны хъомыладмæ куыд
сæйрагдæр универсалон ахуырадон архайдмæ.
Удварны хъомыладыл та нымад у национ химбарынад хъомыл кæнын; мадæлон æвзаг,
литературæ, истори æмæ адæмон сфæлдыстад ахуыр кæнын.
Стандарты сæйрагдæрыл нымад у, ахуырдзауты, æхсæнады хи куыд дарын хъæуы, уыимæ
зонгæ кæнын (социализация); царды хибарæй раст фæндаг æвзарыныл, хибарæй
архайыныл фæцалх кæнын.
Ранымад
уавæртæ амонынц предметы актуалондзинад, йæ ахадындзинад скъолайы ахуырадон
программæйы.
Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыртæ хъуамæ арæзт цæуой Федералон паддзахадон
ахуырадон стандарты домæнтæм гæсгæ.
Традицион методикæ домы скъоладзаутимæ фронталон куыст кæнын, кæнæ та сæ
хицæнтæй кусыныл æфтауын. Ацы мадзæлттæ амынд цæуынц ног ахуырадон стандарты
дæр, фæлæ уæддæр стандарт ахадгæдæрыл нымайы къордты куыст.
Темæйыл
куыст цæудзæни æртæ ахуыры азы дæргъы. 2017 азæй 2020 азмæ.
III.
ХИУЫЛ БАКУСЫНЫ АМЫНДТЫТÆ.
ТЕМÆЙЫ
БЫНДУР (ХÆСТÆ, НЫСАНТÆ)
Ног
ахуырадон стандарт ивы урочы методикон нысантæ дæр. Урок цæттæ кæнгæйæ, æнæмæнг
хъус дарын цæмæ хъæуы, уыцы хъуыддæгтæ сты ахæмтæ:
1)
скъоладзау хъуамæ хорз æмбара, абон урочы куыст цæуыл цæудзæн, цы зонындзинæдтæ
хъуамæ райса, цы нысан æвæрд ис йæ размæ, уый;
2)
ахуырдзаутæ урочы хъуамæ æххæст кæной алыхуызон архæйдтытæ: анализ æмæ синтез,
абарст, кæной хатдзæгтæ. Урочы хъуамæ базоной æмбарынæдты бастдзинад (цы сæм
ис иумæйагæй, хицæн та цæмæй кæнынц);
3)
скъоладзауты кусын кæнын хъæуы хибарæй. Хибарæй архайынæн та хорз æххуыс сты
ахуыргæнæджы арæзт проблемон уавæртæ (цæлхдуртæ). Цæлхдур иуварс кæнгæйæ,
скъоладзау кæны сфæлдыстадон куыст, афтæмæй рæзы йæ логикон хъуыдыкæнынад;
4) урочы
аразын хъæуы, скъоладзауты сæ хъуыдытæ æргом кæнынмæ разæнгард чи кæны, ахæм
коммуникативон уавæртæ;
5) ахуырты рæстæг пайда кæнын
хъæуы, скъоладзауты миддуне, сæ арæхстдзинæдтæ раргом кæнынæн хорз æххуыс чи у,
ахæм алыхуызон мадзæлттæй.
6) урочы
фаг æргом здахын хъæуы коллективон архайдмæ (къордты кæнæ къæйттæй
куыстмæ).
Къордты
куыст алы скъоладзауы дæр архайын кæны урочы. Иумæйаг
хъуыддагыл кусгæйæ, скъоладзаутæ кæнынц ныфсджындæр, активондæр;
IV.
РАВЗАРИНАГ ФÆРСТЫТÆ.
1.
Цæмæй райдайын хъæуы къордты куыст?
2.
Цæуыл ахуыр кæны къордты куыст æмæ цы пайда у скъоладзауты куысты?
3.
Цавæр хæстæ ис ахуыргæнæджы раз, цæмæй скъоладзауты фæцалх кæна къордты
куыстыл?
V. ТЕМÆЙЫЛ КУСГÆЙÆ КÆЙ
ФÆЛТÆРДДЗИНАДМÆ ÆРКÆСЫН ХЪÆУЫ?
1. Уалыты Татьянæ
«Сæйраг домæнтæ ирон литературæйы уроктæм
ног ахуырадон стандарты уавæрты».
2. Майрæмыхъуаты Ф. А.
«Инновацион технологитæ ног ахуырадон стандартмæ гæсгæ арæзт ирон æвзаджы урокты райдайæн
скъолайы». Дзæуджыхъæу,
2014.
3. Булатова О.С.
«Педагогический артистизм».
М., 2001.
4. Булатова О.С.
«Искусство современного урока»
. 2-е изд., «Академия», 2007.
5.Гильманов С. А.
«Творческая индивидуальность
учителя». Тюмень, 1995.
6. Соловейчик С.
«Школа сотрудничества:
практическое руководство для тех, кто хочет стать любимым учителем». М., 2000.
7. Ершова А. П., Букатов В. М.
«Режиссура урока, отношения и
поведения учителя». М., 1998.
8. Букатов В. И., Ершова А. П.
«Я иду на урок: хрестоматия игровых приёмов обучения: книга для
учителя. М»., 2000
VI. ТЕМÆМÆ СФÆЛДЫСТАДОН
ЦÆСТÆЙ ÆРКАСТ.
Къорды куысты сæйрагдæр
принцип у ахæм: иумæйаг куысты фæстиуджытæ сты алкæмæй аразгæ, æмæ уымæ гæсгæ
алчи дæр хъуамæ архайа хæс сæххæст кæныныл, ома йе ’вæрæн бахæсса куыст баххæст
кæнынмæ. Зæрдылдаринаг ма у иу хъуыддаг: стандарт домы урочы универсалон
ахуырадон архæйдтытæ рæзын кæнын, сæ иу – регулятивон, кæцымæ гæсгæ ахуырдзауты
фæцалх кæнын хъæуы, урочы куыд кусдзысты, уымæн бæлвырд фæтк кæныныл, ома
къорды куыд архайдзысты, хæслæвæрд æххæст кæнын цæмæй райдайдзысты, сæ нысан
цавæр уыдзæн, уый бæрæг кæныныл. Уымæй уæлдай ма къорды куыст домы хи æмæ искæй
архайдæн аргъ кæнын зонын. Скъоладзау хъуамæ арæхса, йæхи æмæ йе ’мкъласонты
æнтыстытæн аргъ кæнынмæ (рефлексия).
Къорды архайгæйæ, сывæллæттæ
фæцалх вæййынц иумæйаг хæс æмдыхæй æххæст кæныныл. Сæ куыстæн сын разамынд
фæдæтты къорды разамонæг. Хæслæвæрд баххæст кæнынæн сæ цы архæйдтытæ бакæнын
фæхъæуы, уый сбæрæг кæныны фæстæ, райдайынц кусын. Кæрæдзимæ байхъусынц, сæ
хъуыдытæй бацæттæ кæнынц иумæйаг дзуапп æмæ йæ фехъусын кæнынц ахуыргæнæгæн.
Алы къорд дæр йæ дзуаппæн бацæттæ кæны презентаци. Къорды номæй фæдзуры иу
адæймаг, йæ дзуапп ын баххæст кæнынц иннæтæ дæр.
Скъоладзауты къорды мидæг кусыныл
фæцалх кæнын бирæ ахуыргæнджыты къухы нæма æфты. Æмæ уым диссагæй ницы ис,
уымæн æмæ республикæйы скъолаты стандартмæ гæсгæ кусын райдыдтой æрæджы. Ног
хъуыддаг та, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæ къуылымпыдзинæдтæй къухы не ’фты.
Стандарты амынд куысты хуызтыл ахуыр нæма сты куыд ахуыргæнджытæ, афтæ скъоладзаутæ
дæр.
Къорды мидæг кусынмæ сывæллæтты хъæуы бацæттæ кæнын, семæ æмбæлы аныхас кæнын,
радзурын сын, куыд хъуамæ кусой къорды, цавæр хæстæ æвæрд ис къорды уæнгтæй
алкæуыл дæр. Ам дæр та хъæуы мотиваци, ома иумæ кусынмæ разæнгарддзинад.
Къорды куысты сæйрагдæр принцип у ахæм: иумæйаг куысты фæстиуджытæ сты алкæмæй
дæр аразгæ, æмæ уымæ гæсгæ алчи дæр хъуамæ архайа иумæйаг хæс сæххæст кæныныл,
ома йе ’вæрæн бахæсса куыст баххæст кæнынмæ. Зæрдылдаринаг ма у иу хъуыддаг:
стандарт домы урочы универсалон ахуырадон архæйдтытыл кусын, сæ иу –
регулятивон, кæцымæ гæсгæ ахуырдзауты фæцалх кæнын хъæуы сæ архæйдтытæн бæлвырд
фæтк кæныныл, ома къорды куыд архайдзысты, хæслæвæрд æххæст кæнын цæмæй
райдайдзысты, уый бæрæг кæнын.
Уымæй уæлдай ма къорды куыст домы хи æмæ искæй архайдæн аргъ кæнын зонын.
Скъоладзау хъуамæ арæхса, къорды куыд куыста, цы йын бантыст, уымæн аккаг аргъ
кæнынмæ, йе ’мбæлтты архайдæн анализ скæнынмæ (рефлекси).
Скъоладзауты къордтыл адих кæныны размæ скæнын хъæуы диагностикæ – сбæрæг
кæнын, чи кæимæ уарзы кусын, раздзоджы ролы архайын кæмæн хуыздæр уайы, уый. Ам
хынцын хъæуы сывæллæтты психологион уавæртæ, сæ индивидуалон хицæндзинæдтæ.
Ахуыргæнæг фехъусын кæны, урочы фылдæр къордты кæй кусдзысты, æмæ сыл уый
уæлдай хæс кæй æвæры. Алы къорд дæр æххæст кæндзæн йæхи хæслæвæрдтæ.
Цалынмæ сывæллæттæ сæхæдæг хибарæй архайыныл фæцалх уой, уæдмæ къордты мидæг
хæслæвæрдтæ райуарын бахъæудзæн ахуыргæнæгæн йæхи. Куыдфæстæмæ ацы куыст æххæст
кæндзæн къорды уæнгтæй иу.
Къорды
архайгæйæ, сывæллæттæ хъуамæ фæцалх уой иумæйаг хæс æмдыхæй æххæст кæныныл. Сæ
куыстæн сын разамынд дæтты къорды разамонæг (раздзог). Хæслæвæрд æххæст кæнгæйæ
сæ цы архæйдтытæ бакæнын хъæудзæн, уый сбæрæг кæныны фæстæ сæ бон у алы архайд
дæр къорды уæнгтæй кæмæндæр бабар кæнын, уый фæстæ байхъусын, куыд æй баххæст
кодта æмæ йын йæ дзуапп сраст кæнын (кæд хъæуа, уæд). Афтæмæй къорды уæнгтæ
байхъусынц, хæслæвæрд куыд æххæстгонд цæуы, уымæ; базонгæ вæййынц кæрæдзийы
хъуыдытимæ. Уый фæстæ сæ дзуапп баиу кæнынц, бацæттæ йæ кæнынц фехъусын
кæнынмæ. Алы къорд дæр йæ дзуаппæн бацæттæ кæны презентаци. Къорды номæй
фæдзуры иу адæймаг, йæ дзуапп ын баххæст кæнынц иннæтæ дæр.
Къордты куыстæй пайдагæнæн ис хæдзармæ куыст бæрæг кæнгæйæ, ног æрмæг
амонгæйæ, контролон куыстмæ цæттæ кæнгæйæ, практикон куыстытæ æххæст кæнгæйæ.
Арæхдæр æй фæкæнынц ерысы кæнæ хъазты хуызы. Зæгъæм, урочы кæрон скæнæн ис
хъæзтытæ «Ссар уæлдай дзырд», «Чи фылдæр», «Дзырдæн йæ къай ссар» æмæ æнд.
Къордты куыстæй ирон æвзаджы урокты пайдагæнæн ис кæцыфæнды темæйыл кусгæйæ
дæр. Дæнцæгæн æрхæссæм цалдæр куысты хуызы.
Зæгъæм, зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонты растфыссынад ахуыр кæнгæйæ,
къордтæн раттæн ис ахæм хæс: рафыссын дзырдтæ, стъæлфыты бæсты, хъæугæ
æмхъæлæсонтæ æвæргæйæ.
Дыр…тæ, са…тæ, ба…тæ, хъæд…æ, мы…æгтæ, хъа…т, сæ…тæ, цырæ…тæ, аирвæ…тысты,
знæ…тæ, сивæ…та, уын…тæ, байрæ…т, кæрон…æ, хъы…т, уд…æф, ад…ын.
Хæслæвæрд
æххæст кæнгæйæ, къорды уæнгтæн сæ бон у сæхи ’хсæн сæ архæйдтытæ адих кæнын. Иу
скъоладзау рахицæн кæны дзырды уидаг, сбæрæг кæны, орфограммæ цы дзырды хайы
ис, уый; иннæ – бафыссы хъæугæ дамгъæ; æртыккаг ссары дзырдтæ ацы
орфограммæимæ; цыппæрæм (раздзог) – баиу кæны дзуæппытæ (архæйдтытæ) æмæ
иумæйаг куысты фæстиуджытæ фехъусын кæны.
Ахæм куысты фæстæ ахуыргæнæджы бон у ацы темæйæ скъоладзаутæй алкæмæн дæр
индивидуалон хæс раттын дæр, зæгъæм, тестытæ баххæст кæнын.
Хъæлæсонты
растфыссынад амонгæйæ, раттæн ис хæс: текст рафыссын. Стъæлфыты бæсты, кæм
æмбæлы, уым æвæрын хъæлæсон кæнæ апостроф. Фæнысан кæнын орфограммæтæ,
бамбарын сæ кæнын.
Ирон адæмы …хсæн искæуыл исты хъæлдзæгдзинад куы …рцæуы, уæд саразынц хъазт.
Фæсивæд сылгоймагæй, нæлгоймагæй, …стæй ас адæм æрæмбырд вæййынц, æмæ дзы чи
кафгæ фæкæны, чи та …рмæстдæр кæсгæ. Хъазтмæ цы чызг фæцæуы, уый йæхи хорз
саразы, цæмæй хъазты искæцы усгур лæппуйы зæрдæмæ фæцæуа, …стæй иннæ адæмы
зæрдæмæ дæр, …мæ дзы хъуамæ раппæлой, уыцы хъазты ахæм рæсугъд …мæ
зæрдæмæдзæугæ чызг уыди, зæгъгæ. Чызг хъазты куы …рлæууы, уæд алцы …гъдауæй дæр
йæхимæ фæкæсы, цæмæй аив уа. Уæлдай ныхас н.. скæндзæн, никæмæ фæхуддзæн. (Къардж.Б.)
Къорды куыст цæуы афтæ:
1) скъоладзаутæ рафыссынц текст; 2) кæсынц
кæрæдзийы куыстытæ, бæрæг кæнынц сæ растдзинад, раст кæнынц кæрæдзийы
рæдыдтытæ; 3) иумæ æвзарынц тексты орфограммæты хуызтæ; 4) орфограммæты
хуызтæм гæсгæ сæхи цæттæ кæнынц дзуапп дæттынмæ.
Ацы тексты бындурыл раттæн ис æндæр хæс дæр: текстæн орфографион анализ скæнын.
Текст бакæсын, орфограммæты хуызтæ сбæрæг кæнын; орфограммæты хуызтæм гæсгæ
текстæй дзырдтæ къордтæй рафыссын (дыууæ скъоладзауы – иу орфограммæ, иннæ
дыууæ – иннæ орфограммæ); кæронæй кæнынц иумæйаг хатдзæг тексты орфограммæты
тыххæй. Хатдзæг хъуамæ бацæттæ кæна иу скъоладзау (тыхджындæр).
Темæ «Дзырдарæзт»-ыл кусгæйæ, къордтæ æххæст кæнынц хæслæвæрдтæ: дзырд ног
дзырдтыл дих кæнынц; дзырдтæй ног дзырдтæ аразынц; дзырдтæ æвзарынц; хъазты
хуызы: дзырд растдæр чи равзара, æмуидагон дзырдтæ йæм фылдæр чи ссара, уый
амбылдта.
Лексикæ ахуыр кæнгæйæ та къорды уæнгтæ баххæст кæнынц темæимæ баст дзырдбыд;
агурынц «æмбæхст» дзырдтæ; дзырд «зæрдæ»-имæ хъуыды кæнынц æнгом дзырдбæстытæ;
хъазты хуызы, цæрæгойты нæмттæ (кæнæ нымæцонтæ, сæрмагонд номдартæ) кæм ис,
ахæм æнгом дзырдбæстытæ агурынц.
Æххуысгæнæг
ныхасы хæйттæ амонгæйæ, бабаргæнæн ис ахæм куысты хуыз: фæйнæгыл, æххуысгæнæг
ныхасы хæйттæ уагъд кæм сты, ахæм текст. Алы къорд дæр æй æххæст кæны цавæрдæр
æххуысгæнæг ныхасы хайæ. Иу дзы бафыссы бæттæгтæ, иннæ – хайыгтæ, æртыккаг –
разæвæрдтæ кæнæ фæсæвæрдтæ. Текст куыд аивы, уый тыххæй хатдзæг скæнынц.
Синтаксис ахуыр кæнгæйæ, текст баххæст кæнын хъæуы бавæргæ дзырдтæй, кæнæ дзы
раст сæвæрын хъæуы æрхæцæн нысæнттæ, кæнæ хъуыдыйадæн хъæуы схемæ саразын,
бацамонын хъæуы тексты пунктограммæтæ.
Къордты архайынæн хорз уавæртæ ис ныхасы рæзтыл
кусгæйæ. Къордæн бабаргæнæн ис хæслæвæрдтæ:
- тексты иумæйаг æвзæрст;
- тексты темæ сбæрæг кæнын, лæвæрд сæргондтæй йын
иу равзарын;
- тексты сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын;
- сæйраг хъуыды сочиненийы хуызы райхалын.
Зæгъæм, сæрды темæйыл равзарæн ис скъоладзаутæн
сæхи фыст сочиненитæ дæр.
Сæрды каникулты рæстæг æз ацæуын мæ нанамæ хъæумæ.
Уым хъæлдзæгæй арвитын мæ улæфты рæстæг. Хъæумæ хæстæг ис чысыл хъæд. Нанаимæ
дзы фæтонæм гагадыргътæ, фæуидзæм зокъотæ. Хъæуы чъылдыммæ кæлы цæугæдон.
Лæппутимæ дзы нæхицæн сарæзтам хорз найæн бынат. Чысыл уæлдæр та дзы фæахсæм
кæсæгтæ. Изæры та нанайæн аххуыс кæнын фосмæ зилынмæ.
Тынг хорз мæм кæсы сæрдыгон хъæуы. Ацы аз дæр та
æнæмæнг уырдæм ацæудзынæн.
Ахæм куысты рæстæг текст хъуамæ æвæрд уа къорды
уæнгтæй алкæй раз дæр. Хæстæ къорды архайджыты ’хсæн ис раив-баив кæнæн дæр,
цæмæй сæ алчи дæр иумæйаг хъуыддагыл бакуса.
Ахадгæ куыстыл нымад у, ныхасы рæдыдтытæ кæм ис,
ахæм сочиненитæ æвзарын. Цалдæр куысты (сочиненийы) равзаргæйæ, раттæн ис
фæрстытæ:
1) Сочиненитæй уæ зæрдæмæ тынгдæр кæцы фæцыд?
2) Цавæр рæдыдтытæ скодтой сочиненийы автортæ?
3) Рæдыдтытæ раст кæнгæйæ, иу текст рафыссут.
4) Куыд аивта раст фыст текст?
Ныхасы рæзтыл бакусынæн спайдагæнæн ис нывмæ гæсгæ
сочинени-миниатюрæ фыссынæй. Зæгъæм, нывмæ гæсгæ адæймаджы æддаг бакаст
æрфыссын; нывмæ гæсгæ дзырдбæстытæ саразын.
Текстыл ахадгæдæрæй бакусынæн къордты куыстæн
пайда сты хæслæвæрдтæ:
- авторы текст зæрдыл æрлæууын кæнын (чи йæ
хуыздæр бахъуыды кодта, текстмæ хæстæг æй хуыздæр чи ныффысдзæн);
- текст «æрæмбырд кæнын»: 2-3 тексты алыгтæ
кæнын, схæццæ кæнын скъуыддзæгтæ; скъоладзаутæ сæ кæсынц, скъуыддзæгтæй
аразынц сæ авторы тексттæ;
- æмдзæвгæйы цухгонд дзырдтæ баххæст кæнын;
- фразеологион дзырдбæстытæ баххæст кæнын;
- бæрæггонд дзырдтæ баивын фразеологион
дзырдбæстытæй;
- текст баххæст кæнын фразеологизмтæй;
- æрхъуыды кæнын радзырд «Къæбыла фæдзæгъæл»,
«Дуканийы фембæлдысты», «Маршруткæйы цæугæйæ»;
- диалог баххæст кæнын этикетон дзырдтæй æмæ а.д.
Къордты къуысты хуызы раттæн ис
хæдзармæ куыст дæр. Иу къордæн раттæн ис хæс: бацæттæ кæнын
дзырдбæстытæ миниуæгæвдисæг миногонтимæ, иннæ къорд та – ахастæвдисæг
миногонтимæ. Дыккаг бон сæ кæрæдзийæн диктанты хуызы дзурынц. Ахæм куыст бакæнæн
ис æххуысгæнæг ныхасы хæйттæ амонгæйæ дæр.
Хæдзармæ куысты хуызы сын раттæн ис кæрæдзийæн
олимпиадон хæслæвæрдтæ бацæттæ кæнын кæнæ кæрæдзийæн дзырдбыд саразыны хæс дæр.
Ахæм куыст феххуыс уыдзæн темæ бафидар кæнынæн.
Хистæр кары скъоладзаутимæ кусгæйæ, грамматикон
æрмæг бафидар кæнынæн къордтæн раттæн ис хæстæ:
- схемæтæм гæсгæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнын;
- тексты ссарын, схемæйæн дзуапп цы хъуыдыйад
дæтты, ахæм;
- тексты пунктограммæтæ сбæрæг кæнын;
- цухгонд æрхæцæн нысæнттæ сæвæрын, бацамонын сæ;
- тексты орфографион анализ скæнын.
Къордты куыстæн хорз фадæттæ ис литературæйы урочы
дæр. Зæгъæм, скæнæн ис урок-семинартæ. Ахæм урокмæ литературон уацмыс æвзæрст
цæуы йæ проблемæтæм гæсгæ.
Къордтæн раттæн ис хæстæ: монолог аив кæсынмæ
бацæттæ кæнын; лæвæрд темæйæ критикон æрмæг ссарын; темæимæ баст кинонывæй
скъуыддзаг равзарын; цæсгæмттæм гæсгæ хъазт бацæттæ кæнын; тексты æвзаджы
хицæндзинæдтæ равзарын; бацагурын уацмысимæ баст историон æрмæг; уацмысмæ
иллюстрацитæ бацæттæ кæнын; уацмысы сæйраг хъуыды чи æргом кæны, ахæм
æмбисæндтæ кæнæ таурæгътæ ссарын æмæ а.д.
Къордты куыст æнтыстджынæй кæнæн ис фæсурокты
рæстæг дæр. Интеллектуалон хъæзтытæ, «Зондабиты ерыстæ», къулын газет цæттæ
кæнын, æвзонг журналистты къорд саразын æмæ æндæр ахæм мадзæлтты фæрцы скъоладзауты
разæнгард кæнæн ис къордты куыстмæ.
Ранымад куысты хуызтæ феххуыс уыдзысты
скъоладзауты ирон æвзаджы урокты къордты куыстыл бафтауынæн, урочы иумæ
архайыныл фæцалх кæнынæн.
VII. ФÆЛТÆРДДЖЫН
АХУЫРГÆНДЖЫТЫ УРОКТÆМ ÆРКАСТ.
Цæмæй ахуыргæнæджы фæлтæрддзинад азæй азмæ
фидардæр кæна, уый тыххæй фыццаджыдæр хиуыл кусын хъæуы, стæй –ма куырыхон
ахуыргæнджыты уроктæм кæсын. Архайын АКЗУ институты æмæ
горæты методиугонды семинарон ахуырты. Хи скъолайы гом уроктæ æвдисын.
Æз дæр мæ хæсыл нымайын скъолайы
кусгæйæ мæ фæлтæрддзинад парахат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ исын алы мадзæлтты
фæрцы.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.