Кълас: 8 А, Б, В, Г, Д
Темӕ: Рацыд ӕрмӕг фӕлхатын
Урочы нысантӕ:
1. Фӕлхатын рацыд
ӕрмӕг, зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын рацыд грамматикон темӕтӕ; ныхасы рӕзтыл куыст;
2. Рӕзын кӕнын
скъоладзауты логикон хъуыдыкӕнынад;
3. Гуырын кӕнын
скъоладзаутӕм уарзондзинад ирон ӕвзагмӕ ӕмӕ тырнындзинад дзурын иронау.
Урочы ифтонгад: презентаци;
карточкӕтӕ
Урочы хуыз: урок-балц
Урочы цыд:
I. Организацион хай:
Сбӕрӕг кӕнын скъоладзауты цӕттӕдзинад
урокмӕ.
II. Рацыд ӕрмӕг фӕлхатын:
1.
Фонетикон хæслæвæрд:
Тагъддзуринаг:
§
Хъымыхъхъыгæн,
хъæлмыхъагæн, Хъахъхъæдуры хъæдгæсæн хъаматæ скодта Хъаурбег.
Бамбарын кæнын
тагъддзуринаг, фыццаг кæсы ахуыргæнæг, стæй ахуырдзаутæ иууылдæр иумæ, уый
фæстæ иугай.
2. Орфографи.
1) Сраст кӕн рӕдыдтытӕ:
Мӕргъттӕ,
хӕслӕвӕрддӕ, зарджытӕ, хъӕласттӕ, кӕрӕтӕ, бирагъттӕ, чызджыттӕ, аргъӕутӕ, къуыбӕртӕ,
митгӕлӕбутӕ.
3. Лексикӕ.
а) Карточкӕтыл
ирон дзырдтӕ. Архайынц дыууӕ скъоладзауы. Иу ӕмбарын кӕны карточкӕйы цы дзырд
ис, уый, иннӕ хъумӕ базона цы дзырд ӕмбарын кӕны, уый.
Карточкӕ:
дӕсны
митгӕлӕбу
хӕцӕнгарз
нывгӕнӕг
|
уари
фурд
бӕрӕгбон
дзоныгъ
|
|
Митын Дада
их
митын къуыбар
тымыгъ
|
арс
фӕлмӕн
хъазт
къахдзоныгътӕ
|
4. Грамматикæ.
1. Сæвæр хъæугæ ран бæттæг
дзырдтæ кæй – уый .
а) Хæфсытæ ____ бамбæрстой _____,
тæрхъус____ æрбацыди____;
æ) Уæртджын хæфс ____ бамбæрста ____,
сырдтæ ____ йæ кой кæнынц____.
Цавæр хъуыдыйæдтæ сты?
2. Сараз домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ (условное придаточное). Бæттæг
дзырдтæ бакæн тымбылæджы .
а) Уæртджын хæфс кæд æрæгмæ цæуа, уæд сырдтæ … (смæсты
сты).
æ) Зымæг кæд фæуа …
5. Зæгъ иронау (фæлхатын бадзырдон здæхæн):
а) – Пусть
идет на улицу.
– Сперва
пусть … .
æ) – Пусть не говорит на
другом языке в доме.
б) Пусть счастье
и благополучие приходят в дом!
IV. Хæдзармæ куыст.
Фæлхатын рацыд
æрмæг:
§ номдарты растфыссынад бирæон
нымæцы;
§ домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ;
§ мивдисæджы здæхæнтæ.
V. Хатдзæгтæ æмæ кæронбæттæн.
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.