Темæ:
«Хæдзарон
фос»
(Миногон сфæлхат кæнын)
(уырыссаг къорд)
Беслæны 7
сколайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг
Елдзарты
Нателæйы
гом урочы
пълан.
Темæ: Хæдзарон фос.
(Миногон сфæлхат кæнын)
Урочы нысан: скъоладзауты зонындзинæдтæ фæуæрæхдæр кæнын;
скъоладзауты хибарæй кусыныл цайдагъ кæнын; зонгæ æрмæгæй пайда кæнын;
сывæллæттæм хъомыл кæнын тырнындзинад ног зонындзинæдтæ райсынмæ; скъоладзауты
дзырдуат æмæ ныхасы рæзт фæхъæздыгдæр кæнын; сывæллæттæм райгуырын кæнын
уарзондзинад ирон æвзагмæ; хъомыладон куыст бакæнын.
Цæстуынгæ армæг: нывтæ, дзырдуат, карточкæтæ.
Эпиграф: «Куыдзы
зæрдæ зонаг у».
Урочы цыд.
1. Организацион хай.
Уазджытæн салам раттын. Скъоладзауты бон, нымæц æмæ мæйæ бафæрсын.
2. Урочы темæ.
- Абон нæ урочы темæ у «Хæдзарон цæрæгойтæ». Грамматикæйæ та сфæлхат
кæндзыстæм «Миногон».
(Темæ дзурын фыццаг иронау, стæй та – уырыссагау)
- Ацы темæ уын ног нæу, фæлæ йыл абон æрлæудзыстæм арфдæр, бæлвырддæр.
3. Урочы нысан зæгъын.
Нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм цыдæриддæр зонæм
хæдзарон фосы тыххæй. Сахуыр кæндзыстут ног дзырдтæ, хъуыдыйæдтæ.
Нывмæ гæсгæ сараздзыстут радзырд, дзурдзыстут
иронау.
4. Хæдзармæ
хæслæвæрд сбæрæг кæнын.
Х/х сын
уыдис:
1)уагъд
дамгъæтæй баххæст кæнын дзырдтæ æмæ сæ хъуыдыйæдтæ саразын;
2)диалогтæ
саразын ситуацитæм гæсгæ: «Фос уæм ис?», «Дæ фыд кæм кусы?»
3)видеойыл сисын хæдзарон фосмæ куыд зилынц
сывæллæттæ, уый.
1.
1.
Бæх, йæ, …æхтæ, сты, хæрзконд.
2.
Хæрæг, …устæ, сты, дар…
3.
Сæ…, ис, ды…æ, сæны…
(сывæллæттæ иугай цæуынц фæйнæгмæ æмæ æххæст кæнынц
фæлтæрæн)
- Цавæр дамгъæтæ æрцыдысты уагъд?
- Куыд сæ хонæм?
- Цавæр ахæм дамгъæтæ ма зонут?
- Хъæрæй сæ сфæлхæт кæнут мæ фæстæ.
- Зæгъут ма дзырдтæ ацы дамгъæтимæ.
2.
Диалогтæ
«Фос уæм ис?»
- Митæ, кæм цæрыс ды?
- Æз цæрын Горькийы уынджы?
- Фос уæм ис?
- Ис. Махмæ ис бирæ фос: хъуг, галтæ, хуытæ, фыстæ.
- Базилыс сæм?
- О. Æз сын кæрдæг, дон раттын.
«Кæм кусы дæ фыд?»
- Дæ бон хорз, Светæ!
- Æгас цу, Вовæ!
- Светæ, дæ фыд кæм кусы?
- Мæ фыд кусы фермæйы.
- Уый фермæгæс у?
- О, уый у фермæгæс.
3.Видео æрмæг. («Æз зилын фосмæ»)
- Чи уæ бацæттæ кодта видео æрмæг?
Сывæллæттæй дыууæйæ бацæттæ кæндзысты æрмæг. Экраныл
æй равдисдзынæн проекторы руаджы. Сывæллæттæ æвдысты рæстæджы дзурдзысты сæ
куысты тыххæй цыбыр радзырдтæ.
Нывон-предметон диктант.
(Æвдисын нывтæ, сывæллæттæ та сæ фыссынц иронау сæ тетрæдты)
Фыс, гал, бæх, гæды, сæгъ, хæрæг, хуы, куыдз.
(Сбæрæг кæндзынæн,
сывæллæттæ сæ куыд ныффыстой, уый)
- Ацы дзырдтæн куыд ис схонæн? (хæдзарон фос)
- Ацы дзырдтæй иуимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæд(Куыдз хуыссы хæдзары раз).
Нывимæ куыст.
Ахуыргæнæг: Æркæсут нывмæ. Кæй уынут нывы? Цы уынут
нывы? (Дзурын фæрстытæ уырыссагау)
Лæппутæ, чызг, хъуг, род
– Архайд кæм цæуы? (Скъæты)
– Цавæр цæрæгойтæ ис нывы? (Хъуг, род)
– Цы ми кæнынц сабитæ? (Сабитæ
æрбацыдысты скъæтмæ æмæ зилынц родмæ. Дарынц родæн æхсыр сывæдæгæй)
– Хъугæн та цы æрбахастой? (Дон ведрайы, бахæрын ын кодтой хос)
– Сымахæй та чи уарзы фосмæ зилын?
– Чи уæ куыд зилы фосмæ?
– Цæмæ сæм хъæуы зилын?
Дзырдуатон куыст.
Ахуыргæнæг: Хæдзарон цæрæгойты нæмттæй бирæты зонут. Сты
фыст фæйнæгыл æмæ уæ тетрæдты , саразут сæ дзырдбæстытæ.
Миногон + номдар (нард фыс, стыр гал, …, …)
Дзырдтæ сты конд фæйнæгыл, сæ
бынмæ сын бакæндзынæн ног дзырдтæ – нывтæ
Ахуыргæнæг: Дарддæр дæр зонгæ кæнæм фосы нæмттимæ. Фæлхат
сæ кæнут мæ фæстæ хъæрæй (уæрыкк, сæныкк, род, байраг,хъыбыл,къæбыла, къæлæу)
Сæ нывтæ сын æвдисын экраныл.
Байраг Сæныкк Род
Уæрыкк Хъыбыл
Къæбыла
Къæлæу
Тæрхъус
-Ныффыссут сæ уæ тетрæдты.
Æмбисæндтæ
Фæйнæгыл æмбисæндтæ.
«Куыдзы зæрдæ зонаг у».
«Куыдз у адæймаджы кæстæр æфсымæр».
«Гæдыйæн хæринаг – фынæйы хос».
«Фыдуаг галæн йæ сыкъа сæтты».
«Стыр дзых галæн дæр ис, фæлæ дзурын нæ зоны».
Куыд сын æмбарут сæ мидис. (Фæрсын сæ уырыссагау)
Хъомыладон куыст.
-Цæрæгойтæм, фосмæ хъус дарын хъæуы. Уыдон
дзурын нæ зонынц, уыдон сты æнæбон æдæймаджы раз. Хæдзарон цæрæгойтæн сæ фылдæр
вæййынц сæ хицæуттыл тынг æнувыд. Уæлдайдæр та куыдз, гæды, бæх. Уыдон арæх
баххуыс кæнынц сæ хицæуттæн тыхст рæcтæг. Цал æмæ цал хаты фервæзын кодтой куыйтæ
адæмы артæй, къæрныхтæй. Ахуыр куыйтæ фæагурынц зæххæнкъуысты рæстæджы адæмы
кæлдтыты бын. Бирæ æххуыс кодтой куыйтæ хæсты рæстæджы, куыстой санитартæй æмæ
афтæ дарддæр.
-Æрхъуыды ма кæнут кинонывтæ , кæцытæ сты
цæрæгойтыл. Зæгъут ма дзы иу цалдæр.
-Цæрæгойтæ сты æгомыг æмæ сæ цы хъæуы уый нæ
зæгъдзысты. Ис бирæ адæймæгтæ, кæцытæ удхарæй марынц куыйты, гæдыты. Ракæсут ма
ацы нывтæм. Абарут сæ.
Кæцы ныв дзы цæуы уæ зæрдæмæ тынгдæр? Цæмæн?
(Сывæллæтты дзуаппытæ).
Æдисын дзырдтæ-карточкæтæ, сывæллæттæ сын дзурынц хъæрæй сæ тæлмац;
ирон дзырдтæ – уырыссагау; уырыссаг дзырдтæ – иронау.
(дзырдтæ сты миногонтæ)
- Ацы дзырдтæ цавæр ныхасы хæйттæ сты?
- Цы у миногон?
- Цавæр фæрстытæн дæтты дзуапп?
- Саразут ацы дзырдтимæ дзырдбæстытæ (миногон + номдар)
Интерактивон фæйнæгмæ ахуырдзаутæ иугай хизынц æмæ сæ аразынц
дзырдбæстытæ(стыр чызг, бæрзонд бæлас, сырх каба, сау дзыкку, рæгъæд кæрдо).
Текстимæ куыст.
1 текст:
(Ахуыргæнæг кæсы
аргъау раст хъæлæсы уагæй, гæнæн ис æвдиса нывтæ аргъаумæ гæсгæ.Сывæллæттæ
та йын йæ мидис дзурынц уырыссагау).
Цæрæгойты хæдзар.
Иу хæдзары цард
куыдз. Æрбацыд æм хæфс хойы. Тъупп-тъупп-тъупп.
-Чи цæры ам?
-Æз куыдз
дæн:«гъæу-гъæу-гъæу».Ды та чи дæ?
-Æз дæн хæфс
:«хъуа-хъуа-хъуа»
-Рахиз хæдзармæ.Ай у
цæрæгойты хæдзар.Ам цæрынц куыдз æмæ хæфс.Æрбацыд гæды æмæ хойы. Тъупп
-тъупп-тъупп.
-Чи цæры хæдзары ?
-Æз дæн куыдз:
«гъæу-гъæу-гъæу»
-Æз дæн хæфс
:«хъуа-хъуа-хъуа».Ды та чи дæ?
Æз дæн гæды :
«миа- миа-миа»
-Рахиз мидæмæ
хæдзармæ.
Райдыдтой иумæ
цæрын.Ай у цæрæгойты хæдзар .Цæрынц йæ мидæг куыдз,хæфс,гæды.Æрбацыд
уасæг.Тъупп-тъупп-тъупп.
-Чи цæры хæдзары?
-Æз дæн куыдз
:«гъæу-гъæу-гъæу»
-Æз дæн хæфс :
«хъуа-хъуа-хъуа»
-Æз дæн гæды :
«миа-иа-миа».
-Ды та чи дæ?
-Æз дæн уасæг: «
хъо-хъо-хъо».
-Рахиз мидæмæ.
Райдыдтой иумæ
цæрын.Ай у цæрæгойты хæдзар.Уым цæрынц
куыдз,хæфс,гæды,уасæг.Æрбацыдис
арс.Тъупп-тъупп-тъупп.
-Чи цæры ам?
-Æз куыдз дæн: «гъæу
–гъæу-гъæу»
-Æз хæфс дæн: «
хъуа-хъуа-хъуа»
-Æз гæды дæн:
«миа-миа-миа»
-Æз уасæг дæн:
«хъо-хъо-хъо»
-Ды та чи дæ?
Æз дæн арс.Æз дæу
бахæрдзынæн,куыдз.Дæу дæр бахæрдзынæн ,хæфс.Дæу дæр гæды, уасæг.
Иууылдæр иумæ
ныхъхъæр кодтой:
«гъæу-гъæу-гъæу»
«хъуа-хъуа-хъуа»
«миа-миа-миа»
«хъо-хъо-хъо»
Арс фæтарст æмæ
алыгъд.
2 текст райуардзынæн сывæллæттæн.
- Бакæсут текст уæхинымæр, ссарут дзы миногонтæ æмæ сæ бахахх кæнут.
Тексты ис рæдыдтытæ. Уыдон не сты орфографион. Ссарут сæ æмæ сæ сраст кæнут.
Уарзон цæрæгойтæ.
Алан , Ацæмæз æмæ Аким бирæ уарзынц хæдзарон цæрæгойтæ. Мæ зæрдæмæ
цæуынц
Хæдзарон цæрæгойтæ арс, рувас, бæхтæ - зæгъы Аким. Бæх зондджын æмæ
рæсугъд цæрæгой у. Зонут нæ горæты бæхты театр байгом,уый?Æз дзы арæх вæййын.
-Куыдз дæр æдылы цæрæгой у,- зæгъы Ацæмæз. -Махæн Хъусой нæ хæдзары хорз
хъахъхъæнæг у. Мах нæ куыдзы бирæ уарзæм.
-Æз та нанайы хъулон хъуджы уарзын,-дзуры Аким. Хъуг нын дæтты хæрзад
æхсыр. Æхсырæй адæймаг кæны хъаруджын æмæ зондджын.
Сбæрæг кæндзынæн, цавæр дзырдта бахахх кодтой сывæллæттæ.
- Уырыссагау та куыд хуыйнынц?
- Куыд сæ хъæуы хахх кæнын миногонты?
- Цавæр рæдыдтытæ ссардтат тексты?
- Куыд ма ис зæгъæн дзырд рæсугъдæн? (аив , расугъддæр,
тынг рæсугъд)
Интерактивонфæйнæгыл.
Дзырдтæй аразынц сывæллæттæ хъуыдыйæдтæ.
(иугай хизынц скъоладзаутæ фæйнæгмæ æмæ æххæст кæнынц
фæлтæрæн)
Иннæ скъоладзаутæ та хизынц иугай æмæ иу кæнынц дзырд + нывтимæ
Зæгъæм:
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.