Проектон куысты темæ:
«Фынгœвœрд йœ дзаджджынœй нœ,
фœлœ йе гъдауœй фидауы».
Бацæттæ йæ кодтой – Мецъыты Дана
Бестауты
Олеся
Проекты разамонæг: Мæргъиты Ингæ
Нысан: 1. Базонгæ уавын ирон фынджы
гъдæуттимæ.
2. Зианы фынг цины фынгæй иртасын
базонын.
Хæс : 1. Æрдзурын ирон фынджы æгъдæутты
сусæг мидисыл.
2.Сæвзæрын кæнын уарзондзинад нæ
фыдæлты рæсугьд æгъдæуттœм.
Эпиграф:
Фынг
œртœкъахыг
Уазœгœн йœ
фœллад сафы,
Зианджынœн —
йœ хъыг.
Къоста.
Кокайты
Тотрадзы œмдзœвгœ:
Æртœ чъирийы
хœхты фœрныг цотœн
Вœййынц сœ
разы кувынœн œдзух.
Фœзœгъынц:
уœд нœ цард рœсугъд.
Цœуœнт ныл хъœлдзœгœй нœ бонтœ.
Фœлœ лœгœн йœ куывды ис
œфсарм
Йœ мœт, йœ сагъœс - дунейы хœрам,
Йœ мœт, йœ сагъœс - дунейы фарн ...
Уœдœ йœ бауадз, бакува œгъдауыл.
Адæймаджы зонд æмæ курдиат цы
стырдæр диссаг сфæлдыстой, уыдонæй иу у æгъдау.
Рагæй æрæгмæ дæр адæмæн æгъдауы
æппæты ахсджиагдар хай уыд фынджы æгъдау. Фынгджы уæлхъус бадынц бинонтæ,
фысымтæ æмæ уазджытæ, хионтæ æмæ æцæгæлонтæ, хистæртæ æмæ кæстæртæ, уымæ гæсгæ
йын ис æгъдау.
Уыцы æгъдау æвзæрд 3 хъуыддагæй: ритуалæй,
цæлгæнджыты ахастытæй æмæ уæздандзинады домæнтæй. Ирон адæмæн уыцы
æгъдау уыд намыс æмæ лæгдзинады нысæн.
Иу фæлтæр иннæмæ кæй лæвæрдта,
уыцы рагон æгъдæутты фæдтæ баззадысты адæмы взаджы. Фынгæвæрд кæм ваййы æмæ
кусарт кæм акæнынц, уый хуыйны куывд. Ацы дзырд равзарди кувынæй. Уымæ
гæсга фынгыл нæй хъаугъа кæнын, æлгъитын, хъæрæй худæн, змæнтæн митæ кæнын. Кувгæ
кæм кæнынц, уым нæй уæлдай змæлд кæнæн, къухтæ тилæн, дзæгъæл дзурæн, æмæ æндæр
æнæуаг митæ кæнæн. Уымæн æмæ «куывд» цы рагон индиаг дзырдæй равзæрди, уый
мидис уыди «æхсæнады æгъдау æххæст кæнын».
Зындгонд
æвзагиртасæг В. Миллер фыста, зæгъгæ, мæгуыр ирон лæджы хæдзары «
этикет соблюдается строже, чем в европейских раззолоченных палацах».Уый
Ирыстонмæ куы ссыд, уæд бирæ базыдта ирон æгъдæуттæй. Уæлдай диссаг æм
фæкастысты ирон кад æмæ рад. Кæстæртæ хистæртимæ фынгыл нæ бадтысты. Фæсивæдæй
никæй федта нуазгæ, тамако дымгæ, хъæрæй дзургæ, хистæрæн кад кодтой. Йæ
зæрдæмæ тынг фæцыд ирон адæм кæрæдзимæ «ды» æмæ номæй кæй дзурынц, уый.
Сылгоймагæн уæлдай кад кæй кодтой, уый та йæм сæрмæтты æгъдауы хуызæн фæкасти.
Ирон лæг кæддæриддæр буц æмæ сæрыстыр уыд ирон æгъдау, ирон æфсарм, ирон
фарнæй. Хуыддаг афтæ кæй уыд, уымæн ис бирæ æвдисæнтæ.
- Цы зæгъынц уый тыххæй та Нарты кадджытæ?
- « Нарты æмбырды дыккаг хистæр дзуры: «
Адæмтæ хæлæг уæд кодтой Нартмæ, сæ хорзы кой дардыл уæд хъуысти Нартæн, сæ
гуыбыныл хæцын куы фæрæзтой, нозтæй сæхи куы хъахъхъæдтой, ронгæй сæ бæрц куы
зыдтой; сæ мæрдты къоти куы нæ калдтой нуазт æмæ хæрдыл; æнæгъдау, фыр нозтæй
се фсарм куы нæ сæфтой, сæ зонд, се хсар куы нæ састой»
Нæ зæрдыл ма арлæууын кæнæм Нарты
гуыппырсарты. (….)
Уыдонæй аппæты хъæздыгдæр миддуне уыд
Батырадзæн. Уый сылгоймагæн кодта уæлдай кад, уыд æппатæй дзыхылхæстдæр, стæй
уалдай уаздандзинад та вдыста фынджы уæлхъус. Ама куы амард, уад ыл Хуыцауы
зæрдæ дæр уымæн афтæ тынг фæрыст, авæццæгæн, æмæ йыл æрæппæрста æртæ цæссыджы.
Сæ бынæтты сæвзарди кувæндæттæ – Реком, Мыкалгабыртæ æмæ Таранджелос.
Сæдæгай
æнусты дæргъы бинонтæ фынгыл бадгæйæ иу фæлтæрæй иннæмæ лæвæрдтой æмæ ныр дæр
дæттынц удварны хæзнатæ, фæрнджын æгъдæуттæ.
Уыдон арæзт сты адæмы тыхджын зондæй.
Рæсугъд кæнынц адæмы цард сæ тых, сæ хъару, æвæрынц сын фидар фæтк сæ цардæн.
Æфтауынц сæ æфсарм æмæ æгъдауыл. Кæцыйыл нæ фæнды æрдзурын.
-
Уæдæ -ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм ирон аив дзырды зарингуырд Коцойты Арсены
карикатурæтæ
(интерактивон фæйнæгыл- Малхаз хистмæ
фæцæуы, Малхаз хистæй рацæуы)
Фынджы фæрнджын æгъдæуттæ нæ æфтауынц
æфсарм æмæ æгъдауыл.
Один служивший на Кавказе военный русский
врач И. И. Пантюхов писал, что «осетин довольствуется таким малым количеством
пищи, при котором европеец едва ли может сколько-нибудь продолжительное время.
Амбисондан баззадысты ахам ныхаста дар:
«Пока осетины расселись за столом, мельница намолола целый мешок зерна».
Иугæр
фынгæвæрды кой скодтам, уæд райдайæм нæ фынджы фæрнджын æгъдæуттæй.
Фынг- иу
равардтой скасанай ныгуыланмæ. Хистары æргом хурыскасанырдæм. Адæмы зонды
хурскæсæн баст уыди хурыскастимæ, рухсимæ æмæ Хуыцауы æндæр хорзæхтимæ. Нæ
фыдæлтæ сæ хæдзæрттæ арæзтой хурварсырдæм æргомздæхтæй, цæмæй сæ цæрæн баст
уыдаид тыгъдад рæстæг, уæларвон тыхтæ- дун-дуне æмæ хæдзарад, æрвылбоны цард
иумæ уой. Ныр уыцы фæтк фехæлд, уымæн æмæ аразын байдыдтой уæладзгуытæ. Уымæ
гæсгæ, нырыккон фынгыл хистæр фæбады къæсæры акомкоммæ рæбынæй.
Фынгыл фыццаг æвæрдтой цæхх.
Уый
фæстæ та - сæр, бæрзæй æмæ уæн.
Сæр
амоны –зонд, бæрзæй – ныфс æмæ хъару, уæн – фæлгæсæн.
Сæр-
фыццаг хистæр, бæрзæй – дыккаг хистæр, уæн- æртыккаг хистæр.
Бæрзæй иу хатт вæййы сæры рахиз фарс, иннæ хатт – сæры галиу фарс. Уый уымæн,
æмæ нæ фыдæлтæ цин æмæ зианы фынгтæ иртасыны тыххæй кодтой афтæ: цины фынгыл
бæрзæй- сæры галиу фарс, зианы фынгыл- сæры рахиз фарс.
Цæмæн æвæрынц
сæр æмæ бæрзæй фынгыл?
Хатдзæг: Сæр амоны зонд æмæ уый руаджы адæймаг фервæзы зын уавæртæй.
-
Фынгыл ахсджиагдæр кувинæгтæ сты:
- Уæливыхтæ.
- Бæгæны
- Сар
ама барзай
- Фынгыл кæд æмæ цæмæн вæййы 3 кæнæ 2 уæливыхы?
Цины фынгыл вæййы æртæ уæливыхы: Хуыцауæн,
Хурæн, Зæххæн
Зианы фынгыл- дыууæ: Хуыцауæн, Зæххæн.
- Фыццаг 3 куывды ирон фынгыл: - Стыр
Хуыцауы тыххæй
- Уастырджийы тыххæй
- Куывд кæй, кæнæ цæй тыххæй у.
Скувыны размæ 3 уæливыхы фæйнæрдæм уымæн фæкæнынц, æмæ уæларвæй Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæ
лæмбынæг фæкæсынц фынджы æвæрдмæ æмæ цал уæливыхæй кувынц, уый фенынмæ. Уымæ
гæсгæ уæливыхты фæхъæуы равдисын.
- Цы нысан кæны
кусарты хъус?
Раджы заман фынгыл йæхи взæр чи дардта,
уымæн лæвæрдтой хъус. Ома, дам, дын мæнæ хъус æмæ хъусгæ кæн. Бынтон æвзæртæн
та кусæрттаджы бырынчъытæ. Уымæй худинагдæр ницы уыд.
- Цы гъдæуттæ уыдис фынг æркæнынæн цины
кæнæ зианы бадты?
Нæ фыдæлтæ скувыны фæстæ æртæ
уæливыхы кардæй нæ карстой. Састой сæ къухæй. Зианы 2 кæрдзыны къухæй сæттын не
мбæлди. Кæрдын сæ хъуыд кардæй. Дзидза карстой сæхирдæм цины, хицæй æддæмæ –
зианы. Скувыны фæстæ 3 уæливыхы сæтгæйæ тæбæгъ зилын нæ фæтчы. Цæмæй куывдтытæ
зыгъуыммæ ма рацæуой, уымæн.
- Цæмæн аходы кувæггагæй кæстæр, кæнæ ма
чи?
Кæстæртæ æнæтæригъæд кæй сты, уымæ гæсгæ
кувæггагæй хъуамæ саходой уыдон.
- Уырдыглæууæг хъуамæ хистæрæн йæ кæцы
фарс лæууа цины кæнæ зианы фынгыл?
Цины бадты- хистæрæн йæ галиу фарс, цæмæй
хистæры рахиз къух уа цинæвдисæн, сæрибар.
Зианы- хистæры рахиз фарс, æмбæрзы хистæры
рахиз къух.
- Цал сыкъайы дæтта хъуамæ
уырдыглæууæг цины кæнæ зианы?
Цины бадты уырдыгæстæг пайда кæны 3сыкъайæ:
Хуыцау, хур æмæ зæххы номыл. Зианы- 2: Хуыцау æмæ зæххы номыл.
Ирон адæм бæгæныйæн кæнынц стыр кад . Æнæ бæгæныйæ иу
бæрæгбон дæр нæ бæрæг кæнынц. Бæрæгбонмæ ма æртæ боны куы фæхъæуы, уæд бахсидынц бæгæны, сфыцынц æй
стыр æрхуы агты.
Бæгæныйæ ацаходынц фынджы уæлхъус чи
бады, уыдон иууылдæр. Къусы ма чи аззайы, уый та кæронмæ бануазы хистæр.
Бæгæныйы фæзынд баст у Нарты кадджытимæ .
«Уырызмæг
хъæды уыдис æмæ сырддонцъиумæ фæкомкоммæ. Сырддонцъиу, хуымæллæгæй цы гага рызгъæлы,
уыдонæй æртæ гагайы ахордта, æмæ зæхмæ æрхауди. Цъиу мæлгæ нæ акодта, фæлæ
ратул-батул кодта. Уырызмæг сæхимæ куы рцыд, уæд Сатанайæн радзырдта,
сырддонцъиу уыцы гагатæй фæрасыг, зæгъгæ.
Сатана йын афтæ зæгъы: «Æрхæсс дзы, нæ
лæг, мæн хъæуы гъе уымæй».
Сатана хорæй къуымæл сфыхта æмæ йын
хуымæллæгæй æнтуан скодта. Æмæ къуымæлæй тынг расыг кодтой. Сатана фæстæдæр
бæгæны æрхъуыды кодта. Уæдæй фæстæмæ бæгæны кæнынц» .
Ирон адæм ма æртæ кæрдзынæй уæлдай Ног азы
Ног Хурæн фæкæнынц Æртхуроны дзаджджын хурдзалх гуыдын.
Уæдæ, сканам хатдзагта:
Проектыл кусгæйæ нæ хæсыл банымадтам рæзгæ фæлтæрты æргом здахын ирон царды скъола – ирон фынджы
гъдæуттæм, цæмæй рохуаты ма зайой. Хыгагæн, бирæтæ сæхи дарын кæй нæ зонынц
фынджы уæлхъус, уый та у нæ иумæйаг проблемæ æмæ сæ бафтауын æфсарм æмæ гъдауыл
та у нæ хæс.
Дзырдуат. Зынамбаран дзырдта.
Куывд – æхсæнады æгъдау æххæст кæнын.
Æхсæнад – общество
Æрхуы – медь
Бахсидын – сфыцын, бантауын (бæгæны)
Оставьте свой комментарий
Авторизуйтесь, чтобы задавать вопросы.