«Зондабиты
ерыс»
5 кълас
Сарæзта:
Хуыбылты Л.,
Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къ.
номхæссæг 13-æм астæуккаг
скъолайы ахуыргæнæг
Урочы нысан: Хъазты хуызы сывæллæтты сцымыдис кæнын ирон æвзагмæ
Урочы хæстæ: 1.Зæрдыл æрлæууын кæнын лингвистикæйы алы хæйттæ.
2.Сывæллæтты сфæлдыстадон куыстмæ разæнгард кæнын.
3.Къордтæй куысты архайын зонын.
4.Гуырын кæнын уарзондзинад ирон æвзагмæ.
Ахуыргæнæджы раныхас: Сывæллæттæ,абон нæ урок хуымæтæг нæу.Арæзт у хъазты
хуызы.Архайæм зондабиты ерысы ирон æвзагæй.Фембæлдзысты 3 къорды:Алæгатæ,Æхсæртæггатæ
æмæ Борæтæ.Уæ размæ æвæрд ис стыр хæс.Рамбулдзæн уыцы къорд,фылдæр раст
дзуæппытæ чи радта.
Бирæтæ ирон æвзагмæ кæсынц куыд хуымæтæг предмет скъолайы.Æвæццæгæн,бирæтæм
кæсы тынг зын æмæ æнкъард предмет.Фæлæ уый бынтон афтæ нæу.Ирон æвзаг у
диссаджы бæстæ,кæцыйы ис тынг бирæ цымыдисаг хабæрттæ.
-Сывæллæттæ,цы
нысан кæны дзырд Лингвистикæ(Æвзагзонынады хай).Ис ын станцæтæ æмæ уыдон
уыдзысты не‘
рлæууæнтæ.
1 æрлæууæн «Æрæмбырд кæн æмбисонд»(Сыфтыл хæццæгонд
æмбисæндтæ.Сывæллæтты хæс у бæлвырд рæстæгмæ амбырд кæнын æмбисæндтæ.)
1.Мадæлон
æвзаг|нæры,афтæ нæ цæвы
2.Бон
цæуы|йæ бын сой
3.Чиныг|цард
арынц
4.Цæваг
галæн|мады ад кæны
5.Куыстæн
йæ сæр сындз|фарн йемæ хæссы
6.Арв
куыд |мыст нæ ахсы
7.Æнгом
бинонтæ|зонды суадон
8.Уасаг
гæды|мæрдтæм нæ цæуы
9.Бирæйæ
бирæгъ|йæ сыкъа сæтты
10.Фыды
фарн|дæр не‘
фсæды
2 æрлæууæн «Фонетикæ»
Бацамонын æппæт æмхъæлæсонтæ дæр зылангон цы дзырдты сты,уыцы рæнхъытæ:
Кæрæдæг,рæстæг,къудзи;
Бон,бур,æрдз,ныв;
Бæлæстæ,фæз,хос,къудзи;
Маргъ,бæрзонд,арв,дзырд.
3 æрлæууæн «Лексикæ».
а)Дзырдтæн сæ синонимтæ бафыссын.
Лидзын-…,
кæуын-…, рæсугъд-…, чысыл-…, стыр-…, тар-…, тæмæнтæ калы-…, худын-…
æ)Дзырдтæн сæ антонимтæ бафыссын.
Егъау-…,
раззаг-…, лæууын-…, бон-…, уазал-…, сау-…, амондджын-…, ног-…, цин кæнын-…, тыхджын-…,
рог-…, адджын-…
4 æрлæууæн «Дзырдарæзт».
1)Дзырдтæ
мофемæтæм гæсгæ равзарын
Амондджын,хæларзæрдæйæ,лæгдзинад,
Ирыстонмæ,æгъдауыл,ракувын,хонæг,хæдзардзин, зонындзинæдтæ.
5 æрлæууæн «Синтаксис»
Ссарын хъуыдыйæдты бындуртæ.
Æнгом
бинонтæ цард арынц.
Сабыр
ныхас калммæ дæр хъары.
Уæззау
хъуыддаг рог дзырдтæй нæ рæзы.
Райгуырæн
бæстæ тынг адджын у.
6 æрлæууæн «Текст»
Текст ратæлмац кæнын ирон æвзагмæ.
Мамочка, спасибо
тебе, что ежедневно и всю жизнь ты работаешь моим Ангелом-Хранителем. Я тебя
очень ценю и берегу как могу. Я очень люблю тебя, твоё чистое сердце, твою
улыбку, заботу, твою дружбу, мудрость, тепло и чуткость. И даже твои замечания
и недовольство – тоже люблю, они мне всегда помогают избегать ошибок. Ты –
лучшая мама на свете. Мечтаю, чтобы ты никогда не расстраивалась, чтобы
душевный покой не покидал тебя, чтобы крепкое здоровье преследовало тебя всю
жизнь и чтобы ты жила вечно.
7 æрлæууæн
«Комкоммæ ныхас»
Бацамонын
хъуыдыйæдтæ комкоммæ ныхасимæ.
Уæ чингуытæ ма
чъизи кæнут,лæппутæ.
Дæ бон хорз дзуры
мæм ме‘ мбал.
Райсомы æртæх
æрбадти кæрдæгыл.
Мæ фыд мын загъта
хорз ахуыр кæн.
8 æрлæууæн
«Сидæн»
Бацамонын
хъуыдыйæдтæ сидæнтимæ.
Æгас нæм æрцу
уалдзæг.
Райсомæй изæрмæ
фæуарыд къæвда.
Чызджытæ уæ
куыстытæ рæвдз акæнут.
Урокты фæстæ кæдæм
цæудзынæ Сослан?
(Конкурс
иумæйаг фæрстытæ,алы раст фарстæн дæр лæвæрд цæуы 1 балл)
1.Ныхасы хай кæцы
æвдисы предметы миниуæг.(Миногон)
2.Фæлæууы уидаг
æмæ кæроны æхсæн.(фæсæфтуан)
3.Мивдисджыты
ивынад цæсгæмттæ æмæ нымæцтæм гæсгæ.(ифтындзæг)
4.Цал хауæны ис
ирон æвзаджы?(аст)
5.Хауæнтæм гæсгæ
ивынад.(тасындзæг)
6.Дзырд æнæ
кæронæй.(бындур)
7.Хъуыдыйад дыууæ
грамматикон бындуримæ.(вазыгджын)
8.Æвзагзонынады
хай, кæцы ахуыр кæны мыртæ æмæ дамгъæтæ.(Фонетикæ)
9.Цал дамгъæйы ис
ирон дамгъуаты?(43)
Хатдзæгтæ скæнын.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.